2 Азфыстыты 32:1—33

32  Уыцы хабӕртты фӕстӕ ӕмӕ, Езеки ахӕм иузӕрдиондзинад куы равдыста+, уый фӕстӕ Ассирийы+ паддзах Сеннахирим+ Иудӕмӕ бабырста ӕмӕ фидаргонд горӕтты+ раз ӕрбынат кодта, бабырсон сӕм ӕмӕ сӕ мӕхи бакӕнон, зӕгъгӕ.  Езеки куы федта, ӕмӕ Сеннахирим ӕрбацыд+ ӕмӕ Иерусалимимӕ схӕцынмӕ хъавы,  уӕд йӕ кънйӕзтимӕ+ ӕмӕ йӕ тыхджын лӕгтимӕ сфӕнд кодта, горӕты ӕдде цы суадӕттӕ уыд, уыдон ӕрӕхгӕнын+. Ӕмӕ йын уыдон дӕр баххуыс кодтой.  Гъемӕ бирӕ адӕм ӕрӕмбырд ӕмӕ суадӕттӕ иууылдӕр, стӕй, уыцы зӕххыл цы цӕугӕдон+ калд, уый дӕр ӕрӕхгӕдтой. Уыдон дзырдтой: «Ассирийы паддзӕхтӕ куы ’рбацӕуой, уӕд бирӕ дон цӕмӕн хъуамӕ ссарой?»  Уымӕй уӕлдай ма ныфсджынӕй бавнӕлдта ӕмӕ пырх къул фӕстӕмӕ сарӕзта+, стӕй йыл сарӕзта мӕсгуытӕ+, ӕддӕрдыгӕй та ма скодта ӕндӕр къул дӕр+. Давиды горӕты та фӕфидар кодта Обау*+, стӕй сарӕзта бирӕ ӕрцытӕ+ ӕмӕ уартытӕ+.  Езеки адӕмы сӕргъы сӕвӕрдта ӕфсады хистӕрты+, горӕты кулдуары раз сӕ фӕзы ӕрӕмбырд кодта+ ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕты ныфс бауагъта+:  «Ут хъӕбатыр ӕмӕ фидар+. Ассирийы+ паддзахӕй ӕмӕ, йемӕ цы бирӕ адӕм ис+, уыдонӕй ӕппындӕр ма тӕрсут+, уымӕн ӕмӕ, немӕ чи ис, уыдон фылдӕр сты, йемӕ чи ис, уыдонӕй.  Уый йӕ ныфс адӕймаджы хъаруйыл* дары+, махимӕ та ис нӕ Хуыцау Йегъовӕ, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна+ ӕмӕ нӕ бӕсты тох кӕна»+. Ӕмӕ Иудӕйы паддзах Езекийы ныхӕстӕй адӕмы ныфс бацыд+.  Уый фӕстӕ Ассирийы паддзах Сеннахирим+ йӕ лӕггадгӕнджыты арвыста Иерусалиммӕ Иудӕйы паддзах Езекимӕ ӕмӕ, Иерусалимы чи уыд, уыцы иудейтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр, йӕхӕдӕг та уыцы рӕстӕг йе стыр ӕфсадимӕ+ уыди Лахисы+. Уыдон сын загътой: 10  «Ассирийы паддзах Сеннахирим афтӕ зӕгъы+: „Иерусалимӕй рацӕуӕн куы нӕй, уӕд цымӕ уӕ ныфс цӕуыл дарут, ӕнцад куы бадут?+ 11  Мыййаг уын Езеки+ гӕдыныхӕстӕ нӕ кӕны+, цӕмӕй уӕ ӕххормагӕй ӕмӕ дойныйӕ амара? Уый уын дзуры, нӕ Хуыцау Йегъовӕ нӕ Ассирийы паддзахӕй фервӕзын кӕндзӕн+, зӕгъгӕ. 12  Фӕлӕ йын Езеки йӕ кувӕн бынӕттӕ+ ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕнтӕ+ йӕхӕдӕг нӕ ныппырх кодта? Ӕмӕ Иудӕ ӕмӕ Иерусалимӕн афтӕ нӕ загъта: „Кувут+ ӕрмӕстдӕр иу нывондхӕссӕны раз+ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ууыл уадзут нывӕндты фӕздӕг“?+ 13  Нӕ йӕ зонут, ӕз ӕмӕ мӕ фыдӕлтӕ ӕппӕт бӕстӕты адӕмтӕн цы бакуыстам, уый?+ Ӕмӕ уыцы адӕмты хуыцӕуттӕн+ сӕ бон баци сӕ бӕстӕтӕ мӕ къухӕй фервӕзын кӕнын? 14  Мӕ фыдӕлтӕ сӕфты хай кӕй бакодтой, уыцы адӕмты ӕппӕт хуыцӕуттӕй кӕй бон баци йӕ адӕмы мӕ къухӕй фервӕзын кӕнын? Ӕмӕ уӕд сымах уӕ Хуыцау фервӕзын кӕндзӕн мӕ къухӕй?+ 15  Уӕдӕ уӕхи Езекийӕн сайын ма бауадзут+ ӕмӕ йын йӕ гӕдыныхӕстӕм ма хъусут+. Ма йыл ӕууӕндут, уымӕн ӕмӕ иу адӕмы ӕмӕ иу паддзахады хуыцауӕн дӕр йӕ бон не сси йӕ адӕмы мӕ къухӕй ӕмӕ мӕ фыдӕлты къухӕй фервӕзын кӕнын. Ӕмӕ уӕ уӕд уӕ Хуыцау та куыд хъуамӕ фервӕзын кӕна мӕ къухӕй?“»+ 16  Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ афтӕ дарддӕр дзырдтой ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы+ ныхмӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Езекийы ныхмӕ. 17  Суанг ма фыстӕджытӕ дӕр ныффыста+ ӕмӕ дзы Израилы Хуыцау Йегъовӕйыл цъыф калдта+, йӕ ныхмӕ дзырдта: «Иннӕ бӕстӕты адӕмты хуыцӕуттӕ+ сӕ адӕмы мӕ къухӕй куыд нӕ фервӕзын кодтой+, афтӕ Езекийы Хуыцау дӕр йӕ адӕмы мӕ къухӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн». 18  Гъемӕ Иерусалимы адӕмимӕ+, къулыл чи лӕууыд, уыдонимӕ, дзуттагау+ хъӕрӕй дзырдтой+, цӕмӕй, дам, стӕрсой+ ӕмӕ катайы бацӕуой, ӕмӕ, дам, уӕд горӕт бацахсдзыстӕм. 19  Иннӕ адӕмты хуыцӕутты ныхмӕ+, адӕймаджы къухӕй конд хуыцӕутты ныхмӕ, куыд дзырдтой, афтӕ дзырдтой+ Иерусалимы Хуыцауы+ ныхмӕ дӕр. 20  Фӕлӕ паддзах Езеки+ ӕмӕ Амосы фырт+ пехуымпар+ Исай+ уыцы хабары тыххӕй куывтой+ ӕмӕ дзынӕзтой уӕларвон Хуыцаумӕ, баххуыс нын кӕн+, зӕгъгӕ. 21  Уӕд Йегъовӕ зӕды рарвыста+ ӕмӕ, Ассирийы паддзахы+ ӕфсады цыдӕриддӕр хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын хӕстонтӕ+, разамонджытӕ ӕмӕ ӕфсады хистӕртӕ уыди, уыдоны ныццагъта. Ӕмӕ паддзах йӕ бӕстӕмӕ ӕгадӕй аздӕхт. Цасдӕры фӕстӕ уый бацыд йӕ хуыцауы кувӕндонмӕ, ӕмӕ йӕ уым йӕхи фырттӕ хъамайӕ амардтой+. 22  Афтӕ Йегъовӕ Езекийы ӕмӕ Иерусалимы цӕрджыты фервӕзын кодта Ассирийы паддзах Сеннахиримы къухӕй+ ӕмӕ се ’ппӕт знӕгты къухӕй дӕр ӕмӕ сын алырдыгӕй дӕр ӕнцойдзинад радта+. 23  Ӕмӕ бирӕтӕ Иерусалиммӕ Йегъовӕйӕн лӕвӕрттӕ хастой+, стӕй зынаргъ лӕвӕрттӕ хастой Иудӕйы паддзах Езекийӕн дӕр+. Ӕмӕ уый фӕстӕ Езеки ӕппӕт адӕмты цӕсты дӕр тынг скадджын+. 24  Уыцы рӕстӕг Езеки мӕлӕтдзаг рынчын фӕци+. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕмӕ кувын райдыдта+, ӕмӕ йын уый дзуапп радта+ ӕмӕ йын радта нысан+. 25  Ӕрмӕст Езеки, Хуыцау ын цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уыдонӕн нӕ саргъ кодта+, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ схъал+. Ӕмӕ уый тыххӕй Езекимӕ, стӕй Иудӕмӕ ӕмӕ Иерусалиммӕ дӕр Хуыцауы маст ссыгъд+. 26  Фӕлӕ Езеки йӕ хъал зӕрдӕ ӕрсаста+, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ дӕр, ӕмӕ сыл Йегъовӕ йӕ маст Езекийы рӕстӕджы нӕ ныккалдта+. 27  Езеки тынг схъӕздыг ӕмӕ йын уыди стыр кад+. Уый сарӕзта хӕзнадӕттӕ ӕвзистӕн, сызгъӕринӕн+, зынаргъ дуртӕн+, бальзамы сойӕн+, уартытӕн+ ӕмӕ алы зынаргъ дзауматӕн+. 28  Сарӕзта ма бынӕттӕ+ тыллӕг ӕфснайынӕн: мӕнӕу, ног сӕн+ ӕмӕ сой ӕвӕрынӕн, стӕй скъӕттӕ+ алыхуызон фосӕн ӕмӕ фысдӕттӕ – йӕ фысты дзугтӕн. 29  Йӕхицӕн сарӕзта горӕттӕ, скодта дуне лыстӕг фос+ ӕмӕ стурвос+, уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау тынг бирӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ радта+. 30  Езеки Гихоны+ дон+ уӕлейӕ ӕрӕхгӕдта+ ӕмӕ йын йӕ дӕттӕ фӕзылдта ныгуылӕнырдӕм, Давиды горӕты ’рдӕм+. Езеки цыфӕнды хъуыддаг ма арӕзтаид – йӕ алы хъуыддаджы дӕр уыди ӕнтыстджын+. 31  Вавилоны+ кънйӕзтӕ Езекимӕ сӕ минӕвӕртты куы ’рбарвыстой+, сӕ зӕххыл цавӕр нысан лӕвӕрд ӕрцыд, уымӕй йӕ бафӕрсут+, зӕгъгӕ, уӕд ӕй ӕцӕг Хуыцау йӕхи бар ныууагъта+, цӕмӕй йӕ бафӕлвӕрдтаид+ ӕмӕ базыдтаид, йӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр уыди, уый+. 32  Езекийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй+ та ӕмӕ, йе ’нувыд уарзтӕй цы сарӕзта+, уыдӕтты тыххӕй фыст ис Амосы фырт пехуымпар Исайы цӕстылуайӕны+ ӕмӕ Иудӕйы ӕмӕ Израилы паддзӕхты чиныджы+. 33  Ӕппынфӕстаг Езеки йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, Давиды фырттӕ ныгӕд кӕм уыдысты+, уырдӕм цӕугӕйӕ дзы цы къуылдым уыди, ууыл. Куы амард, уӕд ын ӕгас Иудӕйы адӕм ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕ стыр кад скодтой+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Манасси+.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. милло́. Ӕвӕц., арӕзт уыди горӕт хъахъхъӕнынӕн.
Комк. «фыдӕй конд цонгыл».