2 Азфыстыты 36:1—23

36  Уый фӕстӕ Иудӕйы адӕм Иосийӕн йӕ фырт Иоахазы+ ракодтой ӕмӕ йӕ Иерусалимы йӕ фыды бӕсты паддзахӕй сӕвӕрдтой+.  Иоахаз паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын ӕртӕ азы ӕмӕ ӕртӕ мӕйы уыд паддзах Иерусалимы+.  Фӕлӕ йын Египеты паддзах йӕ паддзахы бартӕ байста, цӕмӕй Иерусалимы мауал хицауиуӕг кодтаид+, ӕмӕ бӕстӕйӕ та ӕрдомдта хъалон – сӕдӕ ӕвзист+ таланты ӕмӕ иу сызгъӕрин талант.  Уымӕй уӕлдай ма йын Египеты паддзах+ йе ’фсымӕр Елиакимы+ Иудӕ ӕмӕ Иерусалимӕн паддзахӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ ном аивта – схуыдта йӕ Иоаким. Йе ’фсымӕр Иоахазы та йын Нехо+ акодта Египетмӕ+.  Иоаким+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын фондз азы ӕмӕ иуӕндӕс азы уыд паддзах Иерусалимы+. Иоаким арӕзта, йӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+.  Иуафон Вавилоны паддзах Навуходоносор+ йӕ ныхмӕ рацыд+, ӕмӕ йыл хъуамӕ бакодтаид ӕрхуы хъадамантӕ ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ акодтаид+.  Уымӕй уӕлдай ма Навуходоносор+, Йегъовӕйы хӕдзары цы мигӕнӕнтӕ+ уыди, уыдонӕй Вавилонмӕ ахаста ӕмӕ сӕ сӕвӕрдта, Вавилоны йын цы галуан уыд, уым+.  Иоакимы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй+ та, стӕй, цы ’лгъаг+ митӕ кодта ӕмӕ ма ноджыдӕр цавӕр хъуыддӕгты уыд аххосджын, уыдоны тыххӕй фыст ис Израилы ӕмӕ Иудӕйы паддзӕхты чиныджы+. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йехони+.  Йехони+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕстдӕс азы, ӕмӕ ӕртӕ мӕйы+ ӕмӕ дӕс боны уыд паддзах Иерусалимы. Йехони арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. 10  Афӕдзы райдианы+ паддзах Навуходоносор йӕ адӕмы арвыста+ ӕмӕ Йехонийы Вавилонмӕ ӕркӕнын кодта+, стӕй ма Йегъовӕйы хӕдзарӕй дӕр зынаргъ дзауматӕ рахӕссын кодта+. Иудӕ ӕмӕ Иерусалимӕн та паддзахӕй сӕвӕрдта Йехонийӕн йӕ фыды ӕфсымӕр+ Седекийы+. 11  Седеки+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын иу азы ӕмӕ иуӕндӕс азы уыд паддзах Иерусалимы+. 12  Седеки арӕзта, йӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. Пехуымпар+ Йереми+ йӕм Йегъовӕйы бардзырдмӕ гӕсгӕ куы ’рбацыд, уӕд йӕхи йӕ разы не ’рныллӕг кодта+. 13  Стӕй ма паддзах Навуходоносоры ныхмӕ дӕр рацыд+, афтӕмӕй та йӕ уый Хуыцауӕй расомы кӕнын кодта+. Седеки нӕ састи+, йӕ зӕрдӕ ныддур кодта+ ӕмӕ Израилы Хуыцау Йегъовӕмӕ нӕ раздӕхт. 14  Ӕмӕ суанг сауджынты хистӕртӕ дӕр иууылдӕр+, стӕй адӕм дӕр стыр тӕригъӕдтӕ арӕзтой – иннӕ адӕмтӕ цыдӕриддӕр ӕлгъаг+ митӕ кодтой, уыдон бафӕзмыдтой. Ӕмӕ уыдӕттӕй Йегъовӕйы хӕдзар, Иерусалимы кӕй ссыгъдӕг кодта, уыцы хӕдзар, фӕчъизи кодтой+. 15  Сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕ сӕ ӕдзух фӕдзӕхста йӕ минӕвӕртты+ уылты, ӕппынӕдзух сӕм сӕ ӕрвыста, уымӕн ӕмӕ йӕ адӕмыл+ ӕмӕ йӕ цӕрӕнбынатыл+ йӕ зӕрдӕ рысти. 16  Фӕлӕ уыдон ӕцӕг Хуыцауы минӕвӕрттӕй хынджылӕг кодтой+ ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дардтой+, йӕ пехуымпартыл ын худтысты+ ӕмӕ уыйонг ӕрцыдысты, ӕмӕ Йегъовӕйы маст+ йӕ адӕммӕ ссыгъд, ӕмӕ сын сдзӕбӕх кӕнӕн нал уыди+. 17  Уӕд сын сӕ ныхмӕ ракодта халдейты паддзахы+, ӕмӕ сын уый се ’рыгон лӕппуты сӕ кувӕндоны+ мидӕг хъамайӕ амардта+. Ӕмӕ нӕдӕр ӕрыгон лӕппутыл бацауӕрста, нӕдӕр чызджытыл, нӕдӕр зӕрӕдтыл ӕмӕ нӕдӕр, йӕ бон кӕмӕн ницыуал уыд, ахӕм адӕмыл+. Хуыцау ын ӕппӕт дӕр йӕ къухмӕ радта. 18  Ӕцӕг Хуыцауы хӕдзары цыдӕриддӕр стыр+ ӕмӕ гыццыл мигӕнӕнтӕ+ уыди, уыдон, Йегъовӕйы хӕдзары хӕзнатӕ+, паддзахы ӕмӕ йӕ кънйӕзты хӕзнатӕ+ иууылдӕр Вавилонмӕ ахаста. 19  Ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзар басыгъта+ ӕмӕ Иерусалимӕн йӕ къул ныппырх кодта+. Стӕй йын йӕ цӕрӕн мӕсгуытӕ се ’ппӕт дӕр ӕмӕ дзы зынаргъ дзаумайӕ цыдӕриддӕр уыди, уыдон дӕр басыгътой+, гъемӕ горӕтӕй ницыуал ныууагътой+. 20  Хъамайӕ чи аирвӕзт, уыдоны та Вавилонмӕ уацары акодта+, ӕмӕ йын йӕхицӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн уыдысты лӕггадгӕнджытӕ+, цалынмӕ Персы+ паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ нӕ райста, уӕдмӕ. 21  Афтӕмӕй сӕххӕст, Йегъовӕ Йеремийы уылты цы загъта, уый+. Цалынмӕ зӕхх йӕ сабаттӕ иууылдӕр нӕ баулӕфыд, уӕдмӕ уыди афтӕ+. Зӕхх ӕдзӕрӕг цас уыди, уыйбӕрц ын уыди сабат, цалынмӕ ӕвдай азы нӕ рацыд, уӕдмӕ+. 22  Йегъовӕ Йеремийы уылты+ цы загъта+, уый цӕмӕй сӕххӕст уыдаид, уый тыххӕй Йегъовӕ Персы+ паддзах Киры+ сразӕнгард кодта+, фыццаг аз куы уыд паддзах, уӕд, ӕмӕ Кир уынаффӕ рахаста, ныффыссын ӕй кодта ӕмӕ йӕ йӕ паддзахады алы ран дӕр фехъусын кодта+: 23  «Афтӕ зӕгъы Персы паддзах Кир+: „Зӕххыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдон уӕлӕрвты Хуыцау Йегъовӕ радта мӕнӕн+ ӕмӕ мын бахӕс кодта, цӕмӕй йын Иудӕйы зӕххыл Иерусалимы хӕдзар саразон+. Уӕдӕ, уе ’хсӕн йӕ адӕмӕй чи ис+, уыдонӕн сӕ Хуыцау Йегъовӕ семӕ уӕд+. Ӕмӕ уырдӕм ацӕуӕнт“»+.

Фиппаинӕгтӕ