2 Азфыстыты 4:1—22

4  Уый фӕстӕ скодта ӕрхуы нывондхӕссӕн+. Йӕ дӕргъ уыди дыууын ӕлмӕрины, йӕ уӕрх дӕр – дыууын ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та – дӕс ӕлмӕрины+.  Уый фӕстӕ ӕрхуы бадон кодта ӕмӕ дзы скодта стыр тымбыл аг, хуынди ӕрхуы денджыз+. Йӕ иу былӕй иннӕ былмӕ уыди дӕс ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та уыд фондз ӕлмӕрины. Йӕ фӕрстӕ, барӕн бӕттӕнӕй баргӕйӕ, кӕрӕй-кӕронмӕ уыдысты ӕртын ӕлмӕрины+.  Ӕрхуы денджызыл йӕ былтӕй гыццыл дӕлдӕр кӕрӕй-кӕронмӕ дыууӕ рӕнхъӕй скодта хъӕддаг харбызы+ нывтӕ, алы ӕлмӕриныл дӕр – фӕйнӕ дӕс. Уыдон хицӕнӕй конд нӕ уыдысты, фӕлӕ ӕрхуы денджызимӕ уыдысты иумӕ конд+.  Денджыз ӕвӕрд уыди дыууадӕс галыл+: ӕртӕ дзы кастысты цӕгатырдӕм, ӕртӕ – ныгуылӕнырдӕм, ӕртӕ – хуссарырдӕм, ӕртӕ та – скӕсӕнырдӕм. Ӕрхуы денджыз лӕууыд уыдоныл, ӕмӕ дзы алкӕцыйӕн дӕр йӕ чъылдым здӕхт уыд мидӕгырдӕм+.  Йӕ фӕрстӕ уыдысты армы бӕзджынӕн, йӕ былтӕ та конд уыдысты, къусы былтӕ куыд конд вӕййынц, афтӕ, лилийы дидинӕджы хуызӕн+. Ӕрхуы денджызы цыди+ ӕртӕ мин дурыны*+ дон.  Ноджыдӕр ма скодта дӕс аджы, ӕмӕ дзы фондз сӕвӕрдта рахизырдыгӕй, фондз та – галиуырдыгӕй+. Уыцы ӕгты ӕхсадтой+, судзинаг нывондӕн+ цы хастой, уыдон. Ӕрхуы денджызы дон та уыди сауджынтӕн, цӕмӕй дзы сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ӕхсадтаиккой+.  Уый фӕстӕ сызгъӕринӕй скодта дӕс ӕмхуызон+ цырагъдарӕны+ ӕмӕ сӕ сӕвӕрдта кувӕндоны: фондз – рахизырдыгӕй, фондз та – галиуырдыгӕй+.  Стӕй скодта дӕс стъолы, ӕмӕ уыдон дӕр кувӕндоны сӕвӕрдта: фондз – рахизырдыгӕй, фондз та – галиуырдыгӕй+. Скодта ма сӕдӕ сызгъӕрин къусы дӕр.  Уый фӕстӕ скодта сауджынты+ кӕрт+, стӕй стыр кӕрт+ ӕмӕ стыр кӕртӕн дуӕрттӕ дӕр, ӕмӕ дуӕрттыл ӕрхуыйӕ цъар сӕвӕрдта. 10  Ӕмӕ ӕрхуы денджыз сӕвӕрдта рахизырдыгӕй, хуссар-скӕсӕнырдыгӕй+. 11  Фӕстагмӕ Хирам скодта мигӕнӕнтӕ фӕныкӕн+, белтӕ+ ӕмӕ къустӕ+. Уыйадыл Хирам арӕзт фӕци, паддзах Соломоны ныхасмӕ гӕсгӕ йӕ ӕцӕг Хуыцауы хӕдзарӕн цыдӕриддӕр саразын хъуыди, уыдон. 12  Уый скодта дыууӕ цӕджындзы+ ӕмӕ уыцы дыууӕ цӕджындзыл сӕвӕрынӕн – тымбыл сӕртӕ+; дыууӕ хызы+, цӕджындзтыл цы дыууӕ тымбыл сӕры уыд, уыдон срӕсугъд кӕнынӕн; 13  уыцы дыууӕ хызӕн – цыппарсӕдӕ гранаты+, дыууӕ цӕджындзыл цы дыууӕ тымбыл сӕры уыд, уыдон срӕсугъд кӕнынӕн, ӕмӕ уыцы гранаттӕ дыууӕ хызыл дӕр ӕвӕрд уыдысты дыууӕ рӕнхъӕй+; 14  дӕс уӕрдоны+ ӕмӕ уыцы уӕрдӕттыл сӕвӕрынӕн – дӕс аджы+; 15  иу ӕрхуы денджыз+ ӕмӕ йӕ бынмӕ – дыууадӕс галы+; 16  мигӕнӕнтӕ фӕныкӕн, белтӕ+, фыдисӕнтӕ+ ӕмӕ, семӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ+ уыд, уыдон. Адон иууылдӕр Хирам-Ави+ скодта Йегъовӕйы хӕдзарӕн паддзах Соломоны ныхасмӕ гӕсгӕ. Се ’ппӕт дӕр уыдысты ӕрттиваг ӕрхуыйӕ конд. 17  Паддзах сӕ арӕзта ӕлыг сыджыты Иорданы дӕлвӕз бӕстӕйы, Сокхоф+ ӕмӕ Цередӕйы+ ’хсӕн. 18  Соломон ахӕм мигӕнӕнтӕ уыйбӕрц скодта, ӕмӕ сыл цас ӕрхуы ацыд, уый бӕрӕг дӕр не скодтой+. 19  Соломон скодта, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзарӕн цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ+ хъуыди, уыдон, скодта сызгъӕрин нывондхӕссӕн+ ӕмӕ, нывонд дзултӕ кӕуыл ӕвӕрдтой, уыцы стъӕлттӕ+. 20  Сыгъдӕг сызгъӕринӕй скодта цырагъдарӕнтӕ+ ӕмӕ цырагъдарӕнты къустӕ+, цӕмӕй-иу сӕ рӕбинаг уаты+ раз ссыгътаиккой, уый тыххӕй цы уагӕвӕрд уыд, уымӕ гӕсгӕ. 21  Сызгъӕринӕй – ӕппӕты сыгъдӕг сызгъӕринӕй – скодта дидинджытӕ, цырагъдарӕнты къустӕ ӕмӕ ӕртыскӕнтӕ+. 22  Сыгъдӕг сызгъӕринӕй+ скодта цырагъ хуыссынгӕнӕнтӕ, къустӕ, стӕй нуазӕн къустӕ ӕмӕ зынгхӕссӕнтӕ. Афтӕ ма сызгъӕринӕй скодта хӕдзары бахизӕнтӕ+ дӕр, ома Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты мидӕггаг дуӕрттӕ ӕмӕ сӕйраг уаты* дуӕрттӕ+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ӕртӕ мин баты». Уый у 66 000 л бӕрц.
Комк. «кувӕндоны хӕдзары». Ӕвӕц., «кувӕндон» амоны Сыгъдӕг бынатмӕ.