2 Азфыстыты 7:1—22

7  Соломон куывд куы фӕци+, уӕд уӕларвӕй арт ӕрцыд+ ӕмӕ судзинаг нывонд+ ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ аныхъуырдта, ӕмӕ хӕдзар Йегъовӕйы кадӕй+ байдзаг.  Ӕмӕ сауджынтӕн сӕ бон нӕ уыд Йегъовӕйы хӕдзармӕ бацӕуын+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзар байдзаг Йегъовӕйы кадӕй.  Израилы фырттӕ се ’ппӕт дӕр, арт куыд ӕрцыд ӕмӕ хӕдзарыл Йегъовӕйы кад куыд ӕрӕнцад, уый куы федтой, уӕд дурӕй конд кӕрты сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой+, сӕ сӕртӕй ныллӕг, зӕххы онг акуывтой+ ӕмӕ Йегъовӕйӕн арфӕ кӕнын райдыдтой, «уымӕн ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ+, уымӕн ӕмӕ йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм»+, зӕгъгӕ.  Уый фӕстӕ паддзах ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхастой+.  Паддзах Соломон нывондӕн ӕрхаста дыууын дыууӕ мин галы ӕмӕ сӕдӕ дыууын мин фысы+. Афтӕмӕй паддзах ӕмӕ ӕппӕт адӕм ӕцӕг Хуыцауы хӕдзар снывонд кодтой+.  Сауджынтӕ+ лӕууыдысты сӕ бынӕтты, семӕ лӕууыдысты левиттӕ+ дӕр, Йегъовӕйӕн кӕй цагъдмӕ зарыдысты, уыцы музыкалон инструменттимӕ+. Уыцы инструменттӕ паддзах Давид+ сарӕзта Йегъовӕйӕн арфӕ кӕнынӕн, цӕмӕй-иу Хуыцауы куы кадджын кодтаид, уӕд-иу левиттӕ цагътаиккой ӕмӕ дзырдтаиккой, «уымӕн ӕмӕ йе ’нувыд уарзт у ӕнустӕм», зӕгъгӕ. Сӕ акомкоммӕ чи лӕууыд, уыцы сауджынтӕ уадындзтӕй+ хъӕрӕй уасыдысты, израилӕгтӕ та се ’ппӕт дӕр кодтой лӕугӕ.  Уый фӕстӕ Соломон ссыгъдӕг кодта+, Йегъовӕйы хӕдзары раз цы кӕрт уыд, уымӕн йӕ астӕуккаг хай – уым ӕрхаста судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ фарны нывӕндты фиу, уымӕн ӕмӕ, Соломон цы ӕрхуы нывондхӕссӕн+ скодта, уый фаг нӕ уыд судзинаг нывӕндтӕ, хоры кувинӕгтӕ+ ӕмӕ нывӕндты фиу+ ӕрхӕссынӕн.  Уӕд Соломон бӕрӕгбон скодта+, ӕмӕ йемӕ уыд ӕгас Израил дӕр+ – дуне адӕм+, Хаматы+ арӕнтӕй суанг Египеты цӕугӕдоны дӕлвӕзы+ онг цы зӕххытӕ уыд, уырдыгӕй чи ’рцыд, уыдон. Бӕрӕгбон ахаста авд боны.  Ӕстӕм бон та сын уыд сӕрмагонд ӕмбырд+, уымӕн ӕмӕ авд боны нывондхӕссӕн нывонд кодтой, ӕмӕ авд боны та уыд бӕрӕгбон. 10  Ӕвдӕм мӕйы дыууын ӕртыккӕгӕм бон паддзах адӕмы сӕ хӕдзӕрттӕм ауагъта, ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ ацыдысты – цин кодтой+, Йегъовӕ Давидӕн ӕмӕ Соломонӕн, стӕй йӕ адӕм Израилӕн+ цы хорздзинӕдтӕ+ ракодта, уыдоныл. 11  Уыйадыл Соломон арӕзт фӕци Йегъовӕйы хӕдзар+ ӕмӕ паддзахы хӕдзар+. Йегъовӕйы хӕдзары тыххӕй ӕмӕ йӕхи хӕдзары тыххӕй йӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр фӕндтӕ уыд, уыдон йӕ къухы бафтыдысты. 12  Ӕмӕ ӕхсӕвы Йегъовӕ Соломонмӕ фӕзынд+ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дын фехъуыстон дӕ куывд+ ӕмӕ мӕхицӕн ацы бынат равзӕрстон+, цӕмӕй мын ацы хӕдзары нывӕндтӕ хӕссой+. 13  Ӕз арвы дуӕрттӕ куы сӕхгӕнон ӕмӕ къӕвда куы нӕ уа+, зӕххыл цыдӕриддӕр зайы, уый мӕтыхтӕн куы бахӕрын кӕнон+ ӕмӕ мӕ адӕмыл фыдниз куы бафтауон+, 14  ӕмӕ мӕ адӕм+, мӕ ном мын чи хӕссы+, уыцы адӕм, сӕхи куы ӕрныллӕг кӕной+, куы мӕм скувой+, куы мӕ ӕрцагурой+ ӕмӕ се ’взӕр фӕндӕгтӕ куы ныууадзой+, уӕд сӕ ӕз уӕлӕрвтӕй фехъусдзынӕн+ ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕндзынӕн+, ӕмӕ сын сӕ зӕхх сдзӕбӕх кӕндзынӕн+. 15  Ныр ардӕм ме ’ргом раздахдзынӕн+ ӕмӕ-иу фехъусдзынӕн+, ацы бынатӕй мӕм цӕй тыххӕй кувой, уый. 16  Ӕз равзӕрстон+ ацы хӕдзар ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кодтон, цӕмӕй мӕ ном+ уым уа ӕнустӕм+. Ӕз ӕм алкӕддӕр мӕ цӕст дардзынӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕ алкӕддӕр уым уыдзӕн+. 17  Дӕ фыд Давидау+ мын куы лӕггад кӕнай ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхстон, уый куы аразай+ ӕмӕ мын мӕ уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ мӕ закъӕттӕ куы ӕххӕст кӕнай+, 18  уӕд дын дӕ паддзахбадӕн сфидар кӕндзынӕн+, дӕ фыд Давидимӕ цы бадзырд скодтон, уымӕ гӕсгӕ+ – ӕз ын загътон, дӕ байзӕддӕгтӕ ӕнустӕм уыдзысты паддзӕхтӕ Израилӕн+, зӕгъгӕ. 19  Фӕлӕ мӕ фӕдыл куы нал цӕуат+, цы фӕдзӕхстытӕ+ ӕмӕ уын цы закъӕттӕ+ радтон, уыдоныл уӕ къух куы сисат, ӕмӕ куы ацӕуат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн+ куы куват ӕмӕ сӕ разы уӕ зонгуытыл куы лӕууат+, 20  уӕд уӕ ӕз бындзарӕй стондзынӕн, кӕй уын радтон, уыцы зӕххӕй+ ӕмӕ мӕ къух сисдзынӕн+, мӕ номы тыххӕй кӕй ссыгъдӕг кодтон+, уыцы хӕдзарыл, ӕмӕ йӕ ӕппӕт адӕмтӕн ӕмбисондӕн дзуринаг+ ӕмӕ фидиссаг фӕкӕндзынӕн+. 21  Ӕмӕ-иу ацы хӕдзары рӕзты, хӕлддзӕгты цӕнд+ чи фестад, уый рӕзты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу ӕм дисгӕнгӕ кӕсдзӕн+ ӕмӕ-иу зӕгъдзӕн: „Йегъовӕ ацы бӕстӕйӕн ӕмӕ ацы хӕдзарӕн афтӕ цӕмӕн бакодта?“+ 22  Ӕмӕ-иу ын зӕгъдзысты: „Уымӕн ӕмӕ уыдон ныууагътой сӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы+, Египеты зӕххӕй сӕ чи ракодта, уыцы Хуыцауы+, ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм аздӕхтысты+ ӕмӕ сӕ разы сӕ зонгуытыл лӕууынц ӕмӕ сын кувынц+. Ӕмӕ сӕ ӕппӕт ацы бӕллӕхты хай дӕр уый тыххӕй бакодта“»+.

Фиппаинӕгтӕ