2 Азфыстыты 8:1—18

8  Соломон Йегъовӕйы хӕдзар+ ӕмӕ йӕхи хӕдзар+ сарӕзта дыууын азмӕ+.  Уый фӕстӕ та Соломон ногӕй сарӕзта, Хирам+ ын кӕй радта, уыцы горӕттӕ дӕр ӕмӕ дзы Израилы фыртты ӕрцӕрын кодта.  Стӕй Соломон ацыд Хамат-Сувӕмӕ ӕмӕ йӕ бацахста.  Ногӕй ма сарӕзта, ӕдзӕрӕг быдыры чи уыд, уыцы горӕт Фадмор ӕмӕ, тыллӕг ӕфснайынӕн+ Хаматы цы горӕттӕ сарӕзта, уыдон иууылдӕр+.  Ногӕй сарӕзта Уӕллаг Беф-Орон+ ӕмӕ Дӕллаг Беф-Орон дӕр+ – фидаргонд горӕттӕ къултимӕ+, дуӕрттимӕ ӕмӕ дуарӕхгӕнӕн хъӕдтимӕ+.  Сарӕзта ма Ваалаф+ ӕмӕ, Соломоны къухы чи уыд, тыллӕг-иу кӕм бафснайдтой, уыцы горӕттӕ иууылдӕр, бӕхуӕрдӕттӕ кӕм лӕууыдысты, уыцы горӕттӕ+ ӕмӕ, барджытӕ кӕм цардысты, уыцы горӕттӕ дӕр+. Стӕй ма сарӕзта, Иерусалимы, Ливаны+ ӕмӕ йӕ йӕ дӕлбар зӕххыл цыдӕриддӕр фӕндыд саразын, уыдӕттӕ дӕр+.  Хеттӕй+, аморейтӕй+, ферезейтӕй+, евейтӕй+ ӕмӕ ма йевусейтӕй+ чи баззад, израилӕгтӕй чи нӕ уыд, уыдонӕн+  сӕ фырттӕй та – сӕ фӕстӕ ма уыцы зӕххыл чи баззад, Израилы фырттӕ кӕй нӕ ныццагътой, уыдонӕй+,– Соломон скодта ӕххуырстытӕ+, ӕмӕ афтӕ у абоны онг дӕр+.  Фӕлӕ Соломон Израилы фырттӕй йӕхицӕн цагъар никӕй скодта+. Уыдон ын уыдысты хӕстонтӕ+, йе ’ххуысгӕнджыты хистӕртӕ ӕмӕ йӕ бӕхтӕрджыты+ ӕмӕ йӕ барджыты хистӕртӕ+. 10  Паддзах Соломонмӕ дыууӕсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы уыдысты сӕйраг хицӕуттӕ+ – уыдон лӕууыдысты адӕмы сӕргъы+. 11  Соломон фараоны чызджы+ ракодта Давиды горӕтӕй+, кӕй йын сарӕзта, уыцы хӕдзармӕ+, уымӕн ӕмӕ загъта: «Кӕд мӕ бинойнаг у, уӕддӕр ын Израилы паддзах Давиды хӕдзары цӕрын не ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕйы бадзырды чырын кӕм уыд, уыцы бынӕттӕ табуйаг бынӕттӕ сты»+. 12  Уӕдӕй фӕстӕмӕ Соломон Йегъовӕйӕн судзинаг нывӕндтӕ хаста+, Йегъовӕйӕн мӕсыджы+ раз цы нывондхӕссӕн+ скодта, ууыл. 13  Моисей куыд бафӕдзӕхста, уымӕ гӕсгӕ нывондӕн хаста, алы бон дӕр+ цы хъуыди, уый. Хаста сӕ сабатбонты+, мӕй-иу куы сног, уыцы бонты+ ӕмӕ афӕдз ӕртӕ хатты+ бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы+: Донгонд дзулты бӕрӕгбоны+, Къуыриты бӕрӕгбоны+ ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбоны+. 14  Стӕй, йӕ фыд Давид цы уаг скодта+, уымӕ гӕсгӕ сӕвӕрдта сауджынты къордтӕ+, цӕмӕй сӕ хӕстӕ ӕххӕст кодтаиккой, стӕй левитты+ дӕр сӕвӕрдта сӕ бынӕтты, цӕмӕй алы бон дӕр+ сауджынты раз Хуыцауы кадджын кодтаиккой+ ӕмӕ лӕггад кодтаиккой+. Ӕмӕ дуаргӕсты дӕр сӕ къордтӕм гӕсгӕ сӕвӕрдта алы кулдуӕртты раз+, уымӕн ӕмӕ афтӕ бафӕдзӕхста Давид, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг. 15  Ӕмӕ, паддзах сауджынтӕн ӕмӕ левиттӕн алы хъуыддӕгты тыххӕй ӕмӕ ӕвӕрӕнты тыххӕй цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уый ӕххӕст кодтой+. 16  Соломон цыдӕриддӕр аразинаг уыди+ – Йегъовӕйы хӕдзарӕн бындур ӕвӕрд куы ’рцыд, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ суанг, арӕзт куы фӕци, уӕдмӕ+,– уыдон арӕзт ӕрцыдысты. Ӕмӕ уыйадыл Йегъовӕйы хӕдзар арӕзт фӕци+. 17  Уый фӕстӕ Соломон ацыд Ецион-Гавермӕ+ ӕмӕ Елафмӕ+. Елаф ис денджызы был, Едомы зӕххыл+. 18  Хирам+ ын йӕ лӕггадгӕнджыты уылты ӕрвыста наутӕ, стӕй, денджыз хорз чи зыдта, ахӕм лӕггадгӕнджыты+. Ӕмӕ-иу уыдон Соломоны лӕггадгӕнджытимӕ наутыл ацыдысты Офирмӕ+ ӕмӕ-иу уырдыгӕй паддзах Соломонӕн ӕрластой+ цыппарсӕдӕ фӕндзай таланты+ сызгъӕрин+.

Фиппаинӕгтӕ