2 Азфыстыты 9:1—31

9  Савӕйы ус-паддзах+ фехъуыста Соломоны кады тыххӕй ӕмӕ йӕм Иерусалиммӕ ӕрцыд, цӕмӕй йӕ зын фарстатӕй+ бафӕлвӕрдтаид. Ӕрцыди йӕм дуне адӕмимӕ. Теуатыл+ ӕрбаласта бальзамы сой+, тынг бирӕ сызгъӕрин+ ӕмӕ зынаргъ дуртӕ+. Ӕмӕ Савӕйы ус-паддзах бацыд Соломонмӕ ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр уыд, уыдӕттыл йемӕ фӕныхас кодта+.  Ӕмӕ йын Соломон бамбарын кодта, цӕмӕй йӕ фарста, уыдӕттӕ иууылдӕр+. Йӕ фарстатӕй иу дӕр ахӕм нӕ уыд, ӕмӕ йын Соломон дзуапп ма зыдтаид+.  Савӕйы ус-паддзах куы федта, Соломон цы стыр зонды хицау у+, цы хӕдзар сарӕзта+,  йӕ фынгыл цавӕр хӕринӕгтӕ ис+, йӕ лӕггадгӕнджытӕ фынджы уӕлхъус куыд бадынц, уырдыглӕуджытӕ куыд лӕггад кӕнынц, нозт куыд рахӕссынц+ ӕмӕ куыд конд сты+ ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзары+ цавӕр судзинаг нывӕндтӕ+ ӕрхӕссы, уӕд йӕ дисӕн кӕрон нал уыд.  Ӕмӕ паддзахӕн загъта: «Мӕ бӕстӕйы дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ дӕ зонды тыххӕй цы фехъуыстон, уый ӕцӕг разынд+.  Ӕз уыцы ныхӕстыл не ’ууӕндыдтӕн+, цалынмӕ не ’рцыдтӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр мӕхи цӕстӕй нӕ федтон+, уӕдмӕ. Ӕмӕ йӕ ныр уынын, де стыр зонды тыххӕй мын йе ’мбис дӕр кӕй нӕ радзырдтой+. Дӕу тыххӕй цы фехъуыстон, уыдон ӕппындӕр ницы сты, цы федтон, уыимӕ абаргӕйӕ+.  Куыд амондджын сты+ дӕ адӕм! Куыд амондджын сты дӕ лӕггадгӕнджытӕ, ӕдзух дӕ разы чи лӕууы ӕмӕ дын дӕ зондмӕ чи хъусы!+  Табу дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн+, дӕу йӕ паддзахбадӕныл чи ӕрбадын кодта+, цӕмӕй дӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй паддзах уай!+ Дӕ Хуыцау бауарзта+ Израилы адӕмы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм уой, ӕмӕ дӕ уыдонӕн паддзахӕй+ сӕвӕрдта, цӕмӕй рӕстӕй+ тӕрхон кӕнай»+.  Ӕмӕ стӕй паддзахӕн балӕвар кодта сӕдӕ дыууын таланты сызгъӕрин+, тынг бирӕ бальзамы сой+ ӕмӕ зынаргъ дуртӕ+. Паддзах Соломонӕн Савӕйы ус-паддзах цас бальзамы сой ӕрласта, уыйбӕрц ын никуы ничи ӕрласта+. 10  Стӕй ма Хирамы+ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ Соломоны лӕггадгӕнджытӕ Офирӕй сызгъӕринӕй+ уӕлдай ластой сырх хъӕдӕрмӕг+ ӕмӕ зынаргъ дуртӕ+. 11  Ӕмӕ паддзах сырх хъӕдӕрмӕгӕй сарӕзта Йегъовӕйы хӕдзары ӕмӕ паддзахы хӕдзары+ асинтӕ+, стӕй зарӕггӕнджытӕн+ дыууадӕстӕнон фӕндыртӕ+ ӕмӕ хъисфӕндыртӕ+. Ахӕм сырх хъӕдӕрмӕг Иудӕйы зӕххыл уӕдмӕ никуы уыд. 12  Паддзах Соломон Савӕйы ус-паддзахӕн+ ракодта, йӕхӕдӕг ын цы лӕвӕрттӕ ӕрхаста, уыйбӕрц лӕвӕрттӕ ӕмӕ ма йын уымӕй уӕлдай радта, цыдӕриддӕр ӕй хъуыди ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ракуырдта, уый дӕр. Ӕмӕ Савӕйы ус-паддзах йӕ лӕггадгӕнджытимӕ фӕстӕмӕ йӕ бӕстӕмӕ аздӕхт+. 13  Соломонмӕ алы аз дӕр цы сызгъӕрин ӕфтыд, уымӕн йӕ уӕз уыд ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз сызгъӕрин таланты*+. 14  Уымӕй уӕлдай ма йӕм ӕфтиаг цыд, уӕйгӕнинӕгтӕ чи ласта, уыцы сӕудӕджертӕй ӕмӕ базаргӕнджытӕй+, стӕй аравиаг+ паддзӕхтӕй се ’ппӕтӕй дӕр ӕмӕ бӕстӕйы хицӕуттӕй, Соломонӕн сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист чи ласта, уыдонӕй. 15  Паддзах Соломон хӕццӕ* сызгъӕринӕй+ скодта дыууӕсӕдӕ стыр уарты – стыр уартытыл хӕццӕ сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта, алкӕцыйыл дӕр дзы ацыд фӕйнӕ ӕхсӕзсӕдӕ сиклы*+, 16  ӕмӕ ӕртӕсӕдӕ гыццыл уарты – гыццыл уартытыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта, алкӕцыйыл дӕр дзы ацыд фӕйнӕ ӕртӕ минӕйы*+. Стӕй сӕ паддзах сӕвӕрдта, Ливаны хъӕд+ кӕй хуыдтой, уыцы хӕдзары. 17  Паддзах ма скодта стыр паддзахбадӕн пылыстӕгӕй ӕмӕ йыл сыгъдӕг сызгъӕринӕй цъар сӕвӕрдта+. 18  Паддзахбадӕнмӕ арӕзт уыд асинтӕ, уыди дзы ӕхсӕз къӕпхӕны. Йӕ разы уыд къӕхтӕвӕрӕн сызгъӕринӕй ӕмӕ паддзахбадӕнмӕ уыд фидаргонд. Паддзахбадӕнӕн иуырдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр уыди къухӕвӕрӕнтӕ, ӕмӕ уыцы къухӕвӕрӕнты+ раз лӕууыд дыууӕ домбайы+. 19  Асинты ӕхсӕз къӕпхӕныл та лӕууыд дыууадӕс домбайы+ – лӕууыдысты иуырдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр. Ахӕм паддзахбадӕн иу паддзахады дӕр нӕ уыд+. 20  Паддзах Соломоны нуазӕн къустӕ+ иууылдӕр уыдысты сызгъӕринӕй+. Ӕмӕ, Ливаны хъӕд+ кӕй хуыдтой, уыцы хӕдзары мигӕнӕнтӕ дӕр иууылдӕр уыдысты сыгъдӕг сызгъӕринӕй. Ӕвзистӕй дзы ницы уыд, уымӕн ӕмӕ Соломоны рӕстӕджы ӕвзистӕн кад нӕ уыд+. 21  Паддзахы наутӕ-иу цыдысты Фарсисмӕ+ ӕмӕ-иу сыл цыдысты Хирамы+ лӕггадгӕнджытӕ. Фарсисаг наутӕ-иу ӕртӕ азы иу хатт ӕрластой сызгъӕрин, ӕвзист+, пылыстӕг+, маймулитӕ ӕмӕ мӕлхъытӕ+. 22  Зӕххыл цы паддзӕхтӕ уыд, уыдонӕй Соломонӕй хъӕздыгдӕр+ ӕмӕ зондджындӕр+ паддзах нӕ уыд. 23  Ӕмӕ зӕххыл алы паддзахы дӕр фӕндыд Соломоны фенын+ ӕмӕ йӕ ӕцӕг Хуыцау цы стыр зондӕй+ схайджын кодта, уымӕ байхъусын+. 24  Алчидӕр ын хаста лӕвӕрттӕ+: ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин дзауматӕ+, уӕлӕдарӕс+, хӕцӕнгарз, бальзамы сой, бӕхтӕ ӕмӕ хӕргӕфстӕ. Ӕмӕ афтӕ алы аз дӕр+. 25  Соломоны бӕхдӕтты уыд цыппар мин бынаты бӕхтӕн+. Уыди йӕм бӕхуӕрдӕттӕ+ ӕмӕ дыууадӕс мин хӕстон бӕхы, ӕмӕ сӕ дардта, бӕхуӕрдӕттӕ кӕм лӕууыдысты, уыцы горӕтты+ ӕмӕ Иерусалимы, паддзахмӕ хӕстӕг. 26  Соломоны дӕлбар уыдысты, Стыр цӕугӕдонӕй* суанг филистимӕгты зӕххы онг ӕмӕ Египеты арӕнты онг цыдӕриддӕр паддзӕхтӕ уыд, уыдон+. 27  Уымӕй уӕлдай паддзах Иерусалимы уыйбӕрц ӕвзист ӕрӕмбырд кодта, ӕмӕ уыди дуртау бирӕ, ӕмӕ кедр та – Шефелӕйы+ чи зайы, уыцы сикоморбӕлӕстау+ бирӕ+. 28  Соломонӕн бӕхтӕ+ ластой Египетӕй+ ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй. 29  Соломоны иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та+, фыццӕгты тыххӕй ӕмӕ фӕстӕгты тыххӕй, фыст ис, пехуымпар Нафан+ ӕмӕ, Силомӕй+ чи уыд, уыцы пехуымпар Ахи+ цы ныффыстой ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ уынӕг Иддо+ Наваты фырт+ Йеровоамы+ тыххӕй цы цӕстылуайӕнтӕ ныффыста, уым. 30  Соломон Иерусалимы ӕгас Израилӕн паддзах уыд цыппор азы. 31  Уый фӕстӕ Соломон йӕ фыдӕлтӕм баиу, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ фыд Давиды горӕты+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт+ Ровоам+.

Фиппаинӕгтӕ

23 т бӕрц.
Иу сикл у 11,4 г.
Ома, ӕндӕр згъӕримӕ кӕй бадон кодтой, ахӕм.
Иу минӕ у 570 г.
Ома Евфратӕй.