2 Иоанны 1:1—13

 Хистӕр нӕлгоймаг*+ фыссы, Хуыцау кӕй равзӕрста, уыцы сылгоймагмӕ+ ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕм, зӕрдиагӕй кӕй уарзы+, уыдонмӕ. Ӕмӕ уӕ канд ӕз нӕ уарзын, фӕлӕ, рӕстдзинад чи базыдта, уыдон се ’ппӕт дӕр+.  Уарзгӕ та уӕ кӕнӕм, не ’ппӕты зӕрдӕты дӕр чи ис, уыцы рӕстдзинады тыххӕй+, ӕмӕ уыцы рӕстдзинад немӕ уыдзӕн ӕнустӕм+.  Мах хайджын уыдзыстӕм нӕ Фыд Хуыцауы+ ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй+, фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕй ӕмӕ фарнӕй рӕстдзинад ӕмӕ уарзондзинадимӕ+ иумӕ.  Ӕз тынг цин кӕнын, уымӕн ӕмӕ йӕ базыдтон, дӕ сывӕллӕттӕй чидӕртӕ+ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц+, нӕ Фыд нын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ+.  Ӕмӕ дӕ ныр, Хуыцау кӕй равзӕрста, уыцы сылгоймаг, курын, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзӕм+. Ног фӕдзӕхст+ дӕм нӕ фыссын, фӕлӕ нӕм райдианӕй чи ис, уыцы фӕдзӕхст+.  Уарзондзинад уымӕй бӕрӕг уыдзӕн+, ӕмӕ нӕ Фыды фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм+. Ӕмӕ йӕ райдианы куыд фехъуыстат, афтӕмӕй уыцы фӕдзӕхст у ахӕм: дарддӕр дӕр уарзондзинадмӕ гӕсгӕ цӕрут+.  Уымӕн ӕмӕ дунейы фӕзынд бирӕ фӕлитойтӕ+, афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, Йесо Чырысти адӕймагӕй не ’рцыд+. Афтӕ чидӕриддӕр дзуры, уый у фӕлитой+ ӕмӕ Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг+.  Уӕхимӕ кӕсут, мах цӕуыл фӕфыдӕбон кодтам, уымӕй ӕнӕхай куыд нӕ фӕуат, фӕлӕ уӕ хорзӕх ӕххӕстӕй куыд райсат+.  Чырыстийы ахуырады сӕрты чи хизы+ ӕмӕ уыцы ахуырадыл фидар чи нӕ хӕцы+, уый Хуыцауимӕ иудзинады нӕй+. Уыцы ахуырадыл фидар чи хӕцы, уый та Фыдимӕ дӕр ӕмӕ Фыртимӕ дӕр ис иудзинады+. 10  Исчи уӕм куы ’рцӕуа ӕмӕ уӕм ацы ахуырад куы не ’рхӕсса, уӕд ӕй уӕ хӕдзармӕ дӕр ма бауадзут+ ӕмӕ йын салам дӕр ма дӕттут+, 11  уымӕн ӕмӕ йын салам чи дӕтты, уый йын ӕмбал у йӕ фыдхъуыддӕгты+. 12  Сымахӕн мӕм бирӕ зӕгъинӕгтӕ ис, фӕлӕ мӕ нӕ фӕнды, гӕххӕттыл уӕм сӕ фыссон, уый+. Ныфс мӕ ис, кӕй уӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уемӕ кӕй фӕныхас кӕндзынӕн+, цӕмӕй уӕ цинӕн+ кӕрон ма уа+. 13  Салӕмттӕ дын ӕрвитынц дӕ хойы сывӕллӕттӕ, Хуыцау кӕй равзӕрста, уый сывӕллӕттӕ+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «Ацӕргӕ нӕлгоймаг».