2 Коринфӕгтӕм 10:1—18

10  Кӕд афтӕ зыны, ӕмӕ уӕм куы ’рцӕуын, уӕд цӕсты нӕ фӕахадын+, уӕ разы куы нӕ вӕййын, уӕд та ныфсджын вӕййын+, уӕддӕр уын мӕхӕдӕг, Павел, лӕгъстӕ кӕнын, Чырысти фӕлмӕн+ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ+ кӕй у, уый номӕй.  О, лӕгъстӕ уын кӕнын: афтӕ бакӕнут, ӕмӕ уӕм куы ’рцӕуон, уӕд мӕ ма бахъӕуа, куыд фӕнд кӕнын, мӕхи афтӕ ныфсджынӕй равдисын ӕмӕ, махӕй афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, адӕмы зондӕй архайӕм, уыдоны бафхӕрын+.  Кӕд мах дӕр иннӕ адӕмы хуызӕн стӕм+, уӕддӕр тох адӕмы зондӕй нӕ кӕнӕм+.  Махӕн нӕ хӕцӕнгӕрзтӕ, адӕм кӕмӕй хӕцынц, ахӕмтӕ не сты+, фӕлӕ сӕ тых ис Хуыцауы фӕрцы+ – уыдонӕй ис фидӕрттӕ басӕттӕн.  Уыдонӕй басӕттӕм рӕдыд хъуыдытӕ ӕмӕ, Хуыцауы тыххӕй цы зонӕм+, уый ныхмӕ цыдӕриддӕр цӕлхдуртӕ лӕууы, уыдон, ӕмӕ алы хъуыды дӕр уацары исӕм ӕмӕ йӕ кӕнӕм Чырыстийӕн коммӕгӕс.  Стӕй цӕттӕйӕ лӕууӕм, цӕмӕй сымах, алцӕмӕй дӕр коммӕгӕс кӕй стут, уый куы равдисат+, уӕд бафхӕрӕм, цыфӕнды хъуыддаджы дӕр ӕгоммӕгӕс чи у, уыдоны+.  Сымах алцӕмӕн дӕр аргъ кӕнут ӕддаг бакастмӕ гӕсгӕ+. Кӕд исчи йӕхицӕй афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ Чырыстийы у, уӕд дзы рох ма уӕд, ӕмӕ уый куыд у Чырыстийы, мах дӕр афтӕ кӕй стӕм+.  Нӕ Хицау нын уӕ ныфс сӕттынӕн нӕ+, фӕлӕ уӕ бафидар кӕнынӕн цы бартӕ радта, уыдонӕй, цас хъӕуы, уымӕй гыццыл фылдӕр куы раппӕлин+, уӕддӕр нӕ фӕхудинаг уаин.  Ацы ныхӕстӕ уӕм уый тыххӕй фыссын, цӕмӕй уӕм афтӕ ма кӕса, ӕмӕ уӕ мӕ фыстӕджытӕй тӕрсын кӕнын. 10  Уымӕн ӕмӕ чидӕртӕ афтӕ дзурынц: «Йӕ фыстӕджыты ис стыр уӕз ӕмӕ тых, ам немӕ куы вӕййы*, уӕд та вӕййы лӕмӕгъ+, ӕмӕ йӕ ныхас дӕр – ницӕйаг»+. 11  Ахӕм адӕймаг ӕй зонӕд: уемӕ куы нӕ вӕййӕм, уӕд фыстӕджыты куыд фӕзӕгъӕм, афтӕ кӕнгӕ дӕр бакӕндзыстӕм, уемӕ куы уӕм, уӕд+. 12  Мах нӕ ныфс нӕ хӕссӕм, цӕмӕй нӕхи уыдонӕй хонӕм кӕнӕ нӕхи барӕм, йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уыдонимӕ+. Уыдон сӕхицӕн аргъ кӕнынц сӕхи барӕнтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕхи барынц сӕхиимӕ ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисынц, ӕмбаргӕдзинад сӕм кӕй нӕй+. 13  Мах та, цас хъӕуы, уымӕй фылдӕр не ’ппӕлдзыстӕм+, фӕлӕ ӕппӕлдзыстӕм, Хуыцау нын кӕй сбӕрӕг кодта, уыцы арӕнты нӕ къухы цы бафтыд, уымӕй. Ӕмӕ сымах дӕр уырдӕм хаут+. 14  Мах нӕ арӕнтӕй дарддӕр нӕ хизӕм, цыма сымахмӕ нӕ бахӕццӕ стӕм – Чырыстийы тыххӕй хорз хабар уӕм фыццаг мах куы ӕрхастам+. 15  Нӕ, мах нӕ арӕнтӕй дарддӕр нӕ хизӕм ӕмӕ кӕйдӕр фыдӕбонӕй не ’ппӕлӕм+. Фӕлӕ нӕ ныфс ис, ӕмӕ уӕ уырнындзинад куыд рӕза+, афтӕ тынгдӕр кӕй аргъ кӕндзыстут, сымахмӕ цы куыст бакодтам, уымӕн+. Ӕмӕ уӕд мах ноджы фылдӕр сараздзыстӕм, 16  хорз хабар сымахӕй дарддӕр ӕндӕр бӕстӕты дӕр хъусын кӕндзыстӕм+, цӕмӕй кӕйдӕр арӕнты мидӕг, ӕндӕр чидӕр цӕуыл бафыдӕбон кодта, уымӕй ма ӕппӕлӕм. 17  «Сӕрыстыр чи у, уый сӕрыстыр уӕд Йегъовӕйӕ»+. 18  Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы хорзӕхӕй, йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уыцы адӕймаг нӕу хайджын+, фӕлӕ, Уый+ йӕхӕдӕг кӕй бӕрзонд кӕны, уыцы адӕймаг+.

Фиппаинӕгтӕ

Грекъ. паруси́а. Кӕс Уӕлӕмх. 12.