2 Коринфӕгтӕм 11:1—33
11 Курын уӕ, мӕ иуӕй-иу ӕнӕзонд ныхӕстӕн мын бабыхсут+. Уӕвгӕ мын ныр дӕр быхсут!
2 Ӕз уыл тынг тыхсын, Хуыцау уыл куыд тыхсы, афтӕ+, уымӕн ӕмӕ, лӕппу ӕмӕ чызг куыд бафидауынц+, афтӕ уӕ иу лӕгимӕ+, Чырыстиимӕ+, мӕхӕдӕг бафидауын кодтон, цӕмӕй уӕ йӕ разы ӕнӕцыд чызгау* сыгъдӕгӕй+ ӕрлӕууын кӕнон.
3 Фӕлӕ тӕрсын, калм Евӕйыл+ хинӕй куыд рацыд ӕмӕ йӕ куыд фӕрӕдийын кодта, афтӕ уӕ зонд дӕр куы сзыгъуыммӕ уа+ ӕмӕ, Чырыстийы раз куыд ӕнӕхин ӕмӕ куыд сыгъдӕг хъуамӕ уат, афтӕ куы нал уат+.
4 Исчи уӕм куы ’рцӕуы ӕмӕ уын мах кӕй тыххӕй хъусын кодтам+, уыцы Йесойы тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕр Йесойы тыххӕй куы фӕхъусын кӕны, кӕнӕ уӕ, нырмӕ цы зондыл цыдыстут, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕндӕр зондыл куы фӕаразы+, кӕнӕ уӕм, цы хорз хабарыл+ баууӕндыдыстут, уый нӕ, фӕлӕ ӕндӕр хорз хабар куы ӕрхӕссы, уӕд сымах ахӕм адӕймагӕн фӕбыхсут+.
5 Ӕз та афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ уӕ «диссаджы»+ апостолтӕй ӕвзӕрдӕр ницӕмӕй дӕн+.
6 Кӕд дзурынмӕ дӕсны нӕ дӕн+, уӕддӕр зонгӕ фаг кӕнын+. Ӕмӕ афтӕ кӕй у, уый та уын алы ӕгъдауӕй дӕр ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр равдыстам+.
7 Ӕви уын Хуыцауӕй хорз хабар зӕрдиагӕй кӕй хъусын кодтон ӕмӕ уый лӕвар кӕй арӕзтон+ ӕмӕ, цӕмӕй сымах сбӕрзонд уат, уый тыххӕй мӕхи кӕй ӕрныллӕг кодтон+, уымӕй, мыййаг, тӕригъӕд сарӕзтон?
8 Цӕмӕй сымахӕн лӕггад кодтаин+, уый тыххӕй-иу иннӕ ӕмбырдтӕ бастыгътон – цӕмӕй мын ӕххуыс кодтой, уый сӕ истон.
9 Фӕлӕ сымахмӕ куы уыдтӕн ӕмӕ хъуаг куы ’ййӕфтон, уӕд уӕ иуы дӕр нӕ батыхсын кодтон+ – Македонийӕ+ чи ’рцыд, уыцы ӕфсымӕртӕ мын, цы мӕ хъуыд, уымӕй дӕр фылдӕр ӕрхастой. О, ӕз ууыл архайдтон, цӕмӕй уӕ мацӕмӕй батыхсын кодтаин, ӕмӕ дарддӕр дӕр афтӕ кӕндзынӕн+.
10 Чырыстийау, ӕцӕг+ цы у, уый зӕгъын: Ахайӕ афтӕ сӕрыстыр+ цӕмӕй дӕн, уый мын ничи байсдзӕн.
11 Фӕлӕ цӕмӕн кӕнын афтӕ? Нӕ уӕ уарзын, ӕмӕ уый тыххӕй? Хуыцау ӕй уыны, кӕй уӕ уарзын+.
12 Ӕмӕ цы аразын, уый та амӕй фӕстӕмӕ дӕр араздзынӕн+, цӕмӕй, йӕхицӕй чи ӕппӕлы, мах дӕр апостолтӕ стӕм, зӕгъгӕ, ӕмӕ ууыл чи архайы, цӕмӕй сӕ иннӕтӕ дӕр ахӕмтыл нымайой, уыдонӕн уый ӕфсон ма уа.
13 Уыдон сты мӕнг апостолтӕ, иннӕты сайыны куыст кӕнынц+, сӕхи та афтӕ ӕвдисынц, цыма Чырыстийы апостолтӕ сты+.
14 Ӕмӕ уый диссаг дӕр нӕу: Сайтан йӕхӕдӕг дӕр йӕхи афтӕ ӕвдисы, цыма рухсы зӕд у+.
15 Гъемӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ+ дӕр сӕхи афтӕ куы ’вдисой, цыма рӕстдзинады куыст кӕнынц, уӕд уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ сӕ кӕрон уыдзӕн сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ+.
16 Зӕгъын ма йӕ ноджыдӕр: афтӕ уӕ мачи хъуыды кӕнӕд, ӕмӕ ӕз ӕнӕзонд дӕн. Фӕлӕ кӕд афтӕ хъуыды кӕнут, уӕд та мын бабыхсут, кӕд мӕ ӕнӕзондыл нымайут, уӕддӕр, цӕмӕй ӕз дӕр мӕхицӕй иу гыццыл раппӕлон+.
17 Адӕттӕ уын нӕ Хицауы фӕзмгӕйӕ нӕ дзурын, фӕлӕ ӕнӕзонд адӕймагау, йӕхицӕй стыр дзыхӕй чи феппӕлы, уыдонау+.
18 Кӕд бирӕтӕ зӕххон хъуыддӕгтӕй+ ӕппӕлынц, уӕд ӕз дӕр ӕппӕлдзынӕн.
19 Сымах зондджын стут, ӕмӕ уын зын нӕу ӕнӕзонд адӕймӕгтӕн быхсын.
20 Сымах быхсут, цагъар уӕ чи аразы+, чи уӕ стигъы, уӕ мулк уын чи хӕры, йӕхи сымахӕй уӕлдӕр чи ӕвӕры ӕмӕ уӕ чи ӕфхӕры*, уыдонӕн+.
21 Ӕз ацы ныхӕстӕ дзурын нӕхи ӕгадӕн, уымӕн ӕмӕ кӕмӕдӕрты афтӕ кӕсы, ӕмӕ лӕмӕгъ стӕм, нӕ бон нӕу нӕ бартӕй пайда кӕнын.
Фӕлӕ кӕд исчи исты хъуыддаджы ныфсджынӕй архайы, уӕд мӕнӕн дӕр – дзурын ӕнӕзонд адӕймагау+ – мӕ бон бауыдзӕн афтӕ ныфсджынӕй архайын.
22 Уыдон дзуттӕгтӕ сты? Ӕз дӕр дӕн+. Уыдон израилӕгтӕ сты? Ӕз дӕр дӕн. Уыдон Авраамы байзӕддӕгтӕ сты? Ӕз дӕр дӕн+.
23 Уыдон Чырыстийӕн кусынц? Цыма мӕ сӕрызонд фӕцыд, афтӕ зӕгъын: ӕз та уӕлдайдӕр+. Ӕз бирӕ фылдӕр бафыдӕбон кодтон+, бирӕ фылдӕр хӕттыты уыдтӕн ахӕстӕтты+, фыднад дӕр-иу мӕ фӕкодтой, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ кастӕн мӕлӕты цӕстытӕм+.
24 Дзуттӕгтӕй мыл фондз хатты сӕмбӕлд фӕйнӕ ӕртын фараст цӕфы+,
25 ӕртӕ хатты мӕ фӕнадтой уистӕй+, иу хатт та мӕ дуртӕй фӕхостой+, ӕртӕ хатты бахаудтӕн ахӕм уавӕры, ӕмӕ-иу цы науыл цыдтӕн, уый-иу ныппырх+, ӕхсӕв ӕмӕ бон арвыстон денджызы астӕу.
26 Арӕх уыдтӕн фӕндагыл, тӕссаг мын уыди цӕугӕдӕттыл хизгӕйӕ, тӕссаг мын уыди абырджытӕй+, стӕй мӕхи адӕмӕй+ дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмтӕй+ дӕр, тӕссаг мын уыди горӕты+ дӕр, ӕдзӕрӕг быдыры дӕр ӕмӕ денджызы дӕр, тӕссаг мын уыди мӕнг ӕфсымӕрты ’хсӕн.
27 Мӕ хид калгӕйӕ фыдӕбон кодтон, арӕх-иу арвыстон ӕгъуыссӕг ӕхсӕвтӕ+, уыдтӕн-иу ӕххормаг ӕмӕ дойны+, бирӕ хатт-иу мӕ дзыхмӕ къӕбӕр дӕр не схастон+, зонын, цы у уазал ӕмӕ бӕгънӕг.
28 Адӕттӕй уӕлдай ма мын иу бон дӕр ӕнцой нӕ дӕтты ӕппӕт ӕмбырдты мӕт+.
29 Искуы афтӕ уыди, ӕмӕ чидӕр лӕмӕгъ уа+, ӕмӕ ӕз йемӕ ма уон лӕмӕгъ? Науӕд исчи искӕмӕн цӕлхдур суа, ӕмӕ мӕ маст ма ссудза?
30 Кӕд ӕнӕппӕлгӕ нӕй, уӕд ӕппӕлдзынӕн+, мӕ лӕмӕгъдзинад цӕмӕй зыны, уыдӕттӕй.
31 Сайгӕ кӕй нӕ кӕнын, уый уыны нӕ Хицау Йесойы Хуыцау ӕмӕ Фыд, табу йын уӕд ӕнустӕм.
32 Дамаскы мӕ, паддзах Ареты дӕлбар чи ис, уыцы хицау хъавыд ӕрцахсынмӕ, ӕмӕ уый тыххӕй дамаскӕгты горӕт хъахъхъӕдта+.
33 Фӕлӕ мӕ ӕфсымӕртӕ, къулы цы рудзынг уыди, уырдыгӕй чыргъӕды+ бынмӕ ӕруагътой, ӕмӕ йӕ къухӕй аирвӕзтӕн.
Фиппаинӕгтӕ
^ Ам цы грекъ. дзырд ис, уый амоны, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи никуы ’рцыд, ахӕм сылгоймагмӕ.
^ Комк. «ӕмӕ уын уӕ цӕсгом чи цӕвы».