2 Коринфӕгтӕм 12:1—21

12  Мӕхицӕй мӕ ӕппӕлын хъӕуы. Уым хорзӕй ницы ис, фӕлӕ уӕддӕр рахиздзынӕн, нӕ Хицау мын цы цӕстылуайӕнтӕ+ равдыста ӕмӕ мын цы раргом кодта, уыдӕттӕм.  Ӕз зонын, Чырыстиимӕ иудзинады чи ис, иу ахӕм адӕймаджы. Уый цыппӕрдӕс азы размӕ – буары мидӕг уыди ӕви нӕ, уый нӕ зонын, Хуыцау ӕй зоны – ист ӕрцыд+ ӕртыккаг арвмӕ.  О, зонын ахӕм адӕймаджы – буары мидӕг уыди ӕви нӕ+, уый нӕ зонын, Хуыцау ӕй зоны,–  ӕмӕ ист ӕрцыд дзӕнӕтмӕ+ ӕмӕ уым фехъуыста, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, адӕймагӕн дзурын кӕй не ’мбӕлы, ахӕм ныхӕстӕ.  Гъемӕ ахӕм адӕймагӕй ӕппӕлдзынӕн. Мӕхицӕй та не ’ппӕлдзынӕн, кӕд ӕрмӕст мӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕй+ раппӕлон, ӕндӕр.  Ӕниу мӕ искуы мӕхицӕй раппӕлын куы бафӕнда+, уӕд ӕнӕзонд нӕ разындзынӕн, уымӕн ӕмӕ, ӕцӕг цы у, уый зӕгъдзынӕн. Фӕлӕ не ’ппӕлдзынӕн, цӕмӕй мӕ сымах, цы аразгӕ мӕ уынут кӕнӕ мӕ дзыхӕй цы хъусут, уымӕй фылдӕр мацы ӕнхъӕл уат,  бирӕ цыдӕртӕ мын кӕй раргом, уый тыххӕй. Уӕдӕ цӕмӕй мӕхицӕй ӕгӕр ма ныббуц уон+, уый тыххӕй мын мӕ буары фӕцавдӕуыд сындз+ – Сайтаны зӕд,– цӕмӕй мӕ тухӕнӕй мара*, ӕмӕ мӕхицӕй ӕгӕр ма ныббуц уон.  Хуыцауӕн* ӕртӕ хатты+ лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мӕ уыцы сындзӕй фервӕзын кӕна,  фӕлӕ мын уый загъта: «Фаг дын у+, ме стыр хорзӕхӕй дын кӕй бахай кодтон, уый. Мӕ тых йӕхи ӕххӕстӕй ӕвдисы дӕ лӕмӕгъдзинады»+. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕз ӕхсызгондӕрӕй ӕппӕлдзынӕн мӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕй+, цӕмӕй мын Чырыстийы тых цатырау ӕмбӕхсӕн уа. 10  Уӕдӕ мын ӕхсызгон у, лӕмӕгъдзинӕдтӕ мӕм кӕй ис, кӕй мӕ ӕфхӕрынц, хъуагдзинӕдтӕ кӕй ӕййафын, мӕ фӕдыл кӕй зилынц ӕмӕ зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарын Чырыстийы тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ лӕмӕгъ куы вӕййын, уӕд вӕййын тыхджын+. 11  Ӕз сдӕн ӕнӕзонд. Сымах мӕ ӕркодтат уый онг+, уымӕн ӕмӕ сымах хъуамӕ дзырдтаиккат, цы хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзтон, уыдоны тыххӕй. Кӕд уӕ цӕсты ницы дӕн, уӕддӕр уӕ «диссаджы»+ апостолтӕй ӕвзӕрдӕр ницӕмӕй дӕн+. 12  Апостол+ кӕй дӕн, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ уӕхӕдӕг федтат – уыцы бӕлвырдгӕнӕнтӕ сты мӕ фидардзинад+, стӕй нысӕнттӕ, диссӕгтӕ ӕмӕ хъомысджын хъуыддӕгтӕ+. 13  Иннӕ ӕмбырдтимӕ абаргӕйӕ уӕм цавӕр кад не ’рхауд? Кӕй уӕ ницӕмӕй батыхсын кодтон, уый?+ Уӕ хорзӕхӕй, ныххатыр мын кӕнут уыцы рӕдыд. 14  Ныр мӕхи ӕртыккаг хатт+ срӕвдз кодтон сымахмӕ ’рцӕуынмӕ, фӕлӕ уӕ ацы хатт дӕр ницӕмӕй батыхсын кӕндзынӕн. Мӕн уӕ мулк нӕ хъӕуы+, фӕлӕ мӕ уӕхӕдӕг хъӕут. Сывӕллӕттӕ+ ныййарджытӕн нӕ, фӕлӕ ныййарджытӕ сывӕллӕттӕн хъуамӕ скӕной бынтӕ+. 15  Ӕмӕ ӕз сымах тыххӕй*, цыдӕриддӕр мӕм ис, уый дӕр ӕмӕ мӕхи ӕгасӕй дӕр нӕ бавгъау кӕндзынӕн+. Ӕмӕ уӕ кӕд ӕз афтӕ тынг уарзын, уӕд уый аккаг нӕ дӕн, ӕмӕ мӕ сымах дӕр афтӕ уарзат? 16  Куыдфӕнды ма уа,– ӕз уӕ ницӕмӕй батыхсын кодтон+. Фӕлӕ уӕддӕр сымах дзурут, зӕгъгӕ, ӕз уыдтӕн хинӕйдзаг ӕмӕ уыл сайдӕй рацыдтӕн+. 17  Кӕй уӕм ӕрӕрвыстон, уыдонӕй искӕй уылты сымахӕй исты расайдтон? 18  Титӕн ныффӕдзӕхстон, цӕмӕй уӕм ацӕуа, ӕмӕ йын йемӕ арвыстон иу ӕфсымӕры. Ӕмӕ уӕ Тит йӕхицӕн исты расайдта?+ Иу зондыл хӕст нӕ уыдыстӕм?+ Ӕмхуызон нӕ архайдтам? 19  Ау, ацы фыстӕг кӕсгӕйӕ афтӕ хъуыды кодтат, ӕмӕ уӕ разы нӕхи раст кӕнӕм? Мах дзурӕм Хуыцауы раз, куыд Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ, афтӕ. Фӕлӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, цыдӕриддӕр аразӕм, уый у сымах бафидар кӕнынӕн+. 20  Тӕрсын, куы уӕм ӕрцӕуон+, уӕд уӕ, цыхуызӕнӕй мӕ фӕнды уӕ фенын, афтӕмӕй куы нӕ ӕрӕййафон, ӕмӕ ӕз дӕр мӕхи, сымах куыд фӕнды, ахӕмӕй куы нӕ равдисон. Тӕрсын, кӕрӕдзиимӕ хылтӕ куы кӕнат, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг куы кӕнат+, мӕстӕй куы фыцат, загъд куы кӕнат, кӕрӕдзийыл цъыф куы калат, кӕрӕдзийы кой куы кӕнат, сӕрбӕрзонд куы разынат, уӕ хъуыддӕгтӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауыл куы нӕ уой+. 21  Тӕрсын, куы та уӕм ӕрцӕуон, уӕд мын мӕ Хуыцау афтӕ куы бакӕна, ӕмӕ мӕм худинаг ӕркӕса ӕмӕ хъыг кӕнон бирӕтыл, тӕригъӕды фӕндагыл чи ацыд+, фӕлӕ йӕ чъизи хъуыддӕгтыл, кӕй хӕтыд*+ ӕмӕ хӕлд митӕ*+ кӕй кодта, ууыл чи не ’рфӕсмон кодта, уыдоныл.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «цӕмӕй мӕ цӕва».
Грекъ. Ки́риос.
Комк. «уӕ удты тыххӕй».
Кӕс Уӕлӕмх. 11.
Кӕс Га 5:19, фип.