2 Коринфӕгтӕм 2:1—17
2 Мӕхицӕн та загътон: афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уӕм ногӕй куы ’рцӕуон, уӕд уын ме ’рцыд ӕнкъарддзинады хос ма фӕуа+.
2 Мӕн тыххӕй куы ӕрӕнкъард уат+, уӕд ма мын мӕ зӕрдӕ чи барухс кӕндзӕн, кӕд ӕмӕ мын сымах барухс кӕнут мӕ зӕрдӕ?
3 Фысгӕ дӕр уӕм уый тыххӕй кодтон, цӕмӕй уӕм куы ’рцӕуон, уӕд, цин кӕуыл хъуамӕ кӕнон+, уыдоны тыххӕй ӕнкъард ма уон+, уымӕн ӕмӕ мӕ уырны+, мӕ цин уе ’ппӕты цин дӕр кӕй у.
4 Мӕ фыртыхстӕй ӕмӕ уӕм мӕ зӕрдӕйы рыстӕй цӕссыгкалгӕйӕ+ уый тыххӕй нӕ фыстон, цӕмӕй ӕрӕнкъард уат+, фӕлӕ йӕ цӕмӕй зонат, сымах уӕлдай уарзт кӕй кӕнын.
5 Кӕд исчи искӕй ӕрӕнкъард кодта+, уӕд та мӕн нӕ, фӕлӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ уе ’ппӕты дӕр,– ме ’ргом ныхас мын хатыр фӕуӕд.
6 Уыцы адӕймагӕн уӕ фылдӕр цы уайдзӕф бакодтой+, уый йын фаг у.
7 Ныр та йын зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнут+ ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ бафидар кӕнут, цӕмӕй уыцы адӕймаг бынтондӕр йӕхимӕ ма ныхъхъуса+.
8 Уымӕ гӕсгӕ уӕ курӕг дӕн, равдисут ын, кӕй йӕ уарзут, уый+.
9 Фысгӕ дӕр уӕм уый тыххӕй кӕнын, цӕмӕй сбӕлвырд кӕнон, алы хъуыддаджы дӕр коммӕгӕс стут ӕви нӕ+.
10 Сымах зӕрдӕйӕ кӕмӕн цы хатыр кӕнут, уымӕн ӕй ӕз дӕр хатыр кӕнын+. Ӕмӕ ӕз зӕрдӕйӕ цы ныххатыр кодтон,– кӕд искӕмӕн исты ныххатыр кодтон, уӕд,– уый та, Чырысти мын ӕвдисӕн, ныххатыр кодтон сымах тыххӕй,
11 цӕмӕй ныл Сайтан+ хинӕй ма рацӕуа, уымӕн ӕмӕ, куыд архайы, уый нын ӕнӕзонгӕ нӕу+.
12 Троадӕмӕ+ Чырыстийы тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынмӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд мын Хицауы хъуыддаджы дуар байгом+.
13 Фӕлӕ ме ’фсымӕр Титы+ кӕй не ссардтон, уымӕ гӕсгӕ мӕхицӕн* ӕнцой нӕ ардтон. Гъемӕ уымы ахуыргӕнинӕгтӕн хӕрзбон загътон ӕмӕ ацыдтӕн Македонимӕ+.
14 Фӕлӕ Хуыцауӕн бузныг, уый мах алкӕддӕр кӕны+ Чырыстиимӕ уӕлахизы цыды+ ӕмӕ мах уылты алы ран дӕр адджын тӕфау парахат кӕны зонындзинӕдтӕ йӕхи тыххӕй!+
15 Мах Хуыцауӕн стӕм Чырыстийы тыххӕй хорз хабары адджын тӕф+, ӕмӕ уыцы тӕф хӕццӕ кӕны, ирвӕзындзинады фӕндагыл чи ис, уыдонмӕ дӕр ӕмӕ, сӕфты фӕндагыл чи ис, уыдонмӕ дӕр+.
16 Фӕстӕгтӕн уый у мӕлӕты тӕф, ӕмӕ сӕ кӕны мӕлӕтмӕ+. Фыццӕгтӕн та – царды адджын тӕф, ӕмӕ сӕ кӕны цардмӕ. Ӕмӕ ахӕм хъуыддагӕн чи бӕззы?+
17 Мах, уымӕн ӕмӕ мах Хуыцауы ныхас уӕйгӕнджытӕ не стӕм+, бирӕтӕ+ куыд сты, афтӕ, фӕлӕ дзурӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ – Хуыцауы номӕй, Хуыцауы раз ӕмӕ Чырыстиимӕ иудзинады+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.