2 Коринфӕгтӕм 4:1—18
4 Ӕмӕ нын Хуыцау ахӕм куыст+ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ+ гӕсгӕ кӕй бахӕс кодта, уымӕ гӕсгӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты.
2 Мах ныууагътам, сусӕгӕй цы худинаджы хъуыддӕгтӕ фӕкӕнынц, уыдон+, ӕмӕ хинӕй нӕ архайӕм, стӕй Хуыцауы ныхас зыгъуыммӕ нӕ кӕнӕм*+, фӕлӕ, рӕстдзинад* ӕргом кӕнгӕйӕ, Хуыцауы раз алы адӕймагӕн дӕр* стӕм фӕзминаг+.
3 Гъеныр кӕд, цы хорз хабар хъусын кӕнӕм, уый искӕмӕй ӕмбӕхст у, цыма йыл ӕмбӕрзӕн ис, афтӕ, уӕд – сӕфты фӕндагыл чи лӕууы, уыдонӕй+,
4 ацы цардӕвӕрды хуыцау+ сӕ сӕрызонд кӕмӕн бакуырм кодта, уыцы ӕнӕуырнджытӕй+. Сӕ сӕрызонд сын бакуырм кодта, цӕмӕй сӕм ма бакӕла+, Хуыцауы хуызӕн+ чи у, уыцы Чырыстийы тыххӕй диссаджы хорз хабары+ рухс+.
5 Мах нӕхи тыххӕй нӕ дзурӕм, фӕлӕ хъусын кӕнӕм, Чырысти Йесо нӕ Хицау кӕй у+ ӕмӕ мах та Йесойы тыххӕй уӕ цагъартӕ+ кӕй стӕм, уый.
6 Афтӕ чи загъта, «уадз ӕмӕ талынгӕй сӕрттивӕд рухс»+, зӕгъгӕ, уыцы Хуыцау нын нӕ зӕрдӕты рухс бауагъта+, цӕмӕй нын сӕ Чырыстийы фӕрцы ныррухс кӕна+ Хуыцауы тыххӕй диссаджы зонындзинӕдтӕй+.
7 Фӕлӕ нын уыцы хӕзна+ ис ӕлыг+ мигӕнӕнты+, цӕмӕй бӕрӕг уа, кӕй схайджын стӕм, адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ+ – нӕхицӕй+ нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй+ чи у, уыцы хъаруйӕ.
8 Алырдыгӕй дӕр нӕ хъыгдарынц+, фӕлӕ уӕддӕр афтӕ нӕу, ӕмӕ нын фезмӕлӕн мауал уа; фӕтыхсӕм, фӕлӕ уӕддӕр бынтон афтӕ нӕ вӕййы, ӕмӕ, цы бакӕнӕм, уый мауал зонӕм+;
9 нӕ фӕдыл зилынц, фӕлӕ нӕ Хуыцау нӕ ныууагъта+; ссӕндынц нӕ+, фӕлӕ уӕддӕр нӕ сӕфӕм+.
10 Кӕмфӕнды ма уӕм, алкуыдӕр нӕхиуыл* ӕвзарӕм, Йесойӕн цы мӕлӕтдзаг тухитӕ бавзарын кодтой, уыдон+, цӕмӕй нӕ мидӕг* разына Йесойӕн йӕ цард дӕр+.
11 Мах, удӕгӕсты, Йесойы тыххӕй кӕсын кӕнынц мӕлӕты цӕстытӕм+, цӕмӕй нӕ зӕххон буӕртты разына Йесойӕн йӕ цард дӕр+.
12 Гъемӕ кӕд мах мӕлӕты цӕстытӕм кӕсӕм, уӕд сымахӕн та уый у цард+.
13 Фыст у: «Мӕнмӕ уыд уырнындзинад, ӕмӕ дзырдтон»+. Ӕмӕ мах дӕр ӕвдисӕм, ахӕм уырнындзинад нӕм кӕй ис, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ дзурӕм,
14 уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, Йесойы мӕрдтӕй чи райгас кодта, уый мах дӕр Йесойау кӕй райгас кӕндзӕн ӕмӕ нӕ сымахимӕ иумӕ йӕ разы кӕй ӕрлӕууын кӕндзӕн+.
15 Ӕппӕт уыдӕттӕ сты сымах тыххӕй+, цӕмӕй, бирӕ адӕм Хуыцауӕн кӕй арфӕ кӕнынц, уый фӕрцы стыр хорзӕх кӕна ноджы парахатдӕр, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцау кадджын кӕна+.
16 Уымӕ гӕсгӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты. Ӕмӕ кӕд нӕ буар лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр кӕны, уӕд, нӕ мидӕг цы адӕймаг ис+, уый та бонӕй-бонмӕ ногдӕр кӕны.
17 Кӕд нӕ зындзинӕдтӕ рӕстӕгмӕ+ сты ӕмӕ афтӕ уӕззау не сты, уӕд нын хӕсгӕ та кӕнынц, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр кад, ӕнусон кад+.
18 Ӕмӕ мах, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕ нӕ кӕсӕм, фӕлӕ, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕ+. Цӕстӕй цы уынӕм, уый у рӕстӕгмӕ+, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уый та – ӕнустӕм+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «ницӕимӕ хӕццӕ кӕнӕм».
^ Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».
^ Комк. «алы адӕймаджы ӕфсармӕн дӕр».
^ Комк. «нӕ буарыл».
^ Комк. «нӕ буары мидӕг».