2 Коринфӕгтӕм 8:1—24

8  Ныр та нӕ, не ’фсымӕртӕ, сымахӕн радзурын фӕнды, Македонийы+ ӕмбырдтӕн Хуыцауы стыр хорзӕхы фӕрцы цы бантыст, уый тыххӕй.  Уыдон бахаудысты стыр фӕлварӕны, тыхст уавӕры. Фӕлӕ кӕд тынг мӕгуыр сты, уӕддӕр сӕ зӕрдӕ дзаг уыди цинӕй, ӕмӕ диссаджы рӕдау кӕй разындысты, уымӕй равдыстой, уырнындзинадӕй хъӕздыг кӕй сты+.  Уыдон сарӕзтой, сӕ бон цыдӕриддӕр уыди, уый+, ӕмӕ уымӕй дӕр фылдӕр – мӕхӕдӕг ӕвдисӕн.  Сӕхӕдӕг нын зӕрдиагӕй лӕгъстӕ кодтой, зӕгъгӕ нӕ уый аккаг скӕнут, ӕмӕ мах дӕр исты раттӕм ӕмӕ не ’ххуысы хай бахӕссӕм сыгъдӕджытӕн+ балӕггад кӕныны хъуыддагмӕ.  Ӕмӕ мах ӕнхъӕл цӕмӕн уыдыстӕм, уымӕй дӕр фылдӕр сарӕзтой, уымӕн ӕмӕ фыццаджыдӕр сӕхи радтой нӕ Хицауӕн+ ӕмӕ, Хуыцауы фӕндӕй, махӕн дӕр.  Ӕмӕ уый фенгӕйӕ Титӕн+ ныффӕдзӕхстам, цӕмӕй, сымахмӕ цы хъуыддаг райдыдта, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кӕна – уӕ рӕдау лӕвар уын ӕрӕмбырд кӕна.  Гъемӕ уӕдӕ алцӕмӕй дӕр куыд хъӕздыг стут+ – уырнындзинадӕй, дзырдарӕхстдзинадӕй, зонындзинӕдтӕй+, алы хъуыддаджы дӕр куыд зӕрдиагӕй архайут ӕмӕ уӕ мах куыд уарзӕм,– афтӕ хъӕздыг ут ацы хъуыддаджы дӕр ӕмӕ скӕнут рӕдау лӕвӕрттӕ.  Ацы ныхӕстӕ уын бардзырды хуызы нӕ зӕгъын+, фӕлӕ, иннӕтӕ куыд зӕрдиагӕй архайынц, уый уынгӕйӕ мӕ фӕнды, уӕ уарзондзинад ӕцӕг уарзондзинад у ӕви нӕ, уый бафӕлварын.  Уӕхӕдӕг ӕй зонут, нӕ Хицау Йесо Чырысти уын цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, уый: кӕд хъӕздыг уыди, уӕддӕр сымах тыххӕй смӕгуыр+, цӕмӕй, кӕй смӕгуыр, уый фӕрцы сымах схъӕздыг уат+. 10  Ӕмӕ ӕз афтӕ хъуыды кӕнын+: ацы хъуыддаг у уӕ пайдайӕн+, уымӕн ӕмӕ уӕ афӕдзы размӕ ацы хъуыддаг бакӕнын ӕрмӕст фӕндгӕ нӕ кодта, фӕлӕ ма йӕ аразын дӕр райдыдтат+. 11  Гъемӕ йӕ ныр кӕронмӕ дӕр ахӕццӕ кӕнут. Афтӕмӕй йӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕндзыстут, цы уӕм ис, уымӕ гӕсгӕ, уый размӕ уӕ уый куыд зӕрдиагӕй фӕндыд, афтӕ. 12  Уымӕн ӕмӕ адӕймаг исты зӕрдиагӕй куы ратта, уӕд ахӕм лӕвар Хуыцауӕн уӕлдай ӕхсызгон у. Ӕмӕ адӕймаг дӕтгӕ та фӕкӕны, цы йӕм нӕй, уый нӕ, фӕлӕ йӕм цы ис+, уый. 13  Мӕн уый зӕгъын нӕ фӕнды, ӕмӕ иннӕтӕн хъуамӕ ӕнцондӕр фӕуа+, сымахӕн та – зындӕр. 14  Фӕлӕ мӕ уый зӕгъын фӕнды, ӕмӕ ныртӕккӕ уыдон хъуаг кӕм ӕййафынц, уым сӕм, бирӕ уӕм цы ис, уымӕй фӕкӕсут. Сымах хъуаг кӕм ӕййафут, уым та уӕм уыдон фӕкӕсдзысты, бирӕ сӕм цы ис, уымӕй, цӕмӕй уӕргътӕ ӕмхуызон уой+. 15  Фыст дӕр афтӕ у: «Бирӕ чи ӕрӕмбырд кодта, уымӕ ӕгӕр бирӕ нӕ уыди, ӕмӕ, гыццыл чи ӕрӕмбырд кодта, уымӕ дӕр ӕгӕр гыццыл нӕ уыд»+. 16  Мах Хуыцауӕй бузныг стӕм, Тит дӕр уыл мах хуызӕн кӕй тыхсы, уый тыххӕй+. 17  Цы йын загътам, уымӕ байхъуыста ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй фӕндыд уый саразын, ӕмӕ уӕм цӕуы йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ. 18  Фӕлӕ ма уын йемӕ ӕрвитӕм ноджыдӕр иу ӕфсымӕры – хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы цас аразы, уый тыххӕй ӕппӕт ӕмбырдты дӕр йӕ хорзы кой айхъуыст. 19  Уымӕй уӕлдай ма йӕ ӕмбырдтӕ равзӕрстой+ махӕн ӕмбӕлццонӕй, цӕмӕй, нӕ бар нын кӕй бакодтой, уыцы рӕдау лӕвар сыгъдӕджытӕм фӕхӕццӕ кӕнӕм ӕмӕ уымӕй нӕ Хицау скадджын уа+, стӕй бӕрӕг уа, иннӕтӕн баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй стӕм, уый дӕр+. 20  Афтӕмӕй нӕм фау ничи ӕрхӕсдзӕн+, сыгъдӕджытӕм кӕй хъуамӕ фӕхӕццӕ кӕнӕм, уыцы стыр ӕххуыс+ нын нӕ бар кӕй бакодтой, уый тыххӕй. 21  Уымӕн ӕмӕ мах «архайӕм ӕппӕт дӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй аразыныл, ӕмӕ ӕрмӕст Йегъовӕйы раз нӕ, фӕлӕ адӕмы раз дӕр»+. 22  Уымӕй уӕлдай ма уӕм семӕ ноджыдӕр ӕрвитӕм, бирӕ хъуыддӕгты зӕрдиагӕй чи архайдта, иу ахӕм ӕфсымӕры,– ахӕм кӕй у, уый иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федтам. Ӕмӕ ныр та ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайы, уымӕн ӕмӕ йӕ сымахӕй ис фидар ныфс. 23  Кӕд, мыййаг, Титмӕ уӕ зӕрдӕ истӕмӕй ӕхсайы, уӕд ӕй зонут: уый у ме ’мбал ӕмӕ ме ’мкусӕг+, мӕнау уый дӕр сымах тыххӕй фыдӕбон кӕны. Иннӕ ӕфсымӕрты кой куы кӕнӕм, уӕд уыдон та сты ӕмбырдты минӕвӕрттӕ* ӕмӕ Чырыстийы кад. 24  Уымӕ гӕсгӕ сын равдисут, уӕ уарзондзинад+ ӕцӕг кӕй у ӕмӕ уӕ дзӕгъӕлы кӕй не ’ппӕлыдыстӕм+. Ӕмӕ уадз уый ӕппӕт ӕмбырдтӕ дӕр феной.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «ӕрвыстытӕ». Комк. «апостолтӕ».