2 Паддзӕхты 1:1—18

1  Ахавы мӕлӕты+ фӕстӕ моавӕгтӕ+ Израилы ныхмӕ рацыдысты+.  Иухатт Охози рахауд+, Самарийы йӕ уӕллаг уаты+ цары цы рудзынг уыд, уырдыгӕй ӕмӕ йӕхи ныппырх кодта. Ӕмӕ йӕ адӕмы арвыста ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ Екроны+ хуыцау Ваал-Зевувы+ бафӕрсут+, мӕ къахыл ма слӕудзынӕн ӕви нӕ»+.  Уӕд Йегъовӕйы зӕд+ фесвӕйаг+ Илийайӕн загъта: «Сыст, Самарийы паддзахы ӕрвыст лӕгты размӕ ацу ӕмӕ сын зӕгъ: „Екроны хуыцау Ваал-Зевувы фӕрсынмӕ куы цӕут, уӕд Израилы Хуыцау нал ис?+  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Цы хуыссӕныл хуыссыс, уымӕй нал сыстдзынӕ, амӕлдзынӕ“»+. Илийа уыцы ныхӕстӕ загъта ӕмӕ ацыд.  Ӕмӕ ӕрвыст лӕгтӕ фӕстӕмӕ паддзахмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд сӕ бафарста: «Цӕмӕн ӕрбаздӕхтыстут?»  Уыдон ын дзуапп радтой: «Иу адӕймаг ныл фембӕлд ӕмӕ нын загъта: „Аздӕхут фӕстӕмӕ паддзахмӕ, чи уӕ рарвыста, уымӕ, ӕмӕ йын зӕгъут: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ+: „Дӕ адӕмы Екроны хуыцау Ваал-Зевувы фӕрсынмӕ куы арвыстай, уӕд Израилы Хуыцау нал ис? Уый тыххӕй, цы хуыссӕныл хуыссыс, уымӕй нал сыстдзынӕ, амӕлдзынӕ“»+.  Уӕд сӕ паддзах бафарста: «Чи уыл фембӕлд ӕмӕ уын уыцы ныхӕстӕ чи загъта, уыцы адӕймаг цыхуызӕн уыди?»  Уыдон ын загътой: «Йӕ уӕлӕ уыди цармӕй дарӕс+, йӕ астӕуыл та баст уыд сӕрак рон»+. «Уый фесвӕйаг Илийа уыд»,– уайтагъд загъта паддзах.  Ӕмӕ йӕм фӕндзай ӕфсӕддоны хистӕры йӕ фӕндзай ӕфсӕддонимӕ арвыста+. Уыцы рӕстӕг Илийа хохы сӕр бадт, ӕмӕ йӕм уырдӕм ссыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕцӕг Хуыцауы+ адӕймаг, паддзах афтӕ зӕгъы: „Дӕлӕмӕ ӕрцу!“» 10  Уӕд Илийа фӕндзай ӕфсӕддоны хистӕрӕн загъта: «Кӕд ӕз Хуыцауы адӕймаг дӕн, уӕд уӕларвӕй арт ӕрцӕуӕд+ ӕмӕ дӕу дӕр ӕмӕ дӕ фӕндзай ӕфсӕддоны дӕр аныхъуырӕд». Ӕмӕ уӕларвӕй арт ӕрцыд ӕмӕ уыцы хистӕры ӕмӕ йын йӕ фӕндзай ӕфсӕддоны дӕр аныхъуырдта+. 11  Уӕд ӕм паддзах арвыста ӕндӕр ӕфсӕддон хистӕры фӕндзай ӕфсӕддонимӕ+. Ӕмӕ та уый дӕр Илийайӕн загъта: «Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг, паддзах афтӕ зӕгъы: „Рӕвдздӕр дӕлӕмӕ ӕрцу!“»+ 12  Фӕлӕ та Илийа уыдонӕн дӕр загъта: «Кӕд ӕз ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг дӕн, уӕд уӕларвӕй арт ӕрцӕуӕд ӕмӕ дӕу дӕр ӕмӕ дӕ фӕндзай ӕфсӕддоны дӕр аныхъуырӕд». Ӕмӕ уӕларвӕй Хуыцауӕй арт ӕрцыд ӕмӕ уыцы хистӕры ӕмӕ йын йӕ фӕндзай ӕфсӕддоны дӕр аныхъуырдта. 13  Паддзах та йӕм арвыста ӕртыккаг ӕфсӕддон хистӕры дӕр фӕндзай ӕфсӕддонимӕ+. Уый Илийамӕ ссыд, йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд+ ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта+: «Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг, курӕг дӕ дӕн, мӕнӕн+ дӕр ӕмӕ ацы фӕндзай лӕгӕн дӕр, дӕ цагъартӕн, батӕригъӕд кӕн ӕмӕ нӕ ма фесаф+. 14  Мӕ размӕ дӕм цы дыууӕ ӕфсӕддон хистӕры ӕрбацыд ӕмӕ сӕ алкӕимӕдӕр цы фӕндзай ӕфсӕддоны уыд, уыдоныл уӕларвӕй арт ӕрцыд ӕмӕ сӕ аныхъуырдта+, фӕлӕ мӕнӕн батӕригъӕд кӕн, ма мӕ фесаф». 15  Уӕд Йегъовӕйы зӕд Илийайӕн загъта: «Ацу ацы адӕймагимӕ. Ма дзы тӕрс»+. Ӕмӕ уый дӕр сыстад ӕмӕ йемӕ паддзахмӕ ацыд. 16  Ӕмӕ паддзахӕн загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Цыма Израилы, кӕй бафӕрсай, ахӕм Хуыцау нӕй, уыйау дӕ адӕмы Екроны+ хуыцау Ваал-Зевувы фӕрсынмӕ арвыстай+, ӕмӕ уый тыххӕй, цы хуыссӕныл хуыссыс, уымӕй нал сыстдзынӕ, амӕлдзынӕ“». 17  Ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ паддзах амард+, Йегъовӕ Илийайы уылты куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. Ӕмӕ йын фырт кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси Иорам*+. Уый паддзах сси, Иосафаты фырт Иорам+ Иудӕйы дыккаг аз куы уыд паддзах, уӕд. 18  Охозийы+ иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та фыст ис Израилы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+.

Фиппаинӕгтӕ

Ома Охозийы ӕфсымӕр.