2 Паддзӕхты 17:1—41

17  Илӕйы фырт Оси+ Самарийы+ Израилӕн паддзах сси, Ахаз Иудӕйы дыууадӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд ӕмӕ паддзах уыд фараст азы.  Оси арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый, фӕлӕ уӕддӕр, Израилы йӕ размӕ цы паддзӕхтӕ уыд, уыдоны хуызӕн нӕ уыд+.  Ассирийы+ паддзах Салманассар+ Осийы ныхмӕ рацыд, ӕмӕ Оси йӕ дӕлбар баци ӕмӕ йын хъалон фыста+.  Фӕлӕ Ассирийы паддзах базыдта, Оси йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд кӕй скодта+ – Египеты+ паддзах Сомӕ минӕвӕрттӕ арвыста ӕмӕ Ассирийы паддзахӕн хъалон нал фыста, уымӕй размӕ азты йын куыд фыста, афтӕ. Гъемӕ йӕ Ассирийы паддзах ахӕстоны бакодта ӕмӕ йӕ уым бастӕй дардта+.  Ассирийы паддзах ӕнӕхъӕн бӕстӕйы ныхмӕ рацыд, Самарийыл ӕртыхст, ӕмӕ йе ’фсад горӕты алыварс ӕртӕ азы лӕууыдысты+.  Оси фарӕстӕм аз куы уыд паддзах, уӕд Ассирийы паддзах Самари+ бацахста ӕмӕ израилӕгты Ассиримӕ уацары акодта+. Ӕмӕ сӕ ӕрцӕрын кодта Халахы+ ӕмӕ Хаворы, Гозаны цӕугӕдоны раз+, стӕй мидиӕгты горӕтты+.  Ахӕм хабар уый тыххӕй ӕрцыд, ӕмӕ Израилы фырттӕ сӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз, Египеты зӕххӕй сӕ чи ракодта ӕмӕ сӕ Египеты паддзах фараоны къухӕй чи фервӕзын кодта+, уыцы Хуыцауы раз, тӕригъӕд ракодтой+, ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын райдыдтой+.  Ӕмӕ цардысты, Йегъовӕ Израилы фырттӕн сӕ разӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты закъӕттӕм гӕсгӕ+ ӕмӕ, Израилы паддзӕхтӕ сӕхӕдӕг кӕй ӕрхъуыды кодтой, уыцы закъӕттӕм гӕсгӕ.  Израилы фырттӕ бафтыдысты, сӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы хъуыддӕгтӕ уыдысты, уыдоныл+ ӕмӕ сӕхицӕн алы горӕты – хъахъхъӕнӕн мӕсгуытӕй+ суанг фидаргонд горӕтты онг – кувӕн бынӕттӕ скодтой+. 10  Алы къуыбырыл+ ӕмӕ алы пӕлӕхсар бӕласы бын+ сӕхицӕн кувӕн дуртӕ+ ӕмӕ кувӕн цӕджындзтӕ+ ӕвӕрдтой. 11  Йегъовӕ уыдоны тыххӕй уыцы зӕххӕй кӕй сыстын кодта, уыцы адӕмтау+ алы кувӕн бынаты нывӕндты фӕздӕг уагътой ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кодтой ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы ӕфхӕрдтой+. 12  Йегъовӕ сын афтӕ кӕмӕй загъта, ма сын кувут+, зӕгъгӕ, уыцы фаджыс-хуыцӕуттӕн+ куывтой. 13  Йегъовӕ Израилы+ ӕмӕ Иудӕйы+ адӕмы йӕ пехуымпарты+ уылты ӕмӕ, цӕстылуайӕнтӕ чи уыдта+, уыдоны уылты фӕдзӕхста+: «Уе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзут+ ӕмӕ уын уӕ фыдӕлтӕн кӕй бафӕдзӕхстон+ ӕмӕ уын мӕ пехуымпарты уылты кӕй радтон+, уыцы закъоны+ цыдӕриддӕр фӕдзӕхстытӕ+ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ+ ис, уыдон ӕххӕст кӕнут». 14  Фӕлӕ йӕм уыдон нӕ хъуыстой – сӕ фыдӕлтау, сӕ Хуыцау Йегъовӕйыл чи не ’ууӕндыд+, уыдонау, сӕхи фӕнд кодтой*+. 15  Цы уагӕвӕрдтӕ сын радта ӕмӕ сӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй цӕмӕй фӕдзӕхста+, уый ницӕмӕ дардтой, сӕ фыдӕлтимӕ сын цы бадзырд скодта, ууыл сӕ къух систой+, ӕмӕ сӕ алыварс цӕрӕг адӕмтау, Йегъовӕ сын афтӕ кӕмӕй загъта, ма сӕ бафӕзмут+, зӕгъгӕ, уыдонау ницӕйаг хуыцӕутты фӕдыл цыдысты+ ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр ницӕйаг систы+. 16  Сӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр ныууагътой+ ӕмӕ сӕхицӕн скодтой ӕфсӕйнаг хуыцӕуттӕ+, дыууӕ роды+, стӕй ма кувӕн цӕджындз+ дӕр. Арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕтты* раз сӕ зонгуытыл лӕууыдысты+ ӕмӕ Ваалӕн куывтой+. 17  Сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты арты сыгътой*+, дӕсны фарстой+, нысӕнттӕ хӕлдтой+, ӕмӕ, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уыдӕттыл бафтыдысты+ ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕфхӕрдтой+. 18  Уый тыххӕй Израилмӕ Йегъовӕйы маст ссыгъд+, ӕмӕ сӕ йӕ разӕй фесӕфта+. Иудӕйы мыггаг йеддӕмӕ дзы никӕйуал ныууагъта+. 19  Фӕлӕ Иудӕйы адӕм дӕр не ’ххӕст кодтой сӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ+ – израилӕгтӕ сӕхӕдӕг цы закъӕттӕ ӕрхъуыды кодтой, уыдонмӕ гӕсгӕ цардысты+. 20  Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр Израилы байзӕддӕгтыл+ се ’ппӕтыл дӕр йӕ къух систа. Ӕфхӕрдта сӕ ӕмӕ-иу сӕ абырджыты къухмӕ радта, цалынмӕ сӕ йӕ разӕй бынтондӕр нӕ фесӕфта, уӕдмӕ+. 21  Израилы адӕмы Давиды хӕдзарвӕндагӕй фӕхицӕн кодта, ӕмӕ уыдон сӕхицӕн паддзахӕй сӕвӕрдтой Наваты фырт Йеровоамы+. Ӕмӕ сын Йеровоам Йегъовӕйы ныууадзын кодта ӕмӕ сӕ стыр тӕригъӕды бафтыдта+. 22  Йеровоам цыдӕриддӕр тӕригъӕдтӕ арӕзта, уыдон Израилы фырттӕ дӕр арӕзтой+. Нӕ сӕ ныууагътой, 23  цалынмӕ сӕ Йегъовӕ, йе ’ппӕт пехуымпарты уылты куыд дзырдта+, афтӕ йӕ разӕй нӕ фесӕфта, уӕдмӕ+. Гъемӕ израилӕгты сӕ зӕххӕй сыстын кодтой ӕмӕ сӕ Ассиримӕ уацары акодтой, ӕмӕ абоны онг дӕр уым сты+. 24  Уый фӕстӕ Ассирийы паддзах Вавилонӕй+, Кутӕй, Аввӕйӕ+, Хаматӕй+ ӕмӕ Сепарваимӕй+ адӕмы ӕркодта ӕмӕ сӕ Самарийы+ горӕтты Израилы фыртты бӕсты ӕрцӕрын кодта. Ӕмӕ уыдон Самари сӕхи бакодтой ӕмӕ йӕ горӕтты цӕрын райдыдтой. 25  Фӕлӕ уым куы ’рцардысты, уӕд Йегъовӕйӕ нӕ тарстысты+. Ӕмӕ сӕм Йегъовӕ домбӕйттӕ ’рвыста+, ӕмӕ сӕ уыдон цагътой. 26  Уӕд Ассирийы паддзахӕн фӕхабар кодтой: «Сӕ зӕххӕй цы адӕмты сыстын кодтай ӕмӕ Самарийы горӕтты кӕй ӕрцӕрын кодтай, уыдон нӕ зонынц, уыцы бӕстӕйы Хуыцауӕн куыд кувын хъӕуы, уый. Ӕмӕ сӕм уыцы Хуыцау домбӕйттӕ ’рвиты+, ӕмӕ сӕ цӕгъдынц, уымӕн ӕмӕ сӕ иу дӕр нӕ зоны, уыцы бӕстӕйы Хуыцауӕн куыд кувын хъӕуы, уый». 27  Уӕд Ассирийы паддзах бардзырд радта: «Уыцы зӕххӕй кӕй сыстын кодтат, уыцы сауджынтӕй+ иуы фӕстӕмӕ уырдӕм арвитут, цӕмӕй уым цӕра ӕмӕ сын амона, уыцы бӕстӕйы Хуыцауӕн кувын куыд хъӕуы, уый». 28  Ӕмӕ, Самарийӕ уацары кӕй акодтой, иу ахӕм сауджын ӕрцыд, Вефилы ӕрцард+ ӕмӕ сын амыдта, Йегъовӕйӕн табу кӕнын куыд хъӕуы, уый+. 29  Фӕлӕ уыцы адӕмтӕ сӕхицӕн хуыцӕуттӕ скодтой+ ӕмӕ сӕ сӕвӕрдтой, самариӕгтӕ кӕй сарӕзтой, уыцы кувӕндӕтты – алы адӕм дӕр сӕ хуыцӕутты сӕвӕрдтой, кӕм цардысты, уыцы горӕтты. 30  Вавилонӕй чи ӕрцыд, уыдон сӕхицӕн сарӕзтой Сокхоф-Бенофы, Кутӕй+ чи ӕрцыд, уыдон – Нергалы, Хаматӕй чи ӕрцыд, уыдон – Ашимӕйы. 31  Аввӕйӕгтӕ+ сарӕзтой Нивхазы ӕмӕ Тартакы. Сепарваимӕгтӕ+ та сӕ фыртты нывондӕн хастой ӕмӕ сӕ арты сыгътой+ Сепарваимы хуыцӕуттӕн – Адрамелехӕн ӕмӕ Анамелехӕн. 32  Фӕлӕ уыцы иу рӕстӕг Йегъовӕйӕ дӕр тарстысты ӕмӕ кувӕн бынӕтты сӕхи адӕмӕй сауджынтӕ дӕр ӕвӕрдтой+, ӕмӕ сын уыдон кувӕндӕтты лӕггад кодтой. 33  Йегъовӕйӕ тарстысты+, фӕлӕ кувгӕ та кодтой сӕхи хуыцӕуттӕн+, цы адӕмты ’хсӕнӕй сӕ сыстын кодтой, уыцы адӕмтӕ куыд кодтой, афтӕ+. 34  Уыдон абоны онг дӕр кувынц, раздӕр куыд куывтой, афтӕ+. Иу дӕр сӕ Йегъовӕйӕ нӕ тарст+ ӕмӕ не ’ххӕст кодта, Йегъовӕ Иаковы фырттӕн+, фӕстӕдӕр Израил кӕй схуыдта+, уый фырттӕн, цы уагӕвӕрдтӕ, тӕрхӕттӕ+, закъӕттӕ+ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ+ радта, уыдон. 35  Йегъовӕ сын уыцы закъӕттӕ радта, семӕ бадзырд куы скодта+, уӕд ӕмӕ сын загъта: «Ӕндӕр хуыцӕуттӕн ма табу кӕнут+, ма сын кувут ӕмӕ сын ма лӕггад кӕнут, нывӕндтӕ дӕр сын ма хӕссут+. 36  Фӕлӕ тӕрсут Йегъовӕйӕ+, Египеты зӕххӕй уӕ йе стыр хъаруйӕ ӕмӕ йӕ тыхджын цонгӕй чи ракодта+, уыцы Хуыцауӕй, уымӕн кувут+ ӕмӕ уымӕн хӕссут нывӕндтӕ+. 37  Цы уагӕвӕрдтӕ+, цы тӕрхӕттӕ+, цы закъон ӕмӕ уын цы фӕдзӕхстытӕ ныффыста+, уыдон алкӕддӕр ӕххӕст кӕнут+ ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн ма кувут. 38  Ӕз уемӕ цы бадзырд скодтон, уый ма рох кӕнут+ ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн ма кувут+. 39  Уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ+ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ уӕ уе знӕгтӕй се ’ппӕтӕй дӕр уый фервӕзын кӕндзӕн»+. 40  Фӕлӕ уыдон йӕ коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ, раздӕр куыд куывтой, дарддӕр афтӕ куывтой+. 41  Уыцы адӕмтӕ Йегъовӕйӕ тарстысты+, фӕлӕ кувгӕ та кодтой сӕ къухӕйконд хуыцӕуттӕн. Ӕмӕ сӕ цот ӕмӕ сӕ цоты цот абоны онг дӕр кӕнынц, сӕ фыдӕлтӕ куыд кодтой, афтӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «сӕ бӕрзӕйтӕ ныхъхъӕбӕр кодтой».
Комк. «ӕнӕхъӕн уӕларвон ӕфсады».
Комк. «артыл хизын кодтой».