2 Паддзӕхты 21:1—26

21  Манасси+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууадӕс азы ӕмӕ фӕндзай фондз азы уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Хефцибӕ.  Манасси арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+ – Йегъовӕ Израилы фырттӕн сӕ разӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты ӕлгъаг митӕ бафӕзмыдта+.  Йӕ фыд Езеки цы кувӕн бынӕттӕ ныппырх кодта, уыдон ногӕй сарӕзта+ ӕмӕ Израилы паддзах Ахавау Ваалӕн нывондхӕссӕнтӕ сӕвӕрдта+ ӕмӕ кувӕн цӕджындз скодта. Манасси табу кодта ӕмӕ куывта+, арвыл цыдӕриддӕр ис+, уыдӕттӕн*+.  Ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзары+, Йегъовӕ афтӕ кӕмӕй загъта, мӕ ном уыдзӕн Иерусалимы+, зӕгъгӕ, уыцы хӕдзары дӕр скодта нывондхӕссӕнтӕ.  Арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕн нывондхӕссӕнтӕ скодта+ Йегъовӕйы хӕдзарӕн йӕ дыууӕ кӕрты дӕр+.  Йӕ фырты арты басыгъта*+, кӕлӕнтӕ кодта+, нысӕнттӕ хӕлдта, стӕй сӕвӕрдта, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, ахӕм адӕймӕгты+ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты+. Манасси Йегъовӕйы цӕсты бирӕ ӕвзӕрдзинад арӕзта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕфхӕрдта.  Манасси ма скодта кувӕн цӕджындзы гуымиры+ дӕр ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта Йегъовӕйы хӕдзары+. Уыцы хӕдзары тыххӕй Хуыцау Давидӕн ӕмӕ йӕ фырт Соломонӕн афтӕ загъта: «Ацы хӕдзары ӕмӕ Иерусалимы, Израилы ӕппӕт мыггӕгты горӕттӕй кӕй равзӕрстон, уыцы горӕты, уыдзӕн мӕ ном ӕнустӕм+.  Ӕмӕ израилӕгты хауӕггаг нал фӕкӕндзынӕн, сӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххӕй+, ӕрмӕст хъуамӕ архайой, цыдӕриддӕр сын бафӕдзӕхстон, уый ӕххӕст кӕныныл+ – мӕ лӕггадгӕнӕг Моисей сын кӕй радта, уыцы закъон ӕнӕхъӕнӕй».  Фӕлӕ йӕм уыдон нӕ хъуыстой+. Манасси сӕ рӕдийын кодта+, ӕмӕ, Йегъовӕ Израилы фырттӕн сӕ разӕй кӕй фесӕфта, уыцы адӕмтӕй фыддӕр фесты+. 10  Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты уылты, йӕ пехуымпарты уылты+, дзырдта: 11  «Иудӕйы паддзах Манасси+ уыцы ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ кодта+. Йӕ размӕ чи уыд, уыцы аморейтӕй се ’ппӕтӕй фыддӕр фӕци+, ӕмӕ йӕ фаджыс-хуыцӕуттӕй Иудӕйы адӕмы дӕр тӕригъӕды бафтыдта+. 12  Ӕмӕ уый тыххӕй Израилы Хуыцау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕз Иерусалим+ ӕмӕ Иудӕ ахӕм бӕллӕхы хай бакӕндзынӕн, ӕмӕ уый тыххӕй чи фехъуса, уый арвы цӕфау фӕуыдзӕн*+. 13  Иерусалимыл айваздзынӕн, Самари+ цы барӕн бӕндӕнӕй сбарстон+, уый ӕмӕ йӕ абардзынӕн, Ахавы хӕдзар кӕмӕй абарстон, уыцы барӕн хъилӕй*+. Ӕмӕ Иерусалим ныссӕрфдзынӕн+, къус куыд ныссӕрфынц ӕмӕ йӕ куыд ӕрфӕлдахынц, афтӕ+. 14  Ме ’взӕрст адӕмӕй+ ма чи баззайа, уыдоны ныууадздзынӕн+ ӕмӕ сӕ се знӕгты къухмӕ ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ се знӕгтӕ уацары акӕндзысты ӕмӕ сын сӕ исбон фӕхӕсдзысты+, 15  мӕ цӕсты ӕвзӕр цы у, уый кӕй арӕзтой ӕмӕ, сӕ фыдӕлтӕ Египетӕй цы бон рацыдысты, уӕдӕй абоны онг мӕ кӕй ӕфхӕрынц, уый тыххӕй“»+. 16  Манасси Иудӕйы адӕмы тӕригъӕды бафтыдта, ӕмӕ уыдон арӕзтой, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай Манасси уыйбӕрц ӕнаххос туг ныккалдта+, ӕмӕ дзы Иерусалим иу кӕронӕй иннӕмӕ байдзаг уыдаид. 17  Манассийы иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та – цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй ӕмӕ цы тӕригъӕд ракодта, уый тыххӕй – фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 18  Ӕппынфӕстаг Манасси йӕ фыдӕлтӕм баиу+, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Уззӕйы дыргъдоны+, йӕ хӕдзары раз. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амон. 19  Амон+ паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууын дыууӕ азы ӕмӕ дыууӕ азы+ уыд паддзах Иерусалимы. Йӕ мад хуынди Мешуллемеф, уыди Харуцы чызг ӕмӕ уыд Йатбӕйӕ. 20  Амон дӕр йӕ фыд Манассийау арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый+. 21  Йӕ фыд цы фӕндӕгтыл цыд, уыцы фӕндӕгтыл цыд уый дӕр+. Йӕ фыд цы фаджыс-хуыцӕуттӕн куывта, уый дӕр уыдонӕн куывта ӕмӕ сӕ разы йӕ зонгуытыл лӕууыд+. 22  Афтӕ Амон йӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕйы ныууагъта+ ӕмӕ Йегъовӕйы фӕндагыл нӕ цыд+. 23  Ӕппынфӕстаг паддзах Амоны ныхмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ сусӕгвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзары амардтой+. 24  Фӕлӕ сӕ бӕстӕйы адӕм, паддзах Амоны ныхмӕ сусӕгвӕнд чи скодта, уыдоны се ’ппӕты дӕр амардтой+ ӕмӕ йын йӕ бӕсты паддзахӕй сӕвӕрдтой йӕ фырт Иосийы+. 25  Амоны иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй та, цы сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй, фыст ис Иудӕйы паддзӕхты царды хабӕртты чиныджы+. 26  Амоны бавӕрдтой йӕ ингӕны Уззӕйы дыргъдоны+. Ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иоси+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ӕнӕхъӕн уӕларвон ӕфсадӕн».
Комк. «артыл ахизын кодта».
Комк. «уымӕн йӕ дыууӕ хъусы дӕр ныззӕлланг кӕндзӕн».
Аразӕджы дзаума, цӕхгӕрмӕ дзы барстой, зӕгъӕм, къултӕ раст амад цӕуынц ӕви нӕ; уырыс. «уровень».