2 Паддзӕхты 9:1—37
9 Пехуымпар Елисей пехуымпарты фырттӕй+ иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Дӕхи арӕвдз кӕн*+, сойы дурын демӕ айс+ ӕмӕ Рамоф-Галаадмӕ ацу+.
2 Уырдӕм куы ’рхӕццӕ уай, уӕд-иу ссар Ииуйы+, Намессийӕн йӕ фырт Иосафаты фырты. Йе ’фсымӕрты ’хсӕнӕй-иу ӕй ракӕн ӕмӕ-иу ӕй бакӕн мидӕггаг уатмӕ+.
3 Стӕй-иу сойы дурын райс, йӕ сӕрыл ын-иу сой рауадз+ ӕмӕ-иу зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз дӕ сойӕ сӕрдын+, цӕмӕй Израилӕн паддзах+ уай“. Уый фӕстӕ-иу дуар фегом кӕн ӕмӕ лидзгӕ кӕн, ма-иу ӕнхъӕлмӕ кӕс».
4 Ӕмӕ уыцы лӕггадгӕнӕг, пехуымпары лӕггадгӕнӕг, Рамоф-Галаадмӕ араст.
5 Уырдӕм куы ’рхӕццӕ, уӕд кӕсы, ӕмӕ ӕфсады хистӕртӕ бадынц. Ӕмӕ загъта: «Хицау, цыдӕр дын хъуамӕ зӕгъон»+. Уӕд ӕй Ииуй бафарста: «Кӕмӕн?» «Дӕуӕн, хицау»,– дзуапп ын радта уый.
6 Уӕд Ииуй сыстад ӕмӕ хӕдзармӕ бацыд. Ӕмӕ йын уым пехуымпары лӕггадгӕнӕг йӕ сӕрыл сой рауагъта ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз дӕ сойӕ сӕрдын+, цӕмӕй Йегъовӕйы адӕмӕн+, Израилӕн, паддзах уай.
7 Дӕ хицау Ахавы хӕдзарвӕндаг фесаф, цӕмӕй мӕ пехуымпарты туг ӕмӕ, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй Йезавелы къухӕй чидӕриддӕр фӕмард+, уыдоны туг райсон+.
8 Ахавы хӕдзарвӕндаг иууылдӕр хъуамӕ фесӕфа. Ӕз Ахавы хӕдзары+ нӕлгоймаджы мыггагӕй иу дӕр нал ныууадздзынӕн, фесафдзынӕн се ’ппӕты дӕр+, Израилы ӕппӕты ницӕйагдӕр чи у+, уый дӕр.
9 Наваты фырт Йеровоамы хӕдзарвӕндагӕн+ ӕмӕ Ахийы фырт Ваасӕйы хӕдзарвӕндагӕн+ куыд бакодтон, афтӕ бакӕндзынӕн Ахавы хӕдзарвӕндагӕн дӕр.
10 Йезавелы та Изреелы зӕххыл куыйтӕ бахӕрдзысты+, ӕмӕ йӕ ныгӕнгӕ дӕр ничи бакӕндзӕн“». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ лӕггадгӕнӕг дуар фегом кодта ӕмӕ алыгъд+.
11 Ииуй йӕ хицауы лӕггадгӕнджытӕм куы рацыд, уӕд ӕй уыдон бафарстой: «Исты хабар у, мыййаг?+ Уыцы ӕрра+ дӕм цӕмӕн ӕрбацыд?» Ииуй сын загъта: «Гъеныр цыма уыцы лӕджы уӕхӕдӕг нӕ зонут? Ахӕмӕй мын цы хъуамӕ загътаид?»
12 Фӕлӕ йын уыдон загътой: «Сайыс! Зӕгъ нын, дӕ хорзӕхӕй, цы дын загъта». Ӕмӕ сын уӕд Ииуй загъта: «Афтӕ ӕмӕ мын афтӕ загъта. Йегъовӕ, дам, афтӕ зӕгъы: „Ӕз дӕ сойӕ сӕрдын, цӕмӕй Израилӕн паддзах уай“»+.
13 Уӕд сӕ алчидӕр йӕ уӕлӕдарӕс фелвӕста+ ӕмӕ йын сӕ йӕ разы асинтыл айтыдтой, стӕй сыкъайӕ ныууасыдысты+ ӕмӕ ныхъхъӕр кодтой: «Ииуй паддзах сси!»+
14 Уый фӕстӕ Ииуй+, Намессийӕн йӕ фырт Иосафаты фырт+, Иорамы ныхмӕ сусӕгвӕнд скодта+.
Уый размӕ Иорам ӕнӕхъӕн Израилимӕ Рамоф-Галаад+ Сирийы паддзах Азаилӕй+ хъахъхъӕдта.
15 Фӕлӕ стӕй паддзах Иорам+ Изреелмӕ+ ӕрыздӕхт, цӕмӕй йӕ цӕфтӕ сдзӕбӕх кодтаид, уымӕн ӕмӕ Сирийы паддзах Азаилимӕ куы хӕцыд, уӕд сириӕгты къухӕй фӕцӕф+.
Ӕмӕ Ииуй загъта: «Кӕд разы стут+, уӕд горӕтӕй алидзын макӕй бауадзут, цӕмӕй Изреелмӕ ма фӕхабар кӕной».
16 Ииуй бӕхуӕрдоныл сбадт ӕмӕ Изреелмӕ ацыд. Уым Иорам цӕфӕй хуыссыди, ӕмӕ йӕм Иудӕйы паддзах Охози+ дӕр уырдӕм рынчынфӕрсӕг ӕрцыд.
17 Изреелы+ мӕсыгыл+ та лӕууыд хъахъхъӕнӕг+ ӕмӕ, Ииуйы дуне адӕмимӕ ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Дуне адӕм ӕрбацӕуы». Уӕд Иорам загъта: «Сӕ размӕ сын барӕджы арвит, ӕмӕ сӕ бафӕрсӕд: „Фарнимӕ цӕут?“»+.
18 Барӕг дӕр бӕхыл йӕ размӕ ацыд ӕмӕ загъта: «Паддзах фӕрсы, фарнимӕ, дам, цӕут?» Фӕлӕ йын Ииуй загъта: «Цы дӕ хъуыддаг ис „фарнмӕ“?+ Мӕ фӕдыл рацу!»
Ӕмӕ хъахъхъӕнӕг+ паддзахӕн фӕхабар кодта: «Кӕй арвыстай, уый сӕм бахӕццӕ, фӕлӕ фӕстӕмӕ нӕ раздӕхт».
19 Паддзах та дыккаг барӕджы дӕр арвыста. Ӕмӕ сӕм барӕг куы бахӕццӕ, уӕд загъта: «Паддзах фӕрсы, фарнимӕ, дам, цӕут?» Фӕлӕ йын Ииуй загъта: «Цы дӕ хъуыддаг ис „фарнмӕ“?+ Мӕ фӕдыл рацу!»
20 Хъахъхъӕнӕг та фӕхабар кодта: «Уый дӕр сӕм бахӕццӕ, фӕлӕ фӕстӕмӕ нӕ раздӕхт. Бӕхтӕрджытӕй та сӕ иу у Намессийы фырты фырт+ Ииуйы+ хуызӕн, уыйау ӕрра скъӕрд кӕны»+.
21 Уӕд Иорам загъта: «Бӕхуӕрдон баифтындзут!»+ Гъемӕ йын йӕ хӕстон бӕхуӕрдон баифтыгътой. Ӕмӕ уӕд Израилы паддзах Иорам ӕмӕ Иудӕйы паддзах Охози+ сӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттыл сбадтысты, Ииуйы размӕ ацыдысты ӕмӕ йыл, изреелаг Навуфейы+ зӕхх кӕм уыди, уым сӕмбӕлдысты.
22 Куыддӕр Иорам Ииуйы федта, афтӕ йӕ бафарста: «Ииуй, фарнимӕ цӕуыс?» Фӕлӕ йын Ииуй дзуапп радта: «Цӕй фарны кой кӕныс+, цалынмӕ дӕ мад Йезавел+ хӕты ӕмӕ кӕлӕнтӕ кӕны, уӕдмӕ?»+
23 Иорам уайтагъд йӕ бӕхуӕрдон фӕзылдта, алидзон, зӕгъгӕ, ӕмӕ Охозимӕ фӕхъӕр кодта: «Охози, сайдӕй ныл рацыдысты!»+
24 Фӕлӕ Ииуй ӕрдын+ фелвӕста ӕмӕ фат Иорамӕн йӕ дыууӕ уӕны астӕу ныссагъта. Иорамӕн фат йӕ зӕрдӕйы ахызт, ӕмӕ паддзах йӕ бӕхуӕрдоны ӕрхауд+.
25 Уӕд Ииуй йе ’ххуысгӕнӕгӕн+, Бидекарӕн, загъта: «Сис ӕй ӕмӕ йӕ изреелаг Навуфейы зӕххыл аппар+. Хъуыды ма кӕныс, ӕз ӕмӕ ды йӕ фыд Ахавы фӕстӕ бӕхуӕрдӕттыл куы цыдыстӕм, уӕд Йегъовӕ уый тыххӕй афтӕ кӕй загъта+:
26 „Знон ӕз федтон, Навуфейы туг+ ӕмӕ йӕ фыртты+ туг куыд ныккалд, уый“,– зӕгъы Йегъовӕ. „Ӕмӕ дӕ ӕз ацы зӕххы хайыл сӕ туг райсдзынӕн“+,– зӕгъы Йегъовӕ“. Уӕдӕ йӕ сис ӕмӕ йӕ ацы зӕххыл аппар, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ»+.
27 Иудӕйы паддзах Охози+, цы ’рцыд, уый куы федта, уӕд, стыр дыргъдоны* рӕзты цы фӕндаг цыди, ууыл лидзынмӕ фӕци+. Фӕстӕдӕр Ииуй Охозийы фӕстейӕ асырдта ӕмӕ загъта: «Ай дӕр амарут!» Ӕмӕ Охози йӕ бӕхуӕрдоныл, Ивлеамы+ раз чи ис, уыцы Гурмӕ кӕнӕг фӕндагыл куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕй фӕцӕф кодтой. Охози Мегиддомӕ+ алыгъд ӕмӕ уым амард+.
28 Йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ бӕхуӕрдоны Иерусалиммӕ аластой, ӕмӕ йӕ Давиды горӕты+ йӕ ингӕны йӕ фыдӕлты фарсмӕ бавӕрдтой.
29 Охози+ Иудӕйы паддзах сси, Ахавы фырт Иорам+ иуӕндӕсӕм аз куы уыд паддзах, уӕд.
30 Ӕппынфӕстаг Ииуй бахӕццӕ Изреелмӕ+. Йезавел+ уый куы фехъуыста, уӕд йӕ цӕстытӕ сау ахорӕнӕй сахуырста+, йӕ дзыккутӕ рӕсугъд ныффаста+ ӕмӕ рудзынгӕй каст+.
31 Ӕмӕ Ииуй кулдуарыл мидӕмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕм рахъӕр кодта: «Цы баци Зимри+, йӕ хицауы чи амардта, уый?»
32 Ииуй рудзынгмӕ скаст ӕмӕ загъта: «Чи у мӕ фарс? Чи?»+ Уӕд ӕм дыууӕ-ӕртӕ фӕсдзӕуины+ ракасти.
33 Ӕмӕ сын загъта: «Уырдыгӕй йӕ раппарут!»+ Уыдон дӕр ӕй раппӕрстой, ӕмӕ йӕ туг къулыл ӕмӕ бӕхтыл ныппырх. Ииуй та йыл йӕ бӕхты батардта, ӕмӕ йыл балӕгӕрстой+.
34 Уый фӕстӕ Ииуй мидӕмӕ бацыд, ахордта, анызта ӕмӕ стӕй загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, уыцы ӕлгъысты+ афтӕ ма ныууадзут, баныгӕнут ӕй, паддзахы чызг у уӕддӕр»+.
35 Ӕмӕ йӕм куы рацыдысты, баныгӕнӕм ӕй, зӕгъгӕ, уӕд ын йӕ сӕрыкӕхц, йӕ къӕхтӕ ӕмӕ йӕ къухтӕ йеддӕмӕ ницыуал ссардтой+.
36 Ӕмӕ фӕстӕмӕ Ииуймӕ куы баздӕхтысты ӕмӕ йын хабар куы радзырдтой, уӕд Ииуй загъта: «Афтӕ сӕххӕст, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕг фесвӕйаг Илийайы уылты цы загъта, уый+: „Йезавелы мард Изреелы зӕххыл куыйтӕ бахӕрдзысты+.
37 Ӕмӕ Изреелы зӕххыл Йезавелы мард фаджысау+ уыдзӕн, ӕмӕ ничи зӕгъдзӕн, уый Йезавел у+, зӕгъгӕ“».