2 Петры 2:1—22
2 Фӕлӕ Израилы адӕмы ’хсӕн уыди мӕнг пехуымпартӕ дӕр, ӕмӕ уе ’хсӕн дӕр уыдзӕн мӕнг ахуыргӕнджытӕ+. Уыдон сусӕгӕй араздзысты зианхӕссӕг сектӕтӕ. Чи сӕ балхӕдта, уыцы хицауы дӕр ныууадздзысты+, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи сӕфты хай бакӕндзысты, ӕмӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн ӕвиппайды.
2 Бирӕтӕ сын сӕ хӕлд митӕ*+ бафӕзмдзысты+, ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй адӕм раст фӕндаг* фаудзысты+.
3 Сӕ фырзыдӕй уын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сӕхицӕн исты расайой+. Фӕлӕ сын раджы цы тӕрхон ӕрцыд хаст+, уый нӕ фӕстиат кӕны, се сӕфт ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн+.
4 Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, тӕригъӕд чи ракодта, уыцы зӕдты+ Хуыцау ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууагъта: тартармӕ* сӕ ныппӕрста+ ӕмӕ сӕ уым саудалынджы дары тӕрхоны бонмӕ+.
5 Хуыцау ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууагъта рагон дуне+ дӕр, фӕлӕ рӕстдзинад хъусынгӕнӕг+ Нойы ӕмӕ ма йемӕ авд адӕймаджы+ фервӕзын кодта. Ӕнӕхуыцау адӕмы дунейыл та доны хъаймӕт+ рауагъта.
6 Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн дӕр стӕрхон кодта ӕмӕ сӕ фӕнык фестын кодта+. Уыцы хабарӕй равдыста, фидӕны ӕнӕхуыцау адӕмыл цы ’рцӕудзӕн, уый+.
7 Фӕлӕ ӕнӕуаг адӕмы хӕлд митӕй чи сфӕлмӕцыд+, уыцы рӕстгӕнӕг Лоты фервӕзын кодта+,
8 уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстуд адӕймаг алы бон хъизӕмар кодта, се ’хсӕн цӕргӕйӕ цы фыдхъуыддӕгтӕ уыдта ӕмӕ хъуыста, уыдоны тыххӕй.
9 Уӕдӕ йӕ Йегъовӕ зоны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны куыд хъӕуы фӕлварӕнтӕй ирвӕзын кӕнын+, фыдгӕнджыты та сӕ фесафыны тыххӕй тӕрхоны бонмӕ дарын+,
10 уӕлдайдӕр та, иннӕтимӕ хӕлд митӕ чи кӕны, цӕмӕй сын сӕ буар фӕчъизи кӕной+, ӕмӕ сӕ сӕргълӕуджыты чи ницӕмӕ дары+, уыдоны.
Уыцы адӕймӕгтӕ сты къӕйных ӕмӕ хивӕнд ӕмӕ кадджынты фауынӕй нӕ тӕрсынц+.
11 Афтӕмӕй та зӕдтӕ дӕр, Йегъовӕйы ’фсӕрмӕй+, уыцы мӕнг ахуыргӕнджыты нӕ фауынц ӕмӕ сӕ не ’фхӕрынц, кӕд сӕ бирӕ хъаруджындӕр ӕмӕ тыхджындӕр сты, уӕддӕр+.
12 Адон та сты ӕнӕмбаргӕ фосы хуызӕн, уый тыххӕй чи райгуыры, цӕмӕй сӕ ӕрцахсой ӕмӕ сӕ амарой, ахӕм фосы хуызӕн, ӕмӕ фауынц+, цы не ’мбарынц, уыдӕттӕ. Цы сӕфт фӕндагыл лӕууынц, уый сӕ ӕркӕндзӕн сӕфтмӕ –
13 сӕ зианхӕссӕг хъуыддӕгты+ тыххӕй сӕхӕдӕг зиан баййафдзысты+.
Хорз сӕм кӕсы бон-сихорафон хъалцард кӕнын+. Уыдон сты, дзаумайыл чъизи фӕдтӕ ӕмӕ цӕсгомыл аиппытӕ куыд уа, афтӕ. Уымӕй хуыздӕр сӕм ницы кӕсы, ӕмӕ уемӕ минас кӕнгӕйӕ сымахӕй искӕй сӕ мӕнг ахуырӕдтӕй рӕдийын кӕной+.
14 Сӕ цӕстытӕ монцӕй судзынц*+, тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕй ӕфсис нӕ зонынц+ ӕмӕ, лӕмӕгъ чи у, уыдоны* рӕдийын кӕнынц. Сӕ зӕрдӕтӕ сахуыр сты зыд кӕныныл+. Уыдон сты ӕлгъыст цот+.
15 Раст фӕндаг ныууагътой ӕмӕ адзӕгъӕл сты. Уыдон бафӕзмыдтой Веоры фырт Валаамы+, фыдхъуыддаджы тыххӕй лӕвӕрттӕм чи бабӕллыди, уый+.
16 Фӕлӕ уый йӕ фыдракӕнды тыххӕй ӕфхӕрд баййӕфта+. Ӕгомыг хӕрӕг сдзырдта адӕймаджы ӕвзагӕй+ ӕмӕ архайдта пехуымпары ӕнӕзонд мийӕ бауромыныл+.
17 Уыдон сты ӕнӕдон суадӕттӕ+ ӕмӕ, тыхджын дымгӕ кӕй рахӕсс-бахӕсс кӕны, ахӕм мигътӕ, ӕмӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы саудалынг+.
18 Стыр ныхӕстӕ, афтид ныхӕстӕ кӕнынц. Ӕмӕ, чи рӕдийы, уыцы адӕмӕй нырма бынтон ӕрӕджы чи раирвӕзт+, уыдоны цыбӕл кӕнынц+ буары монцтӕй+ ӕмӕ хӕлд митӕй.
19 Зӕрдӕ сын ӕвӕрынц сӕрибардзинадӕй+, афтӕмӕй та сӕхӕдӕг сты ӕнӕгъдаудзинады цагъартӕ+, уымӕн ӕмӕ, адӕймаг кӕй дӕлбар у, уымӕн у йӕ цагъар+.
20 Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, кӕд, нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы тыххӕй бӕлвырдӕй базонгӕйӕ, ацы дунейы чъизи хъуыддӕгтӕй фервӕзтысты+, фӕлӕ та сӕ ногӕй кӕнын райдыдтой ӕмӕ сӕ дӕлбар баисты+, уӕд сӕ уавӕр, фыццаг цы уыди, уымӕй ноджы фыддӕр фӕци+.
21 Уыдон рӕстдзинады фӕндаг бӕлвырдӕй базыдтой, фӕлӕ сын цы сыгъдӕг фӕдзӕхстытӕ ӕрцыд лӕвӕрд, уыдон ныууагътой+. Фӕлтау уыцы фӕндаг куы нӕ базыдтаиккой+.
22 Иу ӕмбисонд куыд зӕгъы, раст сыл афтӕ ӕрцыд: «Куыдз+ йӕ омдзӕгмӕ раздӕхы, ӕмӕ ӕхсад хуы фӕстӕмӕ йӕхи цъыфы сӕвдулы»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «ӕцӕгдзинады фӕндаг».
^ «Тартар»-ы тыххӕй кӕс Уӕлӕмх. 10.
^ Кӕнӕ «дзаг сты хӕтындзинадӕй».
^ Комк. «лӕмӕгъ удты»; «уд» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.