2 Самуилы 12:1—31

12  Йегъовӕ Давидмӕ Нафаны+ барвыста. Нафан ӕм бацыд+ ӕмӕ йын загъта: «Иу горӕты цард дыууӕ лӕджы, сӕ иу уыди хъӕздыг, иннӕ та – мӕгуыр.  Хъӕздыг лӕгмӕ уыди тынг бирӕ фыстӕ ӕмӕ стурвос+.  Мӕгуыр лӕгмӕ та иу гыццыл сыл уӕрыкк йеддӕмӕ ницы уыди, ӕмӕ уый дӕр ӕлхӕнгӕ бакодта+. Лӕг зылди йӕ уӕрыкмӕ, ӕмӕ уӕрыкк хъомыл кодта йӕ разы, йӕ фырттимӕ иумӕ. Йӕ комдзагӕй йӕ хаста, йӕхи къусӕй йын дардта ӕмӕ-иу уӕрыкк хуысгӕ дӕр йӕ хъӕбысы кодта – чызджы хуызӕн ын уыди.  Иу бон хъӕздыг лӕгмӕ ӕрбацыд фӕндаггон. Фӕлӕ, уазӕгӕн йӕхи фыстӕй ӕмӕ йӕхи стурвосӕй аргӕвстаид, уый йӕ цӕст нӕ бауарзта. Гъемӕ уыцы мӕгуыр лӕджы уӕрыччы аргӕвста ӕмӕ йӕ уазӕгӕн ӕрцӕттӕ кодта»+.  Давидӕн уыцы лӕгмӕ йӕ маст рафыхт+ ӕмӕ Нафанӕн загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйӕ дын сомы кӕнын+, афтӕ чи бакодта, уыцы адӕймаг маринаг у+.  Ахӕм ӕгъатыр ми кӕй бакодта+, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уыцы уӕрыччы тыххӕй цыппар+ ахӕмӕй бафида»+.  Уӕд Нафан Давидӕн загъта: «Ды дӕ уыцы адӕймаг! Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз дӕ сойӕ байсӕрстон+, цӕмӕй Израилӕн паддзах уай, ӕмӕ дӕ Саулы къухӕй фервӕзын кодтон+.  Ӕз дын радтон дӕ хицауы хӕдзар+ ӕмӕ дӕ хицауы устыты*+, стӕй Израил ӕмӕ Иудӕйы адӕмы дӕр+. Ӕмӕ дын кӕд уый фаг нӕ уыд, уӕд дын ноджы фылдӕр радтаин+.  Цӕмӕн ахызтӕ Йегъовӕйы ныхасы сӕрты ӕмӕ йӕ разы стыр тӕригъӕд+ цӕмӕн ракодтай? Хеттаг Урийы хъамайӕ амардтай+. Йӕ усы йын дӕхи бакодтай+, йӕхи та йын Аммоны фыртты къухӕй амардтай. 10  Кӕй мӕ ницӕмӕ ӕрдардтай, ӕмӕ хеттаг Урийы усы дӕхи кӕй бакодтай, уый тыххӕй-иу дӕ байзӕддӕгтӕ карды комӕй ссардзысты сӕ мӕлӕт+, ӕмӕ афтӕ уыдзӕн ӕнустӕм“+. 11  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дӕхи хӕдзарӕй рацӕудзӕн дӕ ныхмӕ фыдбылыз+. Дӕ устыты дын дӕ тӕккӕ раз ракӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ӕндӕрӕн ратдзынӕн+, ӕмӕ уый ӕппӕт адӕмы раз семӕ ӕмуат ӕрцӕудзӕн+. 12  Ды уыцы ми бакодтай сусӕгӕй+, ӕз та йӕ сараздзынӕн ӕргомӕй+, ӕгас Израилы раз“»+. 13  Давид Нафанӕн загъта+: «Тӕригъӕд ракодтон Йегъовӕйы раз»+. Уӕд ын Нафан загъта: «Йегъовӕ дын хатыр кӕны дӕ тӕригъӕд*+. Нӕ амӕлдзынӕ+. 14  Фӕлӕ афтӕ кӕй сарӕзтай, уымӕй Йегъовӕйы ницӕмӕ ӕрдардтай+, ӕмӕ уый тыххӕй, цы фырт дын райгуырд, уый амӕлдзӕн»+. 15  Уый фӕстӕ Нафан йӕ хӕдзармӕ ацыд. Йегъовӕ ӕрцавта+, Давидӕн Урийы ус кӕй ныййардта, уыцы сывӕллоны, ӕмӕ сывӕллон ӕрбарынчын. 16  Давид лӕппуйы тыххӕй ӕцӕг Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдта, ницыуал хордта+, бацыд йӕ уатмӕ, зӕххыл ныххауд ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв афтӕмӕй арвыста+. 17  Йӕ хӕдзары хистӕр лӕгтӕ йӕм бацыдысты, цӕмӕй йӕ зӕххӕй сыстын кодтаиккой, фӕлӕ уый нӕ бакуымдта ӕмӕ семӕ къӕбӕр+ дӕр нӕ бахордта. 18  Ӕвдӕм бон сывӕллон амард. Фӕлӕ Давидӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ, сывӕллон кӕй амард, уый зӕгъын нӕ уӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ дзырдтой: «Сывӕллон ма ӕгас куы уыд, уӕд ӕм дзырдтам, ӕмӕ нӕм нӕ хъуыста. Ӕмӕ йын ныр куыд хъуамӕ зӕгъӕм, сывӕллон амард, зӕгъгӕ? Йӕхицӕн исты бакӕндзӕн». 19  Давид уый куы федта, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзиимӕ сусу-бусу кӕнынц, уӕд бамбӕрста, сывӕллон кӕй амард. Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты бафарста: «Сывӕллон амард?» «О, амард»,– дзуапп ын радтой уыдон. 20  Уӕд Давид зӕххӕй сыстад, йӕхи ныхсадта, стӕй йӕхи сойӕ байсӕрста+, йӕ дзаумӕттӕ аивта ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзармӕ ацыд+ ӕмӕ Хуыцауӕн бакуывта+. Стӕй фӕстӕмӕ хӕдзармӕ ӕрбацыд ӕмӕ загъта, хӕринаг мын рахӕссут, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йын уайтагъд йӕ разы хӕринаг ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ бахордта. 21  Йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ бафарстой: «Куыд дӕ бамбарӕм? Сывӕллон цалынмӕ ӕгас уыди, уӕдмӕ ком дардтай ӕмӕ кӕугӕ кодтай, куы амард, уӕд та сыстадтӕ ӕмӕ фынгыл ӕрбадтӕ». 22  Давид сын загъта: «Сывӕллон ма ӕгас куы уыд, уӕд ком дардтон+ ӕмӕ куыдтон+, уымӕн ӕмӕ хъуыды кодтон, чи зоны мын Йегъовӕ батӕригъӕд кӕна, ӕмӕ сывӕллон цӕра+. 23  Ныр, куы амард, уӕд та ма цӕмӕн дарон ком? Фӕстӕмӕ ма йӕ раздахдзынӕн?+ Ӕз ӕм ацӕудзынӕн ингӕнмӕ+, фӕлӕ мӕм уый нӕ раздӕхдзӕн»+. 24  Давид йӕ ус Вирсавийы ӕрсабыр кодта+. Стӕй йӕм бацыд ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд. Вирсави ныййардта фырт+, ӕмӕ йӕ схуыдтой Соломон*+. Йегъовӕ йӕ уарзта+. 25  Ӕмӕ пехуымпар Нафаны+ арвыста, ӕмӕ сывӕллоны схуыдта Йедидиа*, уымӕн ӕмӕ йӕ Йегъовӕ уарзта. 26  Уӕдмӕ Иоав+ та хӕцыд Аммоны фыртты горӕт Раввӕйы+ ныхмӕ ӕмӕ сын сӕ паддзахады сӕйраг горӕт бацахста. 27  Ӕмӕ Иоав Давидмӕ адӕмы арвыста, цӕмӕй йын загътаиккой: «Раввӕйы+ ныхмӕ хӕцыдтӕн ӕмӕ доны горӕт* бацахстон. 28  Уӕдӕ ныр иннӕ адӕмы ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ горӕты ныхмӕ схӕц, ӕмӕ йӕ ды бацахс, цӕмӕй йӕ ӕз ма бацахсон ӕмӕ йӕ мӕ номӕй ма схоной». 29  Давид адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта, ацыд Раввӕмӕ, йӕ ныхмӕ схӕцыд ӕмӕ йӕ бацахста. 30  Ӕмӕ Давид Малхамӕн* йӕ сӕрӕй йӕ кадыхуд+ систа. Уыцы кадыхуд уыд зынаргъ дуртӕй фӕлыст, уыди дзы иу талант* сызгъӕрин. Ӕмӕ йӕ Давиды сӕрыл ӕркодтой. Давид горӕтӕй рахаста тынг бирӕ фӕллӕйттӕ+. 31  Горӕты цӕрджыты та ракодта ӕмӕ сӕ бафтыдта дур фадыныл, стӕй цыргъ ӕфсӕйнаг мигӕнӕнтӕй+ ӕмӕ ӕфсӕйнаг фӕрӕттӕй кусыныл ӕмӕ самандуртӕ аразыныл. Афтӕ бакодта Аммоны фыртты ӕппӕт горӕттӕн дӕр. Уый фӕстӕ Давид ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр Иерусалиммӕ ӕрыздӕхтысты.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ӕмӕ дын дӕ хицауы устыты радтон дӕ риумӕ».
Кӕнӕ «дӕ тӕригъӕды рӕзты ацыд».
Ацы ном цы дзырдӕй равзӕрд, уый нысан кӕны «фарн».
Нысан кӕны «Йагъ кӕй уарзы, уый».
Ӕвӕц., дзырд цӕуы, горӕтмӕ дон кӕцӕй цыд, уыцы бынӕттыл.
Ӕвӕц., уый уыди аммонӕгты хуыцау, хуыдтой ма йӕ Молох кӕнӕ Милхом дӕр.
34,2 кг бӕрц.