2 Самуилы 13:1—39
13 Уый фӕстӕ Давиды фырт Амнон+ бауарзта+ Фамары+, Давиды фырт Авессаломы+ рӕсугъд хойы.
2 Амнон фыруарзтӕй ӕнцой нал зыдта, ӕмӕ фӕрынчын+. Йӕ хо Фамар ӕнӕвнӕлд чызг уыд, ӕмӕ Амнон, йӕ фӕндон куыд сӕххӕст кӕна, уый нӕ зыдта+.
3 Амнонӕн уыд ӕмбал, Ионадав*+, зӕгъгӕ, Давиды ӕфсымӕр Шимӕйы+ фырт. Ионадав тынг хин адӕймаг уыди.
4 Ӕмӕ Амноны бафарста: «Паддзахы фырт, алы райсом афтӕ ӕнкъард цӕмӕн вӕййыс? Нӕ мын ӕй зӕгъдзынӕ?»+ Амнон ын загъта: «Ме ’фсымӕр Авессаломӕн йӕ хо+ Фамары уарзын»+.
5 Уӕд ын Ионадав загъта: «Дӕ хуыссӕны схуысс ӕмӕ дӕхи рынчын ӕфсон скӕн+. Ӕмӕ дӕм дӕ фыд рынчынфӕрсӕг куы ’рбацӕуа, уӕд-иу ын зӕгъ: „Мӕ хо Фамар мӕм ӕрбацӕуӕд ӕмӕ мын, рынчын кӕй дӕн, уый тыххӕй хӕринаг раттӕд. Мӕ разы мын скӕнӕд хӕринаг, куыд ӕй уынон, афтӕ, ӕмӕ уый къухӕй бахӕрдзынӕн“»+.
6 Амнон дӕр схуыссыд ӕмӕ йӕхи рынчын ӕфсон скодта+. Паддзах ӕм куы ’рбацыд, уӕд ын загъта: «Курын дӕ, мӕ хо Фамар-ма мӕм ӕрбацӕуӕд ӕмӕ мын мӕ разы дыууӕ гуылы* ракӕнӕд, ӕмӕ йӕ къухӕй бахӕрон, рынчын кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ».
7 Уӕд Давид Фамармӕ хӕдзармӕ арвыста, зӕгъгӕ, де ’фсымӕр Амнон рынчын у, ӕмӕ-ма йӕм ацу ӕмӕ йын хӕринаг скӕн, цӕмӕй фӕфидар уа.
8 Фамар ацыд йе ’фсымӕр Амноны+ хӕдзармӕ, Амнон та хуыссӕны хуыссыд. Ӕмӕ Фамар ссад райста, хыссӕ скодта, йӕ разы йын дзы гуылтӕ акодта ӕмӕ сӕ сфыхта.
9 Стӕй къуырф тебӕ райста ӕмӕ гуылтӕ Амноны раз ӕрӕвӕрдта, фӕлӕ уый нӕ бакуымдта хӕрын ӕмӕ загъта: «Уе ’ппӕт дӕр ӕддӕмӕ ацӕут!»+ Ӕмӕ иууылдӕр ацыдысты.
10 Амнон Фамарӕн загъта: «Дзул мын мидӕггаг уатмӕ бахӕсс, цӕмӕй дӕ къухӕй бахӕрон, уымӕн ӕмӕ рынчын дӕн». Ӕмӕ Фамар, цы гуылтӕ скодта, уыдон йе ’фсымӕр Амнонӕн мидӕггаг уатмӕ бахаста.
11 Йӕ размӕ куы бацыд, хӕринаг ын раттон, зӕгъгӕ, уӕд ыл уый фӕхӕцыд+ ӕмӕ йын загъта: «Рауай, мӕ хо+, схуысс мемӕ»+.
12 Фӕлӕ йын уый загъта: «Нӕ, ме ’фсымӕр! Ма мӕ фӕхудинаг кӕн+. Израилы афтӕ нӕ кӕнынц+. Ма бакӕн ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ худинаджы ми+.
13 Мӕ худинаг куы ныхъхъӕр уа, уӕд ма цы фӕуыдзынӕн? Ӕмӕ дӕу дӕр ӕнӕзонд адӕймагыл нымайдзысты Израилы. Лӕгъстӕ дын кӕнын, паддзахимӕ аныхас кӕн, ӕмӕ мӕ ратдзӕн дӕуӕн, „нӕ“ дын нӕ зӕгъдзӕн».
14 Фӕлӕ йӕм уый нӕ байхъуыста, тыхӕй йыл ныххӕцыд, йемӕ ӕмуат ӕрцыд+ ӕмӕ йӕ фӕхудинаг кодта+.
15 Уый фӕстӕ дзы Амнон йе сӕфт федта. Афтӕ тынг дзы федта йе сӕфт, ӕмӕ уыцы ӕнкъарӕн йӕ уарзтӕй дӕр тыхджындӕр уыд. Ӕмӕ йын загъта: «Сыст ӕмӕ фесӕф ардыгӕй!»
16 Уӕд ын уый загъта: «Нӕ, ме ’фсымӕр! Куы мӕ арвитай, уӕд уый, цы мын бакодтай, уымӕй ноджы стырдӕр тӕригъӕд уыдзӕн!» Фӕлӕ йӕм уый нӕ байхъуыста.
17 Ӕмӕ Амнон йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Ай-ма феддӕдуар кӕн ӕмӕ йын йӕ фӕстӕ дуар сӕхгӕн».
18 Фамары уӕлӕ та уыд хъулон+ уӕлӕдарӕс,– паддзахы чызджытӕй чындзыцыд чи нӕ уыд, уыдон ахӕм ӕнӕдыс къабатӕ дардтой. Лӕггадгӕнӕг дӕр ӕй ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ йын йӕ фӕстӕ дуар сӕхгӕдта.
19 Уӕд Фамар йӕ сӕрыл фӕнык байзӕрста+, йӕ уӕлӕ цы хъулон дарӕс уыд, уый ӕрыскъуыдта ӕмӕ, йӕ сӕрыл ныххӕцыд+, афтӕмӕй ацыд. Ӕмӕ цыди ӕмӕ ӕрдиаг кодта.
20 Йе ’фсымӕр Авессалом+ ӕй бафарста: «Уыцы ми дын де ’фсымӕр Амнон+ бакодта? Макӕмӕн мацы зӕгъ, мӕ хо. Де ’фсымӕр у+. Ма маст кӕн, цы ’рцыд, ууыл». Ӕмӕ Фамар уӕдӕй фӕстӕмӕ царди хибарӕй йе ’фсымӕр Авессаломы хӕдзары.
21 Паддзах Давид уыдӕтты тыххӕй куы фехъуыста+, уӕд тынг смӕсты+.
22 Авессалом та Амнонӕн ницы дзырдта, нӕдӕр ӕвзӕрӕй, нӕдӕр хорзӕй, уымӕн ӕмӕ дзы йе сӕфт федта+, йӕ хо Фамары йын кӕй фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй.
23 Дыууӕ азы куы рацыд, уӕд Авессалом Ваал-Гацоры, Ефреммӕ+ хӕстӕг, фыстӕ ӕлвыдта+. Ӕмӕ паддзахы фыртты се ’ппӕты дӕр фӕхуыдта+.
24 Авессалом паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Дӕ цагъар фыстӕ ӕлвыны ӕмӕ, дӕ хорзӕхӕй, паддзах ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр дӕ цагъаримӕ рацӕуӕнт».
25 Фӕлӕ паддзах Авессаломӕн загъта: «Нӕ, мӕ фырт! Не ’ппӕт дӕр куы ацӕуӕм, уӕд дӕ ӕгӕр батыхсын кӕндзыстӕм». Ӕмӕ йын кӕд Авессалом лӕгъстӕ кодта+, уӕддӕр не сразы, фӕлӕ йын арфӕ ракодта+.
26 Фӕстагмӕ йын Авессалом загъта: «Кӕд дӕхӕдӕг нӕ цӕуыс, уӕд та ме ’фсымӕр Амнон рацӕуӕд немӕ»+. Паддзах ӕй бафарста: «Уый та цӕмӕн кӕныс демӕ?»
27 Фӕлӕ йын Авессалом уӕддӕр лӕгъстӕ кодта+, ӕмӕ йын уый дӕр Амноны ӕмӕ паддзахы фыртты се ’ппӕты дӕр йемӕ ауагъта.
28 Уӕд Авессалом йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Кӕсут, Амноны зӕрдӕ сӕнӕй куы бахъӕлдзӕг уа+ ӕмӕ уын афтӕ куы зӕгъон, Амноны амарут, зӕгъгӕ, уӕд-иу ӕй амарут. Ма тӕрсут+. Ӕз уын дӕттын ахӕм бардзырд. Фидар ӕмӕ хъӕбатыр ут».
29 Авессаломы лӕггадгӕнджытӕ дӕр, куыд сын загъта, афтӕ бакодтой Амнонӕн+. Паддзахы иннӕ фырттӕ уый куы федтой, уӕд се ’ппӕт дӕр фӕгӕппытӕ кодтой, сӕ хӕргӕфстыл абадтысты ӕмӕ лидзӕг фесты.
30 Ӕмӕ нырма фӕндагыл уыдысты, афтӕ Давидӕн фӕхабар кодтой: «Авессалом паддзахы фыртты се ’ппӕты дӕр ныццагъта, иу дӕр сӕ удӕгасӕй нал баззад».
31 Уӕд паддзах сыстад, йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта+ ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом+, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр се ’ппӕт дӕр сӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдтой+, афтӕмӕй лӕууыдысты йӕ разы.
32 Фӕлӕ Ионадав+, Давидӕн йе ’фсымӕр Шимӕйы+ фырт, загъта: «Афтӕ ма хъуыды кӕнӕд мӕ буц хицау, ӕмӕ лӕппуты, паддзахы фыртты, се ’ппӕты дӕр амардтой. Ӕрмӕстдӕр Амнон амард+. Авессалом ӕй амарын кодта. Амнон ын йӕ хо Фамары+ куы фӕхудинаг кодта+, уӕдӕй фӕстӕмӕ хъавыд+ уыцы хъуыддаг бакӕнынмӕ.
33 Уӕдӕ мӕ буц хицау паддзах йӕ зӕрдӕмӕ ма исӕд уыцы ныхӕстӕ, паддзахы фырттӕ се ’ппӕт дӕр амардысты, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Амнон амард».
34 Уӕдмӕ Авессалом та алыгъд+. Иуцасдӕры фӕстӕ, горӕт чи хъахъхъӕдта, уыцы ӕрыгон лӕппу+ акаст ӕмӕ дын уартӕ, йӕ фӕстӕ цы фӕндаг уыд, ууыл хохӕй дӕлӕмӕ бирӕ адӕм ӕрцӕуы.
35 Уӕд Ионадав+ паддзахӕн загъта: «Уыныс, паддзахы фырттӕ ӕрбацӕуынц. Дӕ цагъар куыд загъта, афтӕ рауад хабар»+.
36 Ӕмӕ куыддӕр уыцы ныхӕстӕ загъта, афтӕ паддзахы фырттӕ ӕрбахызтысты ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдтой. Паддзах дӕр ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр се ’ппӕт дӕр нырдиаг кодтой.
37 Авессалом та алыгъд Гессуры+ паддзах Амиуды фырт Фалмаймӕ+. Давид та ӕнӕрынцойӕ хъыг кодта+ йӕ фыртыл.
38 Авессалом алыгъд Гессурмӕ+ ӕмӕ уым фӕци ӕртӕ азы.
39 Ӕппынфӕстаг паддзах Давидӕн йӕ зӕрдӕйы рыст ӕрсабыр, Амноны мӕлӕтыл афтӕ тынг нал хъыг кодта. Ӕмӕ Авессаломы мысын райдыдта.
Фиппаинӕгтӕ
^ Дзут. тексты ӕмбӕлы ацы номы ӕнӕхъӕн формӕ дӕр, ома «Йегъонадав».
^ Комк. «зӕрдӕйы хуызӕн гуылтӕ».