2 Самуилы 15:1—37
15 Уый фӕстӕ Авессалом йӕхицӕн самал кодта бӕхуӕрдон ӕмӕ бӕхтӕ, стӕй ма фӕндзай адӕймаджы дӕр, йӕ разӕй чи згъордтаид, ахӕмтӕ+.
2 Авессалом-иу райсомӕй раджы сыстад+ ӕмӕ-иу горӕты кулдуары раз фӕндаггӕрон слӕууыд+. Ӕмӕ-иу исчи паддзахмӕ йӕ хъуыддаг равзарынмӕ куы ’рбацыд+, уӕд-иу ӕм фӕдзырдта ӕмӕ-иу ӕй бафарста: «Кӕцы горӕтӕй дӕ?» Уый-иу ын дзуапп радта: «Израилы уыцы ӕмӕ уыцы мыггагӕй у дӕ цагъар».
3 Уӕд-иу ын Авессалом загъта: «Ды хорз ӕмӕ раст хъуыддагимӕ ӕрбацыдтӕ, фӕлӕ паддзахмӕ, дӕумӕ чи байхъуса, ахӕм ничи ис»+.
4 Уый фӕстӕ-иу Авессалом йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Мӕнӕ мӕн куы сӕвӕриккой тӕрхонгӕнӕгӕй ацы бӕстӕйы+, уӕд-иу, исты хъуыддаг ӕвзаринаг кӕмӕ ис, уыдон мӕнмӕ цӕуиккой, ӕмӕ сын ӕз сӕ хъуыддӕгтӕ рӕстӕй ӕвзарин»+.
5 Адӕймаг-иу ӕм куы бацыд, цӕмӕй йын йӕ сӕрӕй акуывтаид, уӕд-иу ӕм Авессалом йӕ къух бадардта, ныхъхъӕбыс-иу ын кодта+ ӕмӕ-иу ын апъа кодта.
6 Авессалом афтӕ кодта, израилӕгтӕй-иу паддзахмӕ йӕ хъуыддаг ӕвзарынмӕ чи ’рбацыд, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр, ӕмӕ афтӕмӕй израилӕгты зӕрдӕтӕ йӕхирдӕм кодта*+.
7 Цыппор азы* куы рацыд, уӕд Авессалом паддзахӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, Хевронмӕ-ма+ мӕ ауадз, цӕмӕй, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтон, уый сӕххӕст кӕнон+.
8 Дӕ цагъар Сирийы зӕххыл, Гессуры+ куы цард, уӕд дзырд радта+: „Кӕд мӕ Йегъовӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ӕркӕна, уӕд Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕсдзынӕн“»+.
9 Паддзах ын загъта: «Фарнимӕ цу»+. Ӕмӕ Авессалом сыстад ӕмӕ Хевронмӕ ацыд.
10 Авессалом Израилы ӕппӕт мыггӕгтӕм дӕр сусӕгӕй адӕмы арвыста+ ӕмӕ сын фехъусын кодта: «Куыддӕр сыкъайы уасын фехъусат, афтӕ-иу ныхъхъӕр кӕнут: „Авессалом паддзах+ сси Хевроны!“»+
11 Авессаломимӕ Иерусалимӕй рацыд дыууӕсӕдӕ лӕджы, йемӕ кӕй ахуыдта, уыдон. Фӕлӕ уыдонӕн сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр ницы уыди+, хабӕрттӕн ӕппындӕр ницы зыдтой.
12 Авессалом нывонд куы хаста, уӕд арвыста гилойнаг+ Ахитофелмӕ+, Давиды уынаффӕгӕнӕгмӕ+, цы горӕты цард, уырдӕм – Гиломӕ+. Сусӕгвӕнд+ стынг, ӕмӕ Авессаломмӕ бонӕй-бонмӕ фылдӕр адӕм ӕмбырд кодта+.
13 Цасдӕры фӕстӕ Давидӕн фӕхабар кодтой: «Израилӕгты зӕрдӕтӕ+ Авессаломы ’рдӕм фесты».
14 Уӕд Давид йӕ лӕггадгӕнджытӕн, Иерусалимы йемӕ чидӕриддӕр уыди, уыдонӕн, загъта: «Сыстут, лидзын хъӕуы+, уымӕн ӕмӕ Авессаломы къухӕй удӕгасӕй нӕ аирвӕздзыстӕм! Фӕтагъд кӕнут, кӕннод нӕ ӕрбаййафдзӕн ӕмӕ нӕ уӕд ӕнӕфыдбылызӕй нӕ ныууадздзӕн, стӕй горӕты цӕрджыты се ’ппӕты дӕр карды комӕй ныццӕгъддзӕн!»+
15 Паддзахы лӕггадгӕнджытӕ загътой: «Нӕ буц хицау куыддӕриддӕр зӕгъа, афтӕ бакӕндзысты дӕ цагъартӕ»+.
16 Ӕмӕ паддзах, йӕ хӕдзары чидӕриддӕр уыди, уыдоны йемӕ акодта ӕмӕ ацыд+. Ӕрмӕстдӕр дӕс сылгоймаджы, йӕ номылустыты+, ныууагъта хӕдзаргӕс.
17 Паддзах ӕмӕ йӕ адӕм та Беф-Мерхатмӕ ацыдысты ӕмӕ уым ӕрлӕууыдысты.
18 Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр йӕ рӕзты цыдысты. Хелефейтӕ, фелефейтӕ+ ӕмӕ гефӕгтӕ+ – Гефӕй+ йӕ* фӕдыл чи рацыд, уыцы ӕхсӕзсӕдӕ адӕймаджы,– се ’ппӕт дӕр паддзахы рӕзты ацыдысты.
19 Ӕмӕ паддзах гефаг Иттайӕн+ загъта: «Ды та цӕмӕн цӕуыс немӕ? Аздӕх фӕстӕмӕ+ ӕмӕ паддзахимӕ цӕр. Ды ӕндӕрбӕстаг дӕ, ӕмӕ ӕнӕуи дӕр дӕ зӕххӕй хауӕггаг фӕдӕ.
20 Нырма знон ӕрцыдтӕ, ӕмӕ дын абон та ӕз афтӕ зӕгъон, немӕ рахау-бахау кӕн+, зӕгъгӕ? Мӕхӕдӕг дӕр ӕй куы нӕ зонын, кӕцырдӕм цӕуон? Аздӕх фӕстӕмӕ ӕмӕ де ’фсымӕрты дӕр демӕ акӕн. Ӕмӕ дӕ Йегъовӕ йе ’нувыд уарзт+ ӕмӕ иузӕрдиондзинадӕй барӕвдауӕд!»+
21 Фӕлӕ Иттай паддзахӕн загъта: «Удӕгас Хуыцау Йегъовӕйы раз ӕмӕ мӕ буц хицауы раз сомы кӕнын+: мӕ буц хицау кӕдӕм цӕуа, уырдӕм ацӕудзӕн дӕ цагъар дӕр. Ӕз демӕ амӕлынмӕ дӕр цӕттӕ дӕн!»+
22 Уӕд Давид Иттайӕн+ загъта: «Уӕдӕ уӕд цом». Ӕмӕ гефаг Иттай йӕ адӕмимӕ ӕмӕ, йемӕ цы сывӕллӕттӕ уыд, уыдонимӕ дӕлвӕзыл ахызт.
23 Адӕм дӕлвӕзыл куы фӕцӕйцыдысты, уӕд уыцы зӕххыл цӕрӕг адӕм се ’ппӕт дӕр хъӕрӕй куыдтой+. Паддзах лӕууыд Кедроны дӕлвӕзы+, адӕм та иууылдӕр йӕ рӕзты цыдысты, ӕдзӕрӕг быдырмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл.
24 Уым уыдысты Садок+ ӕмӕ, ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын+ чи хаста+, уыцы левиттӕ+ се ’ппӕт дӕр. Уыдон ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын Авиафары+ фарсмӕ ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ, цалынмӕ адӕм иууылдӕр горӕтӕй нӕ рацыдысты ӕмӕ дӕлвӕзыл нӕ ахызтысты, уӕдмӕ афтӕ лӕууыдысты.
25 Фӕлӕ паддзах Садокӕн загъта: «Ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын+ фӕстӕмӕ горӕтмӕ ахӕсс+. Кӕд Йегъовӕйы хорзӕх ссарон, уӕд мӕ фӕстӕмӕ ӕркӕндзӕн ӕмӕ мын уый фадат ратдзӕн, цӕмӕй фенон бадзырды чырын ӕмӕ, кӕм ис, уыцы бынат+.
26 Фӕлӕ кӕд зӕгъа, мӕ зӕрдӕ дӕ нӕ райы, зӕгъгӕ, уӕд дӕр мӕнӕ дӕн: цы мын кӕна, уый мын бакӕнӕд»+.
27 Стӕй паддзах сауджын Садокӕн загъта: «Цӕстылуайӕнтӕ уынӕг+ нӕ дӕ? Ды ӕмӕ Авиафар аздӕхут горӕтмӕ, уемӕ акӕнут дӕ фырт Ахимаасы ӕмӕ Авиафары фырт Ионафаны+ дӕр. Фарнимӕ цӕут.
28 Ӕз та уал ӕдзӕрӕг быдыры, цӕугӕдонӕн йӕ ахизӕнты раз афӕстиат уыдзынӕн, цалынмӕ уӕ бӕрӕг нӕ базонон, уӕдмӕ»+.
29 Садок ӕмӕ Авиафар дӕр ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ӕрхастой ӕмӕ уым уыдысты.
30 Давид та араст Оливӕбӕлӕсты къуылдыммӕ+. Цыди бӕгъӕввадӕй ӕмӕ куыдта. Цыди, йӕ сӕр бамбӕрзта+, афтӕмӕй. Йемӕ цы адӕм уыд, уыдон дӕр се ’ппӕт дӕр сӕ сӕртӕ бамбӕрзтой, афтӕмӕй цыдысты ӕмӕ куыдтой+.
31 Уӕдмӕ Давидӕн фӕхабар кодтой, Ахитофел дӕр, дам, Авессаломӕн ӕххуыс кӕны+. Ӕмӕ уӕд Давид скуывта+: «О Йегъовӕ+, курын дӕ, афтӕ бакӕн, ӕмӕ Ахитофелы уынаффӕ ӕнӕзонды уынаффӕйыл банымайой!»+
32 Давид схӕццӕ, адӕм-иу Хуыцауӕн кӕм куывтой, уыцы хохы сӕрмӕ, ӕмӕ уӕд йӕ размӕ рацыд архитаг+ Хуси+, йӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдта ӕмӕ йӕ сӕрыл сыджыт байзӕрста, афтӕмӕй+.
33 Фӕлӕ йын Давид загъта: «Мемӕ куы ацӕуай, уӕд мын уаргъӕй уӕлдай нӕ уыдзынӕ+.
34 Фӕлтау фӕстӕмӕ горӕтмӕ аздӕх ӕмӕ Авессаломӕн зӕгъ: „Паддзах, ӕз дӕн дӕ цагъар. Дӕ фыдӕн куыд лӕггад кодтон, афтӕ ныр та дӕуӕн лӕггад кӕндзынӕн“+. Ӕмӕ уӕд Ахитофелы фӕнд фехалдзынӕ+.
35 Уым сауджынтӕ Садок ӕмӕ Авиафар дӕр демӕ уыдзысты+. Ӕмӕ паддзахы хӕдзарӕй цыдӕриддӕр фехъусай, уый-иу уыдонӕн фӕхабар кӕн+.
36 Уым семӕ сты сӕ дыууӕ фырты дӕр: Садокы фырт Ахимаас+ ӕмӕ Авиафары фырт Ионафан+. Цыдӕриддӕр фехъусат, уый мӕм-иу уыдонимӕ фӕхӕццӕ кӕнут».
37 Ӕмӕ Хуси, Давиды ӕрдхорд+, ӕрцыд Иерусалиммӕ. Уыцы рӕстӕг Авессалом+ дӕр горӕтмӕ фӕцӕйцыд.