2 Самуилы 2:1—32
2 Уый фӕстӕ Давид Йегъовӕйы бафарста+: «Иудӕйы горӕттӕй искӕцымӕ ацӕуон?» Йегъовӕ йын загъта: «Ацу». Давид ӕй бафарста: «Кӕдӕм ацӕуон?» Уый йын загъта: «Хевронмӕ»+.
2 Ӕмӕ Давид ацыд уырдӕм, йемӕ акодта йӕ дыууӕ усы дӕр: изреелаг Ахиноамӕйы+ ӕмӕ, кармилаг Навалы ус чи уыд, уыцы Авигейӕйы+.
3 Давид акодта, йемӕ цы адӕм+ уыд, уыдоны дӕр ӕд бинонтӕ, ӕмӕ Хевронмӕ хӕстӕг горӕтты ӕрцардысты.
4 Уӕд Иудӕйы+ адӕм ӕрцыдысты ӕмӕ Давиды сойӕ байсӕрстой+, цӕмӕй Иудӕйы мыггагӕн+ паддзах суыдаид.
Стӕй Давидӕн загътой: «Саулы Иавис-Галаады цӕрджытӕ бавӕрдтой».
5 Ӕмӕ Давид Иавис-Галаады+ цӕрджытӕм арвыста ахӕм ныхас: «Йегъовӕ уын раарфӕ кӕнӕд+, уӕ хицау Саулы уе ’нувыд уарзтӕй+ ӕнӕхай кӕй нӕ фӕкодтат, кӕй йӕ бавӕрдтат, уый тыххӕй+.
6 Йегъовӕ уӕ йе ’нувыд уарзт+ ӕмӕ иузӕрдиондзинадӕй ӕнӕхай цы нӕ фӕкӕна, ахӕм арфӕ уӕ уӕд, ӕмӕ уын ӕз дӕр хорздзинад ракӕндзынӕн, уыцы хъуыддаг кӕй бакодтат, уый тыххӕй+.
7 Фидар ӕмӕ хъӕбатыр ут+, уымӕн ӕмӕ уӕ хицау Саул амард, мӕн та Иудӕйы мыггаг сойӕ байсӕрста, цӕмӕй сын ӕз уон паддзах+».
8 Фӕлӕ Ниры фырт Авенир+, Саулы ӕфсады хистӕр, акодта Саулы фырт Йевосфейы+, ӕркодта йӕ Маханаиммӕ+
9 ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрдта Галаадӕн+, ашурӕгтӕн, Изреелӕн+, Ефремӕн+ ӕмӕ Вениаминӕн+ – ӕгас Израилӕн дӕр.
10 Саулы фырт Йевосфей Израилы паддзах куы сси, уӕд ыл цыди цыппор азы, ӕмӕ дыууӕ азы уыди паддзах. Давиды фӕдыл та ацыд ӕрмӕстдӕр Иудӕйы мыггаг+.
11 Давид Иудӕйы мыггагӕн Хевроны паддзах уыд авд азы ӕмӕ ’рдӕг+.
12 Иуцасдӕры фӕстӕ Ниры фырт Авенир ӕмӕ Саулы фырт Йевосфейы лӕггадгӕнджытӕ Маханаимӕй+ Гаваонмӕ+ рацыдысты.
13 Саруйӕйы+ фырт Иоав+ ӕмӕ Давиды лӕггадгӕнджытӕ дӕр рацыдысты ӕмӕ сыл Гаваоны цады раз сӕмбӕлдысты. Иутӕ сӕ ӕрбынат кодтой цадӕн иуырдыгӕй, иннӕтӕ та – иннӕрдыгӕй.
14 Ӕмӕ уӕд Авенир Иоавӕн загъта: «Цӕй ӕмӕ лӕппутӕ рацӕуӕнт ӕмӕ нӕ разы сӕ тыхтӕ бавзарӕнт». Ӕмӕ йын Иоав загъта: «Рацӕуӕнт».
15 Уыдон дӕр сыстадысты ӕмӕ рацыдысты: дыууадӕс адӕймаджы вениаминӕгтӕй, Саулы фырт Йевосфейы+ адӕмӕй, дыууадӕс та – Давиды лӕггадгӕнджытӕй.
16 Сӕ кӕрӕдзийы сӕрыхъуынтӕм фӕлӕбурдтой, хъаматӕй барӕхуыстой кӕрӕдзи ӕмӕ иумӕ ӕрхаудысты. Гаваоны+ уыцы бынат Хелкаф-Хаццурим* дӕр уымӕн схуыдтой.
17 Ӕмӕ уыцы бон карз тох бацайдагъ, ӕмӕ Давиды лӕггадгӕнджытӕ Авениры+ ӕмӕ израилӕгты ныппырх кодтой.
18 Уым уыдысты Саруйӕйы+ ӕртӕ фырты дӕр: Иоав+, Авессӕ+ ӕмӕ Асаил+. Асаил уыди, саг*+ быдыры куыд цӕрдӕг вӕййы, афтӕ цӕрдӕг.
19 Ӕмӕ Асаил Авениры фӕстейӕ асырдта ӕмӕ йӕ уӕгъд нӕ уагъта, йӕ фӕд-фӕд цыд.
20 Авенир фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ йӕ бафарста: «Асаил, уый ды дӕ?» Уый йын загъта: «Ӕз дӕн».
21 Уӕд ын Авенир загъта: «Айс дӕхи иуырдӕм, йе рахизырдӕм, йе галиуырдӕм. Уӕртӕ лӕппутӕй искӕй ӕрцахс ӕмӕ дзы цы раласай+, уый дӕу уӕд». Фӕлӕ йӕ Асаил уӕддӕр уӕгъд нӕ уагъта.
22 Авенир та йын ногӕй загъта: «Айс дӕхи, ныууадз мӕ, науӕд дӕ амардзынӕн+. Ӕмӕ ма уӕд де ’фсымӕр Иоавы цӕстытӕм куыд бакӕсдзынӕн?»
23 Фӕлӕ уый уӕддӕр йӕ фӕдыл цыди. Ӕмӕ йын уӕд Авенир йӕ арцы ставд кӕрон йӕ гуыбыны+ фӕцавта, ӕмӕ арц Асаилы фӕсонтӕй ахызт. Асаил ӕрхауд ӕмӕ тӕккӕ уыцы ран фӕмард. Ӕмӕ-иу уыцы бынатмӕ чи бахӕццӕ, уый-иу ӕрлӕууыд+.
24 Иоав ӕмӕ Авессӕ Авениры фӕстейӕ асырдтой. Хурныгуылдмӕ бахӕццӕ сты Аммӕйы къуыбырмӕ, Гаваоны+ ӕдзӕрӕг быдырмӕ куы фӕцӕйцӕуай, уӕд уым Гиахы раз чи ис, уыцы къуыбырмӕ.
25 Вениамины фырттӕ Авениры алыварс ӕрӕмбырд сты ӕмӕ иу къордӕй слӕууыдысты къуыбырыл.
26 Авенир Иоавмӕ ныхъхъӕр кодта: «Нӕ хъаматӕ тугӕй никуы бафсӕддзысты?+ Нӕ йӕ зоныс, афтӕмӕй стыр бӕллӕхтӕ кӕй ӕрцӕудзӕн?+ Кӕд зӕгъдзынӕ дӕ адӕмӕн, цӕмӕй се ’фсымӕрты фӕдыл мауал зилой?»+
27 Уӕд Иоав загъта: «Сомы дын кӕнын удӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕй+, ацы ныхӕстӕ куы нӕ загътаис+, уӕд ардыгӕй райсоммӕ адӕм се ’фсымӕрты фӕстейӕ сырдтаиккой».
28 Гъемӕ Иоав сыкъайӕ ныууасыд+, ӕмӕ адӕм иууылдӕр ӕрлӕууыдысты. Израилы фӕстейӕ нал сырдтой ӕмӕ нал хӕцыдысты.
29 Авенир ӕмӕ йӕ адӕм ӕнӕхъӕн ӕхсӕв Аравӕйыл+ фӕцыдысты. Ахызтысты Иорданы+ цӕугӕдоныл, стӕй дӕлвӕзыл ӕмӕ ӕппынфӕстаг ӕрцыдысты Маханаиммӕ+.
30 Иоав Авениры фӕдыл нал цыд, раздӕхт ӕмӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодта. Асаилӕй дарддӕр ма Давиды лӕггадгӕнджытӕй ноджыдӕр фӕхъуыд нудӕс адӕймаджы.
31 Давиды лӕггадгӕнджытӕ та вениаминӕгтӕй ӕмӕ Авениры адӕмӕй ныццагътой ӕртӕсӕдӕ ӕхсай адӕймаджы+.
32 Асаилы+ та ахастой ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Вифлеемы+, йӕ фыд+ кӕм ныгӕд уыди, уым. Уый фӕстӕ Иоав ӕмӕ йӕ адӕм ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕцыдысты ӕмӕ боныцъӕхтӕм Хевронмӕ+ бахӕццӕ сты.