2 Самуилы 20:1—26

20  Уым уыд иу ӕнаккаг адӕймаг+, Бихрийы фырт Савӕ+, Вениамины байзӕддаг. Уый сыкъайӕ ныууасыд+ ӕмӕ загъта: «Махӕн Давидмӕ хай нӕй, нӕй нын бынтӕ Йессейы фыртмӕ+. Израилӕгтӕ, фӕстӕмӕ уӕ хуыцӕуттӕм!»+  Уӕд Израилы адӕм Давиды ныууагътой ӕмӕ Бихрийы+ фырт Савӕйы фӕдыл ацыдысты. Фӕлӕ Иудӕйы адӕм нӕ ныууагътой сӕ паддзахы, йемӕ цыдысты Иорданӕй суанг Иерусалиммӕ+.  Давид Иерусалиммӕ йӕ хӕдзармӕ куы ’рцыд+, уӕд йӕ дӕс номылусы+, хӕдзаргӕс кӕй ныууагъта, уыдоны, хицӕн хӕдзары бакодта ӕмӕ сын хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрдта. Хӕринагӕй сӕ цух нӕ уагъта, фӕлӕ семӕ ӕмуат нал ӕрцыд+. Афтӕ дуарӕхгӕдӕй цардысты сӕ мӕлӕты бонмӕ, ӕмӕ ис лӕгӕй идӕдзӕй ӕрвыстой сӕ бонтӕ.  Паддзах Амессайӕн+ загъта: «Ӕртӕ бонмӕ мӕм Иудӕйы адӕмы ӕрӕмбырд кӕн, ӕмӕ стӕй дӕхӕдӕг дӕр ам куыд уай».  Амессай дӕр ацыд, цӕмӕй Иудӕйы адӕммӕ фӕсидтаид, фӕлӕ йын паддзах кӕдмӕ загъта, уӕдмӕ не ’рбацыд, ныффӕстиат.  Ӕмӕ уӕд Давид Авессӕйӕн+ загъта: «Ныр нын Бихрийы фырт Савӕ+ Авессаломӕй+ дӕр фылдӕр фыдбылызтӕ ракӕндзӕн. Демӕ акӕн дӕ хицауы лӕггадгӕнджыты+ ӕмӕ йӕ фӕстейӕ асур, науӕд фидаргонд горӕттӕм куы бафта, уӕд нын аирвӕздзӕн».  Иоавы адӕм+, стӕй хелефейтӕ+ ӕмӕ фелефейтӕ+ ӕмӕ хъӕбатыр хӕстонтӕ иууылдӕр йӕ фӕдыл ацыдысты. Уыдон Иерусалимӕй рацыдысты ӕмӕ Бихрийы фырт Савӕйы фӕстейӕ асырдтой.  Гаваоны+ стыр дуры цурмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сыл Амессай+ дӕр амбӕлд. Иоавӕн йӕ уӕлӕ уыд хӕстон дарӕс, йӕ астӕуыл та – рон, ӕмӕ йӕ фарсыл кӕрддзӕмы тъыст уыд хъама. Ӕмӕ размӕ куы акъахдзӕф кодта, уӕд ын ӕрхауд.  Иоав Амессайы бафарста: «Дзӕбӕх дӕ, ме ’фсымӕр?»+ Стӕй йӕ рахиз къухӕй Амессайӕн йӕ боцъойыл фӕхӕцыд, апъа дын кӕнон, зӕгъгӕ+. 10  Амессай Иоавы къухы хъама федта, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ ницӕмӕ фехсайдта. Ӕмӕ йын Иоав хъама йӕ гуыбыны атъыста+, ӕмӕ йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕддӕмӕ ракалдысты. Ӕмӕ Иоавы дыккаг цӕф кӕнын нал бахъуыд – Амессай амард. Стӕй Иоав ӕмӕ йе ’фсымӕр Авессӕ фӕстейӕ асырдтой Бихрийы фырт Савӕйы. 11  Иоавы лӕппутӕй иу Амессайы раз слӕууыд ӕмӕ загъта: «Иоавы чи уарзы ӕмӕ Давиды фарс чи у+,– уе ’ппӕт дӕр Иоавы фӕдыл!» 12  Амессай та стыр фӕндаджы астӕу йӕ туджы мӕцыд+. Лӕппу уый куы федта, ӕмӕ адӕм иууылдӕр Амессайы раз ӕрлӕууынц, уӕд ӕй фӕндагӕй быдырмӕ аласта ӕмӕ йыл уӕлейӕ уӕлӕдарӕс ӕрӕппӕрста, уымӕн ӕмӕ уыдта, йӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыд, уый-иу кӕй ӕрлӕууыд+. 13  Куыддӕр ӕй фӕндагӕй иуварс аласта, афтӕ иууылдӕр араст сты Иоавы фӕдыл ӕмӕ Бихрийы фырт Савӕйы+ фӕстейӕ асырдтой. 14  Савӕ та ӕрзылд ӕппӕт Израилы мыггӕгтыл суанг Авел-Беф-Маахӕйы онг+. Бихрийы байзӕддӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ уыдон дӕр Савӕйы фӕдыл горӕтмӕ бацыдысты. 15  Иоав ӕмӕ йӕ адӕм Авел-Беф-Маахӕйыл, Савӕ кӕм уыди, уыцы горӕтыл, ӕртыхстысты. Горӕтӕн йӕ алыварс уыди сыджытӕй конд быру. Ӕмӕ йын йӕ алыварс сыджытӕй обау скодтой+. Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр къулы бынмӕ къахын райдыдтой, цӕмӕй йӕ ныппырх кодтаиккой. 16  Уӕд сӕм горӕты къулӕй иу куырыхон сылгоймаг+ рахъӕр кодта: «Райхъусут-ма, хорз адӕм! Райхъусут! Уӕ хорзӕхӕй, Иоавӕн-ма зӕгъут, ардӕм-ма ӕрбацу, демӕ мӕ ныхасаг ис, зӕгъгӕ». 17  Иоав дӕр хӕстӕгдӕр бацыд, ӕмӕ йӕ сылгоймаг бафарста: «Иоав ды дӕ?» «О, ӕз дӕн»,– дзуапп ын радта уый. Уӕд ын сылгоймаг загъта: «Байхъус, дӕ цагъар-сылгоймаг+ дын цы зӕгъдзӕн, уымӕ». «Хъусын дӕм»,– загъта йын Иоав. 18  Ӕмӕ сылгоймаг загъта: «Раджы заманты-иу афтӕ дзырдтой: „Авелӕй искӕй бафӕрсӕнт, ӕмӕ афтӕмӕй алыг кӕнӕнт хъуыддаг“. 19  Ӕз дзурын, Израилы цы сабыр+ ӕмӕ иузӕрдион+ адӕм ис, уыдоны номӕй. Ды хъавыс, Израилы мидӕг мады хуызӕн чи у, уыцы горӕт фесафынмӕ+. Цӕмӕн дӕ фӕнды Йегъовӕйы бынтӕ+ бабын кӕнын?»+ 20  Уӕд Иоав загъта: «Мӕнӕн мӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд бабын кӕнын кӕнӕ фесафын. 21  Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ Ефремы хӕхбӕстӕй+ иу адӕймаг, Бихрийы фырт Савӕ+, паддзах Давиды ныхмӕ рацыд+. Раттут нын уыцы адӕймаджы+, ӕмӕ уӕд фӕстӕмӕ ацӕудзынӕн»+. Ӕмӕ сылгоймаг Иоавӕн загъта: «Хорз, къулы сӕрӕй дын йӕ сӕр+ раппардзыстӕм!» 22  Уыцы куырыхон сылгоймаг+ уайтагъд ацыд, ӕппӕт адӕмимӕ дӕр аныхас кодта, ӕмӕ уыдон Бихрийы фырт Савӕйӕн йӕ сӕр ралыг кодтой ӕмӕ йӕ Иоавмӕ ӕрӕппӕрстой. Уӕд Иоав сыкъайӕ ныууасыд+, ӕмӕ йӕ адӕм горӕтмӕ нал бабырстой, ӕмӕ сӕ алчидӕр йӕ хӕдзармӕ ацыд. Иоав та фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ паддзахмӕ ӕрыздӕхт. 23  Иоав уыд Израилы ӕгас ӕфсады сӕргълӕууӕг+. Иодайы+ фырт Ванейӕ+ та уыди хелефейты+ ӕмӕ фелефейты+ сӕргъы. 24  Адорам+ лӕууыд кусджыты сӕргъы. Ахилуды фырт Иосафат+ та уыд азфыссӕг. 25  Шевӕ+ уыд писыр+, Садок+ ӕмӕ Авиафар+ та – сауджынтӕ. 26  Иаритаг Ира дӕр лӕггад кодта сауджынӕй*+ Давиды дӕлбар.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «уыди хицау».