2 Самуилы 24:1—25

24  Йегъовӕйы маст та ногӕй+ ссыгъд израилӕгтӕм, чидӕр* Давиды сӕ ныхмӕ куы скодта, ацу ӕмӕ Израилы ӕмӕ Иудӕйы адӕмы банымай+, зӕгъгӕ, уӕд.  Паддзахимӕ уыд йе ’фсады хистӕр Иоав+, ӕмӕ йын паддзах загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, Израилы мыггӕгтыл се ’ппӕтыл дӕр ӕрзил, Данӕй суанг Вирсавийы онг+, ӕмӕ адӕмы ныффыссут+, цӕмӕй, цас сты, уый зонон»+.  Фӕлӕ Иоав паддзахӕн загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын дӕ адӕмы, цы сты, уымӕй сӕдӕ хатты фылдӕр фӕкӕнӕд, ӕмӕ мӕ буц хицау уый йӕхи цӕстӕй фенӕд. Цӕмӕн фӕнды мӕ буц хицауы уыцы хъуыддаг бакӕнын?»+  Фӕлӕ уӕддӕр паддзахы ныхас Иоавы ӕмӕ ӕфсады хистӕрты ныхасыл фӕтых+. Ӕмӕ Иоав ӕмӕ ӕфсады хистӕртӕ паддзахӕй рацыдысты ӕмӕ араст сты Израилы адӕмы ныффыссынмӕ+.  Иорданы иннӕ фарсмӕ ахызтысты ӕмӕ сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Ароеры+ раз, дӕлвӕзы астӕу цы горӕт ис, уымӕн рахизырдыгӕй. Стӕй уырдыгӕй ацыдысты Гады+ зӕхмӕ ӕмӕ Иазермӕ+.  Уый фӕстӕ ӕрцыдысты Галаадмӕ+ ӕмӕ Тахтим-Ходшийы бӕстӕмӕ, стӕй Дан-Иаанмӕ ӕмӕ уырдыгӕй фӕзылдысты Сидонмӕ+.  Дарддӕр ацыдысты Тиры+ фидар мӕсыгмӕ, ӕрзылдысты евейты+ ӕмӕ ханаайнӕгты горӕттыл се ’ппӕтыл дӕр ӕмӕ ӕппынфӕстаг бахӕццӕ сты Вирсавимӕ+, уый ис Негевы+, Иудӕйы зӕххыл.  Афтӕ фараст мӕйы ӕмӕ дыууын бонмӕ ӕнӕхъӕн бӕстӕйыл ӕрзылдысты ӕмӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ӕрыздӕхтысты.  Ӕмӕ Иоав паддзахмӕ бахаста, кӕй ныффыстой+, уыцы адӕмы нымӕц: Израилы – астсӕдӕ мин хъӕбатыр хӕстоны, Иудӕйы та – фондзсӕдӕ мин нӕлгоймаджы+. 10  Давид адӕмы куы банымадта, уӕд уый фӕстӕ йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт+. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн загъта: «Ацы хъуыддаг кӕй бакодтон, уымӕй стыр тӕригъӕд сарӕзтон+. Курӕг дӕ дӕн, Йегъовӕ, дӕ цагъарӕн йӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕн+, уымӕн ӕмӕ тынг ӕнӕзонд ми бакодтон»+. 11  Райсомӕй Давид куы сыстад, уӕд Йегъовӕ пехуымпар Гадӕн+, Давидӕн цӕстылуайӕнтӕ уынӕг+ чи уыд, уымӕн, загъта: 12  «Ацу ӕмӕ Давидӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Мӕнӕ дын ӕртӕ ӕфхӕрды+. Кӕцы дӕ фӕнды, уый дзы равзар, ӕмӕ дӕ афтӕ бафхӕрдзынӕн“»+. 13  Гад ӕрбацыд Давидмӕ ӕмӕ йын загъта+: «Равзар: авд азы дӕ бӕстӕйы ӕххормаг заман уа+, ӕртӕ мӕйы де знӕгтӕ дӕ фӕдыл зилой+ ӕмӕ сӕ ды лидзай, ӕви ӕртӕ боны дӕ зӕххыл фыдниз уа+. Дзӕбӕх ахъуыды кӕн ӕмӕ зӕгъ, цы дзуапп раттон, чи мӕ рарвыста, уымӕн». 14  Давид Гадӕн загъта: «Тынг зын мын у! Фӕлӕ цӕйнӕфӕлтау адӕмы къухтӕм бахауон+, фӕлтау Йегъовӕйы къухмӕ бахауӕм+, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+ стыр у». 15  Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Израилыл фыдниз+ бафтыдта, ӕмӕ райсомӕй суанг нысангонд рӕстӕджы онг цагъды кодтой. Ӕмӕ Данӕй суанг Вирсавийы+ онг адӕмӕй фӕцагъды ӕвдай мины+. 16  Зӕд+ йӕ къух Иерусалиммӕ куы систа, цӕмӕй адӕмы фӕцагътаид, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕрыст*+, уыцы бӕллӕх сыл кӕй ӕруагъта, ууыл. Ӕмӕ, адӕмы чи цагъта, уыцы зӕдӕн загъта: «Ӕгъгъӕд у! Ӕруадз дӕ къух». Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы зӕд уыд йевусаг+ Аравнӕйы*+ найгӕнӕн мусы цур. 17  Адӕмы чи цагъта, уыцы зӕды фенгӕйӕ, Давид Йегъовӕйӕн загъта: «Уый ӕз ракодтон тӕригъӕд ӕмӕ ӕз сарӕзтон фыдхъуыддаг, ацы фыстӕ+ та цы ракодтой? Курын дӕ, фӕлтау мӕн+ ӕмӕ мӕ фыды хӕдзар ӕрцӕв». 18  Фӕстӕдӕр уыцы бон Гад Давидмӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацу ӕмӕ Йегъовӕйӕн йевусаг Аравнӕйы найгӕнӕн мусы нывондхӕссӕн сараз»+. 19  Давид дӕр ацыд, Йегъовӕ йын Гады уылты куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+. 20  Аравнӕ уый куы федта, ӕмӕ йӕм паддзах йӕ лӕггадгӕнджытимӕ ӕрбацӕуы, уӕд рацыд, паддзахы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд+ ӕмӕ йын йӕ сӕрӕй зӕххы онг акуывта+. 21  Стӕй Аравнӕ загъта: «Цӕй фӕдыл ӕрбацыд мӕ буц хицау йӕ цагъармӕ?» Давид загъта: «Фӕнды мӕ дӕ найгӕнӕн мус балхӕнын+, цӕмӕй дзы Йегъовӕйӕн нывондхӕссӕн саразон, ӕмӕ адӕм мауал цагъды кӕной»+. 22  Фӕлӕ Аравнӕ Давидӕн загъта: «Афтӕ йӕ айсӕд+ мӕ буц хицау ӕмӕ йӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый йыл ӕрхӕссӕд нывондӕн. Мӕнӕ дын стуртӕ судзинаг нывондӕн, найгӕнӕн дзоныгъ ӕмӕ стурты ӕфсондз та – сугӕн+. 23  Адӕттӕ иууылдӕр Аравнӕ дӕтты паддзахӕн». Стӕй ма Аравнӕ паддзахӕн загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы хорзӕх цы ссарай, уыцы арфӕ дӕ уӕд»+. 24  Фӕлӕ паддзах Аравнӕйӕн загъта: «Нӕ, ӕлхӕнгӕ сӕ кӕнын, бафиддзынӕн дын+. Ӕз мӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн судзинаг нывондӕн, лӕвар мӕм цы ’рхауд, уый не ’рхӕсдзынӕн»+. Ӕмӕ Давид найгӕнӕн мус ӕмӕ стуртӕн фӕндзай сиклы ӕвзист бафыста+. 25  Стӕй Давид уым Йегъовӕйӕн нывондхӕссӕн+ сарӕзта ӕмӕ йыл судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ ӕрхаста. Ӕмӕ сын уӕд Йегъовӕ фехъуыста сӕ лӕгъстӕтӕ+ сӕ зӕххы тыххӕй, ӕмӕ Израилы адӕм нал цагъды кодтой.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «уый». Кӕс 1Аз 21:1.
Комк. «Йегъовӕ фӕфӕсмон кодта».
Кӕнӕ «Орнӕйы». Кӕс 1Аз 21:15.