2 Тимофеймӕ 3:1—17
3 Фӕлӕ уый зон, ӕмӕ фӕстаг бонты+ скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг+.
2 Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг, хиппӕлой, сӕрбӕрзонд, Хуыцауы фаудзысты, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсдзысты+, хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты, уыдзысты мӕнгард+,
3 бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн+, уыдзысты зындзырд+, иннӕты фыдкой кӕндзысты*+, хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, уыдзысты ӕгъатыр*+, хорздзинад нӕ уарздзысты+,
4 кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты+, уыдзысты хивӕнд, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзысты+, Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ+,
5 сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауӕн кувӕг адӕм сты+, фӕлӕ сӕ цардӕй та уый бӕрӕг нӕ уыдзӕн+. Ахӕмтӕм хӕстӕг дӕр ма цу+.
6 Се ’хсӕнӕй фӕзыны ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ, хинӕй архайгӕйӕ, бинонты ’хсӕнмӕ бахъуызынц+ ӕмӕ, йӕ тӕригъӕдтӕ кӕуыл ӕруӕз кодтой, алыхуызон монцты+ фӕдыл чи цӕуы, ахӕм лӕмӕгъ сылгоймӕгты сӕ уацары бакӕнынц.
7 Уыцы сылгоймӕгтӕ ӕдзух ахуыр кӕнынц, фӕлӕ, рӕстдзинад* цы у, уый бӕлвырдӕй базонын сӕ бон нӕу+.
8 Ианни ӕмӕ Иамври+ Моисейы ныхмӕ куыд ӕрлӕууыдысты, афтӕ уыцы адӕймӕгтӕ дӕр цӕуынц рӕстдзинады+ ныхмӕ. Сӕ зонд бынтондӕр сзыгъуыммӕ+ ӕмӕ сӕ Хуыцауы хорзӕх нӕй, уымӕн ӕмӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ нӕ цӕрынц+.
9 Фӕлӕ сын уымӕй фылдӕр ницы бантысдзӕн, уымӕн ӕмӕ алчидӕр фендзӕн, ӕнӕзонд кӕй сты, уый – уыцы дыууӕйы хабар дӕр куыд уыди, афтӕ+.
10 Ды та алцӕмӕй дӕр мӕн бафӕзмыдтай: ӕз иннӕты куыд ахуыр кӕнын, куыд цӕрын+, цӕмӕ тырнын, уый, мӕ уырнындзинад, мӕ бирӕфӕразондзинад, мӕ уарзондзинад, мӕ фидардзинад,
11 цы ’фхӕрд ӕмӕ цы хъизӕмӕрттӕ баййӕфтон, зӕгъӕм, Антиохийы+, Иконийы+ ӕмӕ мыл Листрӕйы+ цытӕ ’рцыд, уыдӕттӕ. Ӕз бавзӕрстон ахӕм ӕфхӕрдтытӕ, фӕлӕ мӕ Хицау се ’ппӕтӕй дӕр фервӕзын кодта+.
12 Уӕвгӕ, Хуыцауыл иузӕрдионӕй ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты+.
13 Ӕвзӕр адӕм ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕ та кӕндзысты фыддӕрӕй-фыддӕр – иннӕты дӕр зыгъуыммӕ зондыл ардаудзысты, ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр зыгъуыммӕ зондыл цӕудзысты+.
14 Фӕлӕ ды, цы базыдтай ӕмӕ дӕ фидарӕй цӕуыл баууӕндын кодтой, ууыл амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар хӕц+, уымӕн ӕмӕ зоныс, чи дын сӕ бацамыдта, уыдоны+.
15 Стӕй ды дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ+ зоныс сыгъдӕг Фыстытӕ – уыдон дын ратдзысты ахӕм зонд, цӕмӕй фервӕзай+, Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндыс, уый фӕрцы+.
16 Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст+ ӕмӕ пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн+, уайдзӕф кӕнынӕн+, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн+, раст зондыл аразынӕн+,
17 цӕмӕй Хуыцауы адӕймаг алцыдӕр хорз зона+ ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уа+.