2 Фессалоникӕгтӕм 1:1—12

1  Павел Силуан* ӕмӕ Тимофеимӕ+ фыссы Фессалоникӕйы ӕмбырдмӕ, нӕ Фыд Хуыцауимӕ ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстиимӕ иудзинады чи ис, уыдонмӕ.  Нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕх ӕмӕ фарнӕй хайджын ут+.  Сымах тыххӕй, не ’фсымӕртӕ, мах ӕдзухдӕр хъуамӕ Хуыцауӕн бузныг дзурӕм+. Ӕмӕ уый раст уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кӕны+ ӕмӕ, уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы цы уарзтӕй уарзут, уый кӕны тыхджынӕй-тыхджындӕр+.  Ӕмӕ мах Хуыцауы ӕмбырдты сымахӕй сӕрыстыр стӕм+, уымӕн ӕмӕ, цы ’фхӕрд ӕмӕ цы зындзинӕдтӕ ӕййафут, уыдоны стут фидар ӕмӕ уӕм ис уырнындзинад+.  Ӕппӕт уыдӕттӕй бӕрӕг у, Хуыцау раст тӕрхон кӕй кӕны+, ӕмӕ уый фӕрцы нымад ӕрцӕудзыстут Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуыны аккагыл+, ӕмӕ сымах хъизӕмӕрттӕ дӕр уыцы паддзахады тыххӕй ӕвзарут+.  Афтӕ уымӕн зӕгъӕм, ӕмӕ Хуыцауы цӕсты раст у, сымахӕн зындзинӕдтӕ чи ӕвзарын кӕны, уыдонӕн ӕй зындзинӕдтӕй бафидын+.  Сымахӕн та, зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн, Хуыцау немӕ иумӕ ратдзӕн удӕнцой, нӕ Хицау Йесо уӕлӕрвтӕй куы фӕзына*+, уӕд. Уый фӕзындзӕн йӕ тыхджын зӕдтимӕ+  пиллон арты ӕмӕ, Хуыцауы чи нӕ зоны+ ӕмӕ нӕ Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабары+ коммӕ чи нӕ кӕсы+, уыдонӕй йӕ маст райсдзӕн+.  Уыцы адӕмӕн хаст ӕрцӕудзӕн ӕнустӕм фесафыны+ тӕрхон+, ӕмӕ нӕ Хицауы ӕмӕ йе стыр тыхы разӕй ӕрбайсӕфдзысты+. 10  Уыцы хабар уыдзӕн, нӕ Хицау куы ’рцӕуа, уӕд. Цӕугӕ та ӕркӕндзӕн, цӕмӕй йӕ сыгъдӕджытимӕ+ скадджын уа ӕмӕ, уырнындзинад кӕмӕ уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр дисы бафтауа. Ӕмӕ сымах, цы уын дзырдтам, ууыл кӕй баууӕндыдыстут, уымӕ гӕсгӕ уыдзыстут се ’хсӕн. 11  Ӕмӕ сымах тыххӕй ӕдзух кувгӕ дӕр уымӕн фӕкӕнӕм, цӕмӕй уӕ нӕ Хуыцау, цы цардмӕ уӕ ӕрхуыдта, уый аккагыл банымайа+ ӕмӕ йӕ тыхы фӕрцы кӕронмӕ ахӕццӕ кӕна, йӕ зӕрдӕмӕ хорзӕй цыдӕриддӕр цӕуы, уый, стӕй уӕ уӕ уырнындзинад цы хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕны, уыдон, 12  ӕмӕ цӕмӕй нӕ Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхы+ фӕрцы сымах уылты нӕ Хицау Йесойы ном скадджын уа+, ӕмӕ йемӕ иудзинады+ уӕхӕдӕг дӕр скадджын уат.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «Силӕ».
Комк. «куы раргом уа».