2 Фессалоникӕгтӕм 3:1—18

3  Ӕппынфӕстаг, не ’фсымӕртӕ, кувут мах тыххӕй+, цӕмӕй Йегъовӕйы ныхас+ тагъд парахат кӕна+ ӕмӕ, сымахмӕ куыд скадджын, афтӕ скадджын уа ӕндӕр рӕтты дӕр.  Стӕй кувут, цӕмӕй ӕвзӕргӕнджытӕ ӕмӕ фыдадӕмӕй+ хызт уӕм, уымӕн ӕмӕ уырнындзинад се ’ппӕтмӕ нӕй+.  Фӕлӕ нӕ Хицау иузӕрдион у, ӕмӕ уӕ уый бафидар кӕндзӕн ӕмӕ уӕ Фыдбылызӕй* бахиздзӕн+.  Мах, нӕ Хицауы фӕдылдзӕуджыты, сымахӕй фидар ныфс ис+, цы уын фӕдзӕхсӕм, уыдӕттӕ кӕй кӕнут ӕмӕ сӕ дарддӕр дӕр кӕй кӕндзыстут+.  Цӕй ӕмӕ уын амӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ Хицау уӕ зӕрдӕтӕ уымӕ аразӕд, цӕмӕй Хуыцауы уарзат+ ӕмӕ Чырыстийы сӕрвӕлтау фидар лӕууат+.  Не ’фсымӕртӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй уын фӕдзӕхсӕм+: цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ чи кӕны+ ӕмӕ, махӕй цӕуыл* сахуыр стут, уымӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры+, ахӕм ӕфсымӕртӕм хӕстӕг ма цӕут+.  Уӕхӕдӕг ӕй зонут, мах уын фӕзминаг цӕмӕй стӕм+, уый, уымӕн ӕмӕ уе ’хсӕн, чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ никуы кодтам+,  ӕмӕ сымахӕй къӕбӕр дӕр лӕвар никӕмӕ хордтам+. Фӕлӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй нӕ хид калгӕйӕ фыдӕбон кодтам+, цӕмӕй уӕ стыр хӕрдзтӕй макӕй батыхсын кодтаиккам+.  Уый бар нын бӕргӕ ис+, фӕлӕ афтӕ нӕ кӕнӕм, цӕмӕй уын фӕзминаг уӕм+. 10  Куы уӕм уыдыстӕм, уӕд уын фӕдзӕхсгӕ дӕр афтӕ бакодтам+: «Кусын кӕй нӕ фӕнды, уый хӕргӕ дӕр ма кӕнӕд»+. 11  Куыд фехъуыстам, афтӕмӕй сымахӕй чидӕртӕ кӕнынц, чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ+, кусгӕ ӕппындӕр нӕ кӕнынц, фӕлӕ сӕхи иннӕты хъуыддӕгты тъыссынц+. 12  Ахӕм адӕймӕгты нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй фӕдзӕхсӕм ӕмӕ сын зӕгъӕм, цӕмӕй сӕхицӕн сабырӕй кусой ӕмӕ, сӕхи фыдӕбонӕй цы къӕбӕр бакусой, уый хӕрой+. 13  Сымахӕн та, не ’фсымӕртӕ, хорз цы у, уый аразгӕйӕ уӕ ныфс ма асӕттӕд+. 14  Кӕд исчи, ацы фыстӕджы цы зӕгъӕм, уымӕ нӕ байхъуса+, уӕд ахӕммӕ та уӕ хъус лӕмбынӕг дарут+ ӕмӕ йемӕ мауал иу кӕнут+, цӕмӕй йӕхиуыл ӕрхуда+. 15  Ӕрмӕст ӕм знаджы цӕстӕй ма кӕсут, фӕлӕ йын дарддӕр дӕр, куыд уе ’фсымӕрӕн, афтӕ зонд амонут+. 16  Фарны Хицау уын йӕхӕдӕг алкӕддӕр ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр дӕттӕд фарн+. Нӕ Хицау уӕд уе ’ппӕтимӕ дӕр. 17  Мӕ салӕмттӕ уӕм ӕз, Павел, фыссын мӕхи къухӕй+. Уый у нысан мӕ алы фыстӕджы дӕр. Ӕз афтӕ фыссын. 18  Уе ’ппӕт дӕр нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй+ хайджын ут.

Фиппаинӕгтӕ

Ома Сайтанӕй.
Комк. «цы ӕгъдауыл».