Хуыздӕр кӕс ӕмӕ иннӕты арӕхстджындӕрӕй ахуыр кӕн. Видеороликтӕ

Архай, цӕмӕй хуыздӕр кӕсай ӕмӕ иннӕты арӕхстджындӕрӕй ахуыр кӕнай.

1 УРОК

Адӕймаджы бацымыдис кӕн

Цы у дӕ бон саразын, цӕмӕй, цы дзурыс, уымӕ иннӕтӕ лӕмбынӕг хъусой?

2 УРОК

Хуымӕтӕг ныхасы уаг

Дӕ бон куыд у афтӕ ныхас кӕнын, цӕмӕй дӕм чи хъусы, уыдон ма тыхсой?

3 УРОК

Фарстатӕ дӕтт

Дӕ бон куыд у фарстатӕ афтӕ дӕттын, цӕмӕй адӕймаджы бацымыдис кӕнай ӕмӕ йӕ фылдӕр базонын бафӕнда, стӕй сӕйраг хъуыдытӕ рахицӕн кӕнай?

4 УРОК

Стих бакӕсыны размӕ цы зӕгъӕн ис

Дӕ бон куыд у ныхасмӕхъусджыты бацӕттӕ кӕнын, цӕмӕй сын Библийӕ цы стих кӕсыс, уый фылдӕр пайда ӕрхӕсса?

5 УРОК

Раст кӕс

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй текст хъӕрӕй раст кӕсӕм?

6 УРОК

Бамбарын кӕн, стих цӕмӕн кӕсыс

Стих бакӕсыны фӕстӕ цы хъуамӕ саразай, цӕмӕй хъусджытӕ бамбарой, стих сын цӕмӕн бакастӕ, уый?

7 УРОК

Раст ӕмӕ ӕууӕнчы аккаг цы у, уый дзур

Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй, раст цы у, уый дзурай?

8 УРОК

Цӕвиттонты руаджы ахуыр кӕн

Куыд у нӕ бон ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгау цӕвиттонтӕй арӕхстджынӕй пайда кӕнын?

9 УРОК

Цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй раст пайда кӕн

Дӕ бон куыд у нывтӕй кӕнӕ цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй афтӕ пайда кӕнын, цӕмӕй дӕ хъусджытӕ сӕйраг хъуыдытӕ хуыздӕр бамбарой?

10 УРОК

Раст хъӕлӕсы уаг

Раст хъӕлӕсы уаг дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ ныхӕстӕ ӕнцонӕмбарӕн уой ӕмӕ дӕ хъусджыты зӕрдӕтӕ бацагайой?

11 УРОК

Зӕрдиагӕй дзур

Зӕрдиагӕй куы дзурай, уӕд дӕ хъусджыты зӕрдӕтӕ куыд бацагайдзынӕ ӕмӕ сӕ архайынмӕ куыд баразӕнгард кӕндзынӕ?

13 УРОК

Ӕмбарын кӕн, царды кӕм бахъӕудзӕн

Дӕ бон куыд у афтӕ дзурын, цӕмӕй хъусджытӕ бамбарой, цы сын дзурыс, уый сӕ царды кӕм бахъӕудзӕн ӕмӕ цы фехъуыстой, уымӕ гӕсгӕ архайӕн куыд ис, уый?

14 УРОК

Сӕйраг хъуыдытӕ-иу рахицӕн кӕн

Сӕйраг хъуыдытӕ-иу рахицӕн кӕн ӕмӕ-иу афтӕмӕй дӕ хъусджытӕн баххуыс кӕн, цӕмӕй-иу дӕм лӕмбынӕг хъусой, цы сын дзурыс, уый ӕмбарой ӕмӕ йӕ бахъуыды кӕной.

15 УРОК

Фидарӕй дзур

Дӕ бон куыд у раныхас дзургӕйӕ кӕнӕ хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ фидарӕй дзурын?

16 УРОК

Дӕ ныхас иннӕтӕн ныфсы хос уӕд

Цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу иннӕтӕн се ’ргом, уавӕр цӕй фӕрцы фӕхуыздӕр уыдзӕн, уымӕ раздахай ӕмӕ-иу сӕ ныфс бауадзай?

17 УРОК

Дӕ ныхас ӕнцонӕмбарӕн уӕд

Дӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизай, цӕмӕй дын иннӕтӕ дӕ ныхас ӕнцонтӕй ӕмбарой?

18 УРОК

Хъусджытӕн фылдӕр базонынӕн ӕххуыс кӕн

Дӕ бон куыд у дӕ хъусджыты хъуыдытыл бафтауын ӕмӕ сын баххуыс кӕнын, цӕмӕй ахсджиаг хабӕрттӕ базоной?

19 УРОК

Архай адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарыныл

Дӕ бон куыд у дӕ хъусджытӕн баххуыс кӕнын, цыдӕр аразын сӕ цӕмӕн хъуамӕ фӕнда, уый бамбарынӕн?

20 УРОК

Нысаныл чи ӕмбӕлы, ахӕм кӕронбӕттӕн

Ӕмбырды дын раныхас уа ӕви уацамынды ныхас кӕнай, уӕддӕр дӕ кӕронбӕттӕнӕн йӕ нысан цы хъуамӕ уа?

Чи зоны ма дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуа

ЧИНГУЫТӔ ӔМӔ БРОШЮРӔТӔ

Хуыздӕр кӕс ӕмӕ иннӕты арӕхстджынӕй ахуыр кӕн

Ацы брошюрӕ дын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн, цӕмӕй хуыздӕр арӕхсай иннӕты раз кӕсынмӕ, дзурынмӕ ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ.