Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Агур Хуыцауы Паддзахад, мулк нӕ, фӕлӕ

Агур Хуыцауы Паддзахад, мулк нӕ, фӕлӕ

«Агурут... [Хуыцауы] паддзахад, ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕй дӕр цух нӕ уыдзыстут» (ЛУК. 12:31).

ЗАРДЖЫТӔ: 40, 98

1. Ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цы фӕагуры, уыдӕттӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

ФӔЗӔГЪЫНЦ, зӕгъгӕ, адӕймаджы ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдон бирӕ не сты, йӕ зӕрдӕ цы фӕагуры, уыдӕттӕн та нымӕц дӕр нӕй. Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Адӕймаджы ӕнӕмӕнг цы хъӕуы? Цы бахӕра, йӕ уӕлӕ цы скӕна ӕмӕ кӕм цӕра, уый. Фӕлӕ йӕ зӕрдӕ арӕх фылдӕр цыдӕртӕ фӕагуры. Ӕмӕ бирӕтӕ не ’мбарынц, сӕ зӕрдӕ цы фӕагуры, уыдӕттӕ сӕ ӕнӕмӕнг кӕй нӕ хъӕуынц.

2. Адӕм арӕх цӕмӕ фӕбӕллынц?

2 Адӕм цӕмӕты фӕбӕллынц, уый бӕстӕйӕ бӕстӕмӕ хицӕн кӕны. Мӕгуыр бӕстӕты бирӕтӕн сӕ бӕллиц у, цӕмӕй сӕхицӕн телефон, мотоцикл кӕнӕ иу гыццыл зӕххы гӕбаз уӕддӕр самал кӕной. Хъӕздыг бӕстӕты та адӕмы фӕхъӕуы фылдӕр зынаргъ дзаумӕттӕ, стырдӕр хӕдзар кӕнӕ зынаргъдӕр машинӕ. Фӕлӕ кӕмфӕнды ма цӕрӕм, уӕддӕр нын тӕссаг у мулчы къӕппӕджы бахауынӕй, ӕндӕр ныхасӕй, ӕцӕгӕй нӕ цы нӕ хъӕуы ӕмӕ нӕ бон балхӕнын дӕр цы нӕу, ахӕм цӕмӕдӕрты бӕллын куы райдайӕм, уымӕй.

ДӔХИ ХИЗ, ЦӔМӔЙ МУЛКУАРЗАГ МА СУАЙ

3. Мулкуарзаг цавӕр адӕймаджы ис схонӕн?

3 Мулкуарзаг цавӕр адӕймаджы ис схонӕн? Ахӕм адӕймаг фылдӕр фӕхъуыды кӕны, Хуыцаумӕ куыд баввахс уа, ууыл нӕ, фӕлӕ фылдӕр мулк куыд скӕна, ууыл. Фӕцӕрынӕн ӕй цы хъӕуы, уыдӕттӕ йын фаг нӕ вӕййынц, ӕдзух фӕбӕллы фылдӕр цӕмӕдӕрты. Бирӕ ӕхца кӕмӕ нӕй ӕмӕ йӕ бон зынаргъ дзауматӕ ӕлхӕнын кӕмӕн нӕу, суанг ахӕм адӕймаг дӕр хатт свӕййы мулкуарзаг ӕмӕ йын Хуыцауы Паддзахад царды фыццаг бынаты нал вӕййы (Дзут. 13:5).

4. Хӕйрӕг «цӕстыты монцтӕ» куыд цырен кӕны?

4 Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕм цас фылдӕр уа, уыйас амондджындӕр уыдзыстӕм. Ӕмӕ нын уыцы хъуыды хъары, йӕ къухы чи ис, уыцы дунейы уылты. Хӕйрӕг тынг дӕсны у «цӕстыты монцтӕ» цырен кӕнынмӕ (1 Иоан. 2:15–17; Райд. 3:6; Ӕмб. 27:20). Зӕгъӕм, абон дуне йедзаг у рекламӕйӕ, ӕмӕ дзы цынӕ дзаумайӕ феппӕлынц, ахӕм нӕй. Ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕ ӕцӕгдӕр цӕст сӕхимӕ ӕлвасынц. Искуы дын афтӕ уыд, ӕмӕ цавӕрдӕр дзаума балхӕдтай, дуканийы йыл дӕ цӕст кӕй ӕрхӕцыд кӕнӕ йӕ рекламӕйы кӕй федтай, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй, фӕлӕ фӕстӕдӕр бамбӕрстай, ӕппындӕр дӕ кӕй ницӕмӕн хъӕуы? Ахӕм дзауматӕ куы ’лхӕнӕм, уӕд нӕ цард ӕнцондӕр нӕ, фӕлӕ зындӕр кӕндзӕн, нӕхиуыл ӕвӕрдзыстӕм уӕлдай уаргъ. Стӕй нын Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дӕр зындӕр уыдзӕн. Чи зоны нын Библи иртасынӕн ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнынӕн фаг рӕстӕг мауал уа. Стӕй ма, чи зоны, ӕмбырдтӕ цух кӕнын дӕр райдайӕм ӕмӕ уацамынды дӕр афтӕ арӕх мауал цӕуӕм. Рох дӕ ма уӕнт апостол Иоанны ныхӕстӕ: «Дуне дӕр фӕивгъуыйы ӕмӕ йӕ монцтӕ дӕр».

5. Мулк ӕмбырд кӕныныл чи фӕвӕййы, уыдонӕн сӕ хабар куыд рауайы?

5 Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй уӕм «хъӕздыгдзинады цагъартӕ», Йегъовӕйы цагъартӕ нӕ, фӕлӕ (Матф. 6:24). Мулк ӕмбырд кӕныныл чи фӕвӕййы, уыдонӕн сӕ цард сафтид вӕййы. Ахӕм адӕм ӕрмӕстдӕр сӕхи удыл мӕт кӕнын райдайынц. Фӕлӕ уымӕй фыддӕр та уый у, ӕмӕ Йегъовӕйыл дӕр нал феууӕндынц. Афтӕмӕй сӕхи бирӕ мӕстыты хай фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ цардӕй фӕфыдӕнхъӕл вӕййынц (1 Тим. 6:9, 10; Рарг. 3:17). Раст уый кой кодта Йесо, тауӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхас куы радзырдта, уӕд. Паддзахады хабар, дам, «сындзыты ’хсӕн» куы ’рхауы, уӕд, дам, «зӕрдӕйы ӕндӕр бӕллицтӕ бынат скӕнынц, ӕмӕ дзырд нал сырӕзы. Гъемӕ тыллӕг дӕр нӕ ратты» (Мар. 4:14, 18, 19).

6. Варухы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

6 Ӕркӕсӕм-ма пехуымпар Йеремийы писыр Варухы хабармӕ. Иерусалим хъуамӕ мӕнӕ-мӕнӕ ныппырх кодтаиккой, Варух та йӕхицӕн райдыдта «ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ домын». Фӕлӕ уыдӕттӕ йӕ къухы куы бафтыдаиккой, уӕддӕр – цыбыр рӕстӕгмӕ. Йегъовӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта ӕрмӕстдӕр иу хъуыддагӕй – йӕ цард ын кӕй бахъахъхъӕндзӕн, уымӕй (Йер. 45:1–5). Хуыцау фесафинаг цы горӕт уыд, уым никӕй мулк бахъахъхъӕнынмӕ хъавыд (Йер. 20:5). Абон дӕр хабар афтӕ у. Ацы дунейы кӕрон бонӕй-бонмӕ хӕстӕгдӕр кӕны, ӕмӕ ныр уый рӕстӕг нӕу, цӕмӕй нӕхицӕн мулк ӕмбырд кӕнӕм. Цы нӕм ис, уыдӕттӕ нӕ зӕрдӕйӕн цыфӕнды зынаргъ ма уой, уӕддӕр хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын сӕ Йегъовӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕг бахъахъхъӕндзӕн (Ӕмб. 11:4; Матф. 24:21, 22; Лук. 12:15).

7. Дарддӕр цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ цӕмӕн?

7 Уӕдӕ куыд хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕхи дӕр фӕдарӕм ӕмӕ, царды ӕппӕты сӕйрагдӕр цы у, уый дӕр ма рох кӕнӕм? Мулчы къӕппӕгӕй нӕхи куыд бахизӕм? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ цӕрынӕн цы хъӕуы, уыдӕттыл ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм? Чырысти уый фӕдыл радта ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕ (Матф. 6:19–21). Уӕдӕ бакӕсӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, Матфейы 6:25–34 цы фыст ис, ууыл. Уый фӕрцы ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм, мулк нӕ, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахад кӕй хъуамӕ агурӕм (Лук. 12:31).

ЙЕГЪОВӔ НЫН ДӔТТЫ, ЦӔРЫНӔН НӔ ЦЫ ХЪӔУЫ, УЫЙ

8, 9. а) Нӕхи цӕмӕй фӕдарӕм, ууыл ӕгӕр цӕуылнӕ хъуамӕ мӕт кӕнӕм? б) Йесо адӕмы тыххӕй ӕмӕ сӕ цӕрынӕн цы хъӕуы, уый тыххӕй цы зыдта?

8 Бакӕс Матфейы 6:25. Йесо зыдта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хӕринагыл ӕмӕ уӕлӕдарӕсыл кӕй мӕт кодтой. Ӕмӕ сын загъта, зӕгъгӕ, «уӕ удтыл мауал мӕт кӕнут». Ахӕм уынаффӕ сын дзӕгъӕлы нӕ радта, уымӕн ӕмӕ уыдон мӕт кодтой, мӕт кӕнын цӕуыл нӕ хъӕуы, ахӕм цӕуылдӕрты. Адӕймаг истӕуыл, суанг ахсджиаг хъуыддӕгтыл дӕр, ӕгӕр куы мӕт кӕна, уӕд дзы, сӕйрагдӕр цы у, уый айрох уыдзӕн. Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый бамбӕрстаиккой, ӕмӕ ма сӕ ноджыдӕр цыппар хатты бафӕдзӕхста (Матф. 6:27, 28, 31, 34).

9 Цымӕ Йесо цӕмӕн загъта, цӕмӕй, цы бахӕрӕм, цы бануазӕм ӕмӕ нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм, ууыл ма мӕт кӕнӕм? Ӕнӕ уыдӕттӕй нӕ бон фӕцӕрын у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕу. Ӕмӕ нын уыцы хабӕрттӕн ӕхца куы нӕ фаг кӕна, уӕд куыннӕ мӕт кӕндзыстӕм. Йесо дӕр уый ӕмбӕрста. Уый зыдта, адӕймаджы цӕрынӕн цы хъӕуы. Стӕй ма зыдта, «фӕстаг бонты [кӕй] скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг» ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзысты (2 Тим. 3:1). Зӕгъӕм, абон бирӕтӕн куыст ссарын зын у, стӕй ӕргътӕ дӕр уӕлӕмӕ хизынц. Бирӕ рӕтты адӕм афтӕ мӕгуыр цӕрынц, ӕмӕ сын, цы бахӕрой, уый дӕр нӕ вӕййы. Фӕлӕ ма Йесо уый дӕр зыдта, ӕмӕ «уд хӕринагӕй ӕмӕ уӕлӕдарӕсӕй зынаргъдӕр» у.

10. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын куы ахуыр кодта, уӕд цы загъта, царды сын ӕппӕты сӕйрагдӕр цы хъуамӕ уа, уый тыххӕй?

10 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уыцы уынаффӕ куы радта, уымӕй гыццыл раздӕр сын загъта, цӕмӕй сӕ уӕларвон Фыдӕй курой, цӕрынӕн сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Афтӕ, дам-иу кувут: «Ратт нын къӕбӕр абоны фаг» (Матф. 6:11). Фӕстӕдӕр та Йесо ахӕм ныхӕстӕ ногӕй загъта (Лук. 11:3). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр, нӕхи цӕмӕй фӕдарӕм, ууыл хъуыды кӕнӕм. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццаджыдӕр хъуамӕ кувӕм, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, уый тыххӕй, ӕмӕ уый фӕстӕ та – нӕхи цы хъӕуы, уыдӕтты тыххӕй (Матф. 6:10; Лук. 11:2). Цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ мауал мӕт кодтаиккой, уый тыххӕй сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Йегъовӕ, кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй алкӕуыл дӕр кӕй тыхсы.

11, 12. Йегъовӕ мӕргътыл куыд тыхсы, уый нын цӕуыл дзурӕг у? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

11 Бакӕс Матфейы 6:26. Ахъуыды-ма кӕнӕм «уӕларвон мӕргътыл». Кӕд гыццыл сты, уӕддӕр хӕргӕ бирӕ кӕнынц. Адӕймаджы йас куы уаиккой, уӕд уымӕй фылдӕр хӕриккой. Мӕргътӕ хӕрынц алыхуызон дыргътӕ, хоры нӕмгуытӕ, зулчъытӕ ӕмӕ уаллӕттӕ. Фӕлӕ сӕ уый тыххӕй зӕхх кусын нӕ хъӕуы. Йегъовӕ сын алцыдӕр дӕтты (Пс. 147:9). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хӕринаг сын сӕ дзыхты нӕ бавӕры! Хъуамӕ йӕ сӕхӕдӕг агурой. Фӕлӕ сын хӕринаг ис фагӕй фылдӕр.

12 Йесо фидарӕй зыдта: кӕд йӕ уӕларвон Фыд мӕргъты хӕринагцух нӕ уадзы, уӕд адӕмы дӕр уымӕй цух нӕ ныууадздзӕн 1 (1 Пет. 5:6, 7). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хӕринаг-иу нын нӕ разы тӕбӕгъы не ’рӕвӕрдзӕн. Фӕлӕ нын нӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ-иу, цы байтауӕм, уый тыллӕг ратдзӕн кӕнӕ та нӕ бон уыдзӕн къӕбӕры фаг ӕхца бакусын. Хъуаг куы ’ййафӕм, уӕд та йӕ бон у искӕй баразӕнгард кӕнын, цӕмӕй нын фӕхай кӕна, цы йӕм ис, уымӕй. Мӕргъты кой та куы ракӕнӕм, уӕд Йегъовӕ ууыл дӕр батыхст, цӕмӕй сын уа, кӕм цӕрой, уый. Ома куыд? Афтӕ сӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сӕ бон у сӕхицӕн ахстон скӕнын, стӕй йӕ цӕмӕй скӕной, уый дӕр сын ис. Уӕдӕ Йегъовӕ махӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын уа, кӕм цӕрӕм, уый.

13. Мӕргътӕй зынаргъдӕр кӕй стӕм, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕн ис?

13 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн мӕргъты кой куы ракодта, уӕд сӕ стӕй бафарста: «Сымах уыдонӕй зынаргъдӕр не стут?» Афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ йӕ зыдта, тагъд ӕппӕт адӕмы тыххӕй йӕ цард кӕй ратдзӕн. (Абар Лукайы 12:6, 7.) Чырысти йӕ цард мӕргъты кӕнӕ цӕрӕгойты тыххӕй нӕ радта. Уый амард мах тыххӕй, цӕмӕй нӕ бон уа ӕнустӕм цӕрын (Матф. 20:28).

14. Мӕт чи кӕны, уыцы адӕймагӕн йӕ бон цы нӕу?

14 Бакӕс Матфейы 6:27. Цымӕ Чырысти афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, куы мӕт кӕнат, уӕд уымӕй уӕ цардыл иу гыццыл дӕр нӕ бафтаудзыстут? Уымӕн ӕмӕ, куы мӕт кӕнӕм, уӕд фылдӕр нӕ фӕцӕрдзыстӕм. Раст зӕгъгӕйӕ, афтӕмӕй нӕ цард цыбырдӕр цы фӕуа, ӕндӕр даргъдӕр нӕ фӕуыдзӕн.

15, 16. а) Цы ис базонӕн, Йегъовӕ «быдыры дидинджытыл» куыд батыхст, уымӕй? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн?

15 Бакӕс Матфейы 6:28–30. Кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй йын рӕсугъд уӕлӕдарӕс уа? Махӕй алчидӕр уарзы хъусын кӕнынмӕ, ӕмбырдмӕ кӕнӕ конгресмӕ аив кондӕй цӕуын. Фӕлӕ уӕддӕр, нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ мӕт кӕнӕм? Чырысти нын ногӕй не ’ргом раздӕхта Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгтӕм, ацы хатт – «быдыры дидинджытӕм». Ӕвӕццӕгӕн, Йесо кодта гладиолустӕ, иристӕ, тюльпантӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм дидинджыты кой. Сӕхицӕн сӕ дзаумӕттӕ хуыйын нӕ хъӕуы, фӕлӕ ахӕм рӕсугъд сты, ӕмӕ Йесо загъта, зӕгъгӕ, «паддзах Соломоны хуызӕн хъӕздыг лӕг нӕ уыд, ӕмӕ-иу уый дӕр уыдоны хуызӕн рӕсугъд нӕ сарӕзта йӕхи»!

16 Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йесо дарддӕр цы загъта, ууыл: «Кӕд Хуыцау... кӕрдӕг афтӕ сфӕлынды, уӕд сымах ӕнӕ дарӕсӕй ныууадздзӕн?» Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Фӕлӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн уырнындзинад нӕ фаг кодта, уымӕн ӕмӕ сын афтӕ загъта: «Кӕм ис уӕ уырнындзинад?» (Матф. 8:26; 14:31; 16:8; 17:20). Уыдон хъуамӕ Йегъовӕйыл тынгдӕр ӕууӕндыдаиккой ӕмӕ ма дызӕрдыг кодтаиккой, кӕй сын ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл. Махӕй та цы зӕгъӕн ис? Фидарӕй ӕууӕндӕм, Йегъовӕйы махыл батыхсын фӕндгӕ дӕр кӕй кӕны ӕмӕ уый йӕ бон дӕр кӕй у?

17. Адӕймаг Йегъовӕйӕ цӕй аххосӕй адард вӕййы?

17 Бакӕс Матфейы 6:31, 32. Йегъовӕйы чи нӕ зоны, уыдонӕй бирӕтӕн сӕ мӕт ӕрмӕстдӕр ууыл у, цӕмӕй сӕм фылдӕр мулк ӕмӕ ӕхца уа. Фӕлӕ мах хъуамӕ уымӕй нӕхи хизӕм. Мулк ӕмбырд кӕныныл куы суӕм, уӕд Йегъовӕйӕ адард уыдзыстӕм. Мах зонӕм, нӕ уӕларвон Фыд нӕ кӕй уарзы ӕмӕ ныл кӕй тыхсы. Ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, йӕ Паддзахады хъуыддаг нын сӕйраг куы уа, уӕд нын йӕ хорздзинӕдтӕ кӕй не ’вгъау кӕндзӕн. Ӕмбарӕм ма уый дӕр, ӕмӕ «Хуыцауыл иузӕрдион» куы уӕм, уӕд нӕм цы ис, уымӕй райгонд уыдзыстӕм. «Хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрӕм, уый [нын] куы уа, уӕд уый фагыл нымайдзыстӕм» (1 Тим. 6:6–8).

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД ДЫН ЦАРДЫ ӔППӔТЫ СӔЙРАГДӔР У?

18. Йегъовӕ нӕ алкӕй тыххӕй дӕр цы зоны ӕмӕ ныл куыд батыхсдзӕн?

18 Бакӕс Матфейы 6:33. Хуыцауы Паддзахад нын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр куы уа, уӕд нын Йегъовӕ, цӕрынӕн нӕ цы хъӕуы, уый дӕтдзӕн. Йесо бамбарын кодта, ууыл фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм. Уый загъта: «Уӕ уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц». Йегъовӕ алкӕддӕр фӕзоны, цы дӕ хъӕуы, уый,– суанг ӕй дӕхӕдӕг дӕр куы нӕма бамбарыс, уӕд дӕр (Фил. 4:19). Йегъовӕ зоны, тагъд дӕ дзаумӕттӕй ивинаг кӕцы уыдзӕн, уый. Зоны йӕ, цавӕр хӕринӕгтӕ дӕ хъӕуы хӕрын. Стӕй ма зоны, дӕу ӕмӕ дӕ бинонты цӕрӕнбынат дӕр кӕй хъӕуы. Ӕмӕ Йегъовӕ батыхсдзӕн, цӕмӕй дын уа, ӕцӕгдӕр дӕ цы хъӕуы, уый.

19. Райсом цы уыдзӕн, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ мӕт кӕнӕм?

19 Бакӕс Матфейы 6:34. Йесо та ногӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Макуы катай кӕнут». Уый фӕнды, цӕмӕй хъуыды кӕнӕм абоны боныл ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ ныл кӕй батыхсдзӕн, ууыл. Райсом цы уыдзӕн, ууыл ӕгӕр куы мӕт кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ ныфс нӕхиуыл дарын райдайӕм, Хуыцауыл нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ афтӕмӕй та Йегъовӕйӕ адард уыдзыстӕм (Ӕмб. 3:5, 6; Фил. 4:6, 7).

ФЫЦЦАДЖЫДӔР АГУР ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД, ӔМӔ ДӔ ЙЕГЪОВӔ ЦУХ НИЦӔМӔЙ УАДЗДЗӔН

Дӕ бон нӕ уаид дӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы фылдӕр архайай? (кӕс 20 абзац)

20. а) Хуыцауы хъуыддаджы дӕ разы дӕ бон цавӕр нысан сӕвӕрын у? б) Дӕ бон куыд у дӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын?

20 Куыд ӕнӕзонд ми уаид, мулк ӕмбырд кӕныныл куы фӕуиккам ӕмӕ нӕ бон Йегъовӕйӕн ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнын куы нал уаид! Йегъовӕйӕн хъуамӕ дӕттӕм, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый. Цымӕ дӕ бон нӕ уаид, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ӕмбырдмӕ ахизын кӕнӕ пионерӕй лӕггад кӕнын? Кӕд пионер дӕ, уӕд та дӕ бон нӕ уаид Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъоламӕ ныффыссын? Чи зоны, дӕ бон у къуыри цалдӕр боны Вефилы кӕнӕ тӕлмацгӕнджыты офисы лӕггад кӕнын йе та Паддзахады залтӕ аразынӕн ӕххуыс кӕнын. Ахъуыды кӕн, дӕ бон куыд у дӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы фылдӕр архайын. Уый фӕдыл цалдӕр уынаффӕйы ссардзынӕ рамкӕйы «Дӕ бон куыд у дӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын». Йегъовӕмӕ скув, ӕмӕ афтӕмӕй ахъуыды кӕн, цы дӕ хъӕуы фӕивын, ууыл. Ӕмӕ стӕй уыцы ивындзинӕдтӕ кӕнгӕ дӕр скӕн, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта.

21. Йегъовӕмӕ цӕй фӕрцы ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм?

21 Чырысти нын хуымӕтӕджы нӕ загъта, цӕмӕй мулк нӕ, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахад агурӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ цӕрынӕн цы хъӕуы, уыдӕттыл ӕгӕр никуы мӕт кӕндзыстӕм. Нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд ӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Ацы дуне нын нӕ разы цы ӕвӕры ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цытӕ агуры, уыдӕттӕ ӕлхӕнынмӕ-иу нӕ фӕуыдзыстӕм, нӕ къух куы амона, уӕд дӕр. Нӕ цард ныр куы фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, Йегъовӕ нын зӕрдӕ кӕмӕй ӕвӕры, уыцы «ӕцӕг цардыл» фидар ныххӕцын (1 Тим. 6:19).

^ 1 12 абзац: хатгай чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты фаг хӕринаг нӕ вӕййы. Йегъовӕ уый цӕмӕн бауадзы, уый тыххӕй кӕс брошюрӕ «Рӕстдзинад кӕй ссардтай, уый дӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?», 22 фарс, «Кӕсджыты фарстатӕ» (bw550).