Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы Ныхасӕн ӕцӕгдӕр аргъ кӕныс?

Йегъовӕйы Ныхасӕн ӕцӕгдӕр аргъ кӕныс?

«Хуыцауы ныхас куы фехъуыстат, уӕд ӕй адӕймаджы ныхасыл нӕ банымадтат, фӕлӕ, ӕцӕгӕй цы у, ууыл – Хуыцауы ныхасыл» (1 ФЕС. 2:13).

ЗАРДЖЫТӔ: 96, 94

1–3. Еводи ӕмӕ Синтихийы ’хсӕн цы рауадаид ӕмӕ нӕхи ахӕм хабӕрттӕй куыд бахиздзыстӕм? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

ЙЕГЪОВӔЙЫ лӕггадгӕнджытӕ тынг аргъ кӕнынц Хуыцауы Ныхасӕн – Библийӕн. Не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын хатт Библийӕ уынаффӕ раттынц. Ӕмӕ ахӕм уынаффӕмӕ байхъусӕм? Ӕркӕсӕм-ма Еводи ӕмӕ Синтихийы хабармӕ. Ацы дыууӕ сылгоймаджы цардысты фыццаг ӕнусы ӕмӕ уыдысты сӕрст чырыстӕттӕ. Иуафон сӕ мыды къӕм бахауди. Цымӕ цӕмӕн? Библи уый тыххӕй бӕлвырдӕй ницы зӕгъы. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕнӕм, афтӕ цӕй тыххӕй рауадаид.

2 Чи зоны, хабар уыд афтӕ: Еводи ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты уазӕгуаты фӕхуыдта, ӕмӕ дзӕбӕх фӕбадтысты, сӕ рӕстӕг дзӕбӕх арвыстой. Ӕмӕ Синтихийы та нӕ фӕхуыдта. Синтихийӕн уыцы хабар йӕ хъустыл куы ӕруад, уӕд ӕм хъыг фӕкаст ӕмӕ ахъуыды кодта: «Кӕс-ма, мӕн куыннӕ фӕхуыдта! Ӕз та йӕ мӕ хуыздӕр ӕмбалыл нымадтон». Гъемӕ Еводийыл фестырзӕрдӕ ӕмӕ йӕм зулцӕстӕй кӕсын райдыдта. Стӕй ма афтӕ дӕр бакодта, ӕмӕ, Еводимӕ чи уыд, уыцы ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты фӕхуыдта, Еводийы та – нӕ. Ацы дыууӕ хойы ’хсӕн цы рауад, уый ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр масты хос фӕци. Хабар цӕуыл аскъуыддзаг, уый Библийы фыст нӕй. Фӕлӕ апостол Павел Еводийӕн ӕмӕ Синтихийӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ, ӕвӕццӕгӕн, байхъуыстой ӕмӕ дарддӕр Йегъовӕйӕн зӕрдӕрухсӕй лӕггад кодтой (Фил. 4:2, 3).

3 Абон дӕр иуӕй-иу хатт ӕмбырдты ахӕм хабӕрттӕ ӕрцӕуы. Фӕлӕ Библимӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд-иу ӕппынфӕстаг уӕддӕр нӕ кӕрӕдзи бамбардзыстӕм кӕнӕ та-иу ахӕм хабӕрттӕ не ’хсӕн ӕппындӕр никуы рауайдзӕн. Йегъовӕйы Ныхасӕн ӕцӕгдӕр куы аргъ кӕнӕм, уӕд йӕ амындтӕм гӕсгӕ цӕрдзыстӕм (Пс. 27:11).

БИБЛИ НЫН ӔХХУЫС КӔНЫ, ЦӔМӔЙ НЕ ’НКЪАРӔНТЫЛ НӔ БАР ЦӔУА

4, 5. Цӕмӕй не ’нкъарӕнтыл нӕ бар цӕуа, уый фӕдыл Библийы цавӕр уынаффӕтӕ ис?

4 Афтӕ нӕм куы фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ чидӕр бафхӕрдта кӕнӕ нӕ ницӕмӕ ӕрдардта, уӕд хатгай не ’нкъарӕнтыл нӕ бар нал фӕцӕуы. Нӕ адӕмыхатты, нӕ буары хуызы кӕнӕ нӕм ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй ӕвзӕр цӕстӕй куы ракӕсынц, уӕд нын уый тынг хъыг вӕййы. Ӕмӕ ма афтӕ чырыстӕттӕй исчи куы бакӕны, уӕд уый адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ бынтон скъахы! Ахӕм уавӕрты куыд кӕнгӕ у, уый фӕдыл Библийы цавӕр уынаффӕтӕ ис?

5 Зӕххыл адӕм кӕдӕй сты, уӕдӕй Йегъовӕ кӕсы, цы кусынц ӕмӕ куыд цӕрынц, уымӕ. Ӕмӕ йӕ хорз зоны, адӕймагӕн йе ’нкъарӕнтыл йӕ бар куы нӕ фӕцӕуы, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕны. Мӕстыйӕ цы фӕзӕгъӕм кӕнӕ цы саразӕм, ууыл фӕстӕдӕр фӕфӕсмон кӕнӕм. Библи нын уынаффӕ дӕтты, цӕмӕй нӕхиуыл хӕцын зонӕм ӕмӕ-иу уайтагъд ма фӕтӕргай уӕм. Ацы уынаффӕтӕ адӕймаджы бирӕ мӕстытӕй бахизынц. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 16:32; Екклесиаст 7:9.) Библийы ма фыст ис, хатыр кӕнын дӕр кӕй хъуамӕ зонӕм. Йесо загъта, зӕгъгӕ, дам, иннӕтӕн куы нӕ хатыр кӕнат, уӕд уын Йегъовӕ дӕр нӕ хатыр кӕндзӕн (Матф. 6:14, 15). Мыййаг дын хатыр кӕнын зын у? Мыййаг дӕ фылдӕр бацархайын нӕ хъӕуы, цӕмӕй де ’нкъарӕнтыл дӕ бар цӕуа?

6. Нӕ зӕрдӕйы маст цӕуылнӕ хъуамӕ хӕссӕм?

6 Йе ’нкъарӕнтыл йӕ бар кӕмӕн нӕ фӕцӕуы, уыдон арӕх сӕ зӕрдӕйы маст хӕссын райдайынц ӕмӕ ма, мӕсты кӕмӕ сты, уымӕй сӕ удхӕссӕг дӕр фенынц. Уый тыххӕй ма сӕ иннӕтӕ дӕр сӕхи дард ласын райдайынц. Йӕ зӕрдӕ мастӕй йедзаг кӕмӕн у, ахӕм чырыстон, гӕнӕн ис, ӕмӕ иннӕты дӕр йӕ зондыл араза. Ахӕм ӕнкъарӕнтӕ цасфӕнды куы ’мбӕхса, уӕддӕр ӕппынфӕстаг «ӕмбырды раргом уыдзысты» (Ӕмб. 26:24–26). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у ахӕм адӕймагӕн баххуыс кӕнын. Хъуамӕ йын равдисой, искӕмӕ дӕ зӕрдӕйы маст хӕссай ӕмӕ дзы де сӕфт уынай, уымӕн Хуыцауы организацийы бынат кӕй нӕй. Библи уый ӕргом дзуры (Лев. 19:17, 18; Ром. 3:11–18). Разы дӕ Хуыцауы Ныхасимӕ?

ЙЕГЪОВӔ НЫН РАЗАМЫНД ДӔТТЫ

7, 8. а) Йегъовӕ йӕ организацийы зӕххон хайӕн разамынд куыд дӕтты? б) Хуыцауы Ныхасы цавӕр амындтӕ ис ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

7 Йегъовӕ, йӕ организацийы зӕххон хайы чи ис, уыдонӕн разамынд дӕтты ӕмӕ сӕ ахуыр кӕны. Куыд? Йегъовӕ Йесойы сӕвӕрдта ӕмбырды сӕргъы, Йесо та сӕвӕрдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары», цӕмӕй Хуыцауы адӕмӕн дӕтта разамынд ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг (Матф. 24:45–47; Еф. 5:23). Фыццаг ӕнусы разамонӕг советау, ӕууӕнкджын цагъар дӕр тынг аргъ кӕны Библийӕн, уымӕн ӕмӕ ацы чиныг у Хуыцауы Ныхас. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 2:13.) Уӕдӕ Библийы махӕн цавӕр амындтӕ ис?

8 Библи нын дзуры, цӕмӕй ӕмбырдтӕ ма цух кӕнӕм (Дзут. 10:24, 25). Фӕдзӕхсы нын, цӕмӕй не ’ппӕт дӕр уыцы иу ахуырӕдтыл ӕууӕндӕм (1 Кор. 1:10). Разӕнгард нӕ кӕны Хуыцауы Паддзахад нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрынмӕ (Матф. 6:33). Хуыцауы Ныхасы ма фыст ис, хорз хабар кӕй хъуамӕ хъусын кӕнӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм бынӕтты ӕмӕ, адӕмыл кӕмфӕнды ма ӕмбӕлӕм, уым (Матф. 28:19, 20; Хъуыд. 5:42; 17:17; 20:20). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн та фӕдзӕхсы, цӕмӕй йын йӕ организацийы сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕной (1 Кор. 5:1–5, 13; 1 Тим. 5:19–21). Стӕй ма Йегъовӕ не ’ппӕтӕн дӕр дзуры, цӕмӕй нӕ буӕрттӕ сыгъдӕг дарӕм ӕмӕ йын ӕнад цы хъуыдытӕ ӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдонӕй нӕхи хизӕм (2 Кор. 7:1).

9. Йесо нын Хуыцауы Ныхас ӕмбарынӕн кӕй уылты ӕххуыс кӕны?

9 Кӕмӕдӕрты афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕхи бон дӕр у Библи бамбарын. Фӕлӕ Йесо Чырысти ӕрмӕстдӕр ӕууӕнкджын цагъары уылты дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. 1919 азӕй фӕстӕмӕ Йесо уыцы цагъары уылты йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ӕххуыс кӕны Хуыцауы Ныхас ӕмбарынӕн ӕмӕ йӕ амындтӕм гӕсгӕ архайынӕн. Уыцы амындтӕм гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд ӕмбырд уыдзӕн сыгъдӕг, стӕй дзы уыдзӕн фарн ӕмӕ иудзинад. Уӕдӕ нӕ алчидӕр ахъуыды кӕнӕд: «Ӕз та Йесойыл иузӕрдион дӕн ӕмӕ ӕууӕнкджын цагъары разамындмӕ хъусын?»

ЙЕГЪОВӔЙЫ УӔЛАРВОН УӔРДОН РАЗМӔ ТӔХЫ!

10. Йезекилы чиныджы Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай куыд ӕвдыст у?

10 Йегъовӕйы Ныхасӕй базонӕн ис йӕ организацийы уӕларвон хайы тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, пехуымпар Йезекил цӕстылуайӕны федта уӕларвон уӕрдон – уыцы уӕрдон ӕвдисы Хуыцауы организацийы уӕларвон хай (Йез. 1:4–28). Йегъовӕ бады йӕ уӕрдоны, ӕмӕ, йӕхи кӕцырдӕм фӕфӕнды, уыцырдӕм ӕй фӕзилы. Йӕ организацийы уӕларвон хай та ӕнгом баст у йӕ зӕххон хаимӕ. Уыцы уӕрдон иу ран нӕ лӕууы! Ахъуыды-ма кӕн, фӕстаг дӕс азы цас ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, ууыл! Ӕмӕ уыцы ивындзинӕдтӕ иууылдӕр сты Йегъовӕйы фӕндӕй. Тагъд Чырысти ӕмӕ сыгъдӕг зӕдтӕ ацы фыддунейӕн кӕрон скӕндзысты. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы сыгъдӕг ном срухс уыдзӕн ӕмӕ, Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый сбӕлвырд уыдзӕн!

Аразджытӕ сӕхиуыл нӕ ауӕрдынц, ӕмӕ сын мах тынг аргъ кӕнӕм! (кӕс 11 абзац)

11, 12. Ацы фӕстаг бонты Йегъовӕйы организацийӕн цы бантыст?

11 Ахъуыды-ма кӕнӕм, Хуыцауы организацийы зӕххон хайӕн ацы фӕстаг бонты цас бантыст, ууыл. Арӕзтад. Сӕдӕгай кусджытӕ зӕрдиагӕй фыдӕбон кодтой, цӕмӕй сарӕзтаиккой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ног сӕйраг хайад Уорвичы (штат Нью-Йорк, АИШ). Мингай барвӕндон кусджытӕ та алы бӕстӕты аразынц Паддзахады залтӕ ӕмӕ филиалтӕ. Разамынд сын дӕтты проектты ӕмӕ арӕзтады ӕппӕтдунеон хайад. Уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй тынг бузныг стӕм! Цӕмӕй ахӕм агъуыстытӕ аразынӕн ӕхца уа, уый тыххӕй ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сӕ мысайнӕгтӕ не ’вгъау кӕнынц. Ӕмӕ ахӕм сӕрныллӕг ӕмӕ иузӕрдион кӕй сты, уый тыххӕй сын Йегъовӕ арфӕ кӕны (Лук. 21:1–4).

12 Ахуырад. Йегъовӕ йӕ адӕмы тынг зӕрдиагӕй ахуыр кӕны (Ис. 2:2, 3). Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, нӕ организацийы цавӕр скъолатӕ ис: Пионерты скъола, Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола, Галаады скъола, Ног вефилӕгты скъола, Скъола районон цӕстдарджытӕн ӕмӕ сӕ устытӕн, Хистӕр нӕлгоймӕгты скъола, Бӕрнон ӕфсымӕрты скъола ӕмӕ Скъола филиалты комитетты уӕнгтӕн ӕмӕ сӕ устытӕн. Йегъовӕ ма нӕ ахуыр кӕны нӕ сайты фӕрцы дӕр. Ссарӕн дзы ис литературӕ цалдӕр сӕдӕ ӕвзагыл. Ис дзы ӕрмӕг сывӕллӕттӕн ӕмӕ бинонтӕн, стӕй дзы бакӕсӕн вӕййы, ногӕй нӕм цы ис, уый тыххӕй дӕр. Ды та дӕ лӕггады ӕмӕ дӕ бинонты ахуыры рӕстӕг нӕ сайтӕй пайда кӕныс?

ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ИУЗӔРДИОН У ӔМӔ ЙЫН ЙӔ ОРГАНИЗАЦИЙЫ РАЗАМЫНДМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ

13. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытыл цавӕр хӕс ис?

13 Йегъовӕйы организацийы кӕй стӕм, уый нын стыр кад куыннӕ у! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ кӕй зонӕм, уымӕ гӕсгӕ ныл ис хӕс, цӕмӕй йӕ коммӕ кӕсӕм ӕмӕ, раст цы у, уый аразӕм. Ацы дуне хӕлдӕй-хӕлддӕр кӕны, ӕмӕ мах та хъуамӕ «ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынӕм», Йегъовӕ дзы куыд уыны йе сӕфт, афтӕ (Пс. 97:10). Хуыцау кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмы хуызӕн «хорз ӕвзӕр» нӕ хонӕм, «ӕвзӕр та – хорз» (Ис. 5:20). Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын нӕ кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ архайӕм, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр уӕм сыгъдӕг (1 Кор. 6:9–11). Мах уарзӕм Йегъовӕйы ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм, стӕй йыл стӕм иузӕрдион. Ӕмӕ нӕ иузӕрдиондзинад бӕрӕг у, йӕ Ныхасы цы бӕлвырд уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ кӕмфӕнды дӕр кӕй архайӕм, уымӕй: фӕнды хӕдзары уа, фӕнды ӕмбырды, фӕнды куысты, фӕнды скъолайы (Ӕмб. 15:3). Нӕ иузӕрдиондзинад ма ноджыдӕр цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

14. Ныййарджытӕн сӕ иузӕрдиондзинад цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

14 Нӕ сывӕллӕтты куыд хъомыл кӕнӕм. Библийы Йегъовӕ ныффыссын кодта, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты куыд хъуамӕ хъомыл кӕной, уый. Чырыстӕттӕ хъуамӕ къӕрцхъус уой, цӕмӕй сыл бынӕттон ӕгъдӕуттӕ ма фӕзыной. Ацы дунейы зондахастӕн чырыстон бинонты ’хсӕн бынат нӕй (Еф. 2:2). Кӕд фыд чырыстон у, уӕд афтӕ нӕ хъуыды кӕндзӕн, махмӕ сывӕллӕтты сылгоймӕгтӕ хъомыл кӕнынц, зӕгъгӕ. Библи комкоммӕ дзуры: «Фыдӕлтӕ... уӕ сывӕллӕтты... хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут» (Еф. 6:4). Хуыцауы чи уарзы, уыцы фыд ӕмӕ мады фӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕ уа сӕ хӕлар, гыццыл Самуилӕн куыд уыд йӕ хӕлар, афтӕ (1 Сам. 3:19).

15. Ахсджиаг уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ нӕ бон куыд у, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый равдисын?

15 Уынаффӕтӕ куыд рахӕссӕм. Ахсджиаг уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ нӕ иузӕрдиондзинад равдисдзыстӕм, Хуыцауӕй ӕххуыс куы курӕм, уӕд. Уыцы хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзысты Хуыцауы Ныхас ӕмӕ йӕ организаци. Аныхас кӕнӕм иу хъуыддагыл. Иуӕй-иу ныййарджытӕ ацӕуынц ӕндӕр бӕстӕтӕм ӕхца бакусынмӕ. Ӕмӕ сын сывӕллон куы райгуыры, уӕд ӕй сӕ бӕстӕмӕ сӕ ныййарджытӕм арвитынц, сӕхӕдӕг та дарддӕр фӕкусынц, кӕдӕм ацыдысты, уыцы бӕстӕйы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хъуыддаг алчидӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдоны тыххӕй Хуыцауы раз дзуапп кӕй дӕттӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 14:12). Уӕдӕ цалынмӕ нӕ бинонтимӕ ӕмӕ нӕ куыстимӕ баст фарстатӕ аскъуыддзаг кӕнӕм, уӕдмӕ уал хъуамӕ Библимӕ ’ркӕсӕм. Мах ӕнӕмӕнг хъӕуы нӕ уӕларвон Фыды ӕххуыс, уымӕн ӕмӕ нӕ къахдзӕфтыл нӕ бар нӕ цӕуы (Йер. 10:23).

16. Иу сылгоймаджы цавӕр уынаффӕ хъуыди рахӕссын ӕмӕ йын цы баххуыс кодта?

16 Афтӕ иу лӕг ӕмӕ ус ӕндӕр бӕстӕмӕ куы ацыдысты, уӕд сын уым лӕппу райгуырд. Ӕмӕ сывӕллоны сӕ ныййарджытӕм ӕрвитинаг уыдысты. Уыцы рӕстӕг усимӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй чидӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Сылгоймаг базыдта, Хуыцауы раз ыл хӕс кӕй ис, цӕмӕй йӕ сывӕллоны Йегъовӕйы фӕндагыл сӕвӕра (Пс. 127:3; Ӕмб. 22:6). Гъемӕ, Библи куыд зӕгъы, афтӕ, Йегъовӕмӕ фӕкуывта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид раст уынаффӕ рахӕссынӕн (Пс. 62:7, 8). Стӕй ма аныхас кодта, йемӕ Библи чи ахуыр кодта, уыимӕ дӕр ӕмӕ ма ӕмбырдӕй кӕимӕдӕрты. Кӕд ын йӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ тыхӕй дӕр сывӕллоны сӕхимӕ ӕрвитын кодтой, уӕддӕр ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыд, зӕгъгӕ, уый раст нӕ уыдзӕн. Йӕ сӕрыхицау куы федта, ӕмбырд ын йӕ бинойнагӕн дӕр ӕмӕ йӕ сывӕллонӕн дӕр куыд ӕххуыс кӕны, уӕд уый дӕр Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта. Уыцы сылгоймаг бамбӕрста, Йегъовӕ йын йӕ куывдтытӕ кӕй фехъуыста, ӕмӕ ма йӕ цинӕн кӕрон кӕм уыд!

17. Искӕимӕ Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд цавӕр разамындмӕ гӕсгӕ хъуамӕ архайӕм?

17 Разамындмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм. Кӕд Хуыцауыл ӕцӕгдӕр иузӕрдион стӕм, уӕд хъусдзыстӕм, йӕ организаци нын цы разамынд дӕтты, уымӕ. Цӕвиттонӕн райсӕм, адӕймагимӕ Библи куыд хъуамӕ ахуыр кӕнӕм, уый фӕдыл нын цы амындтӕ дӕтты, уыдон. Зӕгъӕм, кӕимӕдӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдтам ӕмӕ бӕрӕг у, дарддӕр кӕй ахуыр кӕндзыстӕм. Уӕд алы ахуыры фӕстӕ дӕр нӕ бон у цалдӕр минуты рахицӕн кӕнын, цӕмӕй йӕ нӕ организациимӕ зонгӕ кӕнӕм. Ис ын равдисӕн видеоролик «Паддзахады залы цы вӕййы?». Стӕй йемӕ равзар брошюрӕ «Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?». Адӕймагимӕ Библи ахуыр кӕнын куы фӕуӕм ӕмӕ йӕ уырнындзинад куы рӕза, уӕд дарддӕр йемӕ хъӕуы чиныг «Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн» сахуыр кӕнын, кӕд уӕдмӕ донаргъуыд райса, уӕддӕр. Йегъовӕйы организаци ахӕм разамынд дӕтты, цӕмӕй ног ахуыргӕнинӕгтӕ «уырнындзинады ӕрфидар уой» (Кол. 2:7). Ды дӕр ацы разамындмӕ гӕсгӕ архайыс?

18, 19. Йегъовӕйӕ бузныг цӕй тыххӕй хъуамӕ уӕм?

18 Йегъовӕйӕ бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй хъуамӕ уӕм бузныг. Цӕргӕ дӕр уый фӕрцы кӕнӕм, ӕнӕ уымӕй нӕ бон змӕлын дӕр нӕ уыдаид, ӕмӕ уӕвгӕ дӕр нӕ уыдаиккам (Хъуыд. 17:27, 28). Йегъовӕ ма нын радта тынг зынаргъ лӕвар – йӕ Ныхас Библи. Ӕмӕ фессалоникаг чырыстӕттау мах дӕр уыцы лӕварӕн тынг аргъ кӕнӕм (1 Фес. 2:13).

19 Хуыцауы Ныхасы фӕрцы Йегъовӕмӕ баввахс стӕм, ӕмӕ уый та махмӕ ӕрбаввахс (Иак. 4:8). Нӕ уӕларвон Фыд нӕ ахӕм стыр кады аккаг скодта, ӕмӕ стӕм йӕ организацийы. Уыцы арфӕдзинӕдты тыххӕй дзы тынг бузныг стӕм! Псаломзарӕггӕнӕг тынг рӕсугъд ныхӕстӕ загъта: «Арфӕ кӕнут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ уый у хӕларзӕрдӕ. Уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт!» (Пс. 136:1). 136-ӕм псаломы дыууын ӕхсӕз хатты ӕмбӕлы ахӕм ныхӕстӕ, «ӕнустӕм у йе ’нувыд уарзт», зӕгъгӕ. Ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд ацы ныхӕстӕ нӕхиуыл бавзардзыстӕм, уымӕн ӕмӕ цӕрдзыстӕм ӕнустӕм!