Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ сӕ талынгӕй ракодта

Йегъовӕ сӕ талынгӕй ракодта

«[Йегъовӕ уӕ] талынгӕй... ракодта ӕмӕ уӕ йӕ диссаджы рухсмӕ... ӕрхуыдта» (1 ПЕТ. 2:9).

ЗАРДЖЫТӔ: 95, 74

1. Вавилойнӕгтӕ Иерусалиммӕ куы бабырстой, уӕд дзы цытӕ бакодтой?

НӔ ЭРӔЙЫ размӕ 607 азы Вавилоны паддзах Навуходоносор Дыккаг йе стыр ӕфсадимӕ бабырста Иерусалиммӕ. Адӕмӕн дзы цытӕ бакодта, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Се ’рыгон лӕппуты [сын] сӕ кувӕндоны мидӕг хъамайӕ амардта. Ӕмӕ нӕдӕр ӕрыгон лӕппутыл бацауӕрста, нӕдӕр чызджытыл, нӕдӕр зӕрӕдтыл ӕмӕ нӕдӕр, йӕ бон кӕмӕн ницыуал уыд, ахӕм адӕмыл. Ӕцӕг Хуыцауы хӕдзар басыгъта ӕмӕ Иерусалимӕн йӕ къул ныппырх кодта. Стӕй йын йӕ цӕрӕн мӕсгуытӕ се ’ппӕт дӕр ӕмӕ дзы зынаргъ дзаумайӕ цыдӕриддӕр уыди, уыдон дӕр басыгътой, гъемӕ горӕтӕй ницыуал ныууагътой» (2 Аз. 36:17, 19).

2. Йегъовӕ дзуттӕгты цӕмӕй фӕдзӕхста ӕмӕ сӕм цы ӕнхъӕлмӕ каст?

2 Иерусалим кӕй ныппырх кодтой, уый дзуттӕгтӕм хъуамӕ диссаг ма фӕкастаид. Хуыцау сӕм бирӕ азты дӕргъы йӕ пехуымпарты ӕрвыста, цӕмӕй сӕ фӕдзӕхстаиккой. Уыдон сын дзырдтой, Йегъовӕмӕ дарддӕр дӕр куы нӕ хъусой, уӕд сӕ вавилойнӕгты къухмӕ кӕй ратдзӕн, ӕмӕ дзы уыдон бирӕты карды комӕй кӕй ныццӕгъддзысты ӕмӕ, чи аирвӕза, уыдоны та Вавилонмӕ уацары кӕй акӕндзысты (Йер. 15:2). Цымӕ сын уым цавӕр цард уыд? Цымӕ чырыстӕттӕй дӕр ис зӕгъӕн, ӕмӕ ахӕм уацары уыдысты? Кӕд о, уӕд уый кӕд уыди?

УАЦАРЫ КУЫД ЦАРДЫСТЫ

3. Израилӕгтӕ Вавилоны уацары куыд цардысты ӕмӕ уый куыд хицӕн кодта, Египеты цагъартӕ куы уыдысты, уымӕй?

3 Пехуымпарты ныхӕстӕ сӕххӕст сты. Уацары кӕй хъуамӕ акодтаиккой, уыдонӕн Хуыцау Йеремийы уылты загъта, цӕмӕй ног уавӕрты цӕрын сахуыр уыдаиккой: «Хӕдзӕрттӕ аразут ӕмӕ дзы цӕрут, дыргъдӕттӕ скӕнут ӕмӕ сын сӕ дыргъ хӕрут. Тырнут, цӕмӕй уӕ уацары цы горӕтмӕ акӕнын кодтон, уыцы горӕты уа фарн. Ӕмӕ Йегъовӕмӕ кувут уыцы горӕты тыххӕй, уымӕн ӕмӕ уым фарн куы уа, уӕд сымахмӕ дӕр фарн уыдзӕн» (Йер. 29:5, 7). Йегъовӕйы ныхасмӕ чи байхъуыста, уыдон Вавилоны афтӕ ӕвзӕр дӕр нӕ цардысты. Уыди сын кусыны бар, стӕй сӕ бон уыд уыцы бӕстӕйы кӕдӕмфӕнды дӕр цӕуын. Уыцы заман Вавилоны базары куыст тынг хорз цыди. Рагон документтӕй бӕрӕг у, уацары цы дзуттӕгтӕ уыд, уыдон базары куыст кӕныныл кӕй сахуыр сты, стӕй сӕ бирӕтӕ кӕй систы хорз ӕрмгуыстгӕнджытӕ. Иуӕй-иу дзуттӕгтӕ хъӕздыг дӕр систы. Уымӕй ӕнустӕ раздӕр Египеты цагъартӕ чи уыдысты, уыцы израилӕгтӕн сӕ цард бирӕ зындӕр уыд, Вавилоны уацары чи уыд, уыдоны цардӕй. (Бакӕс Рацыд 2:23–25.)

4. Йегъовӕйыл иузӕрдион чи нӕ уыд, уыцы дзуттӕгтимӕ ма зындзинӕдтӕ чи ӕвзӕрста ӕмӕ сӕ бон цӕуылнӕ уыд Закъонӕй алцыдӕр ӕххӕст кӕнын?

4 Дзуттӕгтӕн уацары цардамӕлттӕ кӕныны фадӕттӕ уыди. Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕйӕн кувын та сӕ бон уыд? Йегъовӕйы кувӕндон ӕмӕ нывондхӕссӕн уыдысты пырх, ӕмӕ сауджынтӕн сӕ бон нал уыд, куыд ӕмбӕлд, афтӕ лӕггад кӕнын. Уацары цы дзуттӕгтӕ уыд, уыдонӕй чидӕртӕ уыдысты Хуыцауыл иузӕрдион ӕмӕ ахӕмӕй ницы сарӕзтой, цӕмӕй ӕфхӕрд баййӕфтаиккой. Фӕлӕ уыдон дӕр иннӕтимӕ зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстой. Кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр, сӕ бон цы уыд, уый арӕзтой, цӕмӕй Хуыцауы Закъон ӕххӕст кодтаиккой. Уыцы дзуттӕгтӕ, зӕгъӕм, Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы – Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго,– дзуттӕгтӕн чи не ’мбӕлд, ахӕм хӕринӕгтӕ хӕрын нӕ бакуымдтой. Стӕй йӕ зонӕм, Данел-иу ӕдзухдӕр Хуыцаумӕ кӕй куывта (Дан. 1:8; 6:10). Фӕлӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмы дӕлбар кӕй уыдысты, уый аххосӕй иузӕрдион дзуттӕгтӕн сӕ бон нӕ уыд Моисейы закъонӕй алцыдӕр ӕххӕст кӕнын.

5. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ уый диссаг цӕмӕн уыд?

5 Цымӕ та израилӕгтӕ искуы Хуыцауӕн, куыд сын бафӕдзӕхста, афтӕ лӕггад кӕндзысты? Уыцы рӕстӕг уый никӕй бауырныдтаид, уымӕн ӕмӕ-иу вавилойнӕгтӕ сӕ уацайрӕгты никуы ссӕрибар кодтой. Фӕлӕ Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ адӕмы кӕй ссӕрибар кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ ныхас сӕххӕст кодта. Хуыцау цы фӕзӕгъы, уый алкӕддӕр сӕххӕст вӕййы! (Ис. 55:11).

ЧЫРЫСТӔТТӔ ИСКУЫ ВАВИЛОНЫ УАЦАРЫ УЫДЫСТЫ?

6, 7. Сӕрст чырыстӕттӕ Стыр Вавилоны уацары кӕд бахаудысты, уыцы фарстамӕ нӕ ногӕй ӕркӕсын цӕмӕн бахъуыд?

6 Цымӕ чырыстӕттӕ дӕр искуы Вавилоны уацары уыдысты? Бирӕ азты дӕргъы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» дзырд цыди, иузӕрдион чырыстӕттӕ Вавилоны уацары кӕй бахаудысты 1918 азы ӕмӕ дзы кӕй ссӕрибар сты 1919 азы. Фӕлӕ ацы ӕмӕ иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, ацы фарстамӕ нӕ ногӕй ӕркӕсын цӕмӕн бахъуыд, уый.

7 Ахъуыды-ма кӕнӕм: Стыр Вавилонмӕ хауынц мӕнг динтӕ иууылдӕр. Ӕмӕ кӕд Хуыцауы адӕм 1918 азы йӕ уацары бахаудысты, уӕд уый хъуамӕ цӕмӕйдӕр бӕрӕг уыдаид. Фӕлӕ хабӕрттӕй куыд зыны, афтӕмӕй, сӕрст чырыстӕттӕ мӕнг динты уацарӕй сӕрибар кӕнын райдыдтой Фыццаг дунеон хӕстӕй бирӕ раздӕр. Уыцы рӕстӕджы сӕрст чырыстӕттӕн сӕ фӕдыл зылдысты, фӕлӕ сӕ ныхмӕ мӕнг динтӕ нӕ, фӕлӕ сӕйраджыдӕр хицӕуттӕ цыдысты. Уӕдӕ куыд зыны, афтӕмӕй Йегъовӕйы адӕм Стыр Вавилоны уацары 1918 азы нӕ бахаудысты.

ХУЫЦАУЫ АДӔМ ВАВИЛОНЫ УАЦАРЫ КӔД БАХАУДЫСТЫ?

8. Апостолты мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцыд? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

8 Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны цалдӕр мин ног чырыстоны сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты. Уыцы чырыстӕттӕ систы «ӕвзӕрст мыггаг, паддзӕхтӕ... сауджынтӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауӕн уӕлдай зынаргъ чи у, уыцы адӕм». (Бакӕс 1 Петры 2:9, 10.) Цалынмӕ апостолтӕ ӕгас уыдысты, уӕдмӕ ӕмбырдтӕм лӕмбынӕг сӕ хъус дардтой. Фӕлӕ апостолтӕ куы амардысты, уӕд ӕмбырды иуӕй-иутӕ райдыдтой мӕнг ахуырӕдтӕ парахат кӕнын, «цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты сӕ фӕдыл акодтаиккой» (Хъуыд. 20:30; 2 Фес. 2:6–8). Уыцы нӕлгоймӕгтӕ уарзтой Аристотель ӕмӕ Платоны философитӕ ӕмӕ иннӕтӕн, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый нӕ амыдтой, фӕлӕ уыцы философты хъуыдытӕ. Бирӕтӕ сӕ ӕмбырдты уыдысты цӕстдарджытӕ. Ӕмӕ кӕд Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дзырдта, «сымах... уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут», зӕгъгӕ, уӕддӕр уыдон сӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр ӕвӕрын райдыдтой. Ӕмӕ афтӕмӕй фӕстӕдӕр фӕзынд сауджынтӕ (Матф. 23:8).

9. Раст дин чи ныууагъта, уыцы чырыстӕттӕ Ромы хицауадимӕ куыд сӕмдзӕхдон сты ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркодта?

9 Н. э. 313 азы мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг Ромы паддзах Константин, рӕстдзинад чи ныууагъта, уыцы чырыстӕтты ахуырӕдтӕ хицӕн диныл банымадта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ аргъуан сӕмдзӕхдон Ромы хицауадимӕ. Зӕгъӕм, Константин дины разамонджытимӕ скодта ӕмбырд, хонынц ӕй Никейӕйы ӕмбырд. Уыцы ӕмбырды фӕстӕ иу сауджын, йӕ ном Арий, Ромы паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ кӕдӕмдӕр хаст ӕрцыд, Йесойы Хуыцауыл кӕй нӕ банымадта, уый тыххӕй. Фӕстӕдӕр Ромы паддзах сси Феодосий ӕмӕ католикон дин скодта Ромы сӕйраг дин. Историктӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Ром «чырыстон» паддзахад сси Феодосийы рӕстӕджы. Ӕцӕгӕй та, раст дин чи ныууагъта, уыцы чырыстӕттӕ уӕдмӕ дӕр ныххӕцыдысты мӕнг ахуырӕдтыл ӕмӕ систы Стыр Вавилоны хай. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг дӕр уыди иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ. Уыдоны абарӕн уыд, Йесо цы мӕнӕуы кой кодта, уыимӕ. Уыцы иузӕрдион адӕймӕгтӕ, Хуыцауӕн лӕггад кодтой, сӕ бон куыддӕриддӕр уыд, афтӕ. Фӕлӕ цы зӕгъинаг уыдысты, уымӕ хъусын никӕй фӕндыд. (Бакӕс Матфейы 13:24, 25, 37–39.) Ӕцӕгдӕр уыдысты Вавилоны уацары!

10. Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм-иу аргъуаны ахуырӕдтыл дызӕрдыг кӕнын цӕмӕн райдыдтой?

10 Нӕ эрӕйы фыццаг цалдӕр ӕнусы бирӕтӕн сӕ бон уыди Библи грекъаг кӕнӕ латинаг ӕвзагыл кӕсын. Ӕмӕ сӕ бон уыд Хуыцауы Ныхасы ахуырӕдтӕ ӕмӕ аргъуаны ахуырӕдтӕ абарын. Аргъуаны ахуырӕдтӕ мӕнг кӕй сты, уый-иу чи бамбӕрста, уыдон-иу сыл нал ӕууӕндыдысты. Фӕлӕ цы хъуыды кодтой, уый тыххӕй иннӕтӕн ӕргом куы дзырдтаиккой, уӕд ӕнӕфхӕрдӕй нӕ баззадаиккой, суанг ма сӕ маргӕ дӕр акодтаиккой.

11. Афтӕ куыд рауад, ӕмӕ сауджынты йеддӕмӕ Библи йӕ бон ӕндӕр никӕмӕнуал уыд кӕсын?

11 Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ грекъаг ӕмӕ латинаг ӕвзӕгтыл бирӕтӕ нал дзырдтой. Ӕмӕ аргъуаны разамонджытӕ та Хуыцауы Ныхас хуымӕтӕг адӕмы ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕнын нӕ уагътой. Уый аххосӕй ма Библи кӕсын ӕрмӕстдӕр сауджынтӕн ӕмӕ ма иуӕй-иу ахуыргонд адӕмӕн уыди сӕ бон. Ӕмӕ ма суанг сауджынтӕй дӕр чидӕртӕ кӕсын ӕмӕ фыссын рӕстмӕ нӕ зыдтой. Аргъуаны ахуырӕдтимӕ разы чи нӕ уыд, уыдоны-иу карзӕй бафхӕрдтой. Иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕн ӕндӕр гӕнӕн нӕ уыд, ӕмӕ гыццыл къордтӕй ӕмбырд кодтой, кӕмӕндӕрты та сӕ уыцы фадат дӕр нӕ уыд. Вавилоны уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгты хабар куыд уыд, афтӕ сӕрст чырыстӕттӕн дӕр, «паддзӕхтӕн» ӕмӕ «сауджынтӕн», сӕ бон нӕ уыд Хуыцауӕн бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ лӕггад кӕнын. Стыр Вавилон адӕмыл йӕ дзӕмбытӕй фидар ныххӕцыд!

РУХС РАКАЛД

12, 13. Ӕцӕг чырыстӕттӕн ныфсы хос цавӕр дыууӕ хъуыддаджы фесты? Бамбарын ӕй кӕн.

12 Цымӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ Хуыцауӕн искуы сӕрибарӕй ӕмӕ, уый куыд фӕнды, афтӕ лӕггад кӕндзысты? Ӕнӕмӕнг! Дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы фӕрцы сын фӕзынди ныфс. Фыццаг уый, ӕмӕ 15 ӕнусы ӕмбисы фӕзынд мыхуыргӕнӕн станок. Уӕдмӕ-иу Библи къухӕй рафыстой, ӕмӕ уый та ӕнцон нӕ уыд. Уыцы хъуыддагмӕ хорз чи арӕхст, ахӕм адӕймаджы ӕрмӕстдӕр иу Библи рафыссынӕн хъуыди дӕс мӕйы бӕрц! Стӕй-иу фысгӕ та кодтой пергаментыл, ома цармӕй конд ӕрмӕгыл. Уыдӕтты тыххӕй Библитӕ бирӕ нӕ уыд ӕмӕ уыдысты тынг зынаргъ. Фӕлӕ мыхуыргӕнӕн станок ӕмӕ гӕххӕтты фӕрцы дӕсны мыхуыргӕнӕгӕн йӕ бон уыд иу бонмӕ 1 300 сыфы ныммыхуыр кӕнын!

Мыхуыр кӕныны хъуыддаг размӕ кӕй ацыд ӕмӕ хъӕбатыр тӕлмацгӕнджытӕ кӕй уыд, уый фӕрцы Стыр Вавилонӕн йӕ тых сӕттын райдыдта (кӕс 12, 13 абзацтӕ)

13 Дыккаг та уый, ӕмӕ 16 ӕнусы райдианы цалдӕр хъӕбатыр нӕлгоймаджы сфӕнд кодтой Хуыцауы Ныхас хуымӕтӕг адӕмы ӕвзӕгтӕм ратӕлмац кӕнын. Кӕд сын мӕлӕтӕй тӕссаг уыд, уӕддӕр уыцы куыст кодтой. Аргъуаны разамонджытӕн сӕ быны дон бацыд. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ тарстысты, ахӕм «тӕссаг хӕцӕнгарз» хуымӕтӕг адӕмы къухтӕм куы бахауа, уымӕй! Сыгъдӕгзӕрдӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ Библи сӕхи ӕвзӕгтыл кӕсын райдыдтой, ӕмӕ сӕм фӕзынд фарстатӕ: «Библийы удсыгъдӕггӕнӕны тыххӕй кӕм ис фыст? Кӕм дзы ис фыст, адӕймаг куы амӕла, уӕд сауджынӕн бафидын кӕй хъӕуы, цӕмӕй мардыл саргъауа? Кӕнӕ дзы папӕты ӕмӕ кардиналты кой кӕм ис?» Аргъуаны мӕнг ахуырӕдтӕй бирӕтӕ арӕзт уыдысты Аристотелы ӕмӕ Платоны философитыл, Чырыстийы размӕ чи цард, уыцы адӕймӕгты философитыл. Аргъуаны разамонджытӕ мӕстӕй фыхтысты, адӕм сыл кӕй нал ӕууӕндыдысты, уый тыххӕй. Сӕ ахуырӕдтыл-иу йӕ къух чи систа, уыдонӕн-иу мӕлӕты тӕрхон рахастой. Аргъуан архайдта, цӕмӕй адӕм Библи ма кастаиккой ӕмӕ-иу сӕм фарстатӕ ма фӕзындаид. Ӕмӕ-иу фылдӕр хатт уыцы хъуыддаг сӕ къухы бафтыд. Фӕлӕ уӕддӕр разынд, Стыр Вавилоны уацары баззайын кӕй нӕ бафӕндыд, ахӕм хъӕбатыр адӕймӕгтӕ. Уыдон Хуыцауы Ныхасы ад базыдтой, ӕмӕ сӕ фӕндыд ноджы фылдӕр базонын! Бирӕ нал хъуыди, цӕмӕй мӕнг динӕй ссӕрибар уыдаиккой.

14. а) Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕндыд, уыдон-иу куыд бакодтой? б) Ӕфсымӕр Расселл рӕстдзинад куыд агуырдта?

14 Бирӕты фӕндыди Библи кӕсын ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнын, стӕй сӕ фӕндыд, цы базыдтой, ууыл ныхас кӕнын дӕр. Нӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй сын аргъуаны разамонджытӕ амыдтаиккой, цӕуыл хъуамӕ ӕууӕндой, уый. Гъемӕ лыгъдысты, сӕ бон Библи сӕрибарӕй ахуыр кӕнын кӕм уыд, ахӕм бӕстӕтӕм. Иу ахӕм бӕстӕ уыд Америкӕйы Иугонд Штаттӕ. Уым 1870 азы Чарлз Тейз Расселл ӕмӕ ма цалдӕр адӕймаджы райдыдтой Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнын. Фыццаг уал ӕфсымӕр Расселлы фӕндыд, рӕстдзинад чи амыдта, уыцы дин ссарын. Гъемӕ Библийы цы фыст ис, уыимӕ абарста, йӕхи чырыстон чи хуыдта, уыцы динты ӕмӕ ма иннӕ динты ахуырӕдтӕ дӕр. Ӕмӕ тагъд рӕстӕджы бамбӕрста, иу дӕр дзы, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ кӕй нӕ архайы. Иухатт ма цалдӕр бынӕттон аргъуаны сӕргълӕууӕгимӕ дӕр фембӕлд – ныфс ӕй уыд, йӕ къордимӕ Библийы цы ахуырӕдтӕ ссардтой, уыдоныл кӕй баууӕнддзысты ӕмӕ сӕ се ’мбырдты дӕр кӕй амондзысты. Фӕлӕ уыдӕттӕ дины разамонджыты не ’ндӕвтой. Библииртасджытӕ йӕ тагъд бамбӕрстой, сӕ бон кӕй нӕ уыд мӕнг динтимӕ иумӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 6:14.)

15. а) Ӕцӕг чырыстӕттӕ Стыр Вавилоны уацары кӕд бахаудысты? б) Иннӕ статьяйы цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

15 Ацы статьяйӕ базыдтам, ӕцӕг чырыстӕттӕ Вавилоны уацары кӕй бахаудысты, фӕстаг апостол куы амард, уый хӕдфӕстӕ. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ ахӕм фарстатӕн дзуапп ссарӕм: кӕцӕй йӕ зонӕм, сӕрст чырыстӕттӕ 1914 азӕй раздӕр кӕй райдыдтой Стыр Вавилонӕй сӕрибар кӕнын? Цымӕ Йегъовӕ ӕцӕгдӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕй райгонд нал уыд, Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг зынгзӕрдӕйӕ кӕй нал хъусын кодтой, уый тыххӕй? Уыцы рӕстӕг, мыййаг, не ’фсымӕртӕй исчи хӕсты кӕйдӕр фарс рахӕцыд ӕмӕ Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕци? Ӕмӕ кӕд чырыстӕттӕ мӕнг дины уацары апостолты мӕлӕты фӕстӕ бахаудысты, уӕд кӕд ссӕрибар сты? Ацы цымыдисаг фарстатӕн дзуаппытӕ базондзыстӕм иннӕ статьяйы.