Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Стыр хъуыддаг»

«Стыр хъуыддаг»

ИЕРУСАЛИМЫ уыди тынг ахсджиаг ӕмбырд. Паддзах Давид фӕдзырдта йӕ кънйӕзтӕм, йӕ фӕсдзӕуинтӕм ӕмӕ йӕ тыхджын лӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Уыдон тынг зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты ног хабар фехъусынмӕ. Йегъовӕ Давиды фырт Соломонӕн бахӕс кодта, адӕм ын кӕм куывтаиккой, ахӕм стыр агъуыст саразын. Израилы ацӕргӕ паддзахӕн Хуыцауы тыхы фӕрцы раргом, уыцы кувӕндон цыхуызӕн хъуамӕ уыдаид, уый ӕмӕ уыцы нывтӕ Соломонмӕ радта. «Уый... стыр хъуыддаг у,– загъта Давид,– уымӕн ӕмӕ ацы галуан адӕймагӕн нӕу, фӕлӕ Йегъовӕ Хуыцауӕн» (1 Аз. 28:1, 2, 6, 11, 12; 29:1).

Уый фӕстӕ Давид бафарста: «Мыййаг ма искӕй фӕнды абон Йегъовӕйӕн лӕвӕрттӕ ӕрбахӕссын?» (1 Аз. 29:5). Ды уым куы уыдаис, уӕд куыд бакодтаис? Бафӕндыдаид дӕ уыцы стыр хъуыддагӕн баххуыс кӕнын? Израилӕгтӕ уайтагъд лӕвӕрттӕ хӕссынмӕ фесты. «Адӕм цин кодтой, Йегъовӕйӕн лӕвӕрттӕ кӕй хастой, ууыл, уымӕн ӕмӕ сӕ хастой зӕрдиагӕй» (1 Аз. 29:9).

Ӕнусты фӕстӕ Йегъовӕ скодта, уыцы кувӕндонӕй стырдӕр кувӕндон – ӕнӕуынгӕ кувӕндон, цӕмӕй адӕмӕн сӕ бон уыдаид Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Ӕмӕ уымӕн та гӕнӕн ис Чырыстийы нывонды фӕрцы (Дзут. 9:11, 12). Цымӕ абон Йегъовӕ адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йемӕ бафидауой? Мах ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй цӕттӕ кӕнӕм, уый фӕрцы (Матф. 28:19, 20). Уыцы куысты руаджы алы аз дӕр милуантӕ Библи фӕахуыр кӕнынц, мингӕйттӕ донаргъуыд райсынц ӕмӕ сӕдӕгай ног ӕмбырды фӕзыны.

Йегъовӕйӕн афтӕ бирӕ адӕм кӕй райдайы лӕггад кӕнын, уый тыххӕй хъӕуы фылдӕр литературӕ мыхуыр кӕнын, Паддзахады залтӕ аразын ӕмӕ сӕм зилын, конгресстӕ кӕм цӕуой, ахӕм агъуыстытӕ ӕлхӕнын кӕнӕ ӕххуырсын. Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый стыр ӕмӕ арфӕйаг хъуыддаг кӕй у, уыимӕ разы дӕ? (Матф. 24:14).

Йегъовӕйы адӕм Хуыцауы ӕмӕ иннӕты кӕй уарзынц, стӕй хъусын кӕныны хъуыддаг ӕвӕстиатӕй аразын кӕй хъӕуы, уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕнды «Йегъовӕйӕн лӕвӕрттӕ ӕрбахӕссын». Уыцы лӕвӕрттӕ сты сӕ мысайнӕгтӕ. Куыд ӕхсызгон нын у «кад кӕнын Йегъовӕйӕн – дӕттын ын, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый» ӕмӕ зонын, уыцы мысайнӕгтӕ иууылдӕр кӕй цӕуынц, чи никуыма уыди, уыцы стыр хъуыддагыл (Ӕмб. 3:9).