ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) 2016 аз, сентябрь

Ацы брошюрӕйы ис, 2016 азы 24 октябрӕй 27 ноябрмӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

«Дӕ къухтӕ ма ’руадз»

Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куыд фидар кӕны ӕмӕ сӕ ныфс куыд уадзы? Дӕуӕн та дӕ бон куыд у уый аразын?

Алкӕддӕр тох кӕн Йегъовӕйы арфӕдзинадыл

Хуыцауы адӕмы фӕнды, цӕмӕй алкӕддӕр уой йӕ хорзӕхӕй хайджын. Ӕмӕ сын кӕд бирӕ цӕлхдуртӕ ис, уӕддӕр уыцы хъуыддаг сӕ къухы бафтдзӕн!

Кӕсджыты фарстатӕ

Дзуттӕгтӕм 4:12 фыст ис, «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых», зӕгъгӕ. Ам цы «ныхас»-ы кой ис, уый цӕмӕ амоны?

Хицӕутты раз хорз хабары сӕрыл дзурӕм

Нӕ бон у базонын, апостол Павел хицауады раз йӕ диныл сӕрыл куыд дзырдта, уый тыххӕй.

Дӕ уӕлӕдарӕсӕй Хуыцауӕн кад хӕссыс?

Библийы уагӕвӕрдтӕ нын хорз ӕххуыс фӕуыдзысты.

Йегъовӕйы разамындмӕ хъусын пайда хӕссы

Польшӕйы ӕмӕ Фиджийы Ӕвдисӕнтӕ раст уынаффӕ рахастой.

Ӕрыгӕттӕ, уӕ уырнындзинад фидар кӕнут

Мыййаг, фӕхъуыды кӕныс, уӕдта ма, иннӕтӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уый, зӕгъӕм, эволюцийы ахуырад, ӕцӕгдӕр раст у, зӕгъгӕ? Кӕд о, уӕд ацы статья у дӕуӕн.

Уӕ сывӕллӕтты зӕрдӕты уырнындзинад рӕзын кӕнут

Мыййаг уӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уый уӕ къухы нӕ бафтдзӕн? Баххуыс уын кӕндзысты цыппар хъуыддаджы.