Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Алкӕддӕр тох кӕн Йегъовӕйы арфӕдзинадыл

Алкӕддӕр тох кӕн Йегъовӕйы арфӕдзинадыл

«Ды тох кодтай Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕймӕгтимӕ, ӕмӕ фӕуӕлахиз дӕ» (РАЙД. 32:28).

ЗАРДЖЫТӔ: 60, 38

1, 2. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты цӕимӕ хъӕуы тох кӕнын?

ХУЫЦАУЫ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр хъӕуы сӕ уырнындзинадыл тох кӕнын, ӕмӕ афтӕ у суанг Авелы заманӕй абоны онг. Апостол Павел дзуттаг чырыстӕттӕм ныффыста, хъизӕмӕрттӕ ӕвзаргӕйӕ стыр тохы фидар кӕй фӕлӕууыдысты, цӕмӕй Йегъовӕйы хорзӕх ӕмӕ арфӕдзинадӕй хайджын уыдаиккой (Дзут. 10:32–34). Чырыстӕтты тох Павел абарста грекъӕгты ерыстимӕ, зӕгъӕм, дугъы згъорынимӕ, хъӕбысӕй хӕцынимӕ ӕмӕ тымбылкъухӕй хыл кӕнынимӕ (Дзут. 12:1, 4). Абон мах дӕр дугъы згъорӕм, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл. Ӕмӕ нын уыцы дугъы знӕгтӕ дӕр ис. Уыдон архайынц, цӕмӕй нын не ’ргом ӕндӕр истӕмӕ аздахой, фӕцудын нӕ кӕной, нӕ циндзинад нын байсой ӕмӕ нӕм фидӕны цы хӕрзиуӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй нӕ ӕнӕхай фӕкӕной.

2 Нӕ карздӕр тох у Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ фыддунейы ныхмӕ (Еф. 6:12). Хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй ныл ацы дунейы ахуырӕдтӕ ӕмӕ ӕвзӕр ӕгъдӕуттӕ ма фӕзыной. Зӕгъӕм, хъуамӕ нӕхи хизӕм ӕнӕгъдаудзинадӕй, тамакойӕ, фыднозтӕй ӕмӕ наркотиктӕй. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ ӕдзухдӕр тох кӕнӕм нӕхи лӕмӕгъдзинӕдтимӕ ӕмӕ ныфссӕттӕг хъуыдытимӕ (2 Кор. 10:3–6; Кол. 3:5–9).

3. Хуыцау нӕ не знӕгтимӕ тох кӕнын цӕй фӕрцы ахуыр кӕны?

3 Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ахӕм тыхджын знӕгтыл фӕуӕлахиз уӕм? О, ис, фӕлӕ нӕ ууыл хъӕудзӕн тыхтӕ ӕрӕвӕрын! Павел йӕхи абарста, раджы заман-иу ерысты тымбылкъухӕй чи хыл кодта, ахӕм адӕймагимӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ цӕфтӕ... афтӕ не сты, цыма уӕлдӕф тымбылкъухӕй хойын» (1 Кор. 9:26). Хыл чи фӕкӕны, уый йӕ ныхмӕлӕууӕджы куыд хъуамӕ цӕва, раст афтӕ мах дӕр хъуамӕ не знӕгты цӕвӕм. Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны ӕмӕ нын амоны, куыд хъуамӕ тох кӕнӕм. Ӕмӕ уый аразы Библийы фӕрцы. Стӕй ма нын ӕххуыс кӕны нӕ публикацитӕ, ӕмбырдтӕ ӕмӕ конгрессты фӕрцы дӕр. Цыдӕриддӕр базоныс, уымӕй дӕ царды спайда кӕныс? Кӕд нӕ, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ де знӕгты нӕ цӕвыс, фӕлӕ «уӕлдӕф тымбылкъухӕй хойыс».

4. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ныл ӕвзӕрдзинад ма фӕуӕлахиз уа?

4 Не знӕгтӕ нӕм хъавдзысты, мах уый ӕнхъӕл куы нӕ уӕм, уӕд ӕмӕ нӕ цӕвдзысты, лӕмӕгъдӕр куы уӕм, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕппынӕдзух уӕм къӕрцхъус. Библи нӕ фӕдзӕхсы ӕмӕ нӕ разӕнгард кӕны: «Ма бауадз, ӕмӕ дыл ӕвзӕрдзинад фӕуӕлахиз уа, фӕлӕ ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн» (Ром. 12:21). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нӕ бон у, ӕмӕ ӕвзӕрдзинадыл фӕуӕлахиз уӕм. Уый нын бантысдзӕн, йӕ ныхмӕ ӕппынӕдзух куы тох кӕнӕм, уӕд. Нӕхи куы нал хъахъхъӕнӕм ӕмӕ куы нал тох кӕнӕм, уӕд та ныл Хӕйрӕг, йӕ фыддуне ӕмӕ нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ фӕуӕлахиз уыдзысты. Уӕдӕ макуы бауадз, цӕмӕй дӕ Хӕйрӕг тас бауадза ӕмӕ уый тыххӕй дӕ къухтӕ ӕруадзай (1 Пет. 5:9).

5. а) Цы нын баххуыс кӕндзӕн Хуыцауы арфӕдзинадыл тох кӕнынӕн? б) Кӕй цӕвиттонтӕм ӕркӕсдзыстӕм?

5 Цӕмӕй фӕуӕлахиз уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, цӕмӕн тох кӕнӕм, уый. Мах тох кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ арфӕдзинадӕй хайджын уӕм. Дзуттӕгтӕм 11:6 фыст ис: «Хуыцауӕн кувӕг адӕймаджы хъуамӕ уырна, Хуыцау кӕй ис ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй чи агуры, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны». Дзырдбаст «зӕрдиагӕй агурын» ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх ссарыныл хъуамӕ архайӕм ӕппӕт хъарутӕй (Хъуыд. 15:17). Йегъовӕйы арфӕдзинад зӕрдиагӕй чи агуырдта, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты цӕвиттонтӕ Библийы бирӕ ис. Иаков, Рахил, Иосиф ӕмӕ-иу Павел бахауыдысты, сӕ ныфс сын чи саста ӕмӕ сын сӕ хъарутӕ чи иста, ахӕм зын уавӕрты. Фӕлӕ уӕддӕр фидар фӕлӕууыдысты, ӕмӕ стыр арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты. Цымӕ сӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

ФӔРАЗОНӔЙ КУЫ ТОХ КӔНАЙ, УӔД АРФӔГОНД ӔРЦӔУДЗЫНӔ

6. Иаковӕн фӕразонӕй тох кӕнынӕн цы баххуыс кодта ӕмӕ цавӕр хӕрзиуӕгӕй схайджын? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

6 Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг Иаков тох кодта ӕмӕ фӕуӕлахиз, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы уарзта ӕмӕ йын йемӕ цы хӕлардзинад уыд, уымӕн аргъ кодта. Иаков фидарӕй ӕууӕндыд, Йегъовӕ йын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый ӕнӕмӕнгӕй кӕй сӕххӕст кӕндзӕн – йӕ байзӕддӕгтӕн ын кӕй раарфӕ кӕндзӕн (Райд. 28:3, 4). Ӕмӕ йыл сӕдӕ азы бӕрц куы цыди, уӕд дӕр, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзта, цӕмӕй Хуыцауы арфӕдзинадӕй схайджын уыдаид. Уый тыххӕй ма суанг зӕдимӕ дӕр тохы бацыд. (Бакӕс Райдиан 32:24–28.) Цымӕ Иаков ӕцӕгӕй афтӕ тыхджын уыд, ӕмӕ йӕ бон уыди хъомысджын зӕдимӕ хъӕбысӕй хӕцын? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Фӕлӕ зӕды ауагътаид, уый йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд. Бӕрӕг уыди, Хуыцауы арфӕдзинад ссарыны тыххӕй цыфӕнды уӕззау тохыл дӕр разы кӕй уыд. Ӕмӕ йын Хуыцау йӕ фӕразондзинады тыххӕй раарфӕ кодта. Йегъовӕ йӕ схуыдта Израил, ома, «Хуыцауимӕ чи тох кӕны, уый» кӕнӕ «Хуыцау тох кӕны». Иаков схайджын, не ’ппӕт дӕр цы хӕрзиуӕгмӕ тырнӕм, уымӕй – Йегъовӕйы хорзӕх ӕмӕ арфӕдзинадӕй.

7. а) Рахил цавӕр зын уавӕры уыд? б) Рахилӕн йӕ тохы цы баххуыс кодта ӕмӕ фӕстагмӕ арфӕгонд куыд ӕрцыд?

7 Иаковы цардӕмбал Рахилы дӕр тынг фӕндыди фенын, Йегъовӕ Иаковӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый куыд сӕххӕст уыдзӕн. Фӕлӕ уымӕн иу хъуыддаг уыди къуылымпыйы хос: Рахилӕн зӕнӕг нӕ цыди. Уӕды рӕстӕджы сылгоймагӕн уый уыди стыр масты хос. Уыцы уавӕрты Рахилӕн йӕ бон ницы уыди фӕивын. Уӕдӕ йын цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕхимӕ ма ныхъхъуыстаид ӕмӕ дарддӕр дӕр фӕразондзинад ӕвдыстаид? Рахил йӕ къухтӕ никуы ӕруагъта, фӕлӕ дарддӕр дӕр тох кодта – Йегъовӕмӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй куывта. Йегъовӕ йын йӕ зӕрдӕбын куывдтытӕ фехъуыста ӕмӕ йын раарфӕ кодта – Рахил хъӕбулы цин базыдта. Уӕдӕ зын бамбарӕн нӕу, иу бон фырцинӕй ахӕм ныхӕстӕ кӕй загъта: «Стыр тохы бацыдтӕн... ӕмӕ фӕуӕлахиз дӕн!» (Райд. 30:8, 20–24).

8. Иосиф цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлд ӕмӕ нын фӕзминаг цӕмӕй у?

8 Иаков ӕмӕ Рахилы цӕвиттон сӕ фырт Иосифыл дӕр ӕнӕфӕзынгӕ нӕ фӕуыдаид. Уый дӕр, зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлд, уӕд фидар фӕлӕууыд. Ӕвддӕс азы йыл куы цыд, уӕд йӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Йе ’фсымӕртӕ йӕм хӕлӕг кӕй кодтой, уый тыххӕй йӕ цагъарӕй ауӕй кодтой. Фӕстӕдӕр та Египеты бирӕ азты дӕргъы ахӕстоны фӕци, ӕвзӕрӕй ницы ракодта, афтӕмӕй (Райд. 37:23–28; 39:7–9, 20, 21). Фӕлӕ Иосиф йӕхимӕ нӕ ныхъхъуыста, стӕй йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын нӕ райдыдта ӕмӕ йӕ маст райсыныл дӕр нӕ архайдта. Цӕуылнӕ? Уый тынг аргъ кодта, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад уыди, уымӕн, ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр ууыл уыдысты (Лев. 19:18; Ром. 12:17–21). Иосифы цӕвиттон махӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн. Зӕгъӕм, кӕд нӕ сабибонты хорзӕй ницы федтам кӕнӕ ныртӕккӕ ахӕм уавӕры стӕм, ӕмӕ нӕ цыма къуыммӕ батардтой, уӕддӕр хъуамӕ дарддӕр дӕр фӕразонӕй тох кӕнӕм. Ӕмӕ нын уӕд Йегъовӕ ӕнӕмӕнгӕй раарфӕ кӕндзӕн. (Бакӕс Райдиан 39:21–23.)

9. Нӕ бон куыд у Иаков, Рахил ӕмӕ Иосифы бафӕзмын?

9 Мыййаг, ды дӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс кӕнӕ дын цавӕрдӕр хъуыддаг фӕлварӕн у? Чи зоны, ницӕй тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафыс, чидӕр дӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсы кӕнӕ та дӕ исчи хынджылӕг кӕны. Йе та дӕм, чи зоны, чидӕр хӕлӕг кӕны, ӕмӕ дӕ уый тыххӕй цавӕрдӕр хъуыддаджы ӕнаххосӕй аххосджын кӕны. Дӕ къухтӕ ма ’руадз! Уый бӕсты дӕ зӕрдыл дар, Иаков, Рахил ӕмӕ Иосифӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кодтаиккой. Уыдонӕн сӕйрагдӕр уыд, цӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕнгом уыдаиккой. Ӕмӕ сын уый тыххӕй Хуыцау тыхтӕ лӕвӕрдта ӕмӕ сын арфӕ кодта. Уыдон ӕдзухдӕр тох кодтой ӕмӕ, Хуыцаумӕ цӕй тыххӕй куывтой, уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кодтой. Мах цӕрӕм ацы фыддунейы фӕстаг бонты. Ӕмӕ нын фидӕнӕй цы ныфс ис, ууыл хъуамӕ фидар хӕцӕм. Цӕттӕ дӕ Йегъовӕйы хорзӕх ссарыны тыххӕй ӕппӕт хъарутӕй тох кӕнынмӕ?

ЦӔТТӔ У ХУЫЦАУЫ АРФӔДЗИНАДЫЛ ТОХ КӔНЫНМӔ

10, 11. а) Цавӕр уавӕрты фӕхъӕуы Хуыцауы арфӕдзинадыл тох кӕнын? б) Цы нын баххуыс кӕндзӕн раст архайынӕн?

10 Хуыцауы арфӕдзинадыл тох кӕнын ма ноджыдӕр цавӕр уавӕрты фӕхъӕуы? Зӕгъӕм, бирӕтӕ тох кӕнынц сӕ тӕригъӕдджын фӕндтимӕ. Кӕйдӕрты та хъӕуы архайын, цӕмӕй сӕ хъусын кӕнын фӕнда. Кӕмӕндӕрты та се ’нӕниздзинад лӕмӕгъ у, чидӕр та у иунӕг. Ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ сын зын у, чи сӕ фӕхъыг кодта кӕнӕ сӕ ныхмӕ тӕригъӕд чи ракодта, уыдонӕн ныххатыр кӕнын. Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм ӕви нӕ, уӕддӕр хъуамӕ не ’ппӕт дӕр тох кӕнӕм, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нӕ цы хъыгдары, уыдӕтты ныхмӕ. Стӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион адӕмӕй алкӕй дӕр кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн.

Хуыцауы арфӕдзинадыл тох кӕныс? (кӕс 10, 11 абзацтӕ)

11 Цы йӕ ӕмбӕхсӕм, чырыстон фӕндагыл цӕуын ӕмӕ раст архайын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Уӕлдайдӕр та, нӕ тӕригъӕдджын зӕрдӕ нӕ бынтон ӕндӕр цӕуылдӕрты кӕй фӕардауы, уый тыххӕй (Йер. 17:9). Кӕд дыл де ’нӕххӕст зӕрдӕ тых кӕнын райдыдта, уӕд Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг тых кур. Куы кувай ӕмӕ дын Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы хай кӕна, уӕд дӕм раст архайынӕн хъарутӕ уыдзӕн. Ӕмӕ дын Йегъовӕ дӕр уӕд арфӕ кӕндзӕн. Цӕй тыххӕй кувыс, уымӕ гӕсгӕ архайгӕ дӕр кӕн. Библи алы бон дӕр кӕс, стӕй-иу рӕстӕг рахицӕн кӕн Библи хицӕнӕй ӕмӕ дӕ бинонтимӕ ахуыр кӕнынӕн дӕр. (Бакӕс Псалом 119:32.)

12, 13. Иу ӕфсымӕр ӕмӕ иу хойӕн тӕригъӕдджын фӕндтимӕ тох кӕнынӕн цы баххуыс кодта?

12 Хуыцауы Ныхас, йӕ сыгъдӕг тых ӕмӕ нӕ публикацитӕ бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнынц сӕ тӕригъӕдджын фӕндтимӕ тох кӕнынӕн. Иу ӕрыгон лӕппу бакаст, 2003 азы 8 декабры «Пробудитесь!»-ы цы статья уыд, уый, «Как бороться с грешными желаниями?». Ӕмӕ мӕнӕ цы зӕгъы: «Мӕнӕн мӕ тох у тӕригъӕдджын хъуыдытимӕ. Ацы статьяйы бакастӕн, бирӕтӕн тӕригъӕдджын хъуыдытимӕ тох кӕнын тынг зын кӕй у. Ӕмӕ уӕд бамбӕрстон, ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ мӕ хотӕ дӕр мӕн хуызӕн зындзинадыл кӕй ӕмбӕлынц. Федтон ӕй, иунӕг кӕй нӕ дӕн». Уыцы ӕрыгон лӕппуйӕн ма баххуыс кодта статья «Одобряет ли Бог нетрадиционный образ жизни?», уыди 2003 азы 8 октябры «Пробудитесь!»-ы. Уый загъта, зӕгъгӕ, уыцы статьяйы фыст уыд, иуӕй-иутӕн уыцы тох кӕй у «буары... сындз» (2 Кор. 12:7). Фӕлӕ цалынмӕ тох кӕнынц, цӕмӕй Хуыцауы раз сыгъдӕг уой, уӕдмӕ сӕ бон у фидӕнмӕ ныфсджынӕй кӕсын. Уыцы ӕфсымӕр зӕгъы: «Уыцы хъуыды мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй алы бон дӕр Хуыцауыл иузӕрдион уон. Ӕз Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн, йӕ организацийы фӕрцы нын ацы фыддунейы сыгъдӕгӕй баззайынӕн кӕй ӕххуыс кӕны».

13 Ӕркӕсӕм ма, Иугонд Штаттӕй чи у, иу ахӕм хойы хабармӕ дӕр. Уый ныффыста: «Бузныг уӕ дӕн, нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нын кӕй дӕттут, цы нӕ хъӕуы, растдӕр уый ӕмӕ нӕ кӕд хъӕуы, растдӕр гъеуӕд. Арӕх мӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уыцы статьятӕ мӕн тыххӕй фыст ӕрцыдысты. Бирӕ азты тох кӕнын, Йегъовӕ йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм ӕвзӕр фӕндимӕ. Хатт мӕ тох кӕнын нал фӕфӕнды, ницыуал мӕ фӕхъӕуы. Зонын ӕй, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг кӕй у. Фӕлӕ мӕм уыцы фӕнд ныр дӕр кӕй фӕзыны, стӕй мӕ бон афтӕ зӕгъын кӕй нӕу, ӕмӕ дзы ме сӕфт уынын, уый тыххӕй мӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Хуыцауы ӕххуысы аккаг нӕ дӕн. Уыцы тох мын мӕ царды алы фӕзилӕныл дӕр фӕзынд. [...] Иу бон „Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы“, 2013 азы 15 мартъийы номыры, бакастӕн статья „Ахӕм зӕрдӕ дын ис, цӕмӕй Йегъовӕйы зонай?“. Ӕмӕ уӕд бамбӕрстон, Йегъовӕйы кӕй фӕнды мӕнӕн баххуыс кӕнын».

14. а) Павелӕн йӕ мидӕг цы тох цыди, уый тыххӕй цы загъта? б) Нӕ лӕмӕгъдзинӕдтыл цӕй фӕрцы фӕуӕлахиз уыдзыстӕм?

14 Бакӕс Ромӕгтӕм 7:21–25. Павел йӕхицӕй зыдта, тӕригъӕдджын буары фӕндтӕ ӕмӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнын куыд зын у, уый. Фӕлӕ уый фидарӕй ӕууӕндыд, Йегъовӕйӕ ӕххуыс куы кура ӕмӕ Чырыстийы нывондыл куы ӕууӕнда, уӕд уыцы тохы кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн. Махӕй та цы ис зӕгъӕн? Цымӕ нӕ бон у, ӕмӕ нӕ лӕмӕгъдзинӕдтыл фӕуӕлахиз уӕм? Ӕнӕмӕнгдӕр! Уый тыххӕй хъуамӕ фӕзмӕм Павелы, хъуамӕ нӕхицӕй ныфсджын ма уӕм, фӕлӕ нӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарӕм, ӕмӕ хъуамӕ Чырыстийы нывондыл ӕууӕндӕм.

15. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕмӕ куы кувӕм, уӕд ыл иузӕрдион уыдзыстӕм ӕмӕ фӕлварӕнты фидар лӕудзыстӕм?

15 Иуӕй-иу хатт Йегъовӕ бауадзы, цӕмӕй равдисӕм, цавӕрдӕр хъуыддагыл куыд тынг тыхсӕм, уый. Зӕгъӕм, дӕхӕдӕг кӕнӕ дӕ бинонтӕй исчи уӕззау низӕй фӕрынчын кӕнӕ та дӕу кӕнӕ дӕ бинонтӕй искӕй чидӕр дзӕгъӕлы бафхӕрдта. Куыд кӕндзынӕ уӕд? Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл куы дарай, уӕд ын лӕгъстӕ кӕндзынӕ, цӕмӕй дын тыхтӕ ратта, ӕмӕ йыл дарддӕр иузӕрдион уай, дӕхимӕ ма ныхъхъусай ӕмӕ йемӕ раздӕрау ӕнгом уай (Фил. 4:13). Павелы рӕстӕджы дӕр ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр чырыстӕттӕй бирӕтӕ сӕхиуыл бавзӕрстой, куывды фӕрцы адӕймагӕн йӕ хъарутӕ кӕй сног вӕййынц ӕмӕ йӕ бон кӕй бавӕййы дарддӕр фидар лӕууын.

ДАРДДӔР ТОХ КӔН ЙЕГЪОВӔЙЫ АРФӔДЗИНАДЫЛ

16, 17. Дӕ фидар фӕнд цы у?

16 Хӕйрӕджы уымӕй тынгдӕр ницы фӕнды, цӕмӕй дӕ къухтӕ ӕруадзай ӕмӕ мауал тох кӕнай. Уӕдӕ «хорз цы у, ууыл фидар хӕц» (1 Фес. 5:21). Ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕн: дӕ бон у, ӕмӕ Хӕйрӕгыл дӕр, йӕ фыддунейыл дӕр ӕмӕ цыфӕнды тӕригъӕдджын фӕндыл дӕр фӕуӕлахиз уай! Ӕрмӕст хъуамӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндай, Хуыцау дын уый фаг хъарутӕ кӕй ратдзӕн (2 Кор. 4:7–9; Гал. 6:9).

17 Уӕдӕ дарддӕр тох кӕн. Дарддӕр фидар лӕуу. Йегъовӕ дыл ӕнӕмӕнгӕй «арфӕдзинад... ӕруадздзӕн, цух куыд ницӕмӕйуал ӕййафай, афтӕ» (Мал. 3:10).