Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Дӕ къухтӕ ма ’руадз»

«Дӕ къухтӕ ма ’руадз»

«Дӕ къухтӕ ма ’руадз» (СОФ. 3:16).

ЗАРДЖЫТӔ: 81, 32

1, 2. а) Абон бирӕтӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ сӕ уый цӕмӕ ӕркӕны? б) Исайы 41:10 ӕмӕ 13 стихтӕ нын ныфс цӕмӕй ӕвӕрынц?

ПИОНЕРӔЙ чи лӕггад кӕны ӕмӕ йӕ лӕг хистӕр нӕлгоймаг кӕмӕн у, иу ахӕм хо загъта: «Мӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый аразын, фӕлӕ уӕддӕр бирӕ азты дӕргъы мӕт ӕмӕ сагъӕстӕй ӕнцой нӕ зонын. Уый тыххӕй ӕхсӕв мӕ хуыссӕг фӕлидзы, ме ’нӕниздзинад раздӕрау хорз нал у, стӕй уый, иннӕтимӕ куыд дӕн, ууыл дӕр фӕзынд. Иуӕй-иу хатт мӕ мӕ къухтӕ ӕруадзынмӕ бирӕ нал фӕхъӕуы, фӕфӕнды мӕ искуы къуымы бамбӕхсын, куыд макӕйуал уынон».

2 Дӕуӕн та искуы вӕййы афтӕ? Хӕйрӕджы фыддунейы цӕрын афтӕ зын у, ӕмӕ адӕймаджы арӕх сагъӕстӕ сӕ быны скӕнынц ӕмӕ йӕ ныфс асӕтты. Науӕнгуыр нау размӕ цӕуын куыд нал фӕуадзы, афтӕ уыцы ӕнкъарӕнтӕ дӕр адӕймаджы размӕ нал фӕуадзынц (Ӕмб. 12:25). Цымӕ йӕ ахӕм уавӕрмӕ цы ’ркӕны? Чи зоны, дӕ бинонтӕй кӕнӕ де ’мбӕлттӕй чидӕр фӕзиан, ӕмӕ ууыл маст кӕныс, кӕнӕ та уӕззау низимӕ тох кӕныс. Йе та дын, чи зоны, дӕ бинонты фӕдарын зын у, уымӕн ӕмӕ абон ӕхца бакусын ӕнцон нӕу. Кӕнӕ та, гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ дины тыххӕй дӕ ныхмӕ цӕуынц. Ӕмӕ кӕд ахӕм уавӕры бирӕ рӕстӕг дӕ, уӕд дӕм, чи зоны, тыхтӕ ӕппындӕр нал ис ӕмӕ дын цард царды ад нал кӕны. Фӕлӕ дызӕрдыг ма кӕн: Хуыцау дӕм йе ’ххуысы къух раттынмӕ цӕттӕ у. (Бакӕс Исайы 41:10, 13.)

3, 4. а) Библийы дзырд «къух» цӕмӕ фӕамоны? б) Адӕймаг йӕ къухтӕ цӕмӕн ӕруадзы?

3 Цавӕрдӕр миниуӕг кӕнӕ хъуыддаг бамбарын кӕнынӕн Библи арӕх фӕпайда кӕны, адӕймаджы буары уӕнгтӕм цы дзырдтӕ амонынц, уыдонӕй. Зӕгъӕм, къухы кой дзы ис сӕдӕгай хӕттыты. Искӕй къухтӕ фӕфидар кӕнын нысан кӕны ныфс дзы бауадзын, бафидар ӕй кӕнын ӕмӕ йӕ хъуыддагмӕ баразӕнгард кӕнын (Езд. 1:6, фип.). Адӕймагӕн йӕ къухтӕ кӕй фӕфидар сты, уый ма фӕамоны, фидӕнмӕ ныфсджынӕй ӕмӕ цингӕнгӕйӕ кӕсын кӕй райдыдта, уымӕ дӕр.

4 Искӕмӕн йӕ ныфс куы асӕтты, хорзӕй куы ницӕмӕуал фенхъӕлмӕ кӕсы, уӕд Библи ахӕм адӕймаджы тыххӕй фӕзӕгъы, зӕгъгӕ, йӕ къухтӕ ӕруагъта (2 Аз. 15:7; Дзут. 12:12). Кӕд, мыййаг, истӕй тыххӕй мӕт кӕныс, цавӕрдӕр зын уавӕры тыххӕй дӕм хъарутӕ нал ис кӕнӕ ма суанг Йегъовӕйӕ дӕр адард дӕ, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн? Цӕмӕй бафӕразай ӕмӕ дӕ циндзинад ма фесафай, уый тыххӕй тыхтӕ кӕм ссардзынӕ?

«ЙЕГЪОВӔЙЫ КЪУХ ЦЫБЫР НЕ ССИ, ЦӔМӔЙ ЙӔ БОН ФЕРВӔЗЫН КӔНЫН МА УА»

5. а) Зындзинӕдтӕ ныл куыд фӕзынынц, фӕлӕ нӕ рох кӕнын цы нӕ хъӕуы? б) Ацы статьяйы цӕмӕ ’ркӕсдзыстӕм?

5 Бакӕс Софонийы 3:16, 17. Исты зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд хъуамӕ ма тӕрсӕм ӕмӕ нӕ ныфс сӕттын ма бауадзӕм, кӕнӕ, ӕндӕр ныхӕстӕй, хъуамӕ нӕ къухтӕ ма ӕруадзӕм. Нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕ нын зӕгъы, цӕмӕй-иу не ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр уый бар бакӕнӕм (1 Пет. 5:7). Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Хуыцау израилӕгтӕн цы загъта, уый: «Йегъовӕйы къух цыбыр не сси, цӕмӕй йӕ бон фервӕзын кӕнын ма уа» (Ис. 59:1). Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ диссаджы хабармӕ. Уыцы хабӕрттӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы фӕндгӕ дӕр кӕй кӕны ӕмӕ йӕ бон дӕр кӕй у йӕ адӕмы бафидар кӕнын, цӕмӕй йын йӕ фӕндон цыфӕнды зын уавӕрты дӕр ӕххӕст кӕной. Ахъуыды-иу кӕн, уыцы цӕвиттонтӕ дӕу та куыд бафидар кӕндзысты.

6, 7. Израилӕгтӕ амаликӕгтыл куыд фӕуӕлахиз сты, уымӕй цы ис базонӕн?

6 Хуыцау стыр диссӕгтӕ куы сарӕзта ӕмӕ израилӕгты Египетӕй куы ракодта, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ сӕ ныхмӕ рацыдысты амаликӕгтӕ. Моисейы уынаффӕмӕ гӕсгӕ Йесо Навин, хъӕбатыр адӕймаг, израилӕгты хӕстмӕ акодта. Моисей та Аароны ӕмӕ Хуры акодта, уырдӕм хӕстӕг чи уыд, уыцы къуыпмӕ. Уырдыгӕй сӕм тохы быдыр хорз зындаид. Цымӕ уыцы ӕртӕ нӕлгоймаджы тӕрсгӕ фӕкодтой ӕмӕ тохӕй сӕхи айстой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ!

7 Моисей дарддӕр цы сарӕзта, уый фӕрцы израилӕгтӕ амаликӕгтыл фӕуӕлахиз сты. Ӕцӕг Хуыцауы лӕдзӕгыл хӕрдмӕ схӕцыд ӕмӕ йӕ афтӕ дардта. Цалынмӕ йыл афтӕ хӕцыд, уӕдмӕ Йегъовӕ израилӕгты къухтӕ фидар кодта, цӕмӕй амаликӕгтыл уӕлахиз кодтаиккой. Фӕлӕ Моисейӕн йӕ къухтӕ куы ныууӕззау сты, уӕд уӕлахиз кӕнын райдыдтой амаликӕгтӕ. Аарон ӕмӕ Хур уый куы ауыдтой, уӕд ын «дур ӕрбахастой, ӕмӕ дурыл сбадт». Сӕхӕдӕг та «йӕ фӕйнӕ фарс слӕууыдысты ӕмӕ йын йӕ къухтыл хӕцыдысты. Ӕмӕ цалынмӕ хур нӕ аныгуылд, уӕдмӕ йӕ къухтӕ не ’руагъта». Афтӕмӕй Хуыцауы фидар къухы фӕрцы израилӕгтӕ амаликӕгтыл фӕуӕлахиз сты (Рац. 17:8–13).

8. а) Ефиопӕгтӕ Иудӕйы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд Асӕ куыд бакодта? б) Нӕ бон куыд у Асӕйы бафӕзмын?

8 Йегъовӕйы къух цыбыр кӕй нӕу ӕмӕ йӕ бон ирвӕзын кӕнын кӕй у, уый ма рабӕрӕг паддзах Асӕйы рӕстӕджы дӕр. Библийы цы ӕфсӕдты кой ис, уыдонӕй ӕппӕты стырдӕр ӕфсад уыд ефиопаг Зарӕйӕн – уыди йӕм 1 милуан фӕлтӕрдджын ӕфсӕддоны. Ефиопӕгтӕ Асӕйы ӕфсадӕй уыдысты иу-дыууӕ хатты фылдӕр. Цымӕ Асӕ катайы бацыд, старст ӕмӕ йӕ къухтӕ ӕруагъта? Нӕ, уый уайтагъд Йегъовӕйӕ ӕххуыс ракуырдта. Хӕстон адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ, ефиопӕгтыл ницы хуызы фӕуӕлахиз уыдаиккой. Фӕлӕ «Хуыцауӕн алцыдӕр у йӕ бон» (Матф. 19:26). Хуыцау йе стыр тых равдыста ӕмӕ Асӕйӕн «баххуыс кодта ефиопӕгты ныддӕрӕн кӕнынӕн». Асӕйӕн та, «цалынмӕ ӕгас уыд, уӕдмӕ йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыд Йегъовӕимӕ» (2 Аз. 14:8–13; 1 Пад. 15:14).

9. а) Иерусалимы къул цы уавӕры ис, Нееми уый куы федта, уӕд йӕ ныфс асаст? Бамбарын ӕй кӕн. б) Хуыцау Неемийы куывдӕн дзуапп куыд радта?

9 Ныр та ӕркӕсӕм ӕндӕр хабармӕ. Нееми Иерусалиммӕ куы ’рыздӕхт, уӕд федта, горӕт цы ӕдзӕллаг уавӕры уыд, уый. Дзуттӕгты тас бацыд, уымӕн ӕмӕ сӕм се знӕгтӕ, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыд, уыдон, ӕртхъирӕн кодтой. Гъемӕ Иерусалимы къул амайын ныууагътой. Цымӕ Неемийӕн дӕр йӕ ныфс асаст ӕмӕ уый дӕр йӕ къухтӕ ӕруагъта? Нӕ, уый Моисейау, Асӕйау ӕмӕ Йегъовӕйы иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытау йӕ зӕрдӕ алкӕддӕр дардта Йегъовӕйыл. Ӕмӕ та ныр дӕр Йегъовӕмӕ скуывта ӕмӕ дзы ӕххуыс ракуырдта. Йегъовӕ йын йӕ зӕрдӕбын куывд фехъуыста, ӕмӕ йе «стыр тых» ӕмӕ йӕ «фидар къухы» фӕрцы дзуттӕгты бафидар кодта. (Бакӕс Неемийы 1:10; 2:17–20; 6:9.) Уырны дӕ, Йегъовӕ абон дӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕн йе «стыр тых» ӕмӕ йӕ «фидар къухы» фӕрцы кӕй ӕххуыс кӕны?

ЙЕГЪОВӔ ДЫН ДӔ КЪУХТӔ ФӔФИДАР КӔНДЗӔН

10, 11. а) Хӕйрӕг цы аразы, цӕмӕй нӕ къухтӕ ӕруадзӕм? б) Йегъовӕ нӕ цӕй фӕрцы фидар кӕны ӕмӕ нын тыхтӕ цӕй фӕрцы дӕтты? в) Йегъовӕ нӕ кӕй ахуыр кӕны, уый дӕуӕн цавӕр пайда хӕссы?

10 Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй нын нӕ хъуыддаг баурома. Ӕмӕ дызӕрдыг дӕр ма кӕн, уый йӕ къухтӕ никуы ’руадздзӕн! Уый пайда кӕны алыхуызон мадзӕлттӕй, зӕгъӕм, хицауад, дины разамонджытӕ ӕмӕ, раст дин чи ныууагъта, уыдон нӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕнынц ӕмӕ нӕм кӕй ӕртхъирӕн кӕнынц, уымӕй. Йӕ нысан цы у? Цӕмӕй нӕ къухтӕ ӕрлӕмӕгъ уой ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй мауал хъусын кӕнӕм. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у ӕмӕ йӕ фӕндгӕ дӕр кӕны, цӕмӕй нын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы хъарутӕ ратта (1 Аз. 29:12). Уӕдӕ дзы хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй йӕ сыгъдӕг тых курӕм, ӕмӕ нӕ бон уа Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ фыддунейы ныхмӕ тох кӕнын (Пс. 18:39; 1 Кор. 10:13). Хуыцау нын ӕххуыс кӕны йӕ Ныхасы фӕрцы дӕр, ӕмӕ дзы уый тыххӕй дӕр бузныг стӕм. Стӕй ма алы мӕй дӕр нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн райсӕм бирӕ публикацитӕ. Захарийы 8:9, 13 стихты ныхӕстӕ (бакӕс сӕ) фыст ӕрцыдысты, Иерусалимы кувӕндон ногӕй арӕзт куы цыд, уӕд, фӕлӕ абон махӕн дӕр тынг ӕххуыс кӕнынц.

11 Йегъовӕ ма нӕ фидар кӕны, ӕмбырдты, конгрессты ӕмӕ нӕ алыхуызон скъолаты кӕй ахуыр кӕны, уый фӕрцы дӕр. Уым цы базонӕм, уый нын ӕххуыс кӕны нӕ лӕггадмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн, нӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрынӕн ӕмӕ ныл чырыстӕттӕ уӕвгӕйӕ цы бирӕ хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнынӕн (Пс. 119:32). Зӕрдиагӕй архайыс, цӕмӕй уыцы ахуыры фӕрцы дӕхи фидар кӕнай?

12. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа?

12 Йегъовӕ израилӕгтӕн баххуыс кодта, цӕмӕй амаликӕгтыл ӕмӕ ефиопӕгтыл фӕуӕлахиз уыдаиккой. Неемийӕн ӕмӕ иннӕ дзуттӕгтӕн та Иерусалимы къул ногӕй самайынӕн тыхтӕ радта. Хуыцау махӕн дӕр ратдзӕн хъарутӕ, цӕмӕй фидар лӕууӕм ӕмӕ дарддӕр хъусын кӕнӕм, кӕд адӕм нӕ ныхмӕ цӕуынц, хорз хабармӕ нӕ хъусынц ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр сагъӕсты бын фӕвӕййӕм, уӕддӕр (1 Пет. 5:10). Фӕлӕ хъуамӕ уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ Йегъовӕ мах тыххӕй диссӕгтӕ араздзӕн. Хъуамӕ, нӕхицӕй кӕнгӕ цы у, уый аразӕм, зӕгъӕм, Библи алы бон дӕр кӕсӕм, ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ сӕм цӕуӕм, нӕхӕдӕг ӕмӕ нӕ бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнӕм, стӕй Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм. Хуыцау нӕ цы хъуыддӕгты фӕрцы фидар кӕны, уыдӕттӕ аразын нӕ хъуамӕ мацы къуылымпы кӕна. Кӕд уыцы хъуыддӕгтӕй искӕцы раздӕрау зӕрдиагӕй нал аразыс, кӕд дӕ къухтӕ ӕруагътай, уӕд Хуыцауӕй ӕххуыс кур. Ӕмӕ уӕд фендзынӕ, йӕ сыгъдӕг тых дӕ куыд фидар кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ «фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнай» (Фил. 2:13). Фӕлӕ цымӕ дӕуӕн та дӕ бон куыд у иннӕты къухтӕ фидар кӕнын?

БАФИДАР КӔН, ЙӔ КЪУХТӔ ЧИ ӔРУАГЪТА, УЫДОНЫ

13, 14. а) Иу ӕфсымӕрӕн йӕ цардӕмбал куы фӕзиан, уӕд ӕй цы бафидар кодта? б) Нӕ бон куыд у иннӕты фидар кӕнын?

13 Йегъовӕ нын радта бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты. Уыдон ныл зӕрдиагӕй тыхсынц ӕмӕ нын нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауынц. Апостол Павел фыста: «Бафидар кӕнут, йӕ къухтӕ чи ӕруагъта ӕмӕ йӕ уӕрджытӕ кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ сты, уыдоны. Ӕмӕ уӕхицӕн аразут раст фӕндӕгтӕ» (Дзут. 12:12, 13). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй бирӕтӕн сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕ раст ахӕм ӕххуыс бакодтой. Ӕмӕ абон дӕр хабар афтӕ у. Иу ӕфсымӕрӕн йӕ цардӕмбал фӕзиан, стӕй ма йыл ӕндӕр бӕллӕхтӕ дӕр ӕрцыд, ӕмӕ уыцы хабӕртты фӕстӕ афтӕ загъта: «Иу хъуыддаг бамбӕрстон: царды нын цавӕр фӕлварӕнтӕ уыдзӕн, уый махӕй кӕнгӕ нӕу. Кӕд ӕмӕ сыл куыд арӕх ӕмбӕлдзыстӕм, ууыл дӕр нӕ бар нӕ цӕуы. Мӕ тар хъуыдытӕй мӕ ирвӕзын кодта, ӕдзух Хуыцаумӕ кӕй куывтон ӕмӕ Библи кӕй ахуыр кодтон, уый. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр мӕ фарсмӕ ’рбалӕууыдысты ӕмӕ мын стыр ныфсы хос уыдысты. Ӕз ма бамбӕрстон иу ахсджиаг хъуыддаг: Йегъовӕйы хӕлар хъуамӕ суай, цалынмӕ зындзинӕдтыл нӕ сӕмбӕлдтӕ, уӕдмӕ».

Ӕмбырды алкӕмӕн дӕр йӕ бон у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын (кӕс 14 абзац)

14 Израилӕгтӕ амаликӕгтимӕ тохы куы бацыдысты, уӕд Аарон ӕмӕ Хур Моисейӕн йӕ къухтыл хӕцыдысты. Махӕн дӕр нӕ бон у нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн хъуыддагӕй баххуыс кӕнын. Кӕуылдӕр азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, чидӕр низимӕ тох кӕны, кӕмӕндӕр та йӕ бинонтӕ йӕ ныхмӕ цӕуынц. Чидӕр иунӕгӕй ӕнкъард кӕны, кӕмӕндӕр та йе ’ввахс адӕмӕй чидӕр фӕзиан. Ӕрыгӕттӕн дӕр ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ сӕ ацы дунейы адӕм ӕвзӕр хъуыддӕгтыл фӕардауынц. Кӕнӕ сӕ фӕразӕнгард кӕнынц уӕлдӕр ахуыр райсынмӕ, бирӕ ӕхца бакусынмӕ кӕнӕ кадджын куыст ссарынмӕ. Уӕдӕ ӕрыгӕтты дӕр нӕ бон у фидар кӕнын (1 Фес. 3:1–3; 5:11, 14). Ахъуыды кӕн, дӕ бон куыд у де ’фсымӕртӕ ӕмӕ дӕ хотыл зӕрдиагӕй батыхсын, Паддзахады залы куы уай, семӕ куы хъусын кӕнай, фынгыл куы бадай кӕнӕ телефонӕй куы ныхас кӕнай, уӕд.

15. Нӕ хорз ныхӕстӕ не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотыл куыд фӕзындзысты?

15 Асӕйы диссаджы уӕлахизы хӕдфӕстӕ пехуымпар Азари паддзахы дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр бафидар кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Фӕлӕ сымах хъӕбатыр ут ӕмӕ уӕ къухтӕ ма ’руадзут, уымӕн ӕмӕ уын уӕ фыдӕбоны тыххӕй уыдзӕн хӕрзиуӕг» (2 Аз. 15:7). Уыцы ныхӕстӕ Асӕйы ныфс бауагътой, ӕмӕ уый фӕстӕ бирӕ хъуыддӕгтӕ сарӕзта, цӕмӕй раст дин йӕ къахыл слӕууын кодтаид. Раст афтӕ дӕ хорз ныхӕстӕ дӕр иннӕты ныфс бауадздзысты, ӕмӕ сӕ Йегъовӕйӕн фылдӕр аразын бафӕнддзӕн (Ӕмб. 15:23). Стӕй дӕ рох ма уӕд, ӕмбырды-иу хорз дзуапп куы раттай, уӕд уымӕй дӕр иннӕты тынг кӕй бафидар кӕндзынӕ.

16. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн Неемийау сӕ бон куыд у сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕрты къухтӕ фидар кӕнын? Радзур, де ’мчырыстӕттӕ дын куыд баххуыс кодтой, уый тыххӕй.

16 Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы Неемийӕн ӕмӕ иннӕ дзуттӕгтӕн сӕ къухтӕ фӕфидар сты. Ӕмӕ сӕ Иерусалимы къул самайынӕн 52 боны йеддӕмӕ нӕ бахъуыд! (Неем. 2:18; 6:15, 16). Нееми уыцы куыстӕн ӕрмӕст разамынд нӕ лӕвӕрдта, фӕлӕ ма йӕхӕдӕг дӕр къул амадта (Неем. 5:16). Абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕй бирӕтӕ нӕ организацийы арӕзтадон куыстыты архайынц, стӕй се ’мбырды Паддзахады зал фефснайынц ӕмӕ йӕм фӕзилынц. Ӕмӕ афтӕмӕй Неемийы фӕзмынц. Уыцы уарзӕгой ӕфсымӕртӕ ма се ’мчырыстӕттимӕ уацамынды дӕр цӕуынц, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты бӕрӕг кӕнынц, ӕмӕ афтӕмӕй, «йӕ зӕрдӕ сагъӕстӕй дзаг кӕмӕн у, уыдонӕн» сӕ къухтӕ фидар кӕнынц. (Бакӕс Исайы 35:3, 4.)

«ДӔ КЪУХТӔ МА ’РУАДЗ»

17, 18. Зындзинӕдты рӕстӕг нӕ бон фидарӕй цӕуыл у ӕууӕндын?

17 Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотимӕ уӕхски-уӕхск кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы семӕ стӕм ӕнгом. Афтӕмӕй ма нӕхицӕн хорз хӕлӕрттӕ дӕр ссарӕм, стӕй ноджы фидардӕрӕй феууӕндӕм, тагъд Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм, уыдоныл. Иннӕтӕн сӕ къухтӕ куы фидар кӕнӕм, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн сӕ зындзинӕдтимӕ тох кӕнын ӕмӕ фидӕнмӕ ныфсджынӕй кӕсын. Уымӕй уӕлдай, афтӕмӕй нӕхӕдӕг дӕр нӕ зӕрдыл дардзыстӕм, Хуыцау нын цы ’рцӕттӕ кодта, уый. Уӕдӕ иннӕты фидар кӕнгӕйӕ нӕхи дӕр фидар кӕнӕм.

18 Йегъовӕ рагзаманты йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куыд фидар кодта ӕмӕ сӕ куыд хъахъхъӕдта, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ыл ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм. Уӕдӕ кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс ӕмӕ цӕуылдӕрты мӕт кӕныс, уӕд «дӕ къухтӕ ма ’руадз»! Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ дзы ӕххуыс агур. Уый дын йӕ фидар къухӕй баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ дын хъарутӕ ратдзӕн. Фидӕны та дӕ йӕ Паддзахады фӕрцы ноджы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн (Пс. 73:23, 24).