Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы разамындмӕ хъусын пайда хӕссы

Йегъовӕйы разамындмӕ хъусын пайда хӕссы

РАСТ УЫНАФФӔ

ПОЛЬШӔЙӔ иу хо радзырдта: «Донаргъуыд райстон, 15 азы мыл куы цыди, уӕд ӕмӕ ’хсӕз мӕйы фӕстӕ райдыдтон ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Афӕдзы фӕстӕ та райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын. Скъола куы фӕдӕн, уӕд ӕфсымӕртӕн загътон, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ран лӕггад кӕнын мӕ кӕй фӕнды. Фӕндыд мӕ, цы горӕты цардтӕн, уырдыгӕй ацӕуын. Стӕй мӕ мӕ мадымадимӕ цӕрын дӕр нӕ фӕндыд, уый Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕ уыд. Фӕлӕ мын районон цӕстдарӕг куы загъта, уыцы горӕты хъуамӕ лӕггад кӕнай, зӕгъгӕ, уӕд мын тынг зын уыди. Хъыг мын кӕй уыди, уый равдисын мӕ нӕ фӕндыд, ӕмӕ йӕ ныхӕстыл хъуыдытӕ кӕнгӕ сӕргуыбырӕй ацыдтӕн. Уацамынды кӕимӕ уыдтӕн, уыцы хойӕн загътон: „Ӕз дӕр раст Ионӕйы хуызӕн дӕн. Фӕлӕ Ионӕ уӕддӕр Ниневимӕ ацыд. Уымӕ гӕсгӕ ӕз дӕр, кӕм мын загътой, уым лӕггад кӕндзынӕн“.

Ныр нӕ горӕты цыппар азы лӕггад кӕнын пионерӕй, ӕмӕ йӕ ’мбарын, районон цӕстдарӕджы ныхӕстӕм кӕй байхъуыстон, уый раст кӕй уыд. Йӕ уынаффӕмӕ байхъусын мын зын уый тыххӕй уыди, ӕмӕ хъуыддагмӕ раст цӕстӕй нӕ кастӕн. Ныр мӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕй. Иухатт иу мӕйы мидӕг Библи ахуыр кодтон 24 адӕймагимӕ. Йегъовӕйы фӕрцы, суанг мӕ мадымадимӕ дӕр райдыдтон Библи ахуыр кӕнын, кӕд раздӕр мӕ ныхмӕ цыд, уӕддӕр».

ХОРЗ ТЫЛЛӔГ

Фиджийы Библи чи ахуыр кодта, иу ахӕм сылгоймаджы равзарын хъуыд, конгресмӕ ацӕудзӕн ӕви йӕ сӕрыхицауимӕ сӕ хӕстӕджытӕм гуырӕнбон бӕрӕг кӕнынмӕ. Йӕ сӕрыхицау ӕй конгресмӕ ауагъта, ӕмӕ йын уӕд сылгоймаг загъта, конгрессы фӕстӕ сӕм кӕй ӕрбацӕудзӕн. Хӕдзармӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд ахъуыды кодта, растдӕр кӕй уыдзӕн, йӕ уырнындзинадыл ын ӕвзӕрырдӕм чи фӕзындзӕн, уыдӕттӕй йӕхи куы хиза, уӕд. Ӕмӕ нӕ ацыд.

Уыцы рӕстӕг йӕ сӕрыхицау йӕ хӕстӕджытӕн загъта, йӕ бинойнаг сӕм «Ӕвдисӕнты ’мбырды» фӕстӕ кӕй ӕрбацӕудзӕн. Уӕд ын сӕ хӕстӕджытӕ загътой: «Не ’рбацӕудзӕн, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ гуырӕнбонтӕ нӕ бӕрӕг кӕнынц!» *

Уыцы лӕг йӕ бинойнагӕй сӕрыстыр уыд, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтыл фидар хӕцыд. Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йын фӕстӕдӕр фадат фӕзынд, цӕмӕй йӕ лӕгӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр хорз хабар радзырдтаид. Ӕппынфӕстаг йӕ лӕг райдыдта Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ йемӕ ’мбырдтӕм цӕуын.

^ 7 абз. Кӕс 2001 азы 15 декабры «Сторожевая башня», «Вопросы читателей».