Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ сывӕллӕтты зӕрдӕты уырнындзинад рӕзын кӕнут

Уӕ сывӕллӕтты зӕрдӕты уырнындзинад рӕзын кӕнут

«Лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ... кадджын кӕнӕнт Йегъовӕйы ном» (ПС. 148:12, 13).

ЗАРДЖЫТӔ: 88, 115

1, 2. а) Ныййарджытӕн ӕнцон цӕуылнӕ у сӕ сывӕллӕтты зӕрдӕты уырнындзинад сырӕзын кӕнын, фӕлӕ уый сӕ къухы цӕй фӕрцы бафтдзӕн? б) Цавӕр цыппар хъуыддагыл аныхас кӕндзыстӕм?

ФРАНЦИЙӔ иу лӕг ӕмӕ ус загътой: «Кӕд нӕхӕдӕг Йегъовӕйыл ӕууӕндӕм, уӕд уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йыл нӕ сывӕллӕттӕ дӕр ӕууӕнддзысты. Уырнындзинад адӕймаг йӕ туджы нӕ рахӕссы. Сывӕллонмӕ уырнындзинад сабыргай фӕзыны». Австралийӕ та иу ӕфсымӕр ныффыста: «Сывӕллоны зӕрдӕйы уырнындзинад сырӕзын кӕнай, уымӕй зындӕр, ӕвӕццӕгӕн, ницы ис. Хъуамӕ алы мадзалӕй дӕр пайда кӕнай. Вӕййы афтӕ, ӕмӕ дӕ сывӕллоны фарстайӕн дзуапп радтай ӕмӕ дӕм афтӕ фӕкаст, цыма дӕ бамбӕрста. Фӕлӕ та дӕм цасдӕры фӕстӕ уыцы фарста ногӕй куы раттид! Абон дӕ зонынмондаг сывӕллон разыйӕ цы дзуаппӕй баззад, уый йӕм, чи зоны, райсом фаг мауал фӕкӕса. Кӕцыдӕр фарстатӕм-иу дӕ хъӕудзӕн ногӕй раздӕхын».

2 Мыййаг уӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ уын уӕ сывӕллӕтты Хуыцауы фӕндагыл сӕвӕрын нӕ рауайдзӕн? Ӕцӕгдӕр, уый йӕхи зондӕй йӕ бон никӕмӕн бауыдзӕн (Йер. 10:23). Фӕлӕ Йегъовӕйӕ разамынд куы курат, уӕд уый ӕнӕмӕнг уӕ къухы бафтдзӕн. Цавӕр цыппар хъуыддаджы уын баххуыс кӕндзысты? 1) Уӕ сывӕллӕтты хорз базонут. 2) Цы сын амонут, уый уӕ зӕрдӕйӕ цӕуӕд. 3) Цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй пайда кӕнут. 4) Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых курут ӕмӕ фӕразон ут.

УӔ СЫВӔЛЛӔТТЫ ХОРЗ БАЗОНУТ

3. Ныййарджытӕн Йесо фӕзминаг цӕмӕй у?

3 Йесо-иу арӕх фарста йӕ ахуыргӕнинӕгты, цӕуыл ӕууӕндынц, уымӕй (Матф. 16:13–15). Сымахӕн дӕр уӕ бон у афтӕ кӕнын. Уӕ сывӕллӕттимӕ ӕнӕуи истӕуыл куы ныхас кӕнат кӕнӕ иумӕ исты куы аразат, уӕд-иу сӕ афӕрсут, цы хъуыды кӕнынц, уымӕй ӕмӕ-иу сӕм байхъусут. Чи зоны, истӕуыл дызӕрдыг кӕнынц. Австралийӕ иу 15-аздзыд ӕфсымӕр ныффыста: «Папӕ мемӕ арӕх фӕныхас кӕны, цӕуыл ӕууӕндын, уыдӕтты тыххӕй ӕмӕ мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу алцӕуыл дӕр лӕмбынӕг ахъуыды кӕнон. Бафӕрсы мӕ: „Библийы уый тыххӕй цы фыст ис? Цы бакастӕ, уый дӕ уырны? Ӕмӕ дӕ цӕмӕн уырны?“ Нӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йын йӕхи кӕнӕ мамӕйы ныхӕстӕ кӕнон. Афтӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй, мӕхӕдӕг цы хъуыды кӕнын, уый-иу зӕгъон. Гыццыл куы уыдтӕн, уӕд-иу ын мӕ хуымӕтӕг дзуапп фаг уыд. Фӕлӕ куыд стырдӕр кодтон, афтӕ мӕ хъуыды дӕр хъуамӕ бӕстондӕр ӕмбарын кодтаин».

4. Сывӕллоны фарстатӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн цӕуылнӕ ис? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

4 Кӕд уӕ сывӕллон Библийы ахуырӕдтӕй кӕцыдӕрыл дызӕрдыг кӕны, уӕд-иу уайтагъд ма рамӕсты ут. Фӕразон ут ӕмӕ йын ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй-иу йӕ фарстатӕн дзуапп ссара. Сывӕллон кӕмӕн ис, иу ахӕм нӕлгоймаг загъта: «Дӕ сывӕллоны фарстатӕм уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕс. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ йӕ фарста ахӕм ахсджиаг нӕу, цӕмӕй йыл дзурай. Ӕмӕ йӕ фарстамӕ цӕттӕ куы нӕ уай, уӕддӕр ын дзуапп раттыныл бацархай». Кӕд дӕ дӕ сывӕллон истӕмӕй фӕрсы, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ фӕнды, Библи цы дзуры, уый бамбарын. Йесойӕн 12-аздзыдӕй дӕр йӕ фарстатӕ сывӕллоны фарстатӕ нӕ уыдысты. (Бакӕс Лукайы 2:46.) Данийӕ иу 15-аздзыд лӕппу загъта: «Иухатт мӕ ныййарджыты бафарстон, цымӕ нӕ дин раст у, зӕгъгӕ. Мӕ фарста сӕ мӕты куыннӕ бафтыдтаид, фӕлӕ мӕм хыл кӕнын нӕ райдыдтой. Мӕ алы фарстайӕн дӕр мын Библийӕ дзуапп радтой».

5. Ныййарджытӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ сӕ сывӕллон Йегъовӕйыл ӕууӕнды, уӕддӕр цы хъуамӕ аразой?

5 Уӕ сывӕллӕтты хорз базонут: цӕуыл хъуыды кӕнынц, сӕ зӕрдӕйы цы ис, цы сӕ тыхсын кӕны. Афтӕ уӕм ма кӕсӕд, ӕмӕ иугӕр ӕмбырдтӕм цӕуынц ӕмӕ уемӕ уацамынды вӕййынц, уӕд сӕм уырнындзинад ис. Алы бон дӕр-иу семӕ Йегъовӕйы тыххӕй ныхас кӕнут, зӕгъӕм, иумӕ истытӕ куы кусат, уӕд. Уӕ сывӕллӕтты тыххӕй кувут, семӕ куы уат, уӕд дӕр ӕмӕ, хицӕнӕй куы куват, уӕд дӕр. Базонут-иу, сӕ уырнындзинады тыххӕй цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй-иу сӕ бон сӕ сӕрты ахизын суа.

ЦЫ СЫН АМОНУТ, УЫЙ УӔ ЗӔРДӔЙӔ ЦӔУӔД

6. Библийы цы фыст ис, уый ныййарджытӕ сӕ зӕрдӕйы куы ӕвӕрой, уӕд сын уый сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕндзӕн?

6 Йесо уыд хорз ахуыргӕнӕг ӕмӕ-иу адӕмы зӕрдӕтӕ бацагайдта, уымӕн ӕмӕ уарзта Йегъовӕйы, йӕ Ныхас ӕмӕ адӕмы (Лук. 24:32; Иоан. 7:46). Ныййарджытӕ дӕр Йегъовӕйы куы уарзой, уӕд ӕй сӕ сывӕллӕттӕ дӕр бауарздзысты. (Бакӕс Дыккаг закъон 6:5–8; Лукайы 6:45.) Уӕдӕ, ныййарджытӕ, Библи ӕмӕ нӕ публикацитӕ лӕмбынӕг иртасут. Йегъовӕ цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй-иу фылдӕр базонут (Матф. 6:26, 28). Йегъовӕйы хуыздӕр куы базонат, уӕд ын тынгдӕр аргъ кӕндзыстут ӕмӕ уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын дӕр уӕ бон хуыздӕр уыдзӕн (Лук. 6:40).

7, 8. Рӕстдзинад ныййарӕджы зӕрдӕйы куы уа, уӕд ын уый фӕрцы цы бантысдзӕн? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

7 Рӕстдзинад уӕ зӕрдӕйы куы уа, уӕд уӕм уӕ бинонтимӕ ууыл ныхас кӕнынӕй хуыздӕр ницы кӕсдзӕн. Йегъовӕйы тыххӕй ӕрмӕст ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнгӕйӕ кӕнӕ бинонты ахуыры рӕстӕг ма ныхас кӕнут, фӕлӕ ӕндӕр исты аразгӕйӕ дӕр. Иу лӕг ӕмӕ ус Америкӕйы Иугонд Штаттӕй афтӕ фӕкӕнынц, сӕ сывӕллӕттимӕ ӕрдзы рӕсугъддзинӕдтӕй истӕмӕ куы фӕкӕсынц кӕнӕ исты хӕрзад хӕринаг куы фӕхӕрынц, уӕд. Уыдон зӕгъынц: «Нӕ сывӕллӕттӕн се ’ргом аздахӕм, Йегъовӕ нын ӕппӕт адӕттӕ куы цӕттӕ кодта, уӕд алцӕуыл дӕр куыд бӕстон ахъуыды кодта ӕмӕ ӕппӕт дӕр йӕ уарзондзинадыл дзурӕг кӕй у, уымӕ». Хуссар-Африкаг Республикӕйӕ та иу лӕг ӕмӕ ус сӕ дыууӕ чызгимӕ сӕ цӕхӕрадоны куы фӕкусынц, уӕд сын сӕ хъус ӕрдарынц, мыггӕгтӕ ӕвзар куыд суадзынц ӕмӕ стӕй куыд сырӕзынц, уымӕ. Уыцы ныййарджытӕ зӕгъынц: «Фӕнды нӕ, цӕмӕй нӕ чызджытӕ бамбарой, цард куыд вазыгджын конд у, уый ӕмӕ йын аргъ кӕной».

8 Австралийӕ иу ӕфсымӕрӕн йӕ фыртыл 10 азы бӕрц куы цыд, уӕд ӕй музеймӕ акодта. Уым ын хорз фадат фӕци йӕ фыртӕн баххуыс кӕнынӕн, цӕмӕй, ӕппӕт дӕр Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, ууыл тынгдӕр баууӕндыдаид. Ӕфсымӕр загъта: «Экспонатты ’хсӕн уыди, сӕ мыггаг кӕмӕн сыскъуыд, ахӕм рагон денджызон цӕрӕгойтӕ – аммониттӕ ӕмӕ трилобиттӕ. Тынг диссаг нӕм фӕкаст, куыд рӕсугъд уыдысты, куыд вазыгджын конд уыдысты ӕмӕ алцӕмӕй дӕр куыд ӕххӕст уыдысты, уый. Абон цы цӕрӕгойтӕ зонӕм, уыдонӕй ницӕмӕй цауддӕр уыдысты. Уӕдӕ кӕд, эволюцийы ахуырадмӕ гӕсгӕ, вазыгджын царды формӕтӕ хуымӕтӕг царды формӕйӕ равзӕрдысты, уӕд уыцы рагон цӕрӕгойтӕ уыцы рӕстӕг дӕр афтӕ вазыгджын конд цӕмӕн уыдысты? Мӕхицӕн дзы зондӕн цы райстон, уый мӕ лӕппуйӕн дӕр загътон».

ЦӔСТУЫНГӔ ЦӔВИТТОНТӔЙ ПАЙДА КӔНУТ

9. Цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ хорз цӕмӕй сты? Иу хо цавӕр цӕвиттонӕй спайда кодта?

9 Йесо арӕх пайда кодта цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй. Ахӕм цӕвиттонтӕ адӕмы хъуыдытыл бафтауынц, зӕрдӕтӕ бацагайынц ӕмӕ сын уыдоны фӕрцы цы фӕамонынц, уый хуыздӕр бахъуыды кӕнынц (Матф. 13:34, 35). Уӕдӕ уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнгӕйӕ арӕхдӕр пайда кӕнут цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй, уымӕн ӕмӕ сывӕллоны зонд афтӕ у, ӕмӕ йын цы дзурай, уый уайтагъд ирд нывтӕй йӕ цӕстытыл ауайы. Зӕгъӕм, Японийӕ иу хойы фӕндыд йӕ дыууӕ лӕппуйӕн бамбарын кӕнын, Йегъовӕ зӕххы атмосферӕ куыд скодта, уымӕй йӕ уарзондзинад куыд зыны, уый. Лӕппутӕй иуыл цыди аст азы, иннӕйыл – дӕс. Мад сӕм радта ӕхсыр, сӕкӕр ӕмӕ къофи ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй йын сӕ дыууӕ дӕр къофи скодтаиккой. Хо зӕгъы: «Тынг арӕхстгай йӕ кодтой. Ӕз сӕ бафарстон, афтӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн архайут, зӕгъгӕ. Ӕмӕ мын загътой, ӕз цавӕр къофи уарзын, ахӕм къофи скӕнын сӕ кӕй фӕнды. Уӕд сын бамбарын кодтон, Йегъовӕ дӕр атмосферӕйы алыхуызон газтӕ афтӕ кӕй схӕццӕ кодта, цӕмӕй, махӕн куыд хуыздӕр уыдаид, афтӕ рауадаид». Лӕппутӕ цы кары уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сын уыцы цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕнцон бамбарӕн уыд. Стӕй сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, сӕ мад сӕ афтӕ кӕй ахуыр кодта, уый. Уӕд цы базыдтой, уый сӕ, ӕвӕццӕгӕн, никуы ферох.

Уӕ сывӕллӕттӕн хуымӕтӕг цӕвиттонты фӕрцы ӕмбарын кӕнут, Сфӕлдисӕг кӕй ис (кӕс 10 абзац)

10, 11. а) Цавӕр цӕвиттон уын баххуыс кӕндзӕн, Сфӕлдисӕг кӕй ис, уый уӕ сывӕллонӕн бамбарын кӕнынӕн? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.) б) Ды цавӕр цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ӕрхӕссыс?

10 Сфӕлдисӕг кӕй ис, уый сывӕллонӕн бамбарын кӕнынӕн спайда кӕнӕн ис хӕринаджы рецептӕй. Тъорт кӕнӕ печенитӕ куы скӕнай, уӕд ын бамбарын кӕн, се скӕнынӕн рецепт цӕмӕн хъӕуы, уый. Уый фӕстӕ йын исты дыргъ ратт, зӕгъӕм, фӕткъуы, ӕмӕ йӕ бафӕрс: «Зоныс ӕй, ацы фӕткъуыйӕн дӕр „рецепт“ кӕй ис?» Стӕй фӕткъуы дыууӕ дихы акӕн ӕмӕ йӕм йе ’ппытӕй иу ратт. Дӕ бон ын у зӕгъын, фӕткъуыйӕн йӕ «рецепт» йӕ аппы «фыст» кӕй ис, фӕлӕ хӕринаджы рецептимӕ абаргӕйӕ уый бирӕ зындӕр бамбарӕн кӕй у. Уый фӕстӕ та йын зӕгъ: «Рецепт йӕхӕдӕг нӕ фӕзынд, чидӕр ӕй ныффыста. Ӕмӕ кӕд фӕткъуыйы „рецепт“ бирӕ зындӕр у, уӕд уый та чи ныффыста?» Стырдӕр сывӕллонӕн бамбарын кӕнӕн ис, фӕткъуыйы «рецепт»,– бӕлвырдӕй та дзы цы бӕлас рауайы, уый «рецепт»,– кӕй ис ДНК-йы. Уӕ бон ма у иумӕ ӕркӕсын, брошюрӕйы «У истоков жизни. Пять вопросов, которые требуют ответа» 10–20 фӕрстыл цы нывтӕ ис, уыдонмӕ.

11 Ныййарджытӕй бирӕтӕ сӕ сывӕллӕттимӕ фӕныхас кӕнынц рубрикӕйыл «Случайность или замысел?». Сӕ сывӕллӕттӕ нырма гыццыл кӕмӕн сты, уыдон та сын уыцы рубрикӕйы фӕрцы цавӕрдӕр хабӕрттӕ хуымӕтӕгӕй бамбарын кӕнынц. Зӕгъӕм, Данийӕ иу лӕг ӕмӕ ус сӕ сывӕллӕттимӕ ныхасгӕнгӕйӕ хӕдтӕхджытӕ абарстой мӕргътимӕ. Уыдон загътой: «Хӕдтӕхджытӕ сты мӕргъты хуызӕн. Фӕлӕ хӕдтӕхджытӕ ӕйчытӕ ӕрӕфтауынц ӕмӕ гыццыл хӕдтӕхджытӕ рауадзынц? Мӕргъты стӕхынӕн ӕмӕ ӕрбадынӕн аэропорттӕ хъӕуы? Ӕниу хӕдтӕхӕджы хъӕр мӕргъты зарынимӕ абарӕн ис? Уӕдӕ зондджындӕр чи у: хӕдтӕхӕг чи сарӕзта, уыцы адӕймаг ӕви, мӕргъты чи сфӕлдыста, уый?» Сывӕллонимӕ афтӕ куы ныхас кӕнат ӕмӕ йӕм хорз фарстатӕ куы дӕттат, уӕд «хъуыды кӕнын» сахуыр уыдзӕн ӕмӕ Хуыцауыл тынгдӕр ӕууӕнддзӕн (Ӕмб. 2:10–12).

12. Цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ сывӕллонӕн куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, Библийы иу мӕнг ныхас дӕр кӕй нӕй, уый фена?

12 Хорз цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ ма уын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сывӕллон фена, Библийы иу мӕнг ныхас дӕр кӕй нӕй, уый. Уӕ бон у бакӕсын Иов 26:7. (Бакӕс ӕй.) Фаг нӕу, ӕмӕ йын ӕнӕуи зӕгъай, ацы ныхӕстӕ Йегъовӕ ныффыссын кодта, зӕгъгӕ. Хуыздӕр уыдзӕн, сывӕллон уый йӕ цӕстытыл ирдӕй куы ауайын кӕна. Зӕгъ ын, Иов кӕй цард, телескоптӕ куы фӕзынд ӕмӕ адӕм космосмӕ тӕхын куы райдыдтой, уымӕй бирӕ раздӕр. Уыцы рӕстӕг бирӕты нӕ уырныдтаид, зӕхх кӕй ницӕуыл лӕууы, уый. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтой, уӕззау цыдӕртӕ истӕуыл куы нӕ лӕууой, уӕд хаугӕ кӕй кӕнынц. Сывӕллонмӕ раттӕн ис пурти кӕнӕ дур, цӕмӕй равдиса, уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у. Ахӕм цӕвиттонты фӕрцы сывӕллон бамбардзӕн, адӕм ӕрӕджы цы базыдтой, уыдӕттӕ Йегъовӕ Библийы тынг раджы кӕй ныффыссын кодта (Неем. 9:6).

РАВДИСУТ ЫН, БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРДТӔ ПАЙДА КӔЙ СТЫ, УЫЙ

13, 14. Куыд ис сывӕллӕттӕн ӕмбарын кӕнӕн, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд амондджын кӕй уыдзысты?

13 Ахсджиаг ма у сывӕллӕттӕн ӕмбарын кӕнын, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд амондджын кӕй уыдзысты. (Бакӕс Псалом 1:1–3.) Уый ис алыхуызӕтты аразӕн. Зӕгъӕм, сӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕнт, цыма дард сакъадахмӕ цӕрынмӕ цӕуынц, ӕмӕ семӕ хъуамӕ акӕной цалдӕр адӕймаджы. Стӕй сӕ бафӕрс: «Алкӕмӕ дӕр уӕ цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ фидауат ӕмӕ хӕларӕй цӕрат?» Уый фӕстӕ семӕ аныхас кӕнут Галатӕгтӕм 5:19–23 стихтыл, цӕмӕй феной, ног дунейы цавӕр адӕймӕгтӕ цӕрдзӕн, уый.

14 Уымӕй сӕ бон уыдзӕн дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы бамбарын. Фыццаг, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй ныртӕккӕ дӕр амондджын уӕм ӕмӕ иннӕтимӕ фӕрнӕй цӕрӕм. Дыккаг, Йегъовӕ нӕ абон ахуыр кӕны, цӕмӕй ног дунейы цӕрынмӕ цӕттӕ уӕм (Ис. 54:13; Иоан. 17:3). Уӕ бон у нӕ публикациты не ’фсымӕртӕй искӕй биографи ссарын, зӕгъӕм, рубрикӕйы «Библи ивы адӕймаджы цард», ӕмӕ йыл сывӕллӕттимӕ аныхас кӕнын. Кӕнӕ кӕд уе ’мбырды ахӕм адӕймаг ис, Йегъовӕйы тыххӕй йӕ цард тынг чи фӕивта, уӕд ӕй ис фӕхонӕн, цӕмӕй уын йӕ хабӕрттӕ радзура. Уыцы цӕвиттонты фӕрцы сывӕллӕттӕ бамбардзысты, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын стыр пайда кӕй у (Дзут. 4:12).

15. Уӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ уӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарат?

15 Уӕ зӕрдыл дарут: уӕ сывӕллӕтты куы ахуыр кӕнат, уӕд-иу уыцы иугъӕдон мадзӕлттӕй ма пайда кӕнут. Ног истытӕ-иу ӕрхъуыды кӕнут, цӕмӕй-иу сын ӕхсызгон уа Йегъовӕйы тыххӕй ног цыдӕртӕ базонын ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнын. Куыд стырдӕр кӕнынц, афтӕ уӕ мадзӕлттӕ ивут. Иу ӕфсымӕр загъта: «Раздӕр кӕуыл ныхас кодтат, уыцы темӕтыл та уӕ ныхас кӕнын куы хъӕуа, уӕд-иу ногӕй ахъуыды кӕнут, ӕндӕрхуызон сӕ бамбарын кӕнӕн куыд ис, ууыл. Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы зивӕг ма кӕнут».

ХЪӔУЫ УӔ УЫРНЫНДЗИНАД, ФӔРАЗОНДЗИНАД ӔМӔ ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔХХУЫС

16. Ныййарджыты фӕразондзинад цӕмӕн хъӕуы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

16 Цӕмӕй сывӕллӕттӕн сӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй сӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы Хуыцауы сыгъдӕг тых (Гал. 5:22, 23). Уырнындзинад абарӕн ис дыргъимӕ – цӕмӕй сырӕза, уымӕн рӕстӕг хъӕуы. Уымӕ гӕсгӕ уӕ сывӕллӕтты хъуамӕ ӕдзухдӕр ахуыр кӕнат, стӕй уӕ хъӕуы фӕразондзинад дӕр. Дыууӕ сывӕллоны кӕмӕн ис, иу ахӕм япойнаг ӕфсымӕр загъта: «Нӕ сывӕллӕттимӕ бирӕ рӕстӕг ӕрвыстам. Бынтон гыццыл ма куы уыдысты, уӕд-иу, ӕмбырдты бонтӕй фӕстӕмӕ, алы бон дӕр фынддӕс минуты семӕ Библи ахуыр кодтон. Уыцы рӕстӕг нӕдӕр махӕн, нӕдӕр уыдонӕн ӕгӕр бирӕ нӕ уыд». Иу районон цӕстдарӕг ныффыста: «Рӕзгӕ кары куы уыдтӕн, уӕд мӕм бирӕ фарстатӕ уыд ӕмӕ бирӕ цӕуылдӕрты дызӕрдыг кодтон, кӕд алцӕй тыххӕй ӕргом нӕ дзырдтон, уӕддӕр. Фӕлӕ рӕстӕг куыд цыд, афтӕ дзы бирӕтӕн дзуапп базыдтон ӕмбырдты, бинонты ахуыры рӕстӕг кӕнӕ-иу мӕхӕдӕг Библи куы иртӕстон, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ӕдзух ахуыр кӕной».

Цӕмӕй хорз ахуыргӕнӕг уай, уый тыххӕй Хуыцауы Ныхас хъуамӕ фыццаджыдӕр дӕхи зӕрдӕйы уа (кӕс 17 абзац)

17. Ныййарджытӕ фӕзминаг цӕмӕн хъуамӕ уой ӕмӕ иу фыд ӕмӕ мад сӕ чызджытӕн фӕзминаг куыд сты?

17 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ уӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг уат уӕхи уырнындзинадӕй дӕр. Уӕ хъуыддӕгтӕ уын куы уыной, уӕд сыл уый ӕнӕмӕнгдӕр хорзырдӕм фӕзындзӕн. Уӕдӕ, ныййарджытӕ, уӕхи уырнындзинад дӕр фидар кӕнут. Уадз ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕ уыной, Йегъовӕ уӕ Хӕлар кӕй у. Бермуды сакъадӕхтӕй иу лӕг ӕмӕ ус истӕуыл куы фӕтыхсынц, уӕд сӕ сывӕллӕттимӕ Йегъовӕмӕ разамынды тыххӕй фӕкувынц, стӕй сын фӕдзурынц, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр кувой. «Нӕ хистӕр чызгӕн фӕзӕгъӕм: „Дӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дар, йӕ хъуыддаджы зӕрдиагӕй архай ӕмӕ ӕгӕр мацӕуыл мӕт кӕн“. Ӕмӕ стӕй, хъуыддаг куыд рауайы, уый куы фены, уӕд ӕй фӕзоны, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны. Уый фӕрцы йӕ уырнындзинад афтӕ бафидар вӕййы, ӕмӕ диссаг! Хуыцауыл дӕр ӕмӕ Библийыл дӕр ноджы тынгдӕр баууӕнды».

18. Ныййарджытӕ цавӕр ахсджиаг хъуыддаг хъуамӕ ӕмбарой?

18 Ныййарджытӕ, рох уӕ ма уӕд: сывӕллоны зӕрдӕйы уырнындзинад тыххӕй нӕ сырӕзын кӕндзынӕ. Сымахӕн уӕ бон у садзын ӕмӕ дон кӕнын, фӕлӕ рӕзын та Хуыцау кӕны (1 Кор. 3:6). Уӕдӕ дзы йӕ сыгъдӕг тых курут ӕмӕ уӕ хъӕбулты ахуыр кӕнгӕйӕ уӕ тыхтыл ма ауӕрдут. Афтӕ куы кӕнат, уӕд уын Йегъовӕ дӕр уӕ фыдӕбонӕн арфӕ кӕндзӕн (Еф. 6:4).