Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хицӕутты раз хорз хабары сӕрыл дзурӕм

Хицӕутты раз хорз хабары сӕрыл дзурӕм

«УЫЙ у ме ’взӕрст лӕг – уый мын мӕ ном хъусын кӕндзӕн ӕндӕр адӕмтӕн, стӕй паддзӕхтӕн» (Хъуыд. 9:15). Йесо дзырдта, чырыстон дин чи райста, уыцы дзуттаг лӕджы тыххӕй. Уый уыди апостол Павел.

Уыцы «паддзӕхтӕй» иу уыд ромаг паддзах Нерон. Цымӕ ды куыд кодтаис, ахӕм паддзахы раз дӕ дӕ дины сӕрыл дзурын куы бахъуыдаид, уӕд? Уыцы хъуыддаджы чырыстӕттӕн фӕзминаг у апостол Павел (1 Кор. 11:1). Ӕркӕсӕм-ма, Павел тӕрхоны раз куы ’рлӕууыд, уӕд йӕхи куыд дардта, уымӕ.

Израилы адӕм цардысты Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ дзуттӕгтӕ кӕмфӕнды ма цардаиккой, уӕддӕр хъуамӕ хӕрзӕгъдау цард кодтаиккой. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны фӕстӕ чырыстӕтты Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын нал хъуыд (Хъуыд. 15:28, 29; Гал. 4:9–11). Фӕлӕ Павел ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ уыцы Закъоны тыххӕй былысчъилӕй никуы дзырдтой, ӕмӕ сӕ бон уыд сӕрибарӕй хъусын кӕнын, дзуттӕгтӕ кӕм цардысты, уыцы рӕтты (1 Кор. 9:20). Бирӕ хӕттыты-иу Павел ӕмбырдгӕнӕнты хъусын кодта, Авраамы Хуыцауӕн чи куывта, уыдонӕн. Стӕй ма-иу адӕмимӕ ныхас кодта Дзуттаг Фыстытыл дӕр (Хъуыд. 9:19, 20; 13:5, 14–16; 14:1; 17:1, 2).

Апостолтӕ сфӕнд кодтой, хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд Иерусалимӕй кӕй дӕтдзысты. Уыдон ӕдзухдӕр кувӕндоны адӕмы ахуыр кодтой (Хъуыд. 1:4; 2:46; 5:20). Павел-иу арӕх ӕрцыд Иерусалиммӕ, ӕмӕ йӕ иухатт ӕрцахстой. Афтӕмӕй йын йӕ хъуыддаг ӕвзарын райдыдтой ӕмӕ йӕ Роммӕ ацӕуын бахъуыд.

ПАВЕЛ РОМЫ ЗАКЪОНМӔ ГӔСГӔ АРХАЙДТА

Цымӕ Ромы хицауад цы цӕстӕй ракаст, Павел йӕ дины тыххӕй кӕй хъусын кодта, уымӕ? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ’ркӕсӕм, ромӕгтӕ динтӕм цы цӕстӕй кастысты, уымӕ. Ромы алыхуызон адӕмыхӕттытӕн бар уыди, цӕмӕй сӕхи дины ’гъдӕуттӕ ’ххӕст кодтаиккой, кӕд Ромы паддзахад ӕмӕ ’гъдӕуттӕн ницы зиан хастаиккой, уӕд.

Дзуттӕгтӕн Ромы бирӕ бартӕ лӕвӕрдтой. Иу чиныджы фыст ис: «Ромы паддзахады дзуттаг дин стыр бынат ахста... Дзуттӕгтӕн сӕ бон уыд сӕ дины ’гъдӕуттӕ ’ххӕст кӕнын ӕмӕ сӕ Ромы хуыцӕуттӕн нӕ кувын кодтой. Дзуттӕгтӕ цардысты сӕхи ’гъдӕуттӕм гӕсгӕ» (Backgrounds of Early Christianity). Стӕй сӕ ’фсадмӕ дӕр нӕ кодтой *. Ӕмӕ Павел дӕр йӕ дины сӕрыл куы дзырдта, уӕд спайда кодта, Ромы закъонмӕ гӕсгӕ дзуттӕгтӕн цы бартӕ уыди, уыдонӕй.

Павелы знӕгтӕ архайдтой, цӕмӕй йын адӕмы ӕмӕ хицауады йӕ ныхмӕ скодтаиккой (Хъуыд. 13:50; 14:2, 19; 18:12, 13). Ӕркӕсӕм-ма иу хабармӕ. Иерусалимы ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фехъуыстой, зӕгъгӕ, дам, Павел дзуры, «цӕмӕй Моисейы закъоныл сӕ къух сисой». Уый тыххӕй, дзуттӕгтӕй чырыстон дин ӕрӕджы чи райста, уыдонӕй иуӕй-иутӕ, чи зоны, ахъуыды кодтаиккой, Павел Хуыцауы закъӕттӕ кӕй ницӕмӕ дары. Стӕй ма уый гӕнӕн дӕр уыд, ӕмӕ Сӕйраг тӕрхондон ахӕм хъуыдымӕ ’рцыдаид, зӕгъгӕ, чырыстӕттӕ дзуттаг диныл гадзрахатӕй рацыдысты. Ӕмӕ афтӕ куы уыдаид, уӕд, дзуттӕгтӕй чырыстӕттимӕ чи иу кодтаид, уыдон ӕфхӕрд баййӕфтаиккой. Уӕд сыл хъоды бакодтаиккой ӕмӕ сын кувӕндоны ӕмӕ ӕмбырдгӕнӕнты хъусын кӕныны бар нӕ уыдаид. Уымӕ гӕсгӕ ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Павелӕн загътой, цӕмӕй, мӕнг ныхӕстӕ дзы кӕй кодтой, уый сбӕлвырд кодтаид. Уый тыххӕй хъуамӕ кувӕндонмӕ ацыдаид ӕмӕ сарӕзтаид, Хуыцау цы нӕ домдта, фӕлӕ кӕй ныхмӕ нӕ уыд, ахӕм хъуыддаг (Хъуыд. 21:18–27).

Павел сӕм байхъуыста, ӕмӕ уый фӕрцы хорз хабары сӕрыл тох кӕнынӕн ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ ’рфидар кӕнынӕн фадат фӕци (Фил. 1:7). Кувӕндоны чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕ сызмӕстой ӕмӕ Павелы марынмӕ хъавыдысты, фӕлӕ йӕ ромаг ӕфсады хицау ӕрцахсын кодта. Павелы ехсӕй нӕмынмӕ куы хъавыдысты, уӕд загъта, ромаг кӕй у. Уый фӕстӕ йӕ Кесаримӕ акодтой, ромӕгтӕ Иудейӕмӕ сӕ хъус кӕцӕй дардтой, уыцы горӕтмӕ. Павелӕн уым диссаджы фадат фӕзынд, цӕмӕй хицӕуттӕн хъӕбатырӕй хъусын кодтаид. Ӕвӕццӕгӕн, уый фӕрцы хорз хабар фехъуыстой, уый фадат кӕмӕн нӕ уыди, уыцы адӕм дӕр.

Хъуыддӕгты 24 сӕры фыст ис, Павел Иудейӕйы бӕстӕйы хицау Феликсы тӕрхоны раз кӕй ӕрлӕууыд. Феликс чырыстон дины тыххӕй уӕдмӕ дӕр цыдӕртӕ фехъуыста. Дзуттӕгтӕ дзырдтой, Павел Ромы закъон кӕй халы, ӕмӕ йӕ ӕртӕ хъуыддаджы аххосджын кодтой. Дзырдтой, Ромы цы дзуттӕгтӕ цард, уыдоны кӕй змӕнты, тӕссаг сектӕйы хистӕр кӕй у, стӕй ма кувӕндонӕй фӕхынджылӕг кӕнынмӕ кӕй хъавыд; уыцы кувӕндон та Ромы хицауады дӕлбар уыд (Хъуыд. 24:5, 6). Уыцы хъуыддӕгты тыххӕй йӕ маргӕ дӕр акодтаиккой.

Павел тӕрхондоны йӕхи куыд дардта, уымӕй абоны чырыстӕттӕн дӕр фӕзминаг у. Павел уыд сабыр ӕмӕ уӕздан ныхас кодта. Уый дзырдта Закъоны ӕмӕ пехуымпарты тыххӕй, ӕмӕ сын сӕ «фыдӕлты Хуыцауӕн» лӕггад кӕныны бар кӕй ис, уый тыххӕй. Ромы закъонмӕ гӕсгӕ ахӕм бар уыди алы дзуттагӕн дӕр (Хъуыд. 24:14). Уый фӕстӕ Павелӕн фадат уыд, цӕмӕй хорз хабары сӕрыл дзырдтаид ӕмӕ хъусын кодтаид, Феликсы фӕстӕ хицау чи уыд, уымӕн – Порций Фестӕн ӕмӕ ма паддзах Ирод Агриппӕйӕн дӕр.

Ӕппынфӕстаг, цӕмӕй йын раст тӕрхон рахастаиккой, уый тыххӕй Павел загъта: «Ӕз домын Ромы паддзахы тӕрхон!» Уыцы рӕстӕг уый уыди ӕппӕты стырдӕр хицау (Хъуыд. 25:11).

ПАВЕЛ РОМЫ ПАДДЗАХЫ РАЗ

Зӕд Павелӕн загъта: «Ды хъуамӕ ӕрлӕууай Ромы паддзахы раз» (Хъуыд. 27:24). Нерон Ромы паддзах куы сси, уӕд загъта, тӕрхондоны алы хъуыддаг йӕхӕдӕг кӕй не ’взардзӕн. Ӕмӕ-иу фыццаг аст азы уыцы куыст ӕндӕртӕн бахӕс кодта. Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, дам-иу хъуыддаг Нерон йӕхӕдӕг куы ’взӕрста, уӕд-иу тӕрхон кодта йӕ галуаны, ӕмӕ-иу ын ӕххуыс кодтой фӕлтӕрдджын ӕмӕ кадджын уынаффӕгӕнджытӕ (The Life and Epistles of Saint Paul).

Павелӕн Нерон тӕрхон кодта ӕви ӕндӕр чидӕр, уый тыххӕй Библийы ницы фыст ис. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, Павел бамбарын кодта, дзуттӕгты Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕны, ӕмӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй хицауадӕн кад кӕной (Ром. 13:1–7; Тит. 3:1, 2). Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Павел хорз хабары сӕрыл цы дзырдта, уымӕ хицӕуттӕ байхъуыстой, ӕмӕ йӕ ссӕрибар кодтой (Фил. 2:24; Филим. 22).

НӔ ХӔС У ХОРЗ ХАБАРЫ СӔРЫЛ ДЗУРЫН

Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕн тыххӕй уӕ кӕндзысты хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм, цӕмӕй уыдон дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмтӕ дӕр фехъусой хорз хабар» (Матф. 10:18). Йесойы номӕй дзурын стыр кад у. Хорз хабары сӕрыл куы дзурӕм, уӕд, чи зоны, тӕрхондоны дӕр рамбулӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ’нӕххӕст тӕрхонгӕнджытӕ цыфӕнды уынаффӕ ма рахӕссой, уӕддӕр нын уыцы хъуыддаг Йегъовӕ бахӕс кодта. Ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахадӕн у йӕ бон хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон скӕнын (Еккл. 8:9; Йер. 10:23).

Абон дӕр чырыстӕттӕ сӕ дины сӕрыл куы фӕдзурынц, уӕд Йегъовӕйы ном фӕкадджын кӕнынц. Павелау-иу мах дӕр хъуамӕ сабыр уӕм ӕмӕ-иу зӕрдиагӕй ӕмӕ фидарӕй дзурӕм. Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, зӕгъгӕ, цы дзуапп ратдзыстут, ууыл рагацау ма хъуыды кӕнут, уымӕн ӕмӕ уын ахӕм ӕвзаг ӕмӕ ахӕм зонд ратдзынӕн, ӕмӕ, уе знӕгтӕ иууылдӕр куы баиу уой, уӕддӕр сӕ бон нӕ бауыдзӕн уӕ ныхмӕ фӕлӕууын кӕнӕ уӕ ныхмӕ исты зӕгъын (Лук. 21:14, 15; 2 Тим. 3:12; 1 Пет. 3:15).

Чырыстӕттӕ сӕ дины сӕрыл хицауады раз куы фӕдзурынц, уӕд сын фадат фӕзыны, цӕмӕй хорз хабар фехъусын кӕной, уацамынды кӕуыл нӕ сӕмбӕлынц, уыцы адӕмӕн дӕр. Иуӕй-иу тӕрхондӕтты нӕ пайдайӕн уынаффӕтӕ кӕй рахастой, уый фӕрцы закъоны цыдӕртӕ фӕивтой, ӕмӕ афтӕмӕй фадат фӕзынд сӕрибарӕй дзурынӕн ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн. Фӕлӕ тӕрхондӕтты цыфӕнды уынаффӕ куы рахӕссой, уӕддӕр Хуыцауы зӕрдӕ фӕрухс кӕны, йӕ лӕггадгӕнджытӕ тӕрхондоны хъӕбатырӕй куы фӕдзурынц, уӕд.

Нӕ дины сӕрыл куы фӕдзурӕм, уӕд Йегъовӕйы ном фӕкадджын кӕнӕм

^ 8 абз. Фыссӕг Джеймс Паркс ныффыста: «Дзуттӕгтӕн... уыд сӕхи ’гъдӕуттӕм гӕсгӕ цӕрыны бар. Ӕмӕ уым диссагӕй ницы уыд, уымӕн ӕмӕ ромӕгтӕ сӕ бӕстӕйы бирӕ рӕтты адӕмӕн стыр бартӕ лӕвӕрдтой».