Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрыгӕттӕ, уӕ уырнындзинад фидар кӕнут

Ӕрыгӕттӕ, уӕ уырнындзинад фидар кӕнут

«Уырнындзинад та уый у... адӕймаг... бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты» (ДЗУТ. 11:1).

ЗАРДЖЫТӔ: 41, 69

1, 2. Абон ӕрыгӕтты уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕй у ӕмӕ сӕ бон куыд у сӕхи бахъахъхъӕнын?

«ЗОНДДЖЫН адӕймаг мӕм кӕсыс, ӕмӕ йӕ не ’мбарын, Хуыцау дӕ куыд уырны»,– загъта Великобританийӕ иу ӕрыгон хойӕн йе ’мкъласаг. Германийӕ иу ӕфсымӕр ныффыста: «Библи сфӕлдыстады тыххӕй цы дзуры, уый мӕ ахуыргӕнджытӕ аргъау хонынц. Скъоладзаутӕ эволюцийыл ӕууӕндой, уый та сӕм раст кӕсы». Иу ӕрыгон французаг хо та загъта: «Нӕ ахуыргӕнджытӕ куы базонынц, нӕ рӕстӕджы ма скъоладзаутӕй чидӕр Библийыл кӕй ӕууӕнды, уӕд сӕм тынг диссаг фӕкӕсы».

2 Бирӕтӕ ӕууӕндынц эволюцийыл, ӕппӕт дӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уый та сӕ нӕ уырны. Кӕд ӕрыгон дӕ ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныс кӕнӕ та Библи ӕрӕджы райдыдтай ахуыр кӕнын, уӕд, мыййаг, фӕхъуыды кӕныс, уӕдта ма, иннӕтӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уый ӕцӕгдӕр раст у, зӕгъгӕ? Цы дын баххуыс кӕндзӕн дӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн? Библийы фыст ис: «Сахуыр уыдзынӕ хъуыды кӕнын ӕмӕ дӕ уый хъахъхъӕндзӕн». Хъуыды кӕнын куы зонай, уӕд дӕ уый хъахъхъӕндзӕн, дӕ уырнындзинадӕн тӕссаг кӕмӕй у, уыцы философитӕй. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 2:10–12.)

3. Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

3 Цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы хорз зонӕм (1 Тим. 2:4). Уӕдӕ Хуыцауы Ныхас ӕмӕ нӕ публикацитӕ куы иртасай, уӕд-иу сӕ уӕлӕнгӕйтты ма кӕс. Лӕмбынӕг-иу ахъуыды кӕн, цӕмӕй-иу, цы кӕсыс, уый бамбарай (Матф. 13:23). Ӕркӕсӕм-ма, уый дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ Сфӕлдисӕг кӕй у ӕмӕ Библи йӕ Ныхас кӕй у, уый. Уымӕн та ис фагӕй дӕр фылдӕр «бӕлвырдгӕнӕнтӕ» (Дзут. 11:1).

ДӔ БОН КУЫД У ДӔ УЫРНЫНДЗИНАД ФИДАР КӔНЫН?

4. Эволюцийыл чи ’ууӕнды, уыдон цӕмӕйдӕр, Хуыцау кӕй уырны, уыдоны хуызӕн куыд сты ӕмӕ алчидӕр цы хъуамӕ сараза?

4 Гӕнӕн ис, ӕмӕ дын исчи зӕгъа: «Ӕз эволюцийыл уымӕн ӕууӕндын, ӕмӕ ахуыргӕндтӕ дӕр ууыл ӕууӕндынц. Фӕлӕ дӕу Хуыцау куыд уырны, кӕд ӕмӕ йӕ никуы ничи федта?» Афтӕ бирӕтӕ хъуыды кӕнынц. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, махӕй Хуыцауы ничи федта. Уӕдӕ, дуне куыд фӕлдыста, уый дӕр нӕ федтам (Иоан. 1:18). Фӕлӕ эволюцийыл чи ’ууӕнды, уыдонӕй та цы ис зӕгъӕн? Уыдон дӕр ӕууӕндынц, цы нӕ федтой, ууыл. Уӕлдай нӕу, ахуыргонд уай ӕви хуымӕтӕг адӕймаг,– иу цӕрӕгойӕ ӕндӕр цӕрӕгой рауайгӕ ничи федта. Зӕгъӕм, чи зӕгъдзӕн, зӕгъгӕ, ӕз федтон, калмӕй пыл куыд рауад, уый? (Иов 38:1, 4). Уымӕ гӕсгӕ алчидӕр хъуамӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ раиртаса ӕмӕ сыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕна, цӕмӕй раст хъуыдымӕ ӕрцӕуа. Апостол Павел ныффыста: «Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджытӕ – йе ’нусон тых ӕмӕ, Хуыцау кӕй у, уый – дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ ирдӕй зынынц, уымӕн ӕмӕ бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты. Уӕдӕ уыдон сӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзысты» (Ром. 1:20).

Библи иртасынӕн цы ӕрмӕг ис, уый фӕрцы дӕ бон уыдзӕн, цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн бамбарын кӕнын (кӕс 5 абзац)

5. Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй нӕ бон куыд у фылдӕр базонын?

5 Ӕрдзмӕ куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕм бахъары, ӕппӕт дӕр куыд ӕнахуыр диссаджы конд у, уый. «Нӕ уырнындзинады фӕрцы» йӕ бамбарӕм, Сфӕлдисӕг кӕй ис, кӕд ын цӕстӕй фенӕн нӕй, уӕддӕр. Базонӕм, цы рӕсугъд удыхъӕды ӕмӕ стыр зонды хицау у (Дзут. 11:3, 27). Цы сфӕлдыста, уыдӕтты тыххӕй фылдӕр базонӕн ис, ахуыргӕндтӕ цы раиртӕстой, уый фӕрцы. Уымӕн нын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты видеофильм «Чудеса творения прославляют Бога», брошюрӕ «У истоков жизни. Пять вопросов, которые требуют ответа» ӕмӕ чиныг «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?». Хорз хъуыдытӕ ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ма ссарӕн вӕййы нӕ журналты дӕр. Уыдоны вӕййы, ахуыргӕндтӕй кӕнӕ ӕндӕр адӕмӕй кӕй райстой, ахӕм интервьютӕ. Фӕдзурынц дзы, Хуыцауыл куыд баууӕндыдысты, уый тыххӕй. Рубрикӕйы «Случайность или замысел?» цы статьятӕ вӕййы, уыдоны дзырд фӕцӕуы, алыхуызон цӕрӕгойтӕ кӕнӕ зайӕгойтӕ куыд диссаджы конд сты ӕмӕ ахуыргӕндтӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цыдӕртӕ кӕй саразынц, ууыл.

6. Нӕ публикацитӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты?

6 Цард куыд фӕзынд, ууыл дзырд кӕм цӕуы, дыууӕ ахӕм брошюрӕйы тыххӕй Иугонд Штатты цӕрӕг 19-аздзыд ӕфсымӕр загъта: «Диссаджы брошюрӕтӕ сты, аргъ сын нӕй. Цалдӕр хатты сӕ бакастӕн». «Случайность или замысел?» чи хуыйны, уыцы рубрикӕйы тыххӕй та иу французаг хо ныффыста: «Куы йӕ фӕкӕсын, уӕд мӕ дисӕн кӕрон дӕр нал вӕййы! Инженертӕн сӕ бон у ӕрдзы диссӕгтӕм гӕсгӕ цыдӕртӕ саразын. Фӕлӕ дзы дӕсныдӕртӕ чи сты, уыдонӕн дӕр никуы бантысдзӕн, цӕмӕй, цы саразой, уый дӕр афтӕ вазыгджын конд уа». Хуссар-Африкаг Республикӕйӕ та иу 15-аздзыд чызджы ныййарджытӕ загътой: «„Райхъал ут!“-ы нӕ чызг фыццаг бакӕсы, интервью кӕм вӕййы, уыцы рубрикӕ». Уыцы публикацитӕ дӕуӕн дӕр баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕ уырнындзинад суа, йӕ уидӕгтӕ арф чи ауагъта, ахӕм бӕласы хуызӕн. Ахӕм уырнындзинады фӕрцы та дӕ бон уыдзӕн мӕнг ахуырӕдты дымгӕты ныхмӕ фидар фӕлӕууын (Йер. 17:5–8).

БИБЛИЙЫЛ ФИДАРӔЙ ӔУУӔНДЫС?

7. Хуыцауы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй арф хъуыды кӕнай?

7 Ахӕм фарстайыл куы хъуыды кӕнай, цымӕ Библийы ахуырӕдтӕ ӕцӕгдӕр раст сты, зӕгъгӕ, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй цӕуылдӕр ӕууӕндай, иннӕтӕ йыл кӕй ӕууӕндынц, ӕрмӕст уый тыххӕй. Уый фӕнды, цӕмӕй «арф хъуыды кӕнай» ӕмӕ-иу афтӕмӕй, Библи ӕцӕгдӕр Хуыцауы Ныхас кӕй у, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ссарай. Рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй куы зонай, уӕд дӕ уырнындзинадӕн уыдзӕн фидар бындур. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:1, 2; 1 Тимофеймӕ 2:4.) Цы дын баххуыс кӕндзӕн Библи хуыздӕр базонынӕн? Дӕ бон у, фылдӕр базонын дӕ кӕй тыххӕй фӕнды, уыцы фарстайы фӕдыл ӕрмӕг бацагурын ӕмӕ йӕ раиртасын.

8, 9. а) Иуӕй-иутӕ цавӕр темӕтӕ уарзынц иртасын? б) Кӕмӕндӕрты цы пайда ӕрхаста, цы кастысты, ууыл арф кӕй хъуыды кодтой, уый?

8 Иуӕй-иутӕ уарзынц Библийы пехуымпарӕдтӕ иртасын. Кӕйдӕрты та фӕфӕнды Библийы фыст хабӕрттӕ абарын, историктӕ, археологтӕ кӕнӕ ахуыргӕндтӕ цы дзурынц, уыимӕ. Райсӕм, Райдианы 3:15 стихы цы пехуымпарад ис, уый. Ацы ныхӕстӕ загъд ӕрцыдысты, Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд. Ацы стихы фыццаг хатт ӕмбӕлы Библийы сӕйраг темӕ: Йегъовӕ Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый сбӕлвырд уыдзӕн ӕмӕ йӕ ном срухс уыдзӕн йӕ Паддзахады фӕрцы. Ам Йегъовӕ ахӕсгӕ хуызы ӕмбарын кӕны, ӕппӕт хъизӕмӕрттӕн дӕр кӕрон цӕй фӕрцы скӕндзӕн, уый. Уӕдӕ дӕ бон куыд у Райдиан 3:15 раиртасын? Йегъовӕ гыццылгай ӕргом кодта, ацы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕндзӕн, уый. Ӕмӕ уал фыццаг дӕ бон у, уый кой кӕм ис, уыцы стихтӕ ссарын. Стӕй базон, фыст кӕд ӕрцыдысты, уый, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ фӕд-фӕдыл равӕр. Афтӕмӕй фендзынӕ, ӕмӕ кӕд Библийы фысджытӕ иу рӕстӕджы нӕ цардысты, уӕддӕр, цы фыстой, уый фӕрцы пехуымпарады хъуыды бӕлвырдӕй-бӕлвырддӕр кодта. Ӕмӕ уӕд ӕнӕмӕнг бамбардзынӕ, Хуыцауы «сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ» кӕй фыстой (2 Пет. 1:21).

9 Германийӕ иу ӕфсымӕры хъуыдытыл бафтыдта, Библийы алы чиныджы дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цыдӕр фыст кӕй ис, уый. Ӕмӕ мӕнӕ цы загъта: «Афтӕмӕй та Библи 40 адӕймаджы фыстой. Ӕмӕ дзы бирӕтӕ цардысты алы заманты ӕмӕ кӕрӕдзи зонгӕ дӕр нӕ кодтой». Иу австралиаг хойӕн та йӕ зӕрдӕ бацагайдта, ахуыргӕнӕн брошюрӕйы, «Ма бауадзут, цӕмӕй уӕ зонд ӕвиппайды сдзӕгъӕлтӕ уа!», зӕгъгӕ, Куадзӕны тыххӕй чи уыд, уыцы статья. Хо базыдта, уыцы бӕрӕгбон Райдианы 3:15 фыст пехуымпарадимӕ ӕмӕ Мессийӕимӕ куыд баст у, уый. Ӕмӕ уый тыххӕй афтӕ ныффыста: «Уыцы статьяйы фӕрцы ноджы хуыздӕр бамбӕрстон, Йегъовӕ диссаджы Хуыцау кӕй у. Тынг диссаг мӕм фӕкаст: израилӕгтӕ цы Куадзӕн бӕрӕг кодтой, уый амыдта, Чырысти цы сарӕзта, уымӕ. Уый ӕрхъуыды кӕнынӕн стыр зонд куыннӕ хъуыди! Кӕсгӕ-кӕсын-иу ӕрлӕууыдтӕн ӕмӕ-иу хъуыдыты ацыдтӕн. Уыцы Куадзӕны ӕхсӕвӕрӕн цы стыр нысаниуӕг уыд!» Уыцы хабӕрттӕ хойы зӕрдӕ афтӕ тынг цӕмӕн бацагайдтой? Цы касти, ууыл арф хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ бамбӕрста. Уый фӕрцы йӕ уырнындзинад бафидар ӕмӕ Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс (Матф. 13:23).

10. Библийы фысджытӕ гӕдыныхӕстӕ кӕй нӕ кодтой, уый нын нӕ уырнындзинад куыд фидар кӕны?

10 Адӕймагӕн ма йӕ уырнындзинад бафидар вӕййы, Библийы фысджытӕм-иу лӕгдзинад кӕй разынд ӕмӕ-иу, ӕцӕг цы уыд, уыдӕттӕ кӕй ныффыстой, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ дӕр. Уыцы заманты-иу ӕндӕр фысджытӕ сӕ разамонджытӕй ӕмӕ сӕ адӕмӕй ӕппӕлыдысты, бӕрзонд-иу сӕ систой. Фӕлӕ Йегъовӕйы пехуымпартӕ гӕдыныхӕстӕ никуы кодтой. Фыстой сӕ адӕмы ӕвзӕр хъуыддӕгты ӕмӕ суанг сӕ паддзӕхты ӕвзӕр хъуыддӕгты тыххӕй дӕр (2 Аз. 16:9, 10; 24:18–22). Стӕй-иу нӕдӕр сӕхи рӕдыдтытӕ басусӕг кодтой, нӕдӕр Хуыцауы иннӕ лӕггадгӕнджыты рӕдыдтытӕ (2 Сам. 12:1–14; Мар. 14:50). Великобританийӕ иу ӕрыгон ӕфсымӕр загъта: «Адӕймаг иу гӕдыныхас дӕр ма зӕгъа, уый арӕх нӕу. Библи ӕцӕгдӕр Йегъовӕйы Ныхас у».

11. Ӕрыгӕттӕ Библийы уагӕвӕрдтӕн тынгдӕр цӕй фӕрцы аргъ кӕндзысты?

11 Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ чи фӕцӕры, уыдон ӕй фенынц, сӕ цард хуыздӕрырдӕм кӕй ивы. Ӕмӕ сӕ уый фӕрцы дӕр бауырны, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у. (Бакӕс Псалом 19:7–11.) Японийӕ иу ӕрыгон хо ныффыста: «Нӕ бинонтӕ Библийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ кӕй цардысты, уый фӕрцы тынг амондджын систӕм. Кӕрӕдзийыл систӕм тынг ӕнувыд, кӕрӕдзи ӕмбарын ӕмӕ уарзын райдыдтам». Библийы уагӕвӕрдтӕ нӕ хъахъхъӕнынц, цӕмӕй бирӕтау мӕнг динты ахуырӕдты къӕппӕджы ма бахауӕм (Пс. 115:3–8). Цымӕ ахӕм хъуыды, Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ, адӕмыл ӕндавы? Зӕгъӕм, эволюцийы ахуырадмӕ гӕсгӕ афтӕ уайы, ӕмӕ ӕрдз у хуыцау, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы бон цы уыд саразын, уыдонӕй зӕгъынц, зӕгъгӕ, ӕрдзы конд сты. Иуӕй-иутӕ та зӕгъынц, ӕмӕ адӕмӕн сӕхи бон у хорз цард саразын. Фӕлӕ сын ныры онг цы бантыст, уыдӕттӕм гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ искуы адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕндзысты (Пс. 146:3, 4).

КУЫД ИС ИННӔТИМӔ НЫХАС КӔНӔН?

12, 13. Куыд ис иннӕтимӕ Библийыл ӕмӕ, дуне куыд фӕзынд, ууыл аныхас кӕнӕн?

12 Куыд ис иннӕтимӕ Библийыл ӕмӕ, дуне куыд фӕзынд, ууыл аныхас кӕнӕн? Фыццаг уал базон, ӕцӕгдӕр цӕуыл ӕууӕндынц, уый. Афтӕ дӕм ма кӕсӕд, ӕмӕ йӕ ӕнӕуи дӕр зоныс. Эволюцийыл ӕууӕндын, зӕгъгӕ, чи фӕзӕгъы, уыдонӕй иуӕй-иуты Хуыцау дӕр уырны. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцау алыхуызон цӕрӕг удтӕ сфӕлдыста эволюцийы фӕрцы. Чи та фӕзӕгъы, зӕгъгӕ, дам, эволюци раст куы нӕ уаид, уӕд, дам, ӕй скъолайы дӕр нӕ ахуыр кӕниккой. Иннӕтӕ та динтӕй фӕфыдӕнхъӕл вӕййынц, ӕмӕ Хуыцауыл уый тыххӕй нал феууӕндынц. Уӕдӕ, цард куыд фӕзынд, уый тыххӕй искӕимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд уал ӕй фыццаг бафӕрс, цӕуыл ӕууӕнды ӕмӕ цӕмӕн, уымӕй. Ӕмбаргӕ куы уай ӕмӕ йӕм лӕмбынӕг куы байхъусай, уӕд дӕм уый дӕр, чи зоны, байхъуса (Тит. 3:2).

13 Исчи дӕ ныхмӕ куы дзура, Хуыцауыл куыд хъуамӕ ӕууӕндай, зӕгъгӕ, уӕд ын дӕ бон куыд у дзуапп раттын? Йӕхи йын фӕлмӕнӕй бафӕрс, зӕгъгӕ, дӕумӕ гӕсгӕ уӕдӕ цард куыд фӕзынд. Дӕ бон ын у зӕгъын, ӕмӕ кӕд царды фыццаг формӕ, зӕгъӕм, кълеткӕ, эволюцийы фӕрцы фӕзынд, уӕд хъуамӕ дарддӕр йӕ бон уыдаид йӕхи хуызӕн кълеткӕтӕ ӕвзӕрын кӕнын. Химийы профессор Дэвид Димер куыд загъта, афтӕмӕй уымӕн ӕппынкъаддӕр хъуыдаид: 1) чи йӕ хъахъхъӕдтаид, ахӕм цъар (мембранӕ); 2) энерги кӕцӕйдӕр исыны ӕмӕ йӕ хардз кӕныны хъомыс; 3) информаци йӕ генты (ДНК); 4) уыцы информаци къопи кӕнын. Стӕй ма загъта: «Царды ӕппӕты хуымӕтӕгдӕр формӕ дӕр куыд вазыгджын конд у, уый стыр диссаг у».

14. Дуне куыд фӕзынд, уымӕн дӕ бон уайтагъд бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссын куы нӕ уа, уӕд цы ис саразӕн?

14 Дуне куыд фӕзынд, уымӕн дӕ бон уайтагъд бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссын куы нӕ уа, уӕд дӕ бон у Павелы ныхӕстӕй спайда кӕнын: «Алы хӕдзар дӕр чидӕр саразы, ӕмӕ ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау» (Дзут. 3:4). Диссаджы бӕлвырдгӕнӕн! Цӕрӕг удтӕ афтӕ вазыгджын конд сты, ӕмӕ сӕ хъуамӕ чидӕр сфӕлдыстаид. Дӕ бон ма у нӕ публикацитӕй дӕр спайда кӕнын. Иу хо ныхас кодта, Хуыцау кӕй нӕ уырныдта ӕмӕ эволюцийыл чи ’ууӕндыд, иу ахӕм ӕрыгон лӕппуимӕ. Ӕмӕ йын радта, гыццыл раздӕр цы брошюрӕты кой кодтам, уыдон. Иу къуырийы фӕстӕ йын лӕппу загъта: «Ныр мӕ Хуыцау уырны». Уыйадыл Библи ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ сси не ’фсымӕр.

15, 16. Искӕимӕ Библийыл куы ныхас кӕнай, уӕд уал фыццаг дӕ бон цы у саразын ӕмӕ дӕ нысан цы хъуамӕ уа?

15 Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, ууыл чи дызӕрдыг кӕны, ахӕм адӕймагимӕ та дӕ бон куыд у аныхас кӕнын? Уыимӕ дӕр афтӕ: фыццаг уал базон, цӕуыл ӕууӕнды ӕмӕ йӕм цымыдисаг цы кӕсы, уый (Ӕмб. 18:13). Кӕд наукӕ уарзы, уӕд ын равдис, Библи наукӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ дӕр раст кӕй у, уый чи бӕлвырд кӕны, ахӕм стихтӕ. Истори чи уарзы, уымӕн та равдисӕн ис Библийы пехуымпарӕдтӕ, стӕй Библийы дӕр ӕмӕ историйы чингуыты дӕр кӕй кой ис, ахӕм хабӕрттӕ. Кӕмӕндӕр та йӕ зӕрдӕ бацагайдзысты Библийы уынаффӕтӕ, зӕгъӕм, Йесойы зындгонд раныхасы чи ис, уыдон.

16 Дӕ нысан хъуамӕ уа адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ссарын, йемӕ быцӕу кӕнын нӕ, фӕлӕ. Уымӕ гӕсгӕ-иу ӕм лӕмбынӕг байхъус. Фӕлмӕнӕй йӕм фарстатӕ дӕтт ӕмӕ-иу ын дӕ хъуыды дӕр фӕлмӕнӕй, сабырӕй зӕгъ, уӕлдайдӕр та дӕхицӕй хистӕримӕ куы ныхас кӕнай, уӕд. Ӕмӕ дӕм уӕд адӕймаг дӕр хуыздӕр байхъусдзӕн. Стӕй ма йӕ бамбардзӕн, ӕмӕ кӕд ӕрыгон дӕ, уӕддӕр, цӕуыл ӕууӕндыс, ууыл куырмӕджы кӕй не ’ууӕндыс, фӕлӕ йыл арф кӕй хъуыды кодтай. Фӕлӕ ӕрмӕст абыцӕу кӕнын кӕй фӕнды кӕнӕ хынджылӕг чи кӕны, уыдонӕн дзуапп дӕттын хӕсджын нӕ дӕ (Ӕмб. 26:4).

РӔСТДЗИНАД ДӔ ЗӔРДӔЙЫ УӔД

17, 18. а) Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй рӕстдзинад дӕ зӕрдӕйы уа? б) Иннӕ статьяйы цавӕр фарстайыл ныхас кӕндзыстӕм?

17 Цӕмӕй дӕ уырнындзинад фидар уа, уый тыххӕй фаг нӕу Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ зонын. Хъӕуы дӕ Библийы арфдӕр хъуыдытӕ агурын, раст цыма ӕмбӕхст хӕзнатӕ агурыс, уыйау (Ӕмб. 2:3–6). Кӕд де ’взагыл ис, нӕ организаци ӕрмӕг агурынӕн цы ӕрмӕджытӕ рауагъта, уыдон, зӕгъӕм, компьютеры чи вӕййы, уыцы библиотекӕ кӕнӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс», уӕд дӕ бон у уыдонӕй дӕр пайда кӕнын. Дӕ разы ма ахӕм нысан дӕр сӕвӕр, цӕмӕй Библи ӕнӕхъӕнӕй бакӕсай, зӕгъӕм, иу азмӕ. Хуыцауы Ныхас кӕсын ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй дӕ уырнындзинад фидар кӕна. Иу районон цӕстдарӕгӕн уый баххуыс кодта, ӕрыгон куы уыд, уӕд. Афтӕ загъта: «Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, уый бамбарынӕн мын тынг баххуыс кодта, кӕрӕй-кӕронмӕ йӕ кӕй бакастӕн, уый. Гыццылӕй Библийӕ цы хабӕртты тыххӕй хъуыстон, уыдон мӕм кӕдӕй-уӕдӕй бахъардтой. Уӕд Йегъовӕмӕ тынг баввахс дӕн».

18 Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы бауарзынӕн сымахӕй хуыздӕр чи баххуыс кӕндзӕн? Фӕлӕ сын уӕ бон куыд у баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уа? Ацы фарстайыл аныхас кӕндзыстӕм иннӕ статьяйы.