Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ бинонты цардӕн бындур цӕмӕн ӕрӕвӕрдта?

Йегъовӕ бинонты цардӕн бындур цӕмӕн ӕрӕвӕрдта?

«Йегъовӕ Хуыцау загъта: „Адӕймаг иунӕг кӕй у, уый хорз нӕу. Скӕнон ын, йемӕ чи сфидауа, ахӕм ӕххуысгӕнӕг“» (РАЙД. 2:18).

ЗАРДЖЫТӔ: 36, 11

1, 2. а) Бинонты цардӕн бындур ӕвӕрд куыд ӕрцыд? б) Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цы хъуамӕ ӕмбӕрстаиккой? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

ЦАРД афтӕ у, ӕмӕ адӕм устытӕ курынц ӕмӕ моймӕ цӕуынц. Фӕлӕ цӕмӕй бинонты цардмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ нын фылдӕр циндзинад хӕсса, уый тыххӕй хъуамӕ зонӕм, бинонты цардӕн бындур чи ӕрӕвӕрдта ӕмӕ цӕмӕн. Хуыцау фыццаг адӕймаджы, Адамы, куы сфӕлдыста, уӕд ын загъта, цӕмӕй цӕрӕгойтӕн нӕмттӕ раттаид. Адам уыдта, цӕрӕгойтӕ се ’ппӕт дӕр къӕйттӕ кӕй сты, фӕлӕ дзы йӕхицӕн «нӕ разынд, йемӕ чи сфидыдтаид, ахӕм ӕххуысгӕнӕг». Уӕд Хуыцау Адамыл тарф фынӕй бафтыдта, йӕ фӕрсчытӕй йын иу систа, скодта дзы сылгоймаджы ӕмӕ йӕ Адаммӕ ӕрбакодта. (Бакӕс Райдиан 2:20–24.) Уӕдӕ бинонты цардӕн бындур ӕрӕвӕрдта Йегъовӕ.

2 Уымӕй бирӕ ӕнусты фӕстӕ Йесо ногӕй загъта, Йегъовӕ Едемы цӕхӕрадоны цы ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕйӕ уыдзысты иу буар» (Матф. 19:4, 5). Хуыцау фыццаг сылгоймаджы Адамы фӕрскӕй кӕй скодта, уый сӕ дыууӕйӕн дӕр хъуамӕ ууыл дзурӕг уыдаид, кӕрӕдзиимӕ ӕнгом баст кӕй сты. Хицӕн кӕныны кой дзы ӕппындӕр нӕ уыд, стӕй адӕймагӕн хъуамӕ уыдаид ӕрмӕстдӕр иу цардӕмбал.

ЙЕГЪОВӔ БИНОНТЫ ФӔРЦЫ ӔХХӔСТ КӔНЫ ЙӔ ФӔНД

3. Хуыцау бинонты цардӕн бындур цӕмӕн ӕрӕвӕрдта?

3 Адам йӕ рӕсугъд бинойнагыл афтӕ цин кодта, ӕмӕ уымӕй амондджындӕр нӕ уыд! Фӕстӕдӕр ӕй схуыдта Евӕ. Евӕ Адамӕн уыд, «йемӕ чи сфидыдта, ахӕм ӕххуысгӕнӕг», ӕмӕ иумӕ хъуамӕ амондджынӕй ӕмӕ фӕрнӕй цардаиккой (Райд. 2:18). Хуыцау бинонты цардӕн бындур цӕмӕн ӕрӕвӕрдта? Сӕйраджыдӕр уый тыххӕй, цӕмӕй зӕхх адӕмӕй байдзаг уыдаид (Райд. 1:28). Адам ӕмӕ Евӕйы фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ сӕ ныййарджыты куыдфӕнды тынг ма уарзтаиккой, уӕддӕр сӕ иу афон хъуамӕ ныууагътаиккой ӕмӕ скодтаиккой сӕхи бинонтӕ. Рӕстӕг куы рацыдаид, уӕд адӕм зӕхх байдзаг кодтаиккой ӕмӕ дзы ӕнӕхъӕнӕй дӕр дзӕнӕт сарӕзтаиккой.

4. Фыццаг бинонтыл цавӕр хабар ӕрцыд?

4 Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы ныхасы сӕрты куы ахызтысты, уӕд сӕ бинонты царды мӕсыг банкъуысыд. «Рагон калм», ома Сайтан Хӕйрӕг, Евӕйы асайдта: загъта йын, зӕгъгӕ, «хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй» куы бахӕрай, уӕд ахӕм диссаджы зонындзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ, ӕмӕ дӕхи бон уыдзӕн скъуыддзаг кӕнын, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Евӕ дӕр ыл баууӕндыд, ӕмӕ уыцы бӕласы дыргътӕй бахордта. Адамы та фӕрсгӕ дӕр нӕ бакодта, ӕмӕ уымӕй рабӕрӕг, йӕ сӕрыхицауы кӕй нӕ нымадта. Стӕй уыцы бӕласы дыргътӕй радта Адамӕн дӕр, ӕмӕ Адам, Хуыцаумӕ байхъусыны бӕсты, байхъуыста йӕ усмӕ ӕмӕ уыцы дыргътӕй бахордта (Рарг. 12:9; Райд. 2:9, 16, 17; 3:1–6).

5. Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйӕн цы дзуапп радтой, уымӕй цы ис базонӕн?

5 Хуыцау Адамӕй дзуапп куы ’рдомдта, уӕд уый йӕ усы аххосджын кӕнынмӕ фӕци: «Ды мын цы сылгоймаджы радтай, уый мын радта уыцы бӕласы дыргътӕй, ӕмӕ дзы бахордтон». Евӕ та калмы фӕаххосджын кодта, уый мӕ фӕсайдта, зӕгъгӕ (Райд. 3:12, 13). Сӕхи цӕмӕйты рӕстытӕ кодтой! Йегъовӕмӕ кӕй нӕ байхъуыстой, уый тыххӕй сӕ банымадта тӕрхоны аккагыл. Сӕ хабар нын зондзонӕн куыннӕ у! Цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус амондджын уой, уый тыххӕй сӕ хъуамӕ алчидӕр йӕ хъуыддӕгтӕн дзуапп дӕттын зона ӕмӕ Йегъовӕмӕ хъуса.

6. Райдианы 3:15 стих куыд бамбарын кӕнис?

6 Кӕд Хӕйрӕджы аххосӕй Едемы цӕхӕрадоны ахӕм бӕллӕх ӕрцыд, уӕддӕр Йегъовӕ адӕмӕн фидӕнӕй ныфс бавӕрдта. Уыцы ныфсы тыххӕй фыст ис Библийы фыццаг пехуымпарады. (Бакӕс Райдиан 3:15.) Уыцы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, «сылгоймагӕн» йӕ «байзӕддаг» хъуамӕ Хӕйрӕджы фесафа. «Сылгоймаг» амоны, Хуыцауӕн уӕлӕрвты иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыцы зӕдтӕм се ’ппӕтмӕ. Йегъовӕимӕ тынг ӕнгом кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ абарӕн ис бинойнагимӕ. Хуыцау уыцы зӕдтӕй сӕ иуы хъуамӕ рарвыстаид, цӕмӕй Хӕйрӕгӕн «йӕ сӕр ныцъцъӕл кӕна». Уыцы «байзӕддаджы» фӕрцы коммӕгӕс адӕмӕн фӕзындаид, фыццаг дыууӕ адӕймаджы ӕнӕхай кӕмӕй фесты, уыцы фадат – зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны фадат, Йегъовӕ ӕппӕты райдианы куыд фӕнд кодта, афтӕ (Иоан. 3:16).

7. а) Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый бинонты цардыл куыд фӕзынд? б) Библи лӕгтӕн ӕмӕ устытӕн цы фӕдзӕхсы?

7 Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый сӕхи бинонтыл дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ иннӕ бинонтыл се ’ппӕтыл дӕр ӕвзӕрырдӕм фӕзынд. Зӕгъӕм, Евӕйӕн сывӕллон аргӕйӕ уыди тынг зын, ӕмӕ афтӕ у сӕ хабар иннӕ сылгоймӕгтӕн дӕр. Уымӕй уӕлдай, сылгоймаджы «ӕдзухдӕр фӕнды, цӕмӕй [йӕ] лӕгимӕ уа». Нӕлгоймӕгтӕ та сӕ устыты хӕрдмӕ скӕсын нӕ уадзынц, суанг ма сӕм сӕ къух дӕр сисынц. Ӕмӕ абон бирӕ бинонтӕн сӕ хабар афтӕ у (Райд. 3:16). Библи нӕлгоймӕгтӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ устыты уарзой ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕ уой. Сылгоймӕгтӕн та фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ сӕрыхицӕутты нымайой (Еф. 5:33). Чырыстон бинонтӕ ӕмвӕндӕй куы архайой ӕмӕ сӕ иу иннӕйыл куы хъуыды кӕна, уӕд, кӕрӕдзийы зӕрдӕхудты кӕй тыххӕй бацӕуой, ахӕм хабӕрттӕ се ’хсӕн уыдзӕн искуы иу хатт, йе та ӕппындӕр нӕ уыдзӕн.

АДАМЫ ЗАМАНӔЙ ДОНЫ ХЪАЙМӔТЫ ОНГ

8. Адамы заманӕй Доны хъаймӕты онг бинонты цардӕн йӕ хабар куыд уыд?

8 Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинады тыххӕй ӕппынфӕстаг мӕлӕты хай баисты. Фӕлӕ сын уӕдмӕ райгуырди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ (Райд. 5:4). Сӕ фыццаг фырт, Каин, ракуырдта йӕ хотӕй кӕнӕ йӕ хӕстӕджыты чызджытӕй кӕйдӕр. Каины байзӕддаг Ламех та Библимӕ гӕсгӕ у, дыууӕ усы кӕмӕн уыд, уыдонӕй фыццаг (Райд. 4:17, 19). Адамы заманӕй суанг Нойы заманмӕ ӕрмӕстдӕр цалдӕр адӕймаджы тыххӕй зонӕм, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодтой. Уый зӕгъӕн ис Авел, Енох, стӕй Ной ӕмӕ йӕ бинонты тыххӕй. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Нойы заман «ӕцӕг Хуыцауы фырттӕ сӕ хъус дарын райдыдтой зӕххон чызджытӕм, рӕсугъд кӕй сты, уымӕ. Ӕмӕ-иу дзы сӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцыди, уыдонӕй-иу сӕхицӕн устытӕ скодтой». Фӕлӕ зӕдтӕ афтӕ конд нӕ уыдысты, ӕмӕ зӕххон сылгоймӕгтимӕ цӕрой. Ӕмӕ уый тыххӕй сӕ устытӕн гуырди ӕнахуыр фырттӕ, рауад-иу сӕ ӕгъатыр уӕйгуытӕ, хуыдтой сӕ нефилимтӕ. Уыцы рӕстӕг «зӕххыл адӕм бынысӕфт... фесты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ иууылдӕр... уыдысты ӕрмӕст ӕвзӕрдзинадыл» (Райд. 6:1–5).

9. Нойы заман Йегъовӕ фыдгӕнджытӕн цавӕр тӕрхон рахаста ӕмӕ нын уыцы хабӕрттӕ зондзонӕн куыд сты?

9 Йегъовӕ загъта, зӕххыл доны хъаймӕт кӕй рауадздзӕн ӕмӕ фыдгӕнджыты кӕй фесафдзӕн. Фӕлӕ адӕм сӕ царды кой кодтой, устытӕ куырдтой, моймӕ цыдысты, ӕмӕ сын «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг Ной» хъаймӕты тыххӕй цы дзырдта, уый сӕм нымады дӕр нӕ уыд (2 Пет. 2:5). Йесо Нойы рӕстӕг абарста нӕ рӕстӕгимӕ. (Бакӕс Матфейы 24:37–39.) Абон, ацы фыддунейы кӕроны размӕ, ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр хъуыстгонд цӕуы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар. Фӕлӕ йӕм адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ хъусынц. Уӕдӕ Нойы заман чи цард, уыцы адӕмы хабар нын зондзонӕн куыд у? Суанг бинонты цардыл ӕмӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныныл дӕр хъуамӕ афтӕ ма суӕм, ӕмӕ нӕ айрох уа, Йегъовӕйы бонмӕ бирӕ кӕй нал ис, уый.

ДОНЫ ХЪАЙМӔТӔЙ ЙЕСОЙЫ ЗАМАНМӔ

10. а) Доны хъаймӕты фӕстӕ адӕм ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй райдыдтой кӕсын? б) Авраам ӕмӕ Саррӕ фӕзминаг бинонтӕ цӕмӕй уыдысты?

10 Нойӕн ӕмӕ йе ’ртӕ фыртӕн уыд ӕрмӕстдӕр иугай устытӕ, фӕлӕ уӕды заманты нӕлгоймӕгтӕй бирӕтӕн уыди цалдӕргай устытӕ. Бирӕ адӕмыхӕттытӕм ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрыл нымад нал уыдысты, суанг ма сӕ дины ӕгъдӕуттӕ дӕр уыдонимӕ баст уыдысты. Авраам ӕмӕ Саррӕ Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ Ханааны зӕхмӕ куы ’рцыдысты, уӕд федтой, уыцы бӕстӕйы адӕм тынг ӕнӕгъдау кӕй уыдысты ӕмӕ бинонты цард хынджылӕггаг кӕй скодтой. Содом ӕмӕ Гоморрӕйы цӕрджытӕ амӕй-ай хӕлддӕр митӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй Йегъовӕ уыцы горӕттӕ сӕфты хай бакодта. Авраам уыцы ӕнӕгъдау адӕмӕй тынг хицӕн кодта. Уый йӕ бинонтӕн уыди хорз сӕрыхицау. Стӕй Саррӕ дӕр уыди фӕзминаг, Авраамӕн коммӕгӕс кӕй уыд, уымӕй. (Бакӕс 1 Петры 3:3–6.) Авраам бацархайдта, цӕмӕй йӕ фырт Исахъ ракуырдтаид Йегъовӕйӕн кувӕг чызджы. Раст афтӕ бакодта Исахъ дӕр – йӕ фырт Иаковӕн загъта, цӕмӕй ӕркодтаид, ӕцӕг Хуыцауӕн чи лӕггад кодта, ахӕм чызджы. Фӕстӕдӕр Иаковы фырттӕй рацыдысты Израилы 12 мыггаджы.

11. Моисейы закъон израилӕгты куыд хъахъхъӕдта?

11 Фӕстӕдӕр Йегъовӕ Иаковы байзӕддӕгтимӕ, ома Израилы адӕмимӕ, скодта бадзырд. Моисейы закъоны фыст уыд, бинонты цардӕн цавӕр уаг ӕмӕ ӕгъдау хъуамӕ уыдаид. Зӕгъӕм, уыди дзы бӕлвырд фӕдзӕхстытӕ цалдӕр усы кӕныны тыххӕй. Закъон израилӕгты хъахъхъӕдта, цӕмӕй Йегъовӕйы цӕсты ма фӕчъизи уыдаиккой. Израилӕгтӕн мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмӕй чызг ракурӕн кӕнӕ сын чызг раттӕн нӕ уыд. (Бакӕс Дыккаг закъон 7:3, 4.) Бинонты ’хсӕн-иу зындзинӕдтӕ куы фӕзынд, уӕд та сӕ бон уыди хистӕр лӕгтӕй ӕххуыс ракурын. Адӕймаг йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй рацыдаид, йӕ зӕрдӕ йӕм ӕхсайдтаид кӕнӕ йыл дызӕрдыг кодтаид – уыдӕтты фӕдыл дӕр Закъоны уыди бӕлвырд амындтӕ. Кӕд сын хицӕн кӕныны бар уыди, уӕддӕр уымӕн дӕр уыд йӕхи закъон. Нӕлгоймагӕн йӕ усӕй ахицӕн кӕныны бар уыди, «усӕн йӕ митӕ ӕнӕуаг куы уыдаиккой», уӕд (Дык. з. 24:1). «Ӕнӕуаг» цавӕр митӕ уыдысты, уый Библи бӕлвырдӕй не ’мбарын кӕны, фӕлӕ гыццыл хъуыддӕгтӕ нӕ уыдаиккой (Лев. 19:18).

ДӔ ЦАРДӔМБАЛЫЛ ГАДЗРАХАТӔЙ МАКУЫ РАЦУ

12, 13. а) Малахийы рӕстӕджы иуӕй-иу дзуттӕгтӕ сӕ устытӕн куыд уыдысты? б) Бинонтӕ кӕмӕн ис, ахӕм ӕфсымӕр кӕнӕ хо искӕй цардӕмбалимӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд йӕ хабар куыд уыдзӕн?

12 Пехуымпар Малахийы рӕстӕджы-иу дзуттаг нӕлгоймӕгтӕй бирӕтӕ сӕ устытӕй цӕйфӕнды тыххӕй дӕр ахицӕн сты, ӕмӕ сыл афтӕмӕй гадзрахатӕй цыдысты. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ-иу сӕ устыты арвыстой – ӕвӕццӕгӕн-иу цӕмӕй ӕрыгондӕр чызджыты кӕнӕ ма суанг мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг сылгоймӕгты дӕр ракуырдтаиккой. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд дӕр дзуттаг нӕлгоймӕгтӕ сӕ устытӕй «алцӕй тыххӕй дӕр» хицӕн кодтой (Матф. 19:3). Ахӕм хъуыддӕгтӕй Йегъовӕ Хуыцау йе сӕфт уыдта. (Бакӕс Малахийы 2:13–16.)

13 Дӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй рацӕуай, уый Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн абон дӕр тӕригъӕдыл нымад у. Ӕмӕ сӕм ахӕм хабӕрттӕ арӕх не ’рцӕуы. Фӕлӕ, зӕгъӕм, бинонтӕ кӕмӕн ис, ахӕм ӕфсымӕр кӕйдӕр усимӕ (кӕнӕ хо кӕйдӕр лӕгимӕ) ӕмуат ӕрцыд, цӕмӕй стӕй йӕхи цардӕмбалӕй ахицӕн уа ӕмӕ йӕ цард уыимӕ баиу кӕна. Афтӕ кӕй бакодта, ууыл куы не ’рфӕсмон кӕна, уӕд ӕй ӕмбырдӕй ацух кӕндзысты, цӕмӕй ӕмбырд сыгъдӕг уа (1 Кор. 5:11–13). Ӕмӕ цалынмӕ фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕныл нымад ӕрцӕуа, уӕдмӕ хъуамӕ, «кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый хъуыддагӕй равдиса» (Лук. 3:8; 2 Кор. 2:5–10). Уымӕн цас рӕстӕг бахъӕудзӕн, уый бӕлвырдӕй зӕгъӕн нӕй. Чи зоны, уыцы адӕймаджы иу аз кӕнӕ цалдӕр азы дӕр бахъӕуа, цӕмӕй хъуыддагӕй равдиса, ӕцӕгдӕр кӕй фӕсмон кӕны. Фӕлӕ фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕныл нымад куы ’рцӕуа, уӕддӕр хъуамӕ «Хуыцауы тӕрхоны раз ӕрлӕууа», ома, ӕцӕгдӕр ӕрфӕсмон кодта ӕви нӕ, уый Йегъовӕ скъуыддзаг кӕндзӕн (Ром. 14:10–12). (Кӕс 2006 азы 15 сентябры «Сторожевая башня», «Вопросы читателей», 29, 30 фӕрстӕ.)

ЧЫРЫСТӔТТӔ ӔМӔ БИНОНТЫ ЦАРД

14. Моисейы закъон цӕмӕн хъуыди?

14 Израилӕгтӕ Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ цардысты 1 500 азы. Цы уагӕвӕрдтӕ дзы уыд, уыдон Хуыцауы адӕмӕн ӕххуыс кодтой бирӕ хъуыддӕгты, зӕгъӕм, бинонты царды зындзинӕдтӕ скъуыддзаг кӕнынӕн. Стӕй сын Закъон уыд, Мессийӕмӕ сӕ чи кодта, ахӕм «сывӕллонгӕсы хуызӕн» (Гал. 3:23, 24). Йесо куы амард, уый фӕстӕ Моисейы закъон нал хъуыд. Уый бӕсты Хуыцау скодта ӕндӕр бадзырд (Дзут. 8:6). Ӕмӕ Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ бар цӕмӕн уыд, уыдӕттӕй уыцы бадзырдмӕ гӕсгӕ цӕмӕндӕрты бар нал уыд.

15. а) Бинонты цардӕн чырыстон ӕмбырды цавӕр уаг ӕмӕ ӕгъдау ис? б) Чырыстонӕн, йӕ цардӕмбалӕй ахицӕн уа, уый бар кӕд ис?

15 Фарисейтӕй чидӕртӕ Йесойы хицӕн кӕныны тыххӕй куы бафарстой, уӕд сын загъта, зӕгъгӕ, кӕд Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ адӕймагӕн хицӕн кӕныны бар уыд, уӕддӕр «фыццаг афтӕ нӕ уыди» (Матф. 19:6–8). Афтӕмӕй Йесо бамбарын кодта, Хуыцау бинонты цардӕн райдианы цы уаг ӕмӕ ӕгъдау сфидар кодта, уыцы уаг ӕмӕ ӕгъдау ын кӕй уыдзӕн чырыстон ӕмбырды дӕр (1 Тим. 3:2, 12). Лӕг ӕмӕ ус «иу буар» кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ цӕрӕнбонтӕм уой иумӕ. Хуыцауы ӕмӕ кӕрӕдзийы кӕй уарзынц, уый фӕрцы хъуамӕ кӕрӕдзимӕ ӕнгомӕй-ӕнгомдӕр кӕной. Адӕймагӕн йӕ цардӕмбалмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн куы нӕ уа, афтӕмӕй куы ахицӕн уой, уӕд сын ногӕй ус ракурын кӕнӕ моймӕ ацӕуыны бар нӕ уыдзӕн (Матф. 19:9). Чырыстоныл йӕ цардӕмбал гадзрахатӕй куы рацӕуа, фӕлӕ куы ’рфӕсмон кӕна, уӕд ын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ бон у ныххатыр кӕнын, пехуымпар Оси йӕ хӕтаг ус Гомерӕн куыд ныххатыр кодта, афтӕ. Стӕй Йегъовӕ дӕр Израилы адӕмӕн ныххатыр кодта, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл кӕй цыдысты, ууыл куы ’рфӕсмон кодтой, уӕд (Оси 3:1–5). Уымӕй уӕлдай, адӕймаг куы зона, йӕ цардӕмбал ыл гадзрахатӕй кӕй рацыд, ӕмӕ афтӕмӕй йемӕ ӕмуат куы ’рцӕуа, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын ныххатыр кодта. Ӕмӕ йын уӕд Библимӕ гӕсгӕ уый бар нал уыдзӕн, цӕмӕй дзы ахицӕн уа.

16. Адӕймаг ус ма ракура кӕнӕ мой ма скӕна, уый тыххӕй Йесо цы загъта?

16 Уӕдӕ Йесо куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй ӕцӕг чырыстӕттӕн хицӕн кӕнӕн ис, бинонтӕй сӕ иумӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд. Стӕй ма Йесо загъта, «Хуыцауӕй лӕвӕрд кӕмӕн у, уыдон» бинонтӕ кӕй не скӕнынц. Ӕмӕ ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Кӕмӕн у йӕ бон афтӕ бакӕнын, уый афтӕ бакӕнӕд» (Матф. 19:10–12). Бирӕтӕ сӕхӕдӕг аскъуыддзаг кодтой, ус кӕй нӕ ракурдзысты кӕнӕ кӕй не смой кӕндзысты, цӕмӕй сӕ хъуыдытӕ уой ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕныныл. Ӕмӕ уый тыххӕй сты раппӕлинаг.

17. Чырыстонӕн цы баххуыс кӕндзӕн, бинонтӕ скӕна ӕви нӕ, уый аскъуыддзаг кӕнынӕн?

17 Алчидӕр йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, бинонтӕ скӕна ӕви нӕ. Адӕймаг хъуамӕ ахъуыды кӕна, иунӕгӕй цӕрын йӕ бон бауыдзӕн ӕви нӕ, ууыл. Апостол Павел дӕр загъта, хуыздӕр кӕй у, ӕмӕ бинонтӕ ма скӕнай, фӕлӕ стӕй уӕддӕр загъта: «Уӕ алыварс адӕм хӕтгӕ кӕй кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ алы нӕлгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи ус, ӕмӕ алы сылгоймагӕн дӕр – йӕхи лӕг». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Кӕд исчи йӕхиуыл хӕцын нӕ фӕразы, уӕд ус ракурӕд кӕнӕ мой скӕнӕд – цӕйнӕфӕлтау монцӕй судза, фӕлтау бинонтӕ скӕнӕд». Адӕймаг ус куы ракура кӕнӕ куы смой кӕна, уӕд йӕхи бахиздзӕн монцӕй судзынӕй ӕмӕ уый цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм ӕркӕны, уыдонӕй, зӕгъӕм, мастурбаци кӕнӕ хӕтындзинадӕй. Уымӕй уӕлдай ма адӕймаджы хъӕуы ахъуыды кӕнын йӕ карыл дӕр. Павел загъта: «Кӕд искӕмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ йӕ бон нӕу йӕ буары монцтыл хӕцын ӕмӕ йын хуыздӕр у бинонтӕ скӕнын, ӕмӕ кӕд ӕгӕр ӕрыгон нал у, уӕд бакӕнӕд, куыд ӕй фӕнды, афтӕ – тӕригъӕд нӕ ракӕндзӕн. Ахӕм адӕймӕгтӕ бинонтӕ скӕнӕнт» (1 Кор. 7:2, 9, 36; 1 Тим. 4:1–3). Фӕлӕ уӕддӕр, ӕрыгонӕй адӕймагӕн йӕ монцтӕ тыхджын кӕй вӕййынц, ӕрмӕст уый тыххӕй хъуамӕ ма сфӕнд кӕна ус ракурын кӕнӕ чындзы ацӕуын. Чи зоны, нырма уыйбӕрц фӕлтӕрдджын нӕу, цӕмӕй, бинонты цард адӕймагыл цы хӕстӕ ӕвӕры, уыдон йӕхимӕ райса.

18, 19. а) Чырыстон йӕ цард кӕимӕ хъуамӕ баиу кӕна? б) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

18 Сӕ цард баиу кӕнын чи фӕнд кӕны, уыдон сӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ уой аргъуыд чырыстӕттӕ ӕмӕ хъуамӕ Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзой. Стӕй хъуамӕ кӕрӕдзи дӕр афтӕ тынг уарзой, ӕмӕ сӕ фӕнда цӕрӕнбонтӕм иумӕ цӕрын. Библийы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сӕ цард «Чырыстийы фӕдылдзӕуӕгимӕ» куы баиу кӕной, уӕд сын Хуыцау, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, раарфӕ кӕндзӕн (1 Кор. 7:39). Ӕмӕ сӕ бинонты цард Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы аразой, уӕд ӕнӕмӕнг уыдзысты амондджын.

19 Мах цӕрӕм «фӕстаг бонты» кӕрон, ӕмӕ адӕмӕй бирӕтӕм нӕй, амондджын бинонты цардӕн чи хъӕуы, уыцы миниуджытӕ (2 Тим. 3:1–5). Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, Библи бинонджын чырыстӕттӕн цы диссаджы уынаффӕтӕ дӕтты, цӕмӕй зындзинӕдты сӕрты хизой. Уыцы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайой, уӕд дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ цӕудзысты, ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл (Матф. 7:13, 14).