Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Йесойы знӕгтӕ къухтӕ ’хсыны ӕгъдауы тыххӕй цӕмӕн быцӕу кодтой?

Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты ныхмӕ се знӕгтӕ бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй дзырдтой, ӕмӕ семӕ быцӕу кодтой ацы фарстайы тыххӕй дӕр. Моисейы закъон ӕмбарын кодта, адӕймаджы цы чъизи кодта, уый, зӕгъӕм, йе ’фсӕрмыйаг уӕнгӕй чъизитӕ куы цыдаид, хъотырӕй рынчын куы уыдаид, мард адӕймагыл кӕнӕ цӕрӕгойыл куы андзӕвыдаид. Закъоны ма фыст уыди, адӕймаджы цы саразын хъуыди, цӕмӕй та сыгъдӕгыл нымад ӕрцыдаид. Уый тыххӕй-иу хъуамӕ нывонд ӕрхастаид, йӕхи-иу ныхсадтаид кӕнӕ-иу ыл сауджын дон бапырх кодтаид (Лев., 11–15 сӕртӕ; Ным., 19 сӕр).

Дзуттӕгты ахуыргӕнджытӕ, хуыдтой ма сӕ раввинтӕ дӕр, уыцы закъӕттӕй уӕлдай ӕрхъуыды кодтой сӕхи закъӕттӕ. Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, уыдон лыстӕг хабӕртты онг ӕмбарын кодтой, адӕймаг чъизи цӕй тыххӕй уыдзӕн ӕмӕ иннӕты кӕд фӕчъизи кӕндзӕн, уый. Стӕй ма ӕмбарын кодтой, чъизийыл кӕнӕ сыгъдӕгыл цавӕр мигӕнӕнтӕ ӕмӕ цавӕр дзауматӕ уыдзысты нымад, ӕмӕ адӕймаджы цы саразын хъуыди, цӕмӕй та сыгъдӕгыл нымад ӕрцыдаид, уый.

Йесойы йе знӕгтӕ бафарстой: «Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыдӕлты ӕгъдауыл цӕуылнӕ хӕцынц, хӕринагмӕ чъизи къухӕй цӕмӕн ӕвналынц?» (Мар. 7:5). Фарисейтӕ сыгъдӕгдзинадыл, ома, адӕймаг хӕрды размӕ йӕ къухтӕ кӕй хъуамӕ ныхсадтаид, ууыл нӕ тыхстысты. Уыдон уыцы хъуыддагӕй ӕгъдау скодтой – хӕрды размӕ-иу адӕймаг хъуамӕ йӕ къухтыл дон ӕркодтаид. Уӕлдӕр цы чиныджы кой кодтам, уым ма фыст уыди, раввинтӕ-иу кӕй «быцӕу кодтой, дон кӕнынӕн цавӕр мигӕнӕнтӕ хъуыди ӕмӕ цавӕр донӕй хъуамӕ пайда кодтаиккой, дон къухтыл чи хъуамӕ кодтаид ӕмӕ йын сыл кӕйонгты хъуамӕ кодтаид, ууыл».

Уыцы адӕм закъонмӕ сӕхи ӕгъдӕуттӕ кӕй бафтыдой, уымӕ Йесо цы цӕстӕй каст? Фыццаг ӕнусы дзуттаг дины разамонджытӕн загъта: «Цӕстмӕхъустӕ, пехуымпар Исай сымах тыххӕй рӕстытӕ ныффыста: „Ацы адӕм мӕ кадджын кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕтӕ та дард сты мӕнӕй [Йегъовӕйӕ]. Дзӕгъӕлы мын кувынц, уымӕн ӕмӕ, цы амонынц, уыдон адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ йеддӕмӕ ницы сты“. Сымах Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ ницӕмӕ дарут, адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл та фидар хӕцут» (Мар. 7:6–8).