Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Ӕз бамбӕрстон, райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг кӕй у

Ӕз бамбӕрстон, райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг кӕй у

12 азы мыл куы цыди, уӕд фыццаг хатт бамбӕрстон, мӕ бон кӕй у иннӕтӕн ахсджиаг цыдӕр дӕттын. Конгрессы куы уыдтӕн, уӕд мӕ иу ӕфсымӕр бафарста, уацамынды ацӕуын дӕ нӕ фӕнды, зӕгъгӕ. Кӕд уый размӕ хъусын кӕнынмӕ никуы уыдтӕн, уӕддӕр сразы дӕн. Участокмӕ куы ’рбацыдыстӕм, уӕд мын уыцы ӕфсымӕр радта цалдӕр буклеты, фыст дзы уыд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Ӕмӕ мын загъта: «Уынгӕн ацы фарсыл ӕз ацӕудзынӕн, уыцы фарсыл та – ды». Ӕз мӕхимидӕг стыхстӕн, фӕлӕ уӕддӕр хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ацыдтӕн. Ӕмӕ уый ӕнхъӕл дӕр нӕ уыдтӕн, фӕлӕ цыбыр рӕстӕгмӕ мӕ буклеттӕ иууылдӕр байуӕрстон. Уӕд ӕй федтон, бирӕты кӕй хъӕуы, мӕ бон сын раттын цы у, уый.

Ӕз райгуырдтӕн 1923 азы горӕт Чатемы, Английы. Уыцы рӕстӕг бирӕтӕ цардӕй тынг фӕфыдӕнхъӕл сты. Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ адӕмы ныфс нал уыд, цард хуыздӕрырдӕм кӕй фӕивдзӕн. Мӕ ныййарджыты ма баптистты динамонджытӕ дӕр фӕфыдӕнхъӕл кодтой, уымӕн ӕмӕ йӕ уыдтой, ӕрмӕстдӕр сӕхи мӕт кӕй кӕнынц. Иу-9 азы мыл куы цыди, уӕд мӕ мад Ӕппӕтдунеон Библииртасджыты Ассоциацийы залмӕ цӕуын райдыдта. Уым се ’мбырдтӕ (уӕд сӕ хуыдтой «кълӕстӕ») уагътой, фӕстӕдӕр сӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хонын чи райдыдта, уыцы адӕм. Уым немӕ, сывӕллӕттимӕ, иу хо ахуыр кодта Библи ӕмӕ чиныг «Хуыцауы хъисфӕндыр». Цы-иу базыдтон, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди.

ХИСТӔРТӔЙ ЦӔУЫЛ САХУЫР ДӔН

Ӕрыгон лӕппу куы уыдтӕн, уӕд мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди, Библийы цы ныфсы ныхӕстӕ ис, уыдон адӕмӕн дзурын. Кӕд-иу арӕх хӕдзарӕй-хӕдзармӕ иунӕгӕй хъусын кодтон, уӕддӕр иннӕтимӕ дӕр цыдтӕн ӕмӕ сӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн. Иу бон, мӕнӕй хистӕр чи уыд, иу ахӕм ӕфсымӕримӕ велосипедтыл участокмӕ фӕцӕйцыдыстӕм. Ӕмӕ сауджыныл куы амбӕлдыстӕм, уӕд ӕз ӕфсымӕрӕн загътон: «Уӕртӕ сӕгъ фӕцӕуы». Ӕфсымӕр йӕ велосипедӕй рахызт ӕмӕ мын загъта, цӕмӕй йемӕ къодахыл ӕрбадтаин. Ӕмӕ мын стӕй афтӕ: «Чи дын радта уый бар, цӕмӕй скъуыддзаг кӕнай, сӕгъ чи иу, уый? Хъуамӕ райгонд уӕм, адӕмӕн нӕ бон кӕй у хорз хабар хъусын кӕнын, тӕрхон та уадз ӕмӕ Йегъовӕ кӕна». Уыцы рӕстӕджыты хорз бамбӕрстон, райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг кӕй у (Матф. 25:31–33; Хъуыд. 20:35).

Цӕмӕй нын искӕмӕн исты дӕттын ӕхсызгон уа, уый тыххӕй нӕ хатт фӕразондзинад дӕр бахъӕуы. Уый бамбӕрстон, мӕнӕй хистӕр чи уыд, ӕндӕр ахӕм ӕфсымӕры цӕвиттоны фӕрцы. Йӕ бинойнаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты нӕ уарзта. Иу бон мӕ уыцы ӕфсымӕр сӕхимӕ къӕбӕр ахӕрынмӕ фӕхуыдта. Хъусын кӕнынмӕ кӕй уыд, ууыл йӕ бинойнаг афтӕ тынг смӕсты, ӕмӕ ныл цайы къоппытӕ ӕхсын райдыдта. Ӕфсымӕр ын иу уайдзӕф дӕр нӕ бакодта, фӕлӕ цыма ӕппындӕр ницы ӕрцыд, уыйау цайы къоппытӕ фӕстӕмӕ ӕрӕмбырд кодта. Афтӕ фӕразон кӕй уыд, уый дзӕгъӕлы нӕ фӕци – цалдӕр азы фӕстӕ йӕ бинойнаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси.

Фидӕнӕй нӕ цы ныфс ис, уый тыххӕй мӕ иннӕтӕн тынгӕй-тынгдӕр фӕндыди дзурын. Гъемӕ 1940 азы мартъийы Дувры мӕ мадимӕ донаргъуыд райстам. 1939 азы сентябры, 16 азы мыл куы цыд, уӕд, Великобритани Германийӕн хӕст расидт. 1940 азы июны нӕ хӕдзары къӕсӕрӕй кастӕн, нӕ рӕзты уӕзласӕн машинӕтыл цӕфтӕ ӕфсӕддонты куыд ласынц, уымӕ, уыдысты мингӕйттӕ. Уыдон уыдысты, горӕт Дюнкеркы раз цы тох уыд, уым чи фервӕзт, уыцы ӕфсӕддонтӕ. Сӕ цӕстӕнгасӕй бӕрӕг уыд, ныфс сӕ кӕй ницӕмӕйуал ис, ӕмӕ мӕ тынг фӕндыд, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй сын куы радзырдтаин. Уыцы аз гыццыл фӕстӕдӕр Германи Великобританийыл райдыдта бомбӕтӕ калын. Алы ӕхсӕв дӕр-иу немыцаг бомбӕкалӕн хӕдтӕхджытӕ нӕ сӕрмӕ тахтысты. Бомбӕтӕ-иу зӕхмӕ ӕхситгӕнгӕ куы ӕрхаудысты ӕмӕ-иу куы срӕмыгътой, уӕд-иу нӕ туг ныллӕууыд. Иннӕ бон-иу райсомӕй ӕддӕмӕ куы рацыдыстӕм, уӕд-иу дзы пырх хӕдзӕрттӕ йеддӕмӕ ницы уыд. Ӕз ӕй бонӕй-бонмӕ хуыздӕр ӕмбӕрстон, мӕ иунӕг ныфс Хуыцауы Паддзахад кӕй у.

МӔХИ ТЫХХӔЙ НАЛ ЦӔРЫН

1941 азы мӕ цард тынг фӕивта. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ тынг амондджын сдӕн. Ӕз куыстон, горӕт Чатемы цы науаразӕн завод уыд, уым, уыдтӕн пълотничы ахуыргӕнинаг. Уый уыд кадджын ӕмӕ, хорз кӕм фыстой, ахӕм куыст. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уымӕй бирӕ раздӕр бамбӕрстой, чырыстӕттӕ хӕстмӕ кӕй хъуамӕ ма цӕуой. 1941 азмӕ та бамбӕрстам, хӕстон заводты нӕ бон кусын кӕй нӕу (Иоан. 18:36). Ӕмӕ нӕ заводы доныбынтыцӕуӕг наутӕ кӕй арӕзтой, уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кодтон мӕ куыст ныууадзын ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын райдайын. Фыццаг мӕ снысан кодтой Сайренсестермӕ, уый уыд рӕсугъд горӕт Котсуолдсы районы.

18 азы мыл куы сӕххӕст, уӕд мӕ фараст мӕймӕ ахӕстоны сбадын кодтой, ӕфсадмӕ кӕй нӕ цыдтӕн, уый тыххӕй. Хъуыды ма йӕ кӕнын, ме уӕнгты тас куыд бацыд, мӕ фӕстӕ мын дуар куы ӕрбагуыпп кодтой ӕмӕ иунӕгӕй куы аззадтӕн, уӕд. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ ахст адӕм фӕрсын райдыдтой, ам цӕй тыххӕй дӕ, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сын ӕз дӕр мӕ уырнындзинады тыххӕй ӕхсызгонӕй дзырдтон.

Ахӕстонӕй куы рацыдтӕн, уӕд мын загътой, цӕмӕй Ленард Смитимӕ хъусын кодтаин, графство Кенты цы горӕттӕ уыд, уым. Нӕхӕдӕг дӕр уыдыстӕм уыцы рӕттӕй. 1944 азӕй райдайгӕйӕ Кентыл суагътой иу мин ракетӕйӕ фылдӕр, хуыдтой сӕ хӕдтӕхӕг ракетӕтӕ. Уыцы ракетӕтӕ тахтысты нӕ тӕккӕ сӕрмӕ, уымӕн ӕмӕ Кент уыд, нацисттӕ Европӕйы цы бӕстӕтӕ бацахстой, уыдоны ӕмӕ Лондоны ’хсӕн. Хӕдтӕхӕг ракетӕтӕ адӕмы тасы ӕфтыдтой. Куы-иу фехъуыстам, ракетӕйы мотор кӕй ӕрлӕууыд, уӕд-иу ӕй бамбӕрстам, ныртӕккӕ зӕхмӕ кӕй ӕрхаудзӕн ӕмӕ кӕй срӕмудздзӕн. Уыцы рӕстӕг иу бинонтимӕ Библи ахуыр кодтам, уыдысты фондзӕй. Бомбӕтӕ-иу куы калдтой, уӕд-иу ӕфсӕйнаг стъолы бын бадтыстӕм – зӕгъгӕ, мыййаг, хӕдзар ныккалд, уӕд аирвӕзӕм. Фӕстагмӕ уыцы бинонтӕ се ’ппӕт дӕр донаргъуыд райстой.

ХОРЗ ХАБАР ХЪУСЫН КӔНЫН ФӔСАРӔНТЫ

Ирландийы пионерӕй лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уыцы рӕстӕг. Адӕмы конгресмӕ хонӕм

Хӕсты фӕстӕ дыууӕ азы пионерӕй лӕггад кодтон хуссар Ирландийы. Ирланди Английӕ афтӕ тынг кӕй хицӕн кӕны, уый ӕнхъӕл нӕ уыдыстӕм. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цыдыстӕм ӕмӕ адӕмӕн дзырдтам, миссионертӕ стӕм ӕмӕ цӕрӕнбынат агурӕм, зӕгъгӕ. Стӕй ма уынгты нӕ журналтӕ лӕвӕрдтам. Махмӕ бакӕс, уӕд уый худӕг куыннӕ уыд – католикон диныл тынг ӕнувыд кӕм сты, ахӕм бӕстӕйы кӕй стӕм, уый нӕ цыма ферох! Иу нӕлгоймаг нӕм куы бартхъирӕн кодта, уӕд пъӕлицӕйы кусӕгӕн рахъаст кодтон, ӕмӕ мын афтӕ: «Уӕдӕ дӕ цы фӕндыд?» Сауджынтӕн дзы куыд стыр бартӕ уыд, уый нӕ зыдтам. Чиныг-иу нӕ чи айста, уыдоны-иу куыстӕй ратӕрын кодтой. Стӕй ма-иу афтӕ дӕр бакодтой, ӕмӕ-иу кӕм цардыстӕм, уырдыгӕй-иу нӕ ратардтой.

Тагъд рӕстӕг бамбӕрстам, ног бынатмӕ ӕрцӕугӕйӕ хуыздӕр куыд уыдзӕн архайын. Кӕм-иу ӕрлӕууыдыстӕм, уырдыгӕй-иу велосипедтыл дард ацыдыстӕм, адӕмӕн ӕндӕр сауджын кӕм уыд, ахӕм ранмӕ ӕмӕ-иу уым хъусын кодтам. Фӕстагмӕ та-иу аныхас кодтам нӕ сыхӕгтимӕ. Графство Килкеннийы иу ӕрыгон нӕлгоймагимӕ къуыри ӕртӕ хатты Библи ахуыр кодтам, кӕд-иу ныл мӕстджын адӕм ӕрӕмбырд сты ӕмӕ-иу нӕм ӕртхъирӕнтӕ кодтой, уӕддӕр. Адӕмӕн Библи ӕмбарын кӕнын мӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг цыди, ӕмӕ сфӕнд кодтон Галаады скъоламӕ ныффыссын.

1948 азӕй 1953 азмӕ нын нау «Сибийӕ» уыд миссионерты хӕдзары бӕсты

Нью-Йорчы фондз мӕйы фӕстӕ нӕ ахуыр куы фестӕм, уӕд нӕ къласӕй цыппары снысан кодтой Карибы денджызы гыццыл сакъадӕхтӕм. 1948 азы ноябры Нью-Йоркӕй рацыдыстӕм, йӕ дӕргъ 18 метры кӕмӕн уыд, ахӕм гыццыл науыл, хуынди «Сибийӕ». Науыл фыццаг хатт цыдтӕн, ӕмӕ тынг цин кодтон. Нӕ цыппарӕй иу – Гаст Маки – уыд фӕлтӕрдджын капитан. Уый нын бацамыдта, куыд хъӕуы наупӕлӕзтӕ сисын ӕмӕ ӕруадзын, компасмӕ гӕсгӕ цӕуын ӕмӕ нау дымгӕйы ныхмӕ тӕрын. Тыхдымгӕтӕ дӕр-иу ныл сӕмбӕлд. Фӕлӕ Гаст нӕ нау арӕхстджынӕй тардта, ӕмӕ иу мӕймӕ бахӕццӕ стӕм Багамӕйы сакъадӕхтӕм.

«САКЪАДӔХТЫЛ ХЪУСЫН КӔНУТ»

Багамӕйы сакъадӕхтыл хъусын кодтам цалдӕр мӕйы, стӕй та араст стӕм ӕндӕр сакъадӕхтӕм. Уыцы сакъадӕхтӕ ӕххӕссынц Виргинийы сакъадӕхтӕй (Пуэрто-Рикомӕ ӕввахс) суанг Тринидады онг. Кӕрӕй-кӕронмӕ ахсынц 800 километры бӕрц. Фондз азы дӕргъы фылдӕр хъусын кодтам, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм сакъадӕхтыл. Хатт-иу къуыригӕйтты нӕ бон нӕ уыд почтӕйӕ исты арвитын кӕнӕ райсын. Фӕлӕ куыд тынг цин кодтам, нӕ бон кӕй уыд уыцы сакъадӕхтыл Йегъовӕйы ныхас хъусын кӕнын! (Йер. 31:10).

Миссионертӕ «Сибийӕ»-йыл (галиуырдыгӕй рахизырдӕм): Рон Паркин, Дик Райд, Гаст Маки ӕмӕ Стенли Картер

Искӕцы сакъадахмӕ-иу куы бахӕццӕ стӕм, уӕд-иу бынӕттон цӕрджытӕ нӕ размӕ ракалдысты, зӕгъгӕ нӕм чи ӕрцыд. Чидӕртӕ дзы нау дӕр ӕмӕ урсцъар адӕмы дӕр фыццаг хатт уыдтой. Уыцы адӕм уыдысты хӕларзӕрдӕ, стӕй Хуыцауыл ӕууӕндыдысты ӕмӕ Библи дӕр хорз зыдтой. Арӕх-иу нын авӕрдтой кӕсаг, авокадотӕ ӕмӕ арахис. Нӕ гыццыл науыл бынат бирӕ нӕ уыд, фӕлӕ дзы фынӕй дӕр кодтам, хӕринаг дӕр дзы цӕттӕ кодтам, стӕй нӕ дзаумӕттӕ дӕр уым ӕхсадтам.

Нӕ нау-иу былгӕрон баурӕдтам ӕмӕ-иу ӕнӕхъӕн бон адӕмӕн хъусын кодтам. Фӕхуыдтам-иу сӕ раныхасмӕ дӕр. Изӕрырдӕм-иу нӕ науы дзӕнгӕрӕг бахостам. Ӕмӕ-иу нӕм адӕм ӕмбырд кӕнын куы райдыдтой, уӕд-иу уымӕ бакӕсын диссаг уыд. Талынджы-иу къуыбыртӕй сӕ сойын цырӕгътимӕ куы ’рцӕйцыдысты, уӕд афтӕ зынди, цыма стъалытӕ тыбар-тыбур кӕнынц. Хатт-иу нӕм сӕдӕ адӕймаджы бӕрц ӕрбацыд, ӕмӕ-иу раныхасы фӕстӕ дӕр цасдӕр рӕстӕг баззадысты ӕмӕ-иу нӕм фарстатӕ лӕвӕрдтой. Зарын бирӕ уарзтой, ӕмӕ сын Паддзахады зарджытӕй кӕцыдӕртӕ ныммыхуыр кодтам. Мах-иу цыппарӕй зарӕг систам, ӕмӕ-иу стӕй уыдон дӕр зарын райдыдтой. Сӕ хъӕлӕстӕ иумӕ уыцы рӕсугъд фидыдтой! Ӕвӕдза, диссаджы рӕстӕг уыд!

Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдонӕй-иу чидӕртӕ ахуыры фӕстӕ немӕ ацыдысты, цӕуинаг ма кӕмӕ уыдыстӕм, уыдонмӕ, цӕмӕй уым дӕр байхъуыстаиккой. Иу ран-иу цалдӕр къуырийы йеддӕмӕ нӕ фестӕм, фӕлӕ-иу ацӕуыны размӕ арӕх, зӕрдиагдӕрӕй чи ахуыр кодта, уыдонӕн загътам, цӕмӕй не ’рцыдмӕ нӕ бӕсты иннӕтимӕ ахуыр кодтаиккой. Чидӕртӕ сӕ афтӕ зӕрдиагӕй архайдтой, ӕмӕ диссаг!

Абон уыцы сакъадӕхтӕй бирӕтӕм дуне адӕм цӕуынц улӕфынмӕ. Фӕлӕ дзы нӕ рӕстӕджы уыди тынг сабыр. Нӕ алыварс уыд ӕрмӕстдӕр ирд, цъӕх-цъӕхид дон, змисджын былгӕрӕттӕ ӕмӕ пальмӕбӕлӕстӕ. Иу сакъадахӕй иннӕмӕ арӕхдӕр цыдыстӕм ӕхсӕвыгон. Науы бырынкъ уылӕнтӕ куыд лыг кӕны, уый йеддӕмӕ иу уынӕр дӕр никӕцӕй хъуысти. Нӕ науы алыварс та-иу хъазыдысты дельфинтӕ. Мӕй-иу денджызыл суанг арвы кӕронмӕ ӕвзист фӕд акодта.

Сакъадӕхтыл фӕлӕггад кодтам фондз азы, ӕмӕ уый фӕстӕ ацыдыстӕм Пуэрто-Рикомӕ нӕ нау баивынмӕ. Фӕндыди нӕ, моторӕй чи куыста, ахӕм нау райсын. Уырдӕм куы ’рцыдыстӕм, уӕд базонгӕ дӕн, миссионерӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм рӕсугъд хоимӕ, Максин Бойдимӕ, ӕмӕ йӕ бауарзтон. Максин гыццылӕй фӕстӕмӕ хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта. Миссионерӕй ма лӕггад кодта Доминиканы Республикӕйы дӕр, цалынмӕ йӕ 1950 азы хицауад католикон аргъуаны ардыдӕй уыцы бӕстӕйӕ нӕ рарвыста, уӕдмӕ. Наудзау кӕй уыдтӕн, уымӕ гӕсгӕ мын Пуэрто-Рикойы иу мӕйӕ фылдӕр баззайыны бар нӕ уыд. Тагъд та хъуамӕ ногӕй цалдӕр азмӕ сакъадӕхтӕм ацыдаин. Ӕмӕ ахъуыды кодтон: «Рональд, кӕд дӕ ацы чызг ӕцӕгдӕр хъӕуы, уӕд фезмӕл!» Гъемӕ йын ӕртӕ къуырийы фӕстӕ мӕ зӕрдӕйы ахаст раргом кодтон, ӕхсӕз къуырийы фӕстӕ та нӕ цард баиу кодтам. Уый фӕстӕ нӕ Максинимӕ Пуэрто-Рикомӕ миссионертӕй снысан кодтой, ӕмӕ ног науыл афтӕ дӕр никуыдӕм ацыдтӕн.

1956 азы мӕ снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй, ӕмӕ райдыдтам ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕнын. Ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ мӕгуыр уыдысты, фӕлӕ сӕ тынг ӕхсызгонӕй бӕрӕг кодтам. Иу хъӕуы, Потала Пастильойы, уыд, бирӕ сывӕллӕттӕ кӕмӕн уыди, дыууӕ ахӕм бинонтӕ, ӕмӕ-иу сын ӕз уадындзӕй цагътон. Сӕ гыццыл чызджытӕй иуы, Ильдӕйы, бафарстон, зӕгъын дӕ немӕ хъусын кӕнынмӕ нӕ фӕнды ацӕуын. Чызг мын загъта: «Фӕнды мӕ, фӕлӕ мын дзабыртӕ нӕй». Мах ын иу фӕлыст дзабыртӕ балхӕдтам, ӕмӕ уӕд немӕ уацамынды ацыд. Уымӕй бирӕ азты фӕстӕ, 1972 азы, Бруклины Вефилы куы уыдыстӕм, уӕд нӕм ӕрбацыд, Галаады скъола чи фӕци, иу ахӕм хо. Снысан ӕй кодтой Эквадормӕ, ӕмӕ тагъд хъуамӕ уырдӕм ацыдаид. Уыцы хо нын загъта: «Нӕ мӕ базыдтат? Пастильойы иу гыццыл чызгӕн дзабыртӕ куы нӕ уыд, уый нӕ хъуыды кӕнут?» Уый уыди Ильдӕ! Фырцинӕй нӕ зӕрдӕтӕ суынгӕг сты.

1960 азы нӕ снысан кодтой Пуэрто-Рикойы филиалмӕ. Уӕд филиал уыд иу гыццыл дыууӕуӕладзыгон хӕдзары горӕт Сан-Хуаны, Сантурцейы районы. Фыццаг рӕстӕг куыстӕн йӕ фылдӕр хай кодтам ӕз ӕмӕ Ленарт Джонсон. Ленарт ӕмӕ йӕ бинойнаг уыдысты фыццаг Ӕвдисӕнтӕ Доминиканы Республикӕйы. 1957 азы та ӕрцыдысты Пуэрто-Рикомӕ. Цасдӕры фӕстӕ Максин райдыдта, журналтӕ-иу чи рафыста, уыдоны курдиӕттӕ ӕвзарын, ӕмӕ-иу къуыримӕ иу мин курдиатӕй фылдӕрмӕ ӕркаст. Йӕ куыст йӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди, уымӕн ӕмӕ хъуыды кодта, уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг райсынӕн кӕмӕн ӕххуыс кодта, уыцы адӕмыл.

Вефилы лӕггад кӕнын мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй мӕ бон у, цы мӕм ис, уымӕй иннӕтӕн дӕттын. Фӕлӕ адӕймаг Вефилы дӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлы. Зӕгъӕм, 1967 азы Пуэрто-Рикойы фыццаг хатт ӕхсӕнадӕмон конгресс куы уыд, уӕд мӕ сӕрыл куырой зылди. Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн разамынд лӕвӕрдта Нейтан Норр, ӕмӕ уый дӕр ӕрцыд Пуэрто-Рикомӕ. Ӕфсымӕр Норрмӕ афтӕ фӕкаст, ӕмӕ, конгресмӕ цы миссионертӕ ӕрцыд, уыдоны сӕ бынӕттӕм фӕхӕццӕ кӕнынӕн ницы сарӕзтон, фӕлӕ хабар афтӕ нӕ уыд. Фӕстӕдӕр мын уый тыххӕй бауайдзӕф кодта, ӕмӕ мын загъта, йӕ зӕрдӕ мыл кӕй фӕхудти. Ӕз мӕхи рӕстытӕ кӕнын нӕ райдыдтон, фӕлӕ мын тынг хъыг уыди, дзӕгъӕлы мӕ кӕй бафхӕрдта. Фӕлӕ ӕндӕр хатт Норримӕ куы фембӕлдыстӕм, уӕд нӕ йӕхимӕ фӕхуыдта ӕмӕ нын сихор ӕрцӕттӕ кодта.

Цалынмӕ Пуэрто-Рикойы лӕггад кодтам, уӕдмӕ цалдӕр хатты Англимӕ мӕ ныййарджыты фенынмӕ ацыдыстӕм. Мӕ мадимӕ рӕстдзинады фӕндагыл куы ’рлӕууыдыстӕм, уӕд мӕ фыд уыцы хъуыддагӕй нырма дард лӕууыд. Фӕлӕ-иу нӕм Вефилӕй ӕфсымӕртӕ раныхӕстимӕ куы ’рцыдысты, уӕд-иу сӕ мӕ мад арӕх нӕхимӕ суазӕг кодта. Мӕ фыд уыдта, уыцы сӕрныллӕг цӕстдарджытӕ куыд тынг хицӕн кодтой, рагӕй фӕстӕмӕ йӕ удхӕссӕг кӕмӕй уыдта, уыцы сауджынтӕй. Ӕппынфӕстаг, 1962 азы, мӕ фыд дӕр донаргъуыд райста ӕмӕ сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн.

Максинимӕ Пуэрто-Рикойы, нӕ цард куы баиу кодтам, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр, ӕмӕ 2003 азы, нӕ чындзӕхсӕвы бонӕй 50 азы фӕстӕ

2011 азы мӕ зынаргъ бинойнаг фӕзиан. Йӕ фендмӕ тынг бӕллын ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, кӕд райгас уыдзӕн, уымӕ. Ууыл куы ахъуыды кӕнын, уӕд мӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы! Максинимӕ иумӕ фӕцардыстӕм 58 азы ӕмӕ нӕхи цӕстӕй федтам, Пуэрто-Рикойы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд сбирӕ сты: уыдысты 650 адӕймаджы бӕрц, ӕмӕ систы 26 000 адӕймаджы. 2013 азы Пуэрто-Рикойы филиал Иугонд Штатты филиалимӕ куы баиу кодтой, уӕд мӕ снысан кодтой Уолкиллмӕ (штат Нью-Йорк). Пуэрто-Рикойы фӕцардтӕн 60 азы, ӕмӕ уӕдмӕ ӕз дӕр мӕхи бынӕттон цӕрӕгыл нымадтон. Фӕлӕ ацӕуынӕн дӕр рӕстӕг ӕрцыд.

«ХУЫЦАУ, ЗӔРДИАГӔЙ ЧИ ДӔТТЫ, УЫЙ УАРЗЫ»

Ныр дӕр ма Хуыцауӕн лӕггад кӕнын Вефилы. Цӕуы мыл 90 азӕй фылдӕр, ӕмӕ мӕ куыст у вефилӕгты фидар кӕнын. Уолкиллмӕ куы ’рцыдтӕн, уӕдӕй абонмӕ, куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, бабӕрӕг кодтон 600 адӕймагӕй фылдӕр. Чи мӕм ӕрбацӕуы, уыдонӕй кӕйдӕрты фӕфӕнды аныхас кӕнын, сӕхӕдӕг кӕнӕ сӕ бинонтӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдоныл. Иннӕтӕ та фӕфӕрсынц, цы хъӕуы, цӕмӕй Вефилы ӕнтыстджынӕй лӕггад кӕнай. Сӕ цард ӕрӕджы чи баиу кодта, уыдон та мӕ фӕкурынц уынаффӕ бинонты царды фӕдыл. Кӕйдӕрты та Вефилӕй арвитынц ӕндӕр ран лӕггад кӕнынмӕ. Чи мӕм ӕрбацӕуы, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр байхъусын ӕмӕ сын арӕх фӕзӕгъын: «Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы. Дӕ куыстӕй дӕ зӕрдӕ райӕд. Йегъовӕйӕн ӕй аразыс» (2 Кор. 9:7).

Вефилы лӕггад кӕнай ӕви ӕндӕр искуы, цӕмӕй цин кӕнай, уый тыххӕй дӕ хъӕуы иу цыдӕр: цы аразыс, уый ахсджиаг цӕмӕн у, уый алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар. Вефилы цыдӕриддӕр аразӕм, уый Хуыцауӕн аразӕм. Афтӕмӕй «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй ӕгас дунейы дӕр ӕфсымӕртӕн ӕмӕ хотӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг афоныл дӕтта (Матф. 24:45). Кӕмфӕнды ма лӕггад кӕнӕм, алкӕмдӕр нӕ бон у Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Уӕдӕ нын цы зӕгъы, уый цингӕнгӕйӕ аразӕм, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы».