Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Архайыс, цӕмӕй дын Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр ӕнтыса?

Архайыс, цӕмӕй дын Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр ӕнтыса?

«Ӕппӕт хъарутӕй ууыл архай, цӕмӕй иннӕтӕн хъӕрӕй кӕсай, фӕдзӕхсай сӕ ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнай» (1 ТИМ. 4:13).

ЗАРДЖЫТӔ: 45, 70

1, 2. а) Исайы 60:22 нӕ рӕстӕджы куыд ӕххӕст кӕны? б) Йегъовӕйы организацийы зӕххон хайы фылдӕр кусджытӕ цӕмӕн хъӕуы?

«АРМЫДЗАГ адӕмӕй равзӕрдзӕн мин, зынгӕ дӕр чи нӕ кӕны, уыдонӕй – тыхджын адӕм» (Ис. 60:22). Ацы пехуымпарад ӕххӕст кӕны ныр, фӕстаг бонты. Ахъуыды-ма кӕн, 2015 лӕггады азы ӕгас зӕххыл дӕр хорз хабар хъусын кодтой 8 220 105 хъусынгӕнӕджы! Ацы пехуымпарады фӕстаг ныхӕстӕ хауынц алы чырыстонмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ Хуыцау афтӕ загъта: «Ӕз, Йегъовӕ, уыцы хъуыддаг йӕ рӕстӕджы фӕтагъд кӕндзынӕн». Мах абарӕн ис, тагъдӕй-тагъддӕр чи цӕуы, ахӕм поезды чи бады, уыцы адӕмимӕ. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг размӕ тагъдӕй-тагъддӕр куыд цӕуы, уый нӕхи цӕстӕй уынӕм. Фӕлӕ нӕ фылдӕр аразын кӕй хъӕуы, уый цымӕ ӕмбарӕм? Хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм? Бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ райдайынц пионертӕй кӕнӕ ӕххуысгӕнӕг пионертӕй лӕггад кӕнын. Уӕдӕ бирӕтӕ, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уырдӕм лӕггад кӕнынмӕ кӕй ацӕуынц кӕнӕ ӕндӕр хъуыддӕгты кӕй архайынц, уый дӕр нын нӕ циныл цин куыннӕ ӕфтауы.

2 Фӕлӕ уӕддӕр хъӕуы фылдӕр кусджытӕ. Алы аз дӕр фӕзыны 2 000 ӕмбырды бӕрц. Ӕмӕ, зӕгъӕм, цӕмӕй алы ног ӕмбырды дӕр 5 хистӕр нӕлгоймаджы уа, уый тыххӕй алы аз дӕр цӕстдарджытӕй хъуамӕ нысангонд цӕуа 10 мин кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕры. Уый тыххӕй та уал цалдӕр мин ӕфсымӕры хъуамӕ нысангонд ӕрцӕуой кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй. Куыд зыны, афтӕмӕй алкӕмӕн дӕр «Хицауы хъуыддаджы» бирӕ куыст ис, ӕмӕ ӕрмӕст ӕфсымӕртӕн нӕ, фӕлӕ хотӕн дӕр (1 Кор. 15:58).

ФЫЛДӔР ДЫН ЦӔЙ ФӔРЦЫ ӔНТЫСДЗӔН?

3, 4. Дӕ разы цавӕр нысӕнттӕ сӕвӕрис?

3 Бакӕс 1 Тимофеймӕ 3:1. «Тырнын»-ӕй цы грекъаг мивдисӕг ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны, адӕймаг йӕ къух кӕй ивазы, ӕнцонтӕй цӕмӕ не ’ххӕссы, уымӕ. Апостол Павелы уымӕй зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ, цӕмӕй адӕймагӕн фылдӕр ӕнтыса, уый тыххӕй йӕ хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын. Зӕгъӕм, ӕфсымӕры фӕнды кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ йӕ ӕмбары, уый тыххӕй йӕ кӕй хъӕуы чырыстон миниуджытыл бакусын. Иу бон уыцы нысан йӕ къухы бафтыд, фӕлӕ ууыл не ’рлӕууыд. Ныр та йӕ фӕнды, цӕмӕй суа цӕстдарӕг, ӕмӕ дарддӕр кусы, цӕстдарӕджы чи хъӕуы, уыцы миниуджытыл.

4 Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй кӕйдӕрты фӕнды пионертӕй кӕнӕ Вефилы лӕггад кӕнын, кӕйдӕр та Паддзахады залтӕ аразын. Ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй сӕ нысан сӕ къухы бафта. Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, Хуыцауы Ныхас нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй не ’ппӕтӕн дӕр Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр ӕнтыса.

АРХАЙ, ЦӔМӔЙ ДЫН ФЫЛДӔР ӔНТЫСА

5. Ӕрыгӕттӕн сӕ бон цавӕр хъуыддӕгты у архайын?

5 Ӕрыгӕттӕн се уӕнгты цы хъару ис, уый фӕрцы Йегъовӕйы хъуыддаджы сӕ бон бирӕ у аразын. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 20:29.) Вефилты иуӕй-иу ӕрыгон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ лӕггад кӕнынц, Библитӕ ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ кӕм мыхуыр кӕнынц, уыцы хайады. Бирӕтӕ та сӕ аразынц ӕмӕ цалцӕг кӕнынц Паддзахады залтӕ кӕнӕ, ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхӕссы, уыдонӕн феххуыс кӕнынц. Ӕрыгон пионертӕй та бирӕтӕ сахуыр кӕнынц ӕндӕр ӕвзаг, цӕмӕй адӕмӕн хорз хабар сӕхи ӕвзагыл хъусын кӕной.

6–8. а) Эрон йӕ лӕггадмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын цӕй фӕрцы райдыдта ӕмӕ йын уый цы пайда ӕрхаста? б) Нӕ бон куыд у «бафӕлварын ӕмӕ базонын, Йегъовӕ куыд хорз у, уый»?

6 Ӕвӕццӕгӕн ӕй ӕмбарыс, Хуыцауӕн кӕй хъӕуы ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын. Фӕлӕ, чи зоны, дӕумӕ дӕр фӕзыны, кӕддӕр иу ӕфсымӕрмӕ чи фӕзынд, ахӕм хъуыдытӕ. Кӕд Эрон чырыстон бинонты ’хсӕн схъомыл, уӕддӕр афтӕ загъта: «Ӕмбырдтӕм ӕмӕ уацамынды цӕуын нӕ уарзтон». Бӕргӕ йӕ фӕндыд Хуыцауӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын, фӕлӕ йын цӕуылнӕ уайы, уый не ’мбӕрста. Цымӕ йын цы баххуыс кодта?

7 Эрон райдыдта Библи алы бон дӕр кӕсын, йӕхи ӕмбырдтӕм цӕттӕ кӕнын ӕмӕ дзы дзуапп дӕттын. Ноджы ахсджиагдӕр та уый уыд, ӕмӕ Йегъовӕмӕ арӕхдӕр кувын райдыдта. Уыцы хъуыддӕгты фӕрцы Эрон Йегъовӕйы тынгдӕр бауарзта ӕмӕ йӕм баввахс. Ӕмӕ йын уӕд йӕ лӕггад дӕр фылдӕр циндзинад хӕссын райдыдта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Эрон лӕггад кодта пионерӕй, ӕрдзон бӕллӕх-иу кӕм ӕрцыд, уым-иу ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн ӕххуыс кодта ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ дӕр хъусын кӕнынмӕ ацыд. Ныртӕккӕ у хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ лӕггад кӕны Вефилы. Цы хъуыды кӕны йӕ царды тыххӕй? «Ӕз бафӕлвӕрдтон ӕмӕ базыдтон, Йегъовӕ куыд хорз у, уый. Кӕй мын арфӕ кӕны, уый тыххӕй мӕхи йӕ разы хӕсджыныл нымайын ӕмӕ мӕ фӕнды фылдӕр аразын. Ӕмӕ афтӕмӕй та схайджын вӕййын ноджы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕй».

8 Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Йегъовӕйы чи агуры, уыдон... хорздзинӕдтӕй цух нӕ уыдзысты». (Бакӕс Псалом 34:8–10.) Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ чи лӕггад кӕны, уыдоны уый никуы фӕфыдӕнхъӕл кӕны. Нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы фӕаразӕм, уӕд ӕй «бафӕлварӕм ӕмӕ базонӕм, Йегъовӕ куыд хорз у, уый». Ӕмӕ уӕд нӕхицӕй амондджындӕр нӕ вӕййы!

ФИДАР У, ДӔ НЫФС МА АСӔТТӔД

9, 10. Цӕмӕн хъуамӕ зонай ӕнхъӕлмӕ кӕсын?

9 Дӕ нысӕнттӕм тырнгӕйӕ дӕ иуӕй-иу хатт бахъӕудзӕн «ӕнхъӕлмӕ кӕсын» дӕр (Мих. 7:7). Зӕгъӕм, ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕм тырныс кӕнӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ уавӕртӕ фӕивой. Йегъовӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ бауадза, цӕмӕй цасдӕр рӕстӕг мацы фӕива. Фӕлӕ уӕддӕр уый йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты никуы ныууадзы, алкӕд вӕййы сӕ фарсмӕ. Уый бӕрӕг у Авраамы хабарӕй дӕр. Йегъовӕ йын загъта, лӕппу йын кӕй райгуырдзӕн, фӕлӕ йӕ Исахъы райгуырдмӕ бахъуыди бирӕ азтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Уыцы азты дӕргъы Авраам ӕвдыста фидар уырнындзинад ӕмӕ фӕразондзинад. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл кодта (Райд. 15:3, 4; 21:5; Дзут. 6:12–15).

10 Раст зӕгъгӕйӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕнцон нӕу (Ӕмб. 13:12). Ӕмӕ ӕдзух, цы нӕ нын уайы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ ныфс асӕтдзӕн. Фӕлтау-иу нӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ спайда кӕнӕм. Нӕ бон у нӕхиуыл кусын, цӕмӕй ӕмбырды фылдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ уӕм. Уый аразӕн ис ӕртӕ хъуыддаджы фӕрцы.

11. Нӕ бон цавӕр миниуджытыл у кусын ӕмӕ ахсджиаг цӕмӕн сты?

11 Кус, чи дӕ бахъӕудзӕн, уыцы миниуджытыл. Хуыцауы Ныхас куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд схайджын уыдзыстӕм зондӕй, суыдзыстӕм ӕмбаргӕ, уӕззаузонд, бирӕ цыдӕртӕ базондзыстӕм ӕмӕ сахуыр уыдзыстӕм хъуыды кӕнын. Ацы миниуджытӕ ӕнӕмӕнг хъӕуынц, ӕмбырды разамынд чи дӕтты, уыдоны (Ӕмб. 1:1–4; Тит. 1:7–9). Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ куы кӕсӕм, уӕд-иу бамбардзыстӕм, Йегъовӕ бирӕ хъуыддӕгты фӕдыл цы хъуыды кӕны, уый. Ӕмӕ уӕд алы бон дӕр уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм, Библийӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ, ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, зондзыстӕм, иннӕтӕн куыд хъуамӕ уӕм, не ’хца цӕуыл хардз кӕнӕм, стӕй цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ уӕлӕдарӕс равзарӕм, уый.

12. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕууӕнкджын кӕй сты, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

12 Ӕууӕнкджын у. Кӕмӕнфӕнды – ӕфсымӕрӕн уа ӕви хойӕн – цыфӕнды хъуыддаг ма бахӕс кӕной, хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй бацархайа, цӕмӕй йӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ сараза. Раджы заманты Хуыцауы адӕм кувӕндон ногӕй куы арӕзтой, уӕд Неемийы хъуыди алыхуызон хъуыддӕгтӕ искӕй бар бакӕнын. Ӕмӕ кӕй равзӕрста? Хуыцауӕй чи тарст ӕмӕ ӕууӕнкджын чи уыд, ахӕм нӕлгоймӕгты (Неем. 7:2; 13:12, 13). Абон дӕр афтӕ у: ӕууӕнкджын чи у, уымӕн йӕ бар бакӕнынц стырдӕр хъуыддӕгтӕ (1 Кор. 4:2). Рох нӕ ма уӕд, иннӕтӕ нын нӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕнӕбафиппайгӕ кӕй нӕ фӕуыдзысты. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 5:25.)

13. Дӕ бон куыд у Иосифы бафӕзмын?

13 Йегъовӕйӕн бар дӕтт, ӕмӕ дӕ «сыгъдӕг кӕна». Исчи дӕ дзӕгъӕлы куы фӕаххосджын кӕна кӕнӕ дӕ куы бафхӕра, уӕд цы саразӕн ис? Чи зоны дын рауайа хъуыддаг уайтагъд банывыл кӕнын. Фӕлӕ вӕййы афтӕ, ӕмӕ адӕймагӕн зӕрдиагӕй ӕмбарын кӕныс, аххосджын кӕй нӕ дӕ ӕмӕ йӕ разы кӕй ницӕмӕй фӕрӕдыдтӕ. Фӕлӕ хабар фыддӕр цы кӕны, ӕндӕр ницы. Кӕд Иосифыл йе ’фсымӕртӕ гадзрахатӕй рацыдысты, уӕддӕр сӕм йӕ зӕрдӕйы маст нӕ хаста. Фӕстӕдӕр та йӕ кӕйдӕр мӕнг ныхӕсты тыххӕй ахӕстоны ныппӕрстой. Фӕлӕ Иосиф йӕ зӕрдӕ дардта Йегъовӕйыл, ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы «ныхас сыгъдӕг кодта» (Пс. 105:19). Уыцы фӕлварӕнты рӕстӕг Иосифмӕ фӕзынд бирӕ хорз миниуджытӕ. Уыдон ӕй бахъуыдысты, фӕстӕдӕр ын йӕ бар ахсджиаг куыст куы бакодтой, уӕд (Райд. 41:37–44; 45:4–8). Уӕдӕ дӕ исчи дзӕгъӕлы куы бафхӕра, уӕд-иу Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын ахӕм зонд ратта, ӕмӕ дӕ бон уа уыцы адӕймагимӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕнын. Йегъовӕ дын ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн. (Бакӕс 1 Петры 5:10.)

УАЦАМЫНДЫ ӔНТЫСТДЖЫН У

14, 15. а) Куыд хъусын кӕнӕм, уымӕ ӕдзухдӕр нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарӕм? б) Уавӕртӕ куы ивой, уӕд нӕ бон цы у саразын? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы, стӕй рамкӕ «Уӕд та ӕндӕр мадзал бафӕлварис?».)

14 Павел Тимофеймӕ ныффыста: «Ӕппӕт хъарутӕй ууыл архай, цӕмӕй иннӕтӕн хъӕрӕй кӕсай, фӕдзӕхсай сӕ ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнай. Ӕдзухдӕр дӕхимӕ кӕс, стӕй дӕ хъус дар, иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амоныс, уымӕ» (1 Тим. 4:13, 16). Тимофей уӕдмӕ дӕр уыди фӕлтӕрдджын хъусынгӕнӕг. Фӕлӕ цӕмӕй дарддӕр ӕнтыстджын уыдаид, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр йӕ хъус дардтаид, иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амыдта, уымӕ. Хорз ӕм кӕй хъуыстой, уымӕй ныфсджын хъуамӕ ма уыдаид. Тимофей зыдта, адӕм сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ уавӕртӕ дӕр ивгӕ кӕй кӕнынц. Ӕмӕ сын цӕмӕй дарддӕр дӕр сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ардтаид, уый тыххӕй йӕ хъуыди, куыд сӕ ахуыр кодта, уый ивын. Абон мах дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм.

15 Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд арӕх адӕмы сӕхимӕ нӕ баййафӕм. Кӕмдӕрты та бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕм кӕнӕ, хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕнынц, уыцы хӕдзӕрттӕм мидӕмӕ бацӕуӕн нӕ вӕййы. Кӕд уӕ территорийы дӕр афтӕ у, уӕд хорз нӕ уаид ӕндӕр мадзӕлттӕ бафӕлварын?

16. Бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнын хорз мадзал цӕмӕн у?

16 Иу диссаджы мадзал у, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнын. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕты зӕрдӕмӕ уый тынг цӕуы, ӕмӕ сын ӕнтысгӕ дӕр бирӕ кӕны. Уыдон фӕхъусын кӕнынц ӕфсӕнвӕндаджы вокзалты, автобусты лӕууӕндӕтты, базарты, паркты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм рӕтты. Сӕ ныхас райдайынц алыхуызӕтты: адӕймагӕн ног хабӕртты тыххӕй исты фӕзӕгъынц, йӕ сывӕллӕттӕй йын раппӕлынц кӕнӕ та йӕ йӕ куыстӕй афӕрсынц. Ныхас сын куы бацайдагъ вӕййы, уӕд ын хъусынгӕнӕг Библийӕ исты хъуыды фӕзӕгъы ӕмӕ адӕймаджы йӕ хъуыдыйӕ бафӕрсы. Бирӕты бафӕнды, Библийы цы фыст ис, уый хуыздӕр базонын.

17, 18. а) Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты ныфсджындӕрӕй хъусын кӕнай? б) Давид Йегъовӕйы куы кадджын кодта, уӕд ӕй фидарӕй цы уырныдта ӕмӕ йӕ дӕ бон куыд у уацамынды бафӕзмын?

17 Кӕд дын, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнын зын у, уӕддӕр дӕ ныфс ма асӕттӕд. Эдди цӕры Нью-Йорчы ӕмӕ лӕггад кӕны пионерӕй. Раздӕр-иу нӕ уӕндыд уынджы ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын. Фӕлӕ уый фӕстӕ фӕныфсджындӕр. Цымӕ цӕй фӕрцы? Эдди зӕгъы: «Нӕ бинонты ахуыры рӕстӕг мӕ бинойнагимӕ бацагурӕм ӕрмӕг, исчи нын нӕ ныхас ӕрдӕгыл куы аскъуына, уӕд ын цавӕр дзуапп ис раттӕн, кӕнӕ нын йӕ хъуыды куы зӕгъа, уӕд ныхас адарддӕр кӕнӕн куыд ис, уый фӕдыл. Стӕй ма бафӕрсӕм иннӕ Ӕвдисӕнты дӕр, уыдон та ахӕм уавӕрты цы фӕзӕгъынц, уымӕй». Ныртӕккӕ Эдди тынг уарзы, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнын.

18 Уацамынды фӕлтӕрдджындӕр куы кӕнай ӕмӕ ныфсджындӕрӕй куы хъусын кӕнай, уӕд дын де ’нтыстдзинад иннӕтӕ дӕр уындзысты. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 4:15.) Уымӕй уӕлдай, афтӕмӕй кадджын кӕндзынӕ нӕ уӕларвон Фыды, Давид ӕй куыд кадджын кодта, афтӕ: «Ӕз алкӕддӕр арфӕ кӕндзынӕн Йегъовӕйӕн, йӕ кады кой ӕдзух уыдзӕн ме ’взагыл. Мӕ уд сӕрыстыр уыдзӕн Йегъовӕйӕ. Сабыр адӕм фехъусдзысты, ӕмӕ цин кӕндзысты» (Пс. 34:1, 2). Дӕуӕн дӕр дӕ бон у, ӕмӕ сабыр, сӕрныллӕг адӕмӕн баххуыс кӕнай, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдайой.

ДЕ ’НТЫСТДЗИНАДӔЙ ХУЫЦАУЫ КАДДЖЫН КӔН

19. Йегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уымӕн кӕд йӕ уавӕртӕ бирӕ лӕггад кӕнын нӕ амонынц, уӕддӕр ын циндзинад цы хӕсдзӕн?

19 Давид ма загъта: «Де ’ппӕт хъуыддӕгтӕ дӕ кадджын кӕндзысты, о Йегъовӕ. Иузӕрдион дыл чи у, уыдон дын арфӕ кӕндзысты. Дзурдзысты дӕ паддзахады кады тыххӕй ӕмӕ де стыр хъомысы тыххӕй. Адӕймаджы фырттӕн дзурдзысты йӕ хъомысджын хъуыддӕгты тыххӕй, йӕ паддзахады кад ӕмӕ намысы тыххӕй» (Пс. 145:10–12). Ацы ныхӕстимӕ Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр сразы уыдзысты. Фӕлӕ, зӕгъӕм, низы тыххӕй кӕнӕ дӕ кармӕ гӕсгӕ дӕ бон нӕу, цас дӕ фӕнды, уыйбӕрц лӕггад кӕнын. Уӕд дӕ рох ма уӕд: кӕд дохтыртӕн йе та дӕм чи кӕсы кӕнӕ дӕ чи абӕрӕг кӕны, уыдонӕн хорз хабар дзурыс, уӕд уымӕй кадджын кӕныс Йегъовӕйы. Кӕд дӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстоны бадыс, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, дӕ уавӕрты дӕ бон куыд у, афтӕ иннӕтӕн рӕстдзинады тыххӕй дзурыс, ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕныс (Ӕмб. 27:11). Кӕд дӕ бинонтӕ Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕнынц, фӕлӕ йыл ды уӕддӕр иузӕрдион дӕ, уӕд ын уый дӕр тынг ӕхсызгон у (1 Пет. 3:1–4). Уӕдӕ цыфӕнды зын уавӕрты дӕр дӕ бон у Йегъовӕйы кадджын кӕнын ӕмӕ архайын, цӕмӕй дын фылдӕр ӕнтыса.

20, 21. Йегъовӕйы организацийы дӕ бар бирӕ хъуыддӕгтӕ куы уа, уӕд уый иннӕтӕн цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

20 Дарддӕр дӕр куы архайай, цӕмӕй дын Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр ӕнтыса, уӕд дын Йегъовӕ ӕнӕмӕнг арфӕ кӕндзӕн. Чи зоны, дӕ царды гыццыл цыдӕртӕ куы фӕивай, уӕд дын фылдӕр фадӕттӕ фӕзындзӕн, цӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кӕнай Хуыцауы диссаджы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй базонынӕн. Дӕ удуӕлдай лӕггадӕй ма стыр пайда ӕрхӕсдзынӕ дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕн дӕр. Ӕмӕ куыд сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕныс, уый куы уыной, уӕд сын сӕ зӕрдӕтӕ ссардзынӕ, уарздзысты дӕ ӕмӕ дын аргъ кӕндзысты.

21 Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм ӕви нӕ,– махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у йӕ фӕндагыл размӕ цӕуын ӕмӕ йӕм ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнын. Фӕлӕ цымӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у уыцы хъуыддаджы ногтӕн ӕххуыс кӕнын? Ууыл ныхас цӕудзӕн иннӕ статьяйы.