Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырыстон бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?

Чырыстон бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?

«Сымахӕй алчи, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы дӕр. Ус та хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа» (ЕФ. 5:33).

ЗАРДЖЫТӔ: 87, 3

1. Кӕд лӕппу ӕмӕ чызг сӕ чындзӕхсӕвы бон тынг фӕцин кӕнынц, уӕддӕр сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

ЛӔППУ ӕмӕ чызг сӕ чындзӕхсӕвы бон афтӕ амондджын сты, ӕмӕ фырцинӕй зӕххыл нал хӕцынц, сӕ цӕсгӕмттӕй хуртӕ ӕмӕ мӕйтӕ кӕсы. Ӕмбӕлгӕ куы кодтой, уӕд кӕрӕдзи афтӕ тынг бауарзтой, ӕмӕ ныр цӕттӕ сты кӕрӕдзийӕн дзырд раттынмӕ, цӕрӕнбонтӕм иумӕ кӕй уыдзысты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ царды сӕ хъӕудзӕн бирӕ цыдӕртӕ фӕивын, уымӕн ӕмӕ амӕй фӕстӕмӕ цӕрдзысты иумӕ. Бинонтӕ скӕнӕг Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй алы бинонтӕ дӕр амондджын уой. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, бинонтӕ скӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн йӕ Ныхасы дӕтты зондджын уынаффӕтӕ (Ӕмб. 18:22). Фӕлӕ, не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ Библи ӕргом зӕгъы, зӕгъгӕ, бинонтӕ чи скӕна, уыдонӕн «фӕзындзӕн ног зындзинӕдтӕ» (1 Кор. 7:28). Цы ис саразӕн, цӕмӕй уыцы зындзинӕдтӕ гӕнӕн уӕвгӕйӕ къаддӕр уой? Ӕмӕ чырыстон бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?

2. Лӕг ӕмӕ усы кӕрӕдзийыл цавӕр уарзондзинад хъуамӕ бӕтта?

2 Библи дзуры, уарзондзинад тынг ахсджиаг миниуӕг кӕй у. Лӕг ӕмӕ усы кӕрӕдзийыл хъуамӕ бӕтта, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы уарзондзинад вӕййы (грекъ. э́рос), ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма, ӕнувыд ӕмбӕлтты ’хсӕн цы уарзондзинад вӕййы, уый дӕр (грекъ. фили́а). Сывӕллӕттӕ сын куы фӕзыны, уӕд та сӕ ӕнӕмӕнг фӕхъӕуы, хӕстӕджыты цы уарзондзинад фӕбӕтты, уый (грекъ. сторге́). Фӕлӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр у, цӕмӕй лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн уа, уагӕвӕрдтыл чи ӕнцайы, уыцы уарзондзинад (грекъ. ага́пе), уымӕн ӕмӕ бинонты амонд сӕйраджыдӕр уымӕй кӕнгӕ у. Уыцы уарзондзинады тыххӕй апостол Павел ныффыста: «Сымахӕй алчи, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы дӕр. Ус та хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа» (Еф. 5:33).

ЛӔГ ӔМӔ УСЫЛ ЦАВӔР ХӔСТӔ ИС ӔВӔРД?

3. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи тынг кӕй уарзынц?

3 Павел ныффыста: «Лӕгтӕ, уӕ устыты алкӕддӕр уарзут, Чырысти дӕр ӕмбырд куыд бауарзта ӕмӕ йӕхи йӕ сӕрвӕлтау куыд радта, афтӕ» (Еф. 5:25). Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ хъуамӕ кӕрӕдзи уарзой, уый сӕ куыд бауарзта, афтӕ. (Бакӕс Иоанны 13:34, 35; 15:12, 13.) Уӕдӕ чырыстон бинонтӕ дӕр хъуамӕ кӕрӕдзи афтӕ тынг уарзой, ӕмӕ, куы бахъӕуа, уӕд сӕ иу иннӕйы бӕсты йӕ цард раттынмӕ дӕр цӕттӕ уа. Фӕлӕ лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн исты куы рауайы, уӕд ма цӕй цард раттын ӕмӕ цӕй цыдӕр! Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр, уагӕвӕрдтыл чи ӕнцайы, уыцы уарзондзинад, ага́пе, «алцӕмӕн дӕр быхсы, алцӕуыл дӕр ӕууӕнды, алцӕуыл дӕр йӕ ныфс дары, алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы». Уыцы уарзондзинадӕн «алкӕддӕр алцыдӕр бантысы» (1 Кор. 13:7, 8, фип.). Хуыцауӕй чи тӕрсы, ахӕм бинонтӕ хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, кӕрӕдзийӕн цы дзырд радтой, уый, ома, сӕ кӕрӕдзи кӕй уарздзысты ӕмӕ кӕрӕдзийыл иузӕрдион кӕй уыдзысты. Уӕд Йегъовӕйы раст уагӕвӕрдты фӕрцы сӕ бон уыдзӕн цыфӕнды зындзинӕдты сӕрты дӕр ахизын.

4, 5. а) Лӕг йӕ усӕн цавӕр сӕрыхицау хъуамӕ уа? б) Ус йӕ сӕрыхицаумӕ цавӕр цӕстӕй хъуамӕ кӕса? в) Иу хо ӕмӕ ӕфсымӕр сӕ цард куы баиу кодтой, уӕд сӕ цавӕр ивындзинӕдтӕ бахъуыди скӕнын?

4 Хуыцау лӕг ӕмӕ усыл цавӕр хӕстӕ ӕвӕры, уый тыххӕй Павел ныффыста: «Устытӕ сӕ лӕгты коммӕ кӕсӕнт, Хицауы коммӕ куыд кӕсынц, афтӕ, уымӕн ӕмӕ лӕг у усӕн йӕ сӕрыхицау, Чырысти ӕмбырды, йӕ буары, сӕр куыд у, афтӕ» (Еф. 5:22, 23). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ сылгоймаг нӕлгоймагӕй цӕмӕйдӕр ӕвзӕрдӕр у. Бинонты ’хсӕн сылгоймагӕн кадджын бынат кӕй ис, уый бӕрӕг у, Йегъовӕ цы загъта, уымӕй: «Адӕймаг иунӕг кӕй у, уый хорз нӕу. Скӕнон ын, йемӕ чи сфидауа, ахӕм ӕххуысгӕнӕг» (Райд. 2:18). Ус хъуамӕ йӕ лӕгӕн ӕххуыс кӕна, цӕмӕй йӕ бинонтӕн хорз хистӕр уа. Лӕг та хъуамӕ фӕзма Чырыстийы, «ӕмбырды... сӕры», ӕмӕ йӕ усӕн уа фӕлмӕн ӕмӕ уарзӕгой сӕрыхицау. Ахӕм сӕрыхицауимӕ ус тыхсгӕ дӕр ницӕуыл кӕндзӕн, стӕй йын ӕхсызгон уыдзӕн йӕ лӕджы нымайын, ӕххуыс ын кӕнын ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсын.

5 Адӕймаг бинонтӕ куы скӕны, уӕд ӕй йӕ царды бирӕ цыдӕртӕ бахъӕуы фӕивын. Ӕмӕ уыимӕ разы у хо Кэти 1 дӕр. Кэти зӕгъы: «Моймӕдзыд куы нӕма уыдтӕн, уӕд мӕхӕдӕг мӕхицӕн уыдтӕн хицау ӕмӕ алцӕуыл дӕр мӕхӕдӕг хъуыды кодтон. Фӕлӕ куы смой кодтон, уӕд мӕ хъуыди мӕ зондахаст фӕивын, цӕмӕй алцыдӕр мӕ сӕрыхицауы бар бакодтаин. Уый алы хатт ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ кӕй архайдтон, уый фӕрцы ныр кӕрӕдзиимӕ тынг ӕнгом стӕм». Йӕ лӕг, Фред, та зӕгъы: «Уынаффӕтӕ хӕссын мын ӕнцон никуы уыди. Бинонтӕ куы скодтон, уӕд та мын ноджы фӕзындӕр, уымӕн ӕмӕ ныр хъуамӕ нӕ дыууӕйыл дӕр хъуыды кӕнон. Фӕлӕ Йегъовӕйӕ уынаффӕ кӕй фӕкурын ӕмӕ, мӕ бинойнаг цы фӕзӕгъы, уымӕн дӕр кӕй аргъ кӕнын, уый фӕрцы мын уыцы хъуыддаг бонӕй-бонмӕ ӕнцондӕр уайы. Фидарӕй йӕ зонын, мӕ цардӕмбал алы хъуыддаджы дӕр мӕ фарс кӕй у!»

6. Бинонтӕн уарзондзинад куыд баххуыс кӕндзӕн, се ’хсӕн исты куы рауайа, уӕд?

6 Цӕмӕй бинонтӕ ӕнгом уой, уый тыххӕй хъуамӕ «кӕрӕдзийӕн барой ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕной». Лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр ӕнӕххӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ дыууӕ дӕр рӕдидзысты. Фӕлӕ сын сӕ рӕдыдтытӕ сты хорз фадат цӕуылдӕр сахуыр кӕнынӕн, кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнынӕн ӕмӕ, Библийы уагӕвӕрдтыл чи ӕнцайы, ахӕм уарзондзинад хъуыддагӕй ӕвдисынӕн. Уыцы уарзондзинады хуызӕн «ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Кол. 3:13, 14). Уымӕй уӕлдай, ахӕм уарзондзинад «бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ», ӕмӕ йын «ӕвзӕрӕй... чи цы ракодта, уыдон нӕ нымайы» (1 Кор. 13:4, 5). Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи куы нӕ бамбарой, уӕд уыцы хъуыддаг хъуамӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, тагъддӕр банывыл кӕной – цалынмӕ хур нӕ аныгуыла, уӕдмӕ (Еф. 4:26, 27). Цӕмӕй сыгъдӕгзӕрдӕйӕ зӕгъай, ныххатыр мын кӕн, дӕ зӕрдӕ дын фӕриссын кодтон, зӕгъгӕ, уый тыххӕй хъӕуы сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ лӕгдзинад. Фӕлӕ ӕнӕ уымӕй бинонты ’хсӕн фарн нӕ уыдзӕн ӕмӕ кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр нӕ кӕндзысты.

УӔЛДАЙ ТЫНГДӔР КӔД ФӔХЪӔУЫ, ЦӔМӔЙ ЛӔГ ӔМӔ УС КӔРӔДЗИИМӔ ФӔЛМӔН УОЙ?

7, 8. а) Ӕмуат ӕрцӕуыны хабары фӕдыл Библийы лӕгӕн ӕмӕ усӕн цавӕр уынаффӕтӕ ис? б) Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл фӕлмӕнӕй цӕмӕн хъуамӕ узӕлой?

7 Цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус ӕмуат ӕрцӕуыны хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕсой, уый тыххӕй сын хорз ӕххуыс сты, Библийы уый фӕдыл цы уынаффӕтӕ ис, уыдон. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 7:3–5.) Ацы хъуыддаджы сӕ уӕлдай тынгдӕр хъӕуы кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнын. Лӕг йӕ бинойнагыл фӕлмӕнӕй куы нӕ узӕла, уӕд сылгоймагӕн сӕ иумӕйаг царды ацы фӕзилӕн ӕхсызгон нӕ уыдзӕн. Библи лӕгтӕн зӕгъы, цӕмӕй сӕ «устытимӕ цӕрой, ӕмбарой сӕ, афтӕмӕй» (1 Пет. 3:7). Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн ӕмуат ӕрцӕуыны хабар хъуамӕ тыхӕй макуы уа, сӕ иу иннӕмӕй уыцы хъуыддаг домгӕ хъуамӕ ма кӕна, фӕлӕ хъуамӕ сӕ дыууӕйы дӕр фӕнда. Хабар афтӕ у, ӕмӕ, сылгоймагимӕ абаргӕйӕ, нӕлгоймаджы къаддӕр рӕстӕг фӕхъӕуы, цӕмӕй йӕ буары монцтӕ стыхджын уой. Уымӕ гӕсгӕ лӕг хъуамӕ йӕ бинойнаджы ӕнкъарӕнтыл дӕр хъуыды кӕна ӕмӕ йӕ тагъд ма кӕна.

8 Лӕг ӕмӕ ус ӕмуат куы ’рцӕуынц, уӕд кӕрӕдзийыл куыд ӕмӕ цас хъуамӕ узӕлой, уый тыххӕй Библи бӕлвырдӕй ницы зӕгъы. Фӕлӕ дзы уӕддӕр ахӕм узӕлд ӕмӕ цинты кой ис (Сол. з. 1:2; 2:6). Чырыстон бинонтӕ хъуамӕ сӕ кӕрӕдзийыл фӕлмӕнӕй узӕлой.

9. Чырыстон йӕ цардӕмбалӕй уӕлдай ӕндӕр искӕмӕ уарзон цӕстӕй кӕса, уый раст цӕуылнӕ у?

9 Адӕймаг Хуыцауы ӕмӕ иннӕты ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы уарза, уӕд никӕмӕн ӕмӕ ницӕмӕн ратдзӕн уый бар, цӕмӕй йӕ йӕ цардӕмбалӕй адард кӕна. Иуӕй-иу бинонтӕ кӕрӕдзийӕ адард сты, кӕмӕндӕрты та сӕ цард дӕр фехӕлд, сӕ иу порнографимӕ кӕсыныл кӕй бафтыд, уый тыххӕй. Уӕдӕ адӕймаджы порнографи цымыдис кӕнын куы райдайа кӕнӕ йӕ цардӕмбалӕй уӕлдай ӕндӕр искӕмӕ уарзон цӕстӕй кӕсын куы райдайа, уӕд уыцы хъуыдытӕ хъуамӕ уайтагъд бындзарӕй стона. Искӕимӕ йӕхи афтӕ куы дара, цыма йӕ зӕрдӕмӕ цӕуы,– йе та кӕмӕдӕрты афтӕ куы фӕкӕса,– уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ йӕ цардӕмбалы ӕппӕт зӕрдӕйӕ нӕ уарзы. Чырыстон йӕхи хъуамӕ афтӕ ма дара. Хуыцау нын нӕ алы хъуыды ӕмӕ нӕ алы ми дӕр уыны. Ӕмӕ уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм ӕмӕ нӕ цардӕмбалыл иузӕрдион уӕм. (Бакӕс Матфейы 5:27, 28; Дзуттӕгтӕм 4:13.)

БИНОНТЫ ЦАРДЫ МӔСЫГ КУЫ БАНКЪУЫСА

10, 11. а) Бинонтӕ куыд арӕх ахицӕн вӕййынц, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн? б) Бинонтӕ хицӕнтӕй цӕрой, уый фӕдыл Библи цы дзуры? в) Чырыстонӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй талф-тулфӕй ахӕм уынаффӕ ма рахӕсса, ӕмӕ йӕ цардӕмбалӕй хицӕнӕй цӕра?

10 Бинонтӕ ӕдзух истӕй тыххӕй куы нӕ фӕфидауынц, уӕд хатгай ахӕм хъуыдымӕ ӕрцӕуынц, ахицӕн уӕм, йе та, хицӕнтӕй цӕрӕм, зӕгъгӕ. Иуӕй-иу бӕстӕты бинонтӕн се ’мбисӕй фылдӕр ахицӕн вӕййынц. Хуыцауы адӕммӕ ацы хабар афтӕ арӕх нӕу. Фӕлӕ, хъыгагӕн, чырыстон бинонты ’хсӕн дӕр зындзинӕдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц.

11 Библи нын фӕдзӕхсы: «Ус йӕ лӕгӕй ма ацӕуӕд. Куы дзы ацӕуа, уӕд та мой мауал скӕнӕд, науӕд та фӕстӕмӕ йӕ лӕгимӕ бафидауӕд. Ӕмӕ лӕг дӕр йӕ усы ма ныууадзӕд» (1 Кор. 7:10, 11). Бинонтӕ хицӕнтӕй цӕрын райдайой, уый хуымӕтӕджы хабар нӕу. Чидӕртӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ, хицӕнтӕй куы цӕрой, уӕд сӕ зындзинӕдтӕй фервӕздзысты. Фӕлӕ сын арӕх афтӕмӕй ноджы фӕфылдӕр вӕййынц. Йесо бинонты кой куы кодта, уӕд йӕ ныхасмӕхъусджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Хуыцау афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, адӕймаг йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ныууадздзӕн ӕмӕ йӕ усимӕ баиу уыдзӕн. Ӕмӕ ма стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матф. 19:3–6; Райд. 2:24). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ лӕг ӕмӕ ус сӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ «ма ахицӕн кӕной», «Хуыцау цы баиу кодта, уый». Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй цӕрӕнбонтӕм уой иумӕ (1 Кор. 7:39). Хуыцауы раз алчидӕр дзуапп ратдзӕн, ӕмӕ бинонтӕ уый сӕ зӕрдыл куы дарой, уӕд архайдзысты, цӕмӕй-иу се ’хсӕн исты куы рауайа, уӕд-иу уайтагъд бафидауой, цалынмӕ хъуыддаг не стынг, уӕдмӕ.

12. Бинонтӕ ахӕм хъуыдымӕ цӕмӕн ӕрцӕуынц, ӕмӕ хицӕнтӕй цӕрой?

12 Иуӕй-иу бинонтӕн сӕ зындзинӕдты уидаг вӕййы, ӕгӕр бирӕ цӕмӕдӕрты кӕй фенхъӕлмӕ кӕсынц, уый. Адӕймагӕн йӕ бинонты цард, йӕхицӕн ӕй куыд сныв кодта, афтӕ куы нӕ ацӕуы, уӕд фӕфыдӕнхъӕл вӕййы, афтӕ йӕм фӕкӕсы, ӕмӕ йыл сайдӕй рацыдысты, ӕмӕ ма йӕхимӕ кӕнӕ йӕ цардӕмбалмӕ мӕсты кӕнын дӕр райдайы. Чидӕртӕ та тынг фӕхицӕн кӕнынц, куыд схъомыл сты, уымӕй кӕнӕ сӕ удыхъӕдӕй – сӕ иу йе ’нкъарӕнтӕ ӕргом февдисы, иннӕ та нӕ. Кӕмӕдӕрты та ныхас рауайы ӕхцайы тыххӕй, сӕ ног хӕстӕджыты тыххӕй кӕнӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныны тыххӕй. Фӕлӕ чырыстон бинонтӕн сӕ фылдӕр, Хуыцауы уынаффӕтӕм кӕй хъусынц, уый фӕрцы уыцы фарстаты кӕрӕдзи бамбарынц. Ӕмӕ уый тыххӕй сты раппӕлинаг.

13. Бинонтӕ хицӕнтӕй цӕрын кӕй райдайынц, уый цы уавӕрты вӕййы бамбарӕн?

13 Бинонтӕ хицӕнтӕй цӕрын кӕй райдайынц, уый иуӕй-иу хатт бамбарӕн вӕййы. Адӕймагыл йӕ бинонты раз цы хӕстӕ ис, уыдон барӕй куы не ’ххӕст кӕна, йӕ цардӕмбалы фыднад куы кӕна йе та йын йӕ уырнындзинад тӕссаг уавӕры куы ’ппара, уӕд уый, чи зоны, зӕгъа, зӕгъгӕ, ӕндӕр гӕнӕн нал ис, ӕмӕ хъуамӕ хицӕнтӕй цӕрӕм. Ахӕм зындзинӕдтыл чи ӕмбӕлы, уыцы бинонтӕ хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс бацагурой. Уыцы фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ сын бамбарын кӕндзысты, сӕ бон куыд у Хуыцауы Ныхасы фыст уынаффӕтӕй спайда кӕнын. Стӕй ма хъуамӕ Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых курой, цӕмӕй сын ӕххуыс кӕна Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайынӕн ӕмӕ, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдон ӕвдисынӕн (Гал. 5:22, 23) 2.

14. Йӕ цардӕмбал Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг кӕмӕн нӕу, уыцы чырыстӕттӕн Библийы цавӕр уынаффӕ ис?

14 Чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты сӕ цардӕмбӕлттӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕма сты. Библи ӕмбарын кӕны, ахӕм чырыстонӕн йӕ цардӕмбалимӕ баззайын хуыздӕр цӕмӕн у, уый. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 7:12–14.) Йӕ цардӕмбал Хуыцауы лӕггадгӕнӕг кӕмӕн у, ахӕм ӕнӕуырнӕг адӕймаг, ӕмбары йӕ ӕви нӕ, уӕддӕр, у «сыгъдӕгыл нымад». Кӕд сын сывӕллӕттӕ ис, уӕд уыдон дӕр сты «сыгъдӕг», ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ Хуыцау хъахъхъӕны. Павел ныффыста: «Ус, кӕцӕй йӕ зоныс, ӕмӕ дӕ лӕджы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ? Ӕмӕ йӕ ды дӕр, лӕг, цӕмӕй зоныс, ӕмӕ дӕ усы нӕ фервӕзын кӕндзынӕ?» (1 Кор. 7:16). Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм ӕмбырд нӕй, ӕмӕ дзы, йӕ цардӕмбалӕн ирвӕзындзинады фӕндагыл слӕууынӕн чи баххуыс кодта, ахӕм хо кӕнӕ ӕфсымӕр ма уа.

15, 16. а) Йӕ лӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕмӕн нӕу, ахӕм чырыстон сылгоймӕгтӕн Библийы цавӕр уынаффӕ ис? б) «Кӕд ӕнӕуырнӕджы ацӕуын фӕнды, уӕд» чырыстон куыд хъуамӕ бакӕна?

15 Апостол Петр чырыстон сылгоймӕгтӕн дзуры, зӕгъгӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут, «цӕмӕй, Хуыцауы ныхасӕн сӕ коммӕгӕс чи нӕу, уыдон ӕнӕ ныхӕстӕй уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауы фӕрцы суой коммӕгӕс, хӕдӕфсарм кӕй стут ӕмӕ сӕ кӕй нымайут, уый уынгӕйӕ». Усӕн, «Хуыцауы цӕсты тынг зынаргъ чи у, уыцы сабыр ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕд» куы уа, уӕд йӕ лӕгӕн Хуыцауы фӕндаг равзарынӕн тагъддӕр баххуыс кӕндзӕн, бон-изӕрмӕ йын рӕстдзинады тыххӕй куы дзура, уымӕй (1 Пет. 3:1–4).

16 Фӕлӕ, зӕгъӕм, чырыстонӕн йе ’нӕуырнӕг цардӕмбалы йемӕ цӕрын нал фӕнды? Библийы фыст ис: «Кӕд ӕнӕуырнӕджы ацӕуын фӕнды, уӕд ацӕуӕд – ахӕм уавӕры ӕфсымӕр кӕнӕ хо хӕсджын нӕу, ӕмӕ ӕнӕуырнӕгимӕ дарддӕр цӕра. Хуыцауы уый фӕнды, цӕмӕй иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрат» (1 Кор. 7:15). Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ахӕм уавӕры чырыстонӕн Библимӕ гӕсгӕ уыдзӕн ногӕй ус ракурын кӕнӕ смой кӕныны бар. Фӕлӕ йе ’нӕуырнӕг цардӕмбалы тыхӕй дӕр хъуамӕ ма урома. Чи зоны, хицӕнтӕй куы цӕрой, уӕд сын кӕмдӕр ӕнцондӕр уа. Ӕмӕ, рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд йе ’нӕуырнӕг цардӕмбалы, чи зоны, фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхын бафӕнда ӕмӕ ма Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дӕр райдайа.

БИНОНТӔН ӔППӔТЫ СӔЙРАГДӔР ЦЫ ХЪУАМӔ УА?

Уӕ бинонтӕн Хуыцауимӕ баст хъуыддӕгтӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр куы уой, уӕд ноджы амондджындӕр уыдзыстут (кӕс 17 абзац)

17. Бинонджын чырыстӕттӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр цы хъуамӕ уа?

17 Ныр у «фӕстаг бонты» кӕрон ӕмӕ «скодта тынг уӕззау рӕстӕг» (2 Тим. 3:1–5). Фӕлӕ Йегъовӕимӕ ӕнгом куы уӕм, уӕд нӕ бон бауыдзӕн ацы дунейы ныхмӕ фӕлӕууын. Павел фыста: «Рӕстӕг бирӕ нал баззад. Гъемӕ, устытӕ кӕмӕн ис, уыдон абонӕй фӕстӕмӕ афтӕ цӕрӕнт, цыма сын устытӕ нӕй... Ӕмӕ ацы дунейӕ чи пайда кӕны, уыдон дӕр уӕнт, цыма дзы ӕххӕстӕй нӕ пайда кӕнынц, афтӕ» (1 Кор. 7:29–31). Павелы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ бинонтӕ хъуамӕ сӕ кӕрӕдзийыл мауал хъуыды кӕной. Фӕлӕ рӕстӕг бирӕ кӕй нал баззад, уымӕ гӕсгӕ сын хъуамӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр уой Хуыцауимӕ баст хъуыддӕгтӕ (Матф. 6:33).

18. Чырыстон бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?

18 Кӕд тынг зын рӕстӕджы цӕрӕм ӕмӕ бирӕ бинонтӕн сӕ цард фехӕлы, уӕддӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ бинонтӕ амондджын уой. Бинонджын чырыстӕттӕ Йегъовӕимӕ ӕмӕ йӕ адӕмимӕ ӕнгом куы уой, Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы цӕрой ӕмӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ куы хъусой, уӕд, «Хуыцау цы баиу кодта, уый» ницы ахицӕн кӕндзӕн (Мар. 10:9).

^ 1 5 абзац: нӕмттӕ ивд сты.

^ 2 13 абзац: кӕс чиныг «Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн», уӕлӕмхасӕн «Хицӕн кӕнын ӕмӕ хицӕнӕй цӕрыны тыххӕй Библийы цы фыст ис?».