Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ йӕ хуыдта йӕ хӕлар

Йегъовӕ йӕ хуыдта йӕ хӕлар

«Ды та, Израил, ды дӕ мӕ лӕггадгӕнӕг – ды, Иаков, кӕй равзӕрстон, уый, мӕ хӕлар Авраамы байзӕддаг» (ИС. 41:8).

ЗАРДЖЫТӔ: 91, 22

1, 2. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ адӕймаг Хуыцауы хӕлар суа? б) Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕуы?

АДӔЙМАГ афтӕ конд у, ӕмӕ йӕ йӕ райгуырӕн бонӕй йӕ мӕлӕты бонмӕ фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ исчи уарза. Ӕмӕ йӕ ӕрмӕст уарзон нӕ фӕхъӕуы, фӕлӕ хӕлӕрттӕ дӕр. Ӕппӕты тынгдӕр та йӕ хъӕуы, цӕмӕй йӕ Йегъовӕ уарза. Бирӕты нӕ уырны, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ адӕймаг ӕмӕ Хуыцауы ’хсӕн уа, дыууӕ хорз ӕмбалы ’хсӕн чи вӕййы, ахӕм хӕлардзинад, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы цӕстӕй фенӕн нӕй ӕмӕ махӕй бирӕ хъомысджындӕр у. Фӕлӕ мах зонӕм, хабар ӕцӕгӕй куыд у, уый!

2 Библийӕ бӕрӕг у, ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ-иу Хуыцауы хӕлӕрттӕ кӕй систы. Ӕмӕ нын уыцы адӕм сты фӕзминаг. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау дӕ хӕлар суа, царды уымӕй ахсджиагдӕр ницы ис. Ӕркӕсӕм-ма Авраамы цӕвиттонмӕ. (Бакӕс Иаковы 2:23.) Авраам Хуыцауы хӕлар цӕй фӕрцы сси? Сӕйраджыдӕр йӕ уырнындзинады фӕрцы. Ӕмӕ Библи дӕр Авраамы, «уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр... сӕ фыд» уымӕн хоны (Ром. 4:11). Хорз уаид, ацы статья ӕвзаргӕйӕ нӕ алчидӕр куы ахъуыды кӕнид: «Мӕ бон куыд у Авраамы уырнындзинад фӕзмын ӕмӕ мын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уый фидар кӕнын?»

АВРААМ ХУЫЦАУЫ ХӔЛАР ЦӔЙ ФӔРЦЫ ССИ?

3, 4. а) Радзур, Авраамы уырнындзинад ӕппӕты тынгдӕр фӕлвӕрд кӕд ӕрцыд, уый тыххӕй. б) Авраам Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ цӕттӕ цӕмӕн уыди?

3 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, 125-аздзыд Авраам хохмӕ уӕззау цыд куыд фӕкӕны, уый 1. Йӕ фӕстӕ фӕцӕуы йӕ фырт Исахъ, цӕуы йыл 25 азы бӕрц. Исахъ фӕхӕссы сугтӕ, Авраам та – кард ӕмӕ, арт ссудзынӕн цы хъӕуы, уый. Ӕвӕццӕгӕн, Авраамы царды уыцы балцӕй уӕззаудӕр балц нӕ уыд. Фӕлӕ йын уӕззау уый тыххӕй нӕ уыд, ӕмӕ ацӕргӕ уыди – Аврааммӕ нырма бирӕ хъарутӕ уыд. Зын ын уымӕн уыд, ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта, цӕмӕй йӕ фырты нывондӕн ӕрхастаид! (Райд. 22:1–8).

4 Авраамы уырнындзинад ӕппӕты тынгдӕр, ӕвӕццӕгӕн, ацы хатт ӕрцыд фӕлвӕрд. Иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, кӕд Хуыцау Авраамӕн йӕ фырты нывондӕн хӕссын кодта, уӕд дурзӕрдӕ у. Чидӕртӕ та фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, Авраам уыцы хъуыддаг бакӕнынмӕ цӕттӕ уымӕн уыди, ӕмӕ йӕ фырты нӕ уарзта. Адӕм ахӕм ныхӕстӕ уымӕн фӕкӕнынц, ӕмӕ сӕм уырнындзинад нӕй. Стӕй нӕ зонынц, ӕцӕг уырнындзинад цы у ӕмӕ цӕмӕй бӕрӕг вӕййы, уый (1 Кор. 2:14–16). Авраамӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ йын Хуыцау цы дзырдта, уый арӕзта, хъуыды дӕр ыл нӕ кодта, афтӕмӕй. Уый Йегъовӕйы коммӕ уымӕн каст, ӕмӕ йӕм уыди ӕцӕг уырнындзинад. Стӕй зыдта, сраст кӕнӕн кӕмӕн нӕ уыдаид, ахӕм хъуыддаг ын Йегъовӕ кӕй никуы саразын кодтаид. Авраам зыдта, коммӕгӕс куы уа, уӕд ын Йегъовӕ йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбулӕн дӕр кӕй раарфӕ кӕндзӕн. Цымӕ йӕм ахӕм фидар уырнындзинад цӕй фӕрцы уыди? Цы зыдта ӕмӕ йӕ царды цы уыдта, уыдӕтты фӕрцы.

5. Авраам Йегъовӕйы тыххӕй кӕцӕй базыдтаид ӕмӕ, цы базыдта, уый йыл куыд фӕзынд?

5 Цы зыдта, уый. Авраам схъомыл горӕт Уры. Цы адӕм дзы цард, уыдон, уыимӕ йӕ фыд дӕр, куывтой мӕнг хуыцӕуттӕн (Йес. Н. 24:2). Цымӕ уӕд Авраам Йегъовӕйы тыххӕй кӕцӕй базыдта? Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй Авраам уыди Нойы фырт Симы байзӕддаг. Сим амард, Авраамыл 150 азы бӕрц куы цыди, уӕд. Сим уыди фидар уырнындзинады хицау, ӕмӕ йӕ хиуӕттӕн дӕр Йегъовӕйы тыххӕй куыннӕ дзырдтаид. Кӕд ӕй бӕлвырдӕй нӕ зонӕм, уӕддӕр Авраам Йегъовӕйы тыххӕй, ӕвӕццӕгӕн, уымӕй базыдта. Ӕмӕ цы базыдта, уый фӕрцы Хуыцауы бауарзта ӕмӕ йыл ӕууӕндын райдыдта.

6, 7. Авраам йӕ царды цы уыдта, уый фӕрцы йӕ уырнындзинад куыд фидар кодта?

6 Йӕ царды цы уыдта, уый. Авраам йӕ царды цы уыдта, уый йын куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйыл тынгдӕр ӕууӕндыдаид? Куыд фӕзӕгъынц, афтӕмӕй хъуыдытӕй райгуырынц ӕнкъарӕнтӕ, ӕнкъарӕнтӕ та ӕркӕнынц хъуыддӕгтӕм. Авраам Хуыцауы тыххӕй цы базыдта, уый фӕрцы «Иунӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕйӕн... арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕгӕн» ӕппӕт зӕрдӕйӕ аргъ кӕнын райдыдта (Райд. 14:22). Ӕмӕ Библи уыцы ӕнкъарӕн хоны «Хуыцауы тас» (Дзут. 5:7). Хуыцауы тас нӕм куы нӕ уа, уӕд Йегъовӕйы ӕввахс хӕлӕрттӕ не суыдзыстӕм (Пс. 25:14). Уыцы ӕнкъарӕн Авраамы баразӕнгард кодта хъуыддагмӕ – Йегъовӕйы коммӕ кӕсынмӕ.

7 Авраам ӕмӕ Саррӕ ацӕргӕ куы уыдысты, уӕд сын Хуыцау загъта, цӕмӕй Уры сӕ хӕдзар ныууадзой ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ ацӕуой. Уӕдӕй фӕстӕмӕ хъуамӕ цатырты цардаиккой. Кӕд Авраам ӕмбӕрста, ӕдас цард кӕй нӕ кӕндзысты, уӕддӕр йӕ фидар фӕнд уыди Йегъовӕйы коммӕ кӕсын. Ӕмӕ йын йӕ коммӕгӕсдзинады тыххӕй Хуыцау арфӕ кодта ӕмӕ йӕ хъахъхъӕдта. Зӕгъӕм, Авраам тарсти, йӕ рӕсугъд бинойнаг Саррӕйы йын кӕй байсдзысты, йӕхи та йын маргӕ кӕй акӕндзысты. Ӕмӕ уымӕй хуымӕтӕджы нӕ тарст, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы коммӕ касти. Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ дӕр ӕппынкъаддӕр дыууӕ хатты диссаджы хуызы бахъахъхъӕдта (Райд. 12:10–20; 20:2–7, 10–12, 17, 18). Уыдӕттӕ уынгӕйӕ Авраамӕн йӕ уырнындзинад куыннӕ фидар кодтаид!

8. Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй фӕрцы суыдзыстӕм, уыцы зонындзинӕдтӕ кӕм ис ссарӕн? Нӕ царды цы хъуамӕ уынӕм, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм?

8 Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ мах дӕр Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суӕм? Куыннӕ! Авраамау мах дӕр хъӕуы Йегъовӕйы тыххӕй базонын. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон у уыцы зонындзинӕдтӕ ссарын ӕмӕ нӕхи царды уынын, Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, уый. Авраамимӕ абаргӕйӕ абон мах бирӕ фылдӕр зонӕм (Дан. 12:4; Ром. 11:33). Хуыцауы Ныхас йедзаг у, «арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕджы» базонӕн кӕй фӕрцы ис, уыцы зонындзинӕдтӕй. Уыдон нын ӕххуыс кӕнынц Хуыцауы бауарзынӕн ӕмӕ йын аргъ кӕнынӕн. Ӕмӕ нӕ уыцы ӕнкъарӕнтӕ та разӕнгард кӕнынц Хуыцауы коммӕ кӕсынмӕ. Йегъовӕмӕ куы фӕхъусӕм, уӕд фӕуынӕм, куыд нӕ хъахъхъӕны ӕмӕ нын куыд арфӕ кӕны. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ йын куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нын уый ӕрхӕсдзӕн удӕнцой, фарн ӕмӕ циндзинад (Пс. 34:8; Ӕмб. 10:22). Йегъовӕйы тыххӕй цас фылдӕр базонӕм ӕмӕ йын йе ’ххуыс нӕ царды цас арӕхдӕр уынӕм, уыйас ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм.

АВРААМ ЙЕГЪОВӔЙЫ ХӔЛАР ЦӔЙ ФӔРЦЫ УЫД

9, 10. а) Цы хъӕуы, цӕмӕй хӕлардзинад фидардӕр кӕна? б) Цӕмӕй бӕрӕг у, Авраам, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад уыд, уый кӕй хъахъхъӕдта?

9 Адӕймагӕн хорз ӕмбалимӕ цы хӕлардзинад вӕййы, уый у зынаргъ хӕзнайы хуызӕн. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 17:17.) Фӕлӕ ӕрмӕстдӕр рӕсугъдӕн кӕй фӕдарынц, ахӕм зынаргъ вазӕйы хуызӕн нӕу. Абарӕн ӕй ис рӕсугъд дидинӕгимӕ – цӕмӕй дидинӕг кала, уый тыххӕй йыл хъӕуы дон кӕнын ӕмӕ йӕм зилын. Авраам дӕр уыцы хӕлардзинад хъахъхъӕдта ӕмӕ, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзта, цӕмӕй Йегъовӕйӕ ма адард уыдаид. Цымӕ куыд?

10 Авраамӕн алкӕддӕр йӕ зӕрдӕйы уыди Хуыцауы тас ӕмӕ йӕ коммӕ касти. Зӕгъӕм, йӕ бинонтӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытимӕ Ханааны куы уыд, уӕд алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы разамынд агуырдта. Исахъы райгуырдмӕ иу аз куы хъуыди, уӕд Йегъовӕ 99-аздзыд Авраамӕн загъта, цӕмӕй, йӕ хӕдзары цыдӕриддӕр нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдонӕн сунӕт скодтаид. Цымӕ Авраам Йегъовӕйы ныхӕстыл дызӕрдыг кодта кӕнӕ ӕфсӕнттӕ агуырдта, цӕмӕй йӕм ма байхъуыстаид? Нӕ! Авраам Йегъовӕйыл ӕууӕндыд ӕмӕ йын «тӕккӕ уыцы бон» йӕ ныхасмӕ байхъуыста (Райд. 17:10–14, 23).

11. Содом ӕмӕ Гоморрӕмӕ цы ӕнхъӕлмӕ касти, уый зонгӕйӕ Авраам цӕуыл тыхсти ӕмӕ йын Йегъовӕ куыд баххуыс кодта?

11 Авраам алкӕддӕр, суанг гыццыл хъуыддӕгты дӕр, Йегъовӕмӕ кӕй хъуыста, уый фӕрцы кӕрӕдзимӕ ӕввахсдӕр кодтой. Авраам ӕмбӕрста, йӕ бон кӕй у Йегъовӕимӕ цӕуылфӕнды дӕр аныхас кӕнын ӕмӕ дзы ӕххуыс ракурын, цыфӕнды зын фарста йӕ ма тыхсын кӕна, уӕддӕр. Зӕгъӕм, Йегъовӕ куы загъта, Содом ӕмӕ Гоморрӕ кӕй фесафдзӕн, уӕд Авраам стыхсти. Цӕмӕн? Уый тарсти, хорз адӕм дӕр фыдгӕнджытимӕ куы фесӕфой. Ӕвӕццӕгӕн, Авраам тыхсти, Содомы йын чи цард, уыдоныл – йе ’фсымӕры лӕппу Лотыл ӕмӕ йӕ бинонтыл. Авраам йӕ зӕрдӕ дардта Йегъовӕйыл, «ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕгыл», ӕмӕ йын сӕрныллӕгӕй йӕ сагъӕстӕ раргом кодта. Йегъовӕ дӕр йӕ хӕларӕн фӕразонӕй бамбарын кодта, фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй у ӕмӕ, тӕрхон куы фӕкӕны, суанг уӕд дӕр зӕрдӕтӕм кӕй фӕкӕсы ӕмӕ хорз адӕмы кӕй нӕ фесафы (Райд. 18:22–33).

12, 13. а) Авраам цы зыдта ӕмӕ йӕ царды цы уыдта, уый йын фӕстӕдӕр куыд баххуыс кодта? б) Авраам Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндыд, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

12 Бӕрӕг у, Авраам, Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдта ӕмӕ йӕ царды цы уыдта, уый фӕрцы Йегъовӕмӕ кӕй ӕввахсдӕр кодта. Ӕмӕ йын фӕстӕдӕр Йегъовӕ куы загъта, цӕмӕй йӕ фырты нывондӕн ӕрхӕсса, уӕд ӕм байхъуыста, уымӕн ӕмӕ зыдта, Йегъовӕ фӕразон ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, ӕууӕндӕн ыл кӕй ис, стӕй йӕ адӕмы кӕй бахъахъхъӕны. Авраам фидарӕй зыдта, уый гӕнӕн кӕй нӕй, ӕмӕ Йегъовӕ ӕвиппайды карз ӕмӕ ӕгъатыр феста! Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?

13 Авраам, йемӕ цы лӕггадгӕнджытӕ уыд, уыдонӕн загъта: «Сымах ам баззайут, хӕрӕджы дӕр ам уадзын, ӕз ӕмӕ лӕппу та уӕлӕ уырдӕм ацӕудзыстӕм, уым Хуыцауӕн бакувдзыстӕм ӕмӕ уӕм фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзыстӕм» (Райд. 22:5). Цымӕ Авраамы цы зӕгъын фӕндыд? Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ куы хъавыд, уӕд ма сын афтӕ цӕмӕн загъта, иумӕ ӕрыздӕхдзыстӕм, зӕгъгӕ? Мыййаг сӕ сайгӕ кодта? Нӕ. Библийӕ базонӕн ис, Авраам куыд хъуыды кодта, уый. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:19.) Авраам «афтӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ йӕ [Исахъы] Хуыцау мӕрдтӕй дӕр райгас кӕндзӕн». Уӕдӕ Авраам райгасдзинадыл ӕууӕндыд. Уый зыдта, Саррӕимӕ сын зӕронды бонты фырт Йегъовӕйы фӕрцы кӕй райгуырд (Дзут. 11:11, 12, 18). Авраам ӕмбӕрста, Йегъовӕйӕн йӕ бон алцыдӕр кӕй у. Уымӕ гӕсгӕ нӕ дызӕрдыг кодта, уыцы бон цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр ын Йегъовӕ йӕ зынаргъ фырты кӕй райгас кӕндзӕн, цӕмӕй йын зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр бавӕрдта, уый сӕххӕст уа. Уӕдӕ диссаг нӕу, Библийы Авраамы тыххӕй афтӕ фыст кӕй ис, зӕгъгӕ, «уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр у сӕ фыд»!

14. Дӕ лӕггады цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлыс ӕмӕ дын Авраамы цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн?

14 Абон Йегъовӕ махӕй никӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕ сывӕллоны нывондӕн ӕрхӕсса, фӕлӕ нын зӕгъы, цӕмӕй йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм. Хатгай, чи зоны, нӕ фембарӕм, цавӕрдӕр фӕдзӕхстытӕ цӕмӕн хъӕуынц кӕнӕ нӕм зынӕххӕстгӕнӕн фӕкӕсынц. Мыййаг, дӕумӕ дӕр афтӕ фӕкӕсы? Кӕмӕндӕрты зын у хъусын кӕнын. Чи зоны, ӕфсӕрмыгӕнаг сты, ӕмӕ сын зын у ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын. Чидӕртӕ та тӕрсынц, скъолайы кӕнӕ куысты иннӕтӕй куы хицӕн кӕной, уымӕй (Рац. 23:2; 1 Фес. 2:2). Мыййаг дӕм искуы афтӕ фӕкӕсы, цыма ды дӕр Авраамау хохмӕ фӕцӕуыс ӕмӕ дӕ хъӕуы, тынг зын дӕм чи кӕсы, уыцы хъуыддаг бакӕнын? Кӕд о, уӕд дын Авраамы фидар уырнындзинад ӕмӕ йӕ хъӕбатырдзинад фӕзминаг уӕнт. Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты цӕвиттонтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уӕм ӕмӕ нӕ Хӕлар Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм (Дзут. 12:1, 2).

АРФӔДЗИНӔДТӔ ЧИ ХӔССЫ, УЫЦЫ ХӔЛАРДЗИНАД

15. Цӕмӕ гӕсгӕ ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ Авраам никуы фӕфӕсмон кодта, алкӕддӕр Йегъовӕмӕ кӕй хъуыста, ууыл?

15 Цымӕ Авраам, алкӕддӕр Йегъовӕмӕ кӕй хъуыста, ууыл искуы фӕфӕсмон кодта? Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, Авраам «амард зӕрондӕй ӕмӕ цардӕфсӕстӕй» (Райд. 25:8). Кӕд ыл 175 азы цыди ӕмӕ йӕм хъарутӕ нал уыд, уӕддӕр, цы цардӕй фӕцард, уымӕй райгонд уыд. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йын царды ӕппӕты ахсджиагдӕр уыд, Йегъовӕимӕ йын цы хӕлардзинад уыди, уый. Ӕмӕ кӕд Библийы Авраамы тыххӕй афтӕ фыст ис, зӕрондӕй ӕмӕ цардӕфсӕстӕй амард, зӕгъгӕ, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ фидӕны цӕрын нал фӕндыд.

16. Авраамӕн Дзӕнӕты стыр цины хос цы уыдзӕн?

16 Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «Авраам ӕнхъӕлмӕ касти, фидар бындур кӕмӕн ис, йӕ саразӕг ӕмӕ йе скӕнӕг Хуыцау кӕмӕн у, уыцы горӕтмӕ» (Дзут. 11:10). Авраамы уырныдта, уыцы горӕт, ома Хуыцауы Паддзахад, ӕгас зӕххыл куыд хицауиуӕг кӕндзӕн, уый иубон йӕхи цӕстӕй кӕй фендзӕн. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ уыдзӕн! Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Авраам куыд цин кӕндзӕн, зӕххыл Дзӕнӕты куы цӕра ӕмӕ дарддӕр дӕр йӕ Хӕлар Йегъовӕмӕ куы ӕввахсдӕр кӕна, уӕд. Мингай азты дӕргъы йӕ фидар уырнындзинад Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн фӕзминаг кӕй уыд, уый базонын дӕр ын ӕхсызгон куыннӕ уыдзӕн! Дзӕнӕты Авраам базондзӕн, Мориайы хохыл цы нывонд хъуамӕ ӕрхастаид, уый фӕсномыгӕй стырдӕр цӕмӕдӕр кӕй амыдта (Дзут. 11:19). Йӕ фырты нывондӕн куы хъуамӕ ’рхастаид, уӕд йӕ зӕрдӕ куыд скъуыдтӕ кодта, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ милуангай адӕмӕн сӕ бон баци бамбарын, Йегъовӕ цы дудгӕ рыст бавзӕрста, йӕ Фырты нывондӕн куы радта, уӕд. Ӕмӕ Авраам уый тыххӕй куы базона, уӕд ын уый дӕр ӕхсызгон куыннӕ уыдзӕн (Иоан. 3:16). Авраамы цӕвиттоны руаджы не ’ппӕт дӕр ноджы тынгдӕр аргъ кӕнӕм, Хуыцауы уарзт ӕппӕты тынгдӕр кӕй фӕрцы рабӕрӕг, уыцы нывондӕн!

17. Дӕ фидар фӕнд цы у? Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

17 Уӕдӕ нӕ фидар фӕнд уӕд, цӕмӕй Авраамы уырнындзинад фӕзмӕм. Уыйау мах дӕр хъӕуы Йегъовӕйы тыххӕй базонын, стӕй хъуамӕ нӕхи царды уынӕм, Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, уый. Нӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр куы кӕной ӕмӕ Хуыцауы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд уындзыстӕм, куыд нын арфӕ кӕны ӕмӕ нӕ куыд хъахъхъӕны, уый. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 6:10–12.) Цӕй уӕдӕ Йегъовӕ ӕнустӕм нӕ Хӕлар уӕд! Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, Хуыцауы ӕввахс хӕлар чи сси, ноджыдӕр ма ӕртӕ ахӕм адӕймаджы тыххӕй.

^ 1 3 абзац: Авраам ӕмӕ Саррӕ фыццаг хуындысты Аврам ӕмӕ Сарӕ, фӕлӕ сӕ ацы статьяйы хондзыстӕм, фӕстӕдӕр сӕ Йегъовӕ куыд схуыдта, афтӕ.