Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйыл иузӕрдион у

Йегъовӕйыл иузӕрдион у

«Йегъовӕ ӕвдисӕн уӕд ӕнустӕм мӕн ӕмӕ де ’хсӕн ӕмӕ мӕ байзӕддӕгты ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты ’хсӕн» (1 САМ. 20:42).

ЗАРДЖЫТӔ: 125, 62

1, 2. Ионафан Давиды ӕввахс ӕмбал кӕй сси ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй уыд, уый диссаг цӕмӕн у?

ИОНАФАНЫ, ӕвӕццӕгӕн, дисы бафтыдта, ӕрыгон Давид куыд хъӕбатыр уыди, уый. Давид амардта богал Голиафы ӕмӕ уыцы «филистимаджы сӕр» Ионафаны фыдмӕ, Израилы паддзах Саулмӕ, ӕрбахаста (1 Сам. 17:57). Ионафан нӕ дызӕрдыг кодта, Хуыцау Давидимӕ кӕй ис, ууыл, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Ионафан ӕмӕ Давид систы тынг ӕввахс ӕмбӕлттӕ. Уыдон ныхас радтой, кӕрӕдзийыл алкӕддӕр иузӕрдион кӕй уыдзысты (1 Сам. 18:1–3). Гъемӕ цӕрӕнбонты Ионафан Давидыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта.

2 Йегъовӕ Израилы ног паддзахӕй Ионафаны нӕ, фӕлӕ Давиды куы равзӕрста, уӕд дӕр ӕм Ионафан уазал зӕрдӕ дарын нӕ райдыдта. Ӕмӕ Саул Давиды амарыныл куы архайдта, уӕд Ионафан йе ’мбалӕн ӕххуыс кодта. Уый зыдта, Давид Хорешмӕ ӕввахс ӕдзӕрӕг быдыры кӕй ӕмбӕхсы, гъемӕ йӕм уырдӕм араст, цӕмӕй йӕ «Хуыцауы ныфсӕй бафидар кодтаид». Ионафан ын загъта: «Ма тӕрс, мӕ фыд Саулы къухмӕ нӕ бахаудзынӕ. Ды уыдзынӕ Израилы паддзах, ӕз та уыдзынӕн дӕ фӕстӕ дыккаг лӕг» (1 Сам. 23:16, 17).

3. Ионафанӕн йӕ царды алцӕмӕй ахсджиагдӕр цы уыди ӕмӕ уый кӕцӕй зонӕм? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

3 Йе ’мбалыл иузӕрдион чи у, ахӕм адӕймагӕн кӕмфӕнды дӕр стыр аргъ ис. Фӕлӕ цымӕ Ионафанӕн, Давидыл иузӕрдион кӕй уыд, ӕрмӕст уый тыххӕй аргъ кӕнӕм? Нӕ. Ионафанӕн йӕ царды, Йегъовӕйыл иузӕрдион уа, уымӕй ахсджиагдӕр ницы уыд. Ӕмӕ Давидыл дӕр иузӕрдион уымӕн уыд, стӕй йӕм знаджы цӕстӕй кӕсын дӕр уымӕн нӕ райдыдта, кӕд Давид йӕ бӕсты хъуамӕ паддзах суыдаид, уӕддӕр. Ионафан ма Давидӕн ӕххуыс дӕр кодта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дардтаид. Сӕ дыууӕ дӕр иузӕрдион уыдысты Йегъовӕйыл дӕр ӕмӕ кӕрӕдзийыл дӕр. Уыдон цардысты, кӕрӕдзийӕн цы дзырд радтой, уымӕ гӕсгӕ: «Йегъовӕ ӕвдисӕн уӕд ӕнустӕм мӕн ӕмӕ де ’хсӕн ӕмӕ мӕ байзӕддӕгты ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты ’хсӕн» (1 Сам. 20:42).

4. а) Нӕ цардӕй райгонд кӕд уыдзыстӕм? б) Ацы статьяйӕ цы базондзыстӕм?

4 Мах дӕр хъуамӕ иузӕрдион уӕм нӕ бинонтыл, не ’мбӕлттыл ӕмӕ нын ӕмбырды цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдоныл (1 Фес. 2:10, 11). Фӕлӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр у, цӕмӕй иузӕрдион уӕм Йегъовӕйыл. Уый у нӕ Царддӕттӕг! (Рарг. 4:11). Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын ӕмӕ нӕ цардӕй райгонд. Ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион хъуамӕ уӕм суанг уӕззау фӕлварӕнты рӕстӕг дӕр. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, Ионафаны цӕвиттон нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм ацы цыппар уавӕры: 1) бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны кады аккагыл куы нӕ нымайӕм, 2) иузӕрдион кӕуыл уыдзыстӕм, уый равзарын нӕ куы хъӕуа, 3) ӕмбырды разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕй нӕ исчи раст куы нӕ бамбара ӕмӕ 4) цы дзырд радтам, уый сӕххӕст кӕнын нын зын куы уа.

БАРТӔ КӔМӔ ИС, УЫДОНЫ КАДЫ АККАГЫЛ КУЫ НӔ НЫМАЙӔМ

5. Паддзах Саулы рӕстӕг израилӕгтӕн зын цӕмӕн уыд, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаиккой?

5 Ионафан ӕмӕ израилӕгтӕ уыдысты тынг зын уавӕры. Ионафаны фыд, паддзах Саул, Йегъовӕмӕ нал хъуыста ӕмӕ йыл Йегъовӕ дӕр йӕ къух систа (1 Сам. 15:17–23). Фӕлӕ уӕддӕр бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕ Саулӕн уый бар лӕвӕрдта, цӕмӕй паддзах уыдаид. Уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн зын уыди, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаиккой, уымӕн ӕмӕ сӕ паддзах, «Йегъовӕйы паддзахбадӕныл» чи бадт, уый, арӕзта бирӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ (1 Аз. 29:23).

6. Ионафан Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыд, уый кӕцӕй зонӕм?

6 Кӕд Саул Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ сивта, уӕддӕр йӕ фырт Ионафан Хуыцауыл иузӕрдион уыд (1 Сам. 13:13, 14). Уыцы рӕстӕг Израилы ныхмӕ рацыд стыр филистимаг ӕфсад – 30 000 хӕстон бӕхуӕрдоны. Саулимӕ та 600 хӕстон лӕджы йеддӕмӕ нӕ уыд, ӕмӕ хӕцӕнгарз та уыд ӕрмӕстдӕр йӕхимӕ ӕмӕ Ионафанмӕ. Фӕлӕ Ионафан нӕ фӕтарст. Уый йӕ зӕрдыл дардта пехуымпар Самуилы ныхӕстӕ: «Йегъовӕ йӕ адӕмы нӕ ныууадздзӕн йе стыр номы тыххӕй» (1 Сам. 12:22). Ионафан хӕстон лӕгтӕн загъта: «Йегъовӕйӕн бирӕ адӕмы фӕрцы дӕр йӕ бон у фервӕзын кӕнын ӕмӕ гыццыл адӕмы фӕрцы дӕр». Гъемӕ йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕгимӕ иумӕ сӕхи филистимӕгты къордыл ныццавтой ӕмӕ дзы 20 лӕджы бӕрц амардтой. Уый фӕстӕ «зӕхх нынкъуысыд, ӕмӕ Хуыцау [знӕгты] се ’ппӕты дӕр тас бауагъта». Филистимӕгтӕ сӕмтъеры сты ӕмӕ кӕрӕдзи цӕгъдын райдыдтой. Афтӕмӕй Ионафаны уырнындзинады фӕрцы израилӕгтӕ фӕуӕлахиз сты (1 Сам. 13:5, 15, 22; 14:1, 2, 6, 14, 15, 20).

7. Ионафан йӕ фыдмӕ цы зӕрдӕ дардта?

7 Кӕд Саул Йегъовӕйӕ дарддӕрӕй-дарддӕр кодта, уӕддӕр Ионафан архайдта, цӕмӕй, гӕнӕн кӕм уыд, уым йӕ фыдӕн коммӕгӕс уыдаид. Зӕгъӕм, йемӕ иумӕ тох кодта Йегъовӕйы адӕмы сӕрыл (1 Сам. 31:1, 2).

8, 9. Бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн цӕмӕн хъуамӕ кад кӕнӕм?

8 Махӕн дӕр нӕ бон у Ионафаны бафӕзмын ӕмӕ, гӕнӕн кӕм уа, уым, нӕ бӕстӕйы хицауады коммӕ кӕсын. Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй ныл хицӕутты бар цӕуа, ӕмӕ нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй сӕ нымайӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 13:1, 2.) Кӕд хицӕуттӕй чидӕр раст нӕ фӕархайы, зӕгъӕм, гӕртӕмттӕ фӕисы, уӕддӕр ӕй хъуамӕ нымайӕм, кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый аккаг нӕу, уӕддӕр. Уӕдӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны коммӕ куы кӕсӕм, уӕд, ӕнӕуи хицӕуттӕ уой, бинонты хистӕртӕ ӕви, ӕмбырды разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕ (1 Кор. 11:3; Дзут. 13:17).

Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, нӕ цардӕмбалӕн, Йегъовӕйӕн куы нӕ лӕггад кӕна, уӕддӕр, куы кад кӕнӕм, уӕд (кӕс 9 абзац)

9 Хуссар Америкӕйӕ иу хо, Олгӕ 1, зӕгъгӕ, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй у, уый равдыста, йӕ сӕрыхицауы кӕй нымадта, уымӕй, кӕд ын маст кодта, уӕддӕр. Олгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у, уый тыххӕй-иу ӕм хатгай йӕ цардӕмбал нӕ дзырдта кӕнӕ та-иу ын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкодта. Суанг ма-иу ӕм ӕртхъирӕн дӕр кодта, ныууадздзынӕн дӕ ӕмӕ сывӕллӕтты мемӕ акӕндзынӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Олгӕ ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй нӕ фыста. Йӕ бон цы уыд, уый арӕзта, цӕмӕй йӕ сӕрыхицауӕн хорз бинойнаг уыдаид. Хӕринаг ын арӕзта, йӕ дзаумӕттӕ йын ӕхсадта ӕмӕ бинонтӕм хорз зылди (Ром. 12:17). Йӕ бон-иу куы уыди, уӕд-иу лӕгӕн йӕ хиуӕтты ӕмӕ йе ’мбӕлтты иумӕ бабӕрӕг кодтой. Зӕгъӕм, йӕ лӕджы фыд куы фӕзиан, уӕд алцыдӕр срӕвдз кодта, цӕмӕй, цы горӕты цард, уырдӕм ацыдаиккой. Зианы рӕстӕг йӕ сӕрыхицаумӕ аргъуаны ӕдде банхъӕлмӕ каст. Бирӕ азты дӕргъы Олгӕ ахӕм фӕразон кӕй уыд ӕмӕ йӕ лӕджы кӕй нымадта, уый фӕрцы йӕм уый дӕр фӕфӕлмӕндӕр. Ныр ын йӕ сӕрыхицау йӕхӕдӕг фӕзӕгъы, цӕмӕй ӕмбырдтӕм цӕуа ӕмӕ йӕ Паддзахады залмӕ дӕр баласы. Хатгай та йемӕ ӕмбырдмӕ дӕр бацӕуы (1 Пет. 3:1).

ИУЗӔРДИОН КӔУЫЛ УЫДЗЫСТӔМ, УЫЙ РАВЗАРЫН НӔ КУЫ ХЪӔУА

10. Ионафан цӕмӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кодта, иузӕрдион кӕуыл уыдзӕн, уый?

10 Саул Давиды амарын куы сфӕнд кодта, уӕд Ионафан уӕззау уавӕры бахауд – иуӕй Давидимӕ бадзырд скодта, иннӕмӕй та хъуамӕ йӕ фыды коммӕ кастаид. Фӕлӕ Ионафан зыдта, Хуыцау Саулимӕ нӕ, фӕлӕ Давидимӕ кӕй ис. Гъемӕ аскъуыддзаг кодта, Давидыл иузӕрдион кӕй уыдзӕн. Ионафан Давиды бафӕдзӕхста, цӕмӕй бамбӕхстаид ӕмӕ стӕй Саулӕн Давиды хорзы кой кӕнын райдыдта. (Бакӕс 1 Самуилы 19:1–6.)

11, 12. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йыл иузӕрдион уӕм?

11 Хо Элис у Австралийӕ ӕмӕ уый дӕр хъуыди аскъуыддзаг кӕнын, иузӕрдион кӕуыл уыдзӕн, уый. Библи куы ахуыр кодта, уӕд-иу йӕ бинонтӕн радзырдта, цы базыдта, уый тыххӕй. Стӕй ма сын загъта, Рождество кӕй нал бӕрӕг кӕндзӕн ӕмӕ цӕуылнӕ, уый дӕр сын бамбарын кодта. Фыццаг рӕстӕг уый йӕ бинонты зӕрдӕмӕ нӕ цыд, фӕлӕ йӕм фӕстӕдӕр мӕсты кӕнын дӕр райдыдтой. Афтӕ сӕм касти, ӕмӕ сӕ Элис ӕппындӕр ницӕмӕуал дары. Гъемӕ йын иубон йӕ мад загъта, дӕхи дӕр мӕм мауал ӕвдис, зӕгъгӕ. Элис радзырдта: «Уыцы ныхӕстӕй мын мӕ зӕрдӕ скъахта, уымӕн ӕмӕ мӕ бинонты тынг уарзтон. Фӕлӕ уӕддӕр мӕхицӕн загътон, Йегъовӕ ӕмӕ мын Йесо фыццаг бынаты кӕй уыдзысты, ӕмӕ, гыццыл фӕстӕдӕр цы районон конгресс уыд, уым донаргъуыд райстон» (Матф. 10:37).

12 Къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд тӕссаг уыдзӕн, цавӕрдӕр спортивон командӕ, скъола кӕнӕ нын нӕ бӕстӕ Хуыцауӕй ахсджиагдӕр куы суой. Зӕгъӕм, Генри тынг уарзта шахмӕттӕй хъазын. Се скъола-иу алы хатт дӕр ерысты рамбылдта, ӕмӕ Генрийы фӕндыд, цӕмӕй уыцы ном ма фӕчъизи кодтаид. Фӕлӕ алы сабат-хуыцаубон дӕр шахмӕттӕй кӕй хъазыд, уый тыххӕй йын уацамындӕн ӕмӕ ӕмбырдтӕн фаг рӕстӕг нал уыд. Генри куыд загъта, афтӕмӕй йын скъола Хуыцауӕй зынаргъдӕр сси. Гъемӕ аскъуыддзаг кодта, йе скъолайы командӕйы кӕй нал хъаздзӕн (Матф. 6:33).

13. Бинонты ’хсӕн нын зындзинӕдтӕ куы уа, уӕд нын раст архайынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

13 Хатгай адӕймагӕн зын вӕййы, йӕ бинонтӕй алкӕуылдӕр иузӕрдион уа, уый. Зӕгъӕм, ӕфсымӕр Кен радзырдта: «Мӕн фӕндыд, цӕмӕй мӕ ацӕргӕ мады арӕх бӕрӕг кодтаин ӕмӕ-иу цӕмӕй махмӕ дӕр баззадаид. Фӕлӕ мӕ мад ӕмӕ мӕ бинойнаг нӕ фидыдтой. Фыццаг рӕстӕг, куыд бакодтаин, уый нӕ зыдтон, уымӕн ӕмӕ сӕ иуӕн йӕ зӕрдӕ куы балхӕдтаин, уӕд иннӕйы фӕхъыг кодтаин». Кен лӕмбынӕг ахъуыды кодта, Библи цы дзуры, ууыл, ӕмӕ бамбӕрста, ахӕм уавӕры фыццаджыдӕр йӕ бинойнаджы зӕрдӕ ссарыныл кӕй хъуамӕ архайа ӕмӕ ууыл кӕй хъуамӕ уа иузӕрдион. Гъемӕ уыцы хъуыддаджы фӕдыл рахаста, йӕ бинойнаг ӕхсызгонӕй кӕуыл сразы уыдаид, ахӕм уынаффӕ. Стӕй ма йын бамбарын кодта, йӕ мадимӕ йын фӕлмӕндӕр цӕмӕн хъуамӕ уа, уый, ӕмӕ йӕ мадӕн та бамбарын кодта, йӕ бинойнагӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕна, уый. (Бакӕс Райдиан 2:24; 1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5.)

ИСЧИ НӔ РАСТ КУЫ НӔ БАМБАРА

14. Ионафан Давиды ӕмбал кӕй уыд, уый тыххӕй йӕм Саул цавӕр зӕрдӕ дардта?

14 Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй стӕм, уый равдисын ма нӕ бон у, разамынд чи дӕтты, ахӕм ӕфсымӕр нӕ раст куы нӕ бамбара, уӕд дӕр. Саул, Хуыцауы ӕвӕрд паддзах, зыдта, йӕ фырт Давиды ӕмбал кӕй у, фӕлӕ цӕмӕн, уый не ’мбӕрста. Ӕмӕ Ионафаны Давидӕн баххуыс кӕнын куы фӕндыд, уӕд Саул мӕстӕй рафыхт ӕмӕ йӕ фырты бирӕ адӕмы раз бафхӕрдта. Фӕлӕ Ионафан уӕддӕр йӕ фыдӕн кад кодта. Стӕй уыцы иу рӕстӕг иузӕрдион уыд Йегъовӕйыл дӕр ӕмӕ Давидыл дӕр, Хуыцау Израилы ног паддзахӕй кӕй равзӕрста, ууыл (1 Сам. 20:30–41).

15. Ӕфсымӕртӕй нӕ исчи раст куы нӕ бамбара, уӕд нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм?

15 Абон не ’мбырдты разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕ архайынц, цӕмӕй макӕй хъулон кӕной. Фӕлӕ уыцы ӕфсымӕртӕ ӕнӕххӕст сты. Уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, раст ма бамбарой, мах цыдӕр цӕмӕн сарӕзтам, уый (1 Сам. 1:13–17). Уӕдӕ нӕ исчи раст куы нӕ бамбара, уӕд дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдзыстӕм.

ЦЫ ДЗЫРД РАДТАМ, УЫЙ СӔХХӔСТ КӔНЫН НЫН ЗЫН КУЫ УА

16. Нӕ бон цавӕр хъуыддӕгты у равдисын, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стӕм ӕмӕ нӕхиуыл кӕй нӕ хъуыды кӕнӕм?

16 Саулы фӕндыд, цӕмӕй Давиды бӕсты йӕ фӕстӕ паддзах Ионафан суыдаид (1 Сам. 20:31). Фӕлӕ Ионафан Йегъовӕйы уарзта ӕмӕ йыл иузӕрдион уыд. Уый йӕхиуыл нӕ хъуыды кодта. Ионафан сси Давиды ӕмбал ӕмӕ йын цы дзырд радта, ууыл фидар хӕцыд. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уый, «йӕ сомыйӕ йӕхицӕн зиан куы уа, уӕд дӕр йӕ ныхас нӕ аивдзӕн» (Пс. 15:4). Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ-иу, цы дзырд раттӕм, уый ӕххӕст кӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, куысты фӕдыл цӕуыл баныхас кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ архайдзыстӕм, уыцы хъуыддаг нын зын бакӕнӕн куы суа, суанг уӕд дӕр. Стӕй нын бинонты царды исты зындзинӕдтӕ куы фӕзына, уӕд дӕр нӕ цардӕмбалыл иузӕрдион уыдзыстӕм, ӕмӕ уымӕй равдисдзыстӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм. (Бакӕс Малахийы 2:13–16.)

Куысты фӕдыл цӕуыл баныхас кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ фӕархайӕм, уымӕн ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион стӕм (кӕс 16 абзац)

17. Ацы статья дын куыд баххуыс кодта?

17 Мах дӕр фӕнды, цӕмӕй Ионафаны хуызӕн уӕм – Хуыцауыл иузӕрдион уӕм ӕмӕ нӕхиуыл ма хъуыды кӕнӕм. Уӕдӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртыл иузӕрдион уӕм, раст нӕ куы нӕ бамбарой, суанг уӕд дӕр. Стӕй зын уавӕрты дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм. Афтӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм, ӕмӕ уый фӕрцы та нӕхӕдӕг дӕр амондджын уыдзыстӕм (Ӕмб. 27:11). Мах фидарӕй ӕууӕндӕм, Йегъовӕ алкӕддӕр кӕй араздзӕн, махӕн ӕппӕты хуыздӕр цы у, уый ӕмӕ ныл кӕй тыхсдзӕн. Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Давиды рӕстӕджы Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд ӕмӕ чи нӕ уыд, уыдонӕй иуӕй-иуты цӕвиттонтӕм ӕмӕ базондзыстӕм, зондӕн райсӕн сӕ цы ис, уый.

^ 1 9 абзац: иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.