Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй ахуыр кӕн

Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй ахуыр кӕн

«Иузӕрдион дыл чи у, ууыл ды дӕр уыдзынӕ иузӕрдион» (ПС. 18:25).

ЗАРДЖЫТӔ: 63, 43

1, 2. Давид куыд равдыста, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыд, уый? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

САУЛ ӕмӕ ма йемӕ 3 000 ӕфсӕддоны Иудӕйы ӕдзӕрӕг быдыры Давиды фӕдыл зылдысты, цӕмӕй йӕ амардтаиккой. Фӕлӕ иу ӕхсӕв Давид ӕмӕ, йемӕ чи уыд, уыцы адӕм базыдтой, Саул ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕ кӕм ӕрлӕууыдысты, уый. Саул ӕмӕ йӕ адӕм фынӕй куы уыдысты, уӕд Давид ӕмӕ Авессӕ Саулмӕ сусӕгӕй бахъуызыдысты. Авессӕ Давидӕн йӕ хъусы бадзырдта: «Бауадз мӕ, ӕмӕ йӕ [Саулы] арцӕй иу цӕфӕн зӕхмӕ ныххуыйон, ӕмӕ мӕ дыккаг цӕф нал бахъӕудзӕн». Фӕлӕ йӕ Давид нӕ бауагъта ӕмӕ йын загъта: «Мацы йын бакӕн. Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕгмӕ йӕ къух чи сиса, уый ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзӕн?» Стӕй ма Давид загъта: «Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддаг ӕз нӕ бакӕндзынӕн, Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕгмӕ мӕ къух нӕ сисдзынӕн!» (1 Сам. 26:8–12).

2 Давид ӕмбӕрста, Йегъовӕйыл иузӕрдион уай, уымӕ цы хауы, уый. Зыдта, Саулӕн кӕй хъуамӕ кад кӕна, ӕмӕ йын исты фыдбылыз сараза, ууыл хъуыды дӕр никуы кодта. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Саулы Израилы паддзахӕй Хуыцау сӕвӕрдта. Раджы заманты куыд уыд, афтӕ ныр дӕр Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йыл йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр иузӕрдион уой ӕмӕ кад кӕной, бартӕ кӕмӕн радта, уыдонӕн. (Бакӕс Псалом 18:25.)

3. Авессӕ Давидыл иузӕрдион кӕй уыд, уый куыд равдыста?

3 Авессӕ Давидӕн кад кодта, уымӕн ӕмӕ зыдта, Хуыцау Давиды кӕй равзӕрста, цӕмӕй паддзах суыдаид. Фӕлӕ Давид паддзах куы сси, уый фӕстӕ стыр тӕригъӕд сарӕзта – Урийы бинойнагимӕ ӕмуат ӕрцыд, стӕй Авессӕйы ӕфсымӕр Иоавӕн загъта, цӕмӕй афтӕ бакодтаид, ӕмӕ Урийы тохы быдыры амардтаиккой (2 Сам. 11:2–4, 14, 15; 1 Аз. 2:16). Ӕвӕццӕгӕн, Авессӕ базыдта, Давид цы сарӕзта, уый тыххӕй, фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы ’взӕрст паддзахӕн кад кодта. Уымӕй уӕлдай ма Авессӕ ӕфсады хицау уыд ӕмӕ йӕ бон уыди йӕ бартӕй спайда кӕнын, ӕмӕ паддзахы бынат бацахсын. Фӕлӕ уый афтӕ нӕ бакодта. Авессӕ Давидӕн лӕггад кодта ӕмӕ йӕ йе знӕгтӕй хъахъхъӕдта (2 Сам. 10:10; 20:6; 21:15–17).

4. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Давид Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыд? б) Ацы статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

4 Давид цӕрӕнбонты Йегъовӕйыл иузӕрдион уыди. Ӕрыгон ма куы уыд, уӕд Йегъовӕ ӕмӕ Израилы ном бахъахъхъӕныны тыххӕй филистимаг богал Голиафы амардта (1 Сам. 17:23, 26, 48–51). Паддзах куы сси ӕмӕ тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд ӕм Йегъовӕйы пехуымпар Нафан бацыд, цӕмӕй йын бауайдзӕф кодтаид. Ӕмӕ Давид йӕ тӕригъӕдыл басаст ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта (2 Сам. 12:1–5, 13). Давид куы базӕронд, уӕд бирӕ цыдӕртӕ радта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн кувӕндон арӕзт ӕрцыдаид (1 Аз. 29:1–5). Уӕдӕ кӕд Давид уӕззау тӕригъӕдтӕ сарӕзта, уӕддӕр Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ никуы сивта (Пс. 51:4, 10; 86:2). Ацы статьяйы ныхас цӕудзӕн Давиды ӕмӕ, йӕ рӕстӕджы чи цард, уыдоны цӕвиттонтыл. Базондзыстӕм, фыццаджыдӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм, уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн. Аныхас ма кӕндзыстӕм, уыцы хъуыддаджы нӕ ӕнӕмӕнг чи хъӕуы, уыцы миниуджытыл дӕр.

ИУЗӔРДИОН ФЫЦЦАДЖЫДӔР КӔУЫЛ ХЪУАМӔ УАЙ?

5. Авессӕйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

5 Авессӕ Саулы марынмӕ куы хъавыд, уӕд рабӕрӕг, иузӕрдион фыццаджыдӕр кӕуыл хъуамӕ уа, уый раст кӕй не ’мбары. Фӕлӕ Давид зыдта, «Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕгӕн» ӕвзӕрдзинад саразын кӕй не ’мбӕлы, ӕмӕ йӕ паддзахы амарын нӕ бауагъта (1 Сам. 26:8–11). Уыцы хабарӕй ахуыр кӕнӕм иу ахсджиаг хъуыддагыл: иузӕрдион фыццаджыдӕр кӕуыл уыдзыстӕм, уый аскъуыддзаг кӕнын нӕ куы хъӕуа, уӕд хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, нӕ уавӕры нын Библийӕ кӕцы уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, ууыл.

6. Иузӕрдион кӕуыл хъуамӕ уӕм, уыцы хъуыддаджы фӕрӕдийын ӕнцон цӕмӕн у?

6 Адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ иузӕрдион вӕййы, кӕй уарзы, ууыл, зӕгъӕм, йе ’мбалыл кӕнӕ йӕ бинонтӕй искӕуыл. Фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ хатгай нӕ зӕрдӕ фӕсайы (Йер. 17:9). Уымӕ гӕсгӕ, кӕй уарзӕм, уыдонӕй исчи исты ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ куы араза кӕнӕ рӕстдзинад куы ныууадза, уӕд хъуамӕ ма рох кӕнӕм, фыццаджыдӕр Йегъовӕйыл кӕй хъуамӕ уӕм иузӕрдион. (Бакӕс Матфейы 22:37.)

7. Иу хо зын уавӕры куыд равдыста, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй у, уый?

7 Кӕд дӕ бинонтӕй искӕй ӕмбырдӕй ацух кодтой, уӕд дӕ бон у равдисын, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй дӕ. Зӕгъӕм, нӕ хо Эннӕн 1 йӕ мады ӕмбырдӕй ацух кодтой, ӕмӕ йӕм иубон йӕ мад телефонӕй бадзырдта. Йӕ мады фӕндыд, цӕмӕй Эннмӕ ӕрбацыдаид, уымӕн ӕмӕ йын тынг зын уыди, йӕ бинонтӕ йемӕ кӕй нӕ дзырдтой, уый тыххӕй. Энны зӕрдӕ йыл фӕрыст ӕмӕ йын загъта, писмо йӕм кӕй ныффысдзӕн. Писмо ныффыссыны размӕ Энн ахъуыды кодта Библийы уагӕвӕрдтыл (1 Кор. 5:11; 2 Иоан. 9–11). Писмойы Энн йӕ мадӕн фӕлмӕнӕй йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, тӕригъӕд кӕй сарӕзта ӕмӕ, кӕй не ’рфӕсмон кодта, уый тыххӕй йӕхӕдӕг йӕхи йӕ бинонтӕй кӕй фӕхицӕн кодта. Ӕмӕ йын бамбарын кодта, цӕмӕй та ногӕй амондджын уа, уымӕн ӕрмӕстдӕр иу мадзал кӕй ис – фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхын (Иак. 4:8).

8. Цавӕр миниуджытӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уӕм?

8 Давиды рӕстӕджы Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ уыдысты сӕрныллӕг, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ хъӕбатыр. Ӕркӕсӕм-ма, уыцы миниуджытӕ махӕн куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм.

ХЪУАМӔ СӔРНЫЛЛӔГ УӔМ

9. Авениры Давиды амарын цӕмӕн фӕндыд?

9 Саулы фырт Ионафан дӕр ӕмӕ Израилы ӕфсады хистӕр Авенир дӕр федтой, Давид паддзах Саулӕн Голиафы сӕр куыд ӕрбахаста, уый. Ионафан сси Давиды ӕмбал ӕмӕ йыл уыди иузӕрдион (1 Сам. 17:57–18:3). Фӕлӕ Авенирӕй уый зӕгъӕн нӕ уыд. Фӕстӕдӕр ма Саулӕн Давиды амарынӕн дӕр ӕххуыс кодта (Пс. 54:3; 1 Сам. 26:1–5). Ионафан дӕр ӕмӕ Авенир дӕр зыдтой, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй Саулы фӕстӕ Израилы паддзах Давид уа. Фӕлӕ Саул куы амард, уӕд Авенир Давиды фарсмӕ нӕ балӕууыд. Уый архайдта, цӕмӕй паддзах суыдаид Саулы фырт Йевосфей. Фӕстӕдӕр та Авениры, ӕвӕццӕгӕн, бафӕндыд, цӕмӕй йӕхӕдӕг суыдаид паддзах ӕмӕ паддзах Саулы номылустытӕй иуимӕ ӕмуат дӕр уымӕн ӕрцыдаид (2 Сам. 2:8–10; 3:6–11). Ионафан ӕмӕ Авенир Давидмӕ цы зӕрдӕ дардтой, уый афтӕ тынг цӕмӕн хицӕн кодта? Уымӕн ӕмӕ Ионафан уыди сӕрныллӕг ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион, Авенир та – нӕ.

10. Авессалом Хуыцауыл иузӕрдион цӕуылнӕ уыд?

10 Давиды фырт Авессалом Хуыцауыл иузӕрдион нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йӕм сӕрныллӕгдзинад нӕ уыди. Уый фӕндыд паддзахы бынат бацахсын, ӕмӕ уый тыххӕй «йӕхицӕн самал кодта бӕхуӕрдон ӕмӕ бӕхтӕ, стӕй ма фӕндзай адӕймаджы дӕр, йӕ разӕй чи згъордтаид, ахӕмтӕ» (2 Сам. 15:1). Стӕй ма израилӕгтӕй дӕр бирӕты йӕхирдӕм фӕкодта. Суанг ма йӕ фыды амарынмӕ дӕр хъавыд, кӕд ӕй зыдта, Давиды паддзахӕй Йегъовӕ кӕй сӕвӕрдта, уӕддӕр (2 Сам. 15:13, 14; 17:1–4).

11. Авенир, Авессалом ӕмӕ Варухы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

11 Адӕймаг сӕрныллӕг куы нӕ вӕййы кӕнӕ фылдӕр бартӕм бӕллын куы райдайы, уӕд ын зын вӕййы, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайа. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах Йегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй Авенир ӕмӕ Авессаломау хиуарзон ӕмӕ фыдзӕрдӕ уӕм. Фӕлӕ хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй бирӕ ӕхцамӕ кӕнӕ, нӕхицӕн стыр ном кӕм скӕндзыстӕм, ахӕм куыстмӕ бӕллын ма райдайӕм. Уӕд тӕссаг уыдзӕн, Йегъовӕйӕ куы адард уӕм, уымӕй. Иуафон Йеремийы писыр Варух дӕр фылдӕр цӕмӕдӕр бабӕллыд ӕмӕ, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кодта, уый йын цины хос нал уыд. Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ӕз, цы сарӕзтон, уый пырх кӕнын, цы ныссагътон, уый бындзарӕй тонын, ӕмӕ афтӕ – ӕппӕт ацы бӕстӕйы дӕр. Ды та ӕгӕр бирӕ цыдӕртӕ домыс дӕхицӕн. Ма дом» (Йер. 45:4, 5). Ӕмӕ Варух Йегъовӕйы ныхасмӕ байхъуыста. Уӕдӕ йӕм мах дӕр хъуамӕ хъусӕм, уымӕн ӕмӕ тагъд ацы фыддунейӕн кӕрон скӕндзӕн.

12. Бамбарын кӕн, уый гӕнӕн цӕуылнӕ ис, цӕмӕй хиуарзон дӕр уӕм ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион дӕр.

12 Мексикӕйӕ иу ӕфсымӕр Даньелы хъуыди равзарын, иузӕрдион кӕуыл уыдзӕн, уый. Фӕндыд ӕй, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, ахӕм чызджы ракурын. Даньель загъта: «Пионерӕй лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕд дӕр ма йӕм писмотӕ фыстон». Фӕлӕ стӕй бамбӕрста, йӕ хиуарзон фӕндты фӕдыл кӕй цӕуы. Даньель Йегъовӕйыл иузӕрдион нӕ уыд ӕмӕ йӕм сӕрныллӕгдзинад нӕ уыди. Фӕлӕ стӕй йӕ уавӕры тыххӕй фӕлтӕрдджын хистӕр нӕлгоймагӕн радзырдта. Даньель загъта: «Уыцы ӕфсымӕры фӕрцы бамбӕрстон: цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уон, уый тыххӕй хъуамӕ уыцы чызгмӕ мауал фыссон. Ӕмӕ афтӕ бакӕнын мӕ бон баци бирӕ куывдтытӕ ӕмӕ бирӕ цӕссыгты фӕстӕ. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мын мӕ лӕггад фылдӕр циндзинад хӕссын райдыдта». Ныр Даньель лӕггад кӕны районон цӕстдарӕгӕй ӕмӕ йын ис, Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм бинойнаг.

ХУЫЦАУЫЛ ИУЗӔРДИОН КУЫ УӔМ, УӔД УЫДЗЫСТӔМ ХӔЛАРЗӔРДӔ

Де ’мбал уӕззау тӕригъӕд кӕй ракодта, уый куы базонай, уӕд ӕй баразӕнгард кӕндзынӕ, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс бацагура? (кӕс 14 абзац)

13. Давид тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд Нафан куыд равдыста, Йегъовӕйыл дӕр ӕмӕ Давидыл дӕр иузӕрдион кӕй уыд, уый?

13 Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд иннӕтыл дӕр иузӕрдион уыдзыстӕм ӕмӕ сын нӕ бон ӕххуыс кӕнын дӕр уыдзӕн. Пехуымпар Нафан Йегъовӕйыл дӕр уыди иузӕрдион ӕмӕ Давидыл дӕр. Давид кӕйдӕр усимӕ тӕригъӕд куы сарӕзта ӕмӕ йын стӕй йӕ лӕджы куы амарын кодта, уӕд ӕм Йегъовӕ Нафаны барвыста, цӕмӕй йын бауайдзӕф кодтаид. Нафан уыди хъӕбатыр ӕмӕ Йегъовӕмӕ байхъуыста. Фӕлӕ ма зондджынӕй дӕр архайдта, ӕмӕ Давидимӕ фӕлмӕнӕй аныхас кодта. Нафаны фӕндыд Давидӕн бамбарын кӕнын, уӕззау тӕригъӕдтӕ кӕй сарӕзта, уый. Ӕмӕ йын радзырдта, иу хъӕздыг лӕг мӕгуыр лӕгӕн йӕ иунӕг уӕрыччы куыд байста, уый тыххӕй. Давид ӕм куы байхъуыста, уӕд хъӕздыг лӕгмӕ тынг смӕсты. Стӕй йын Нафан загъта: «Ды дӕ уыцы адӕймаг!» Ӕмӕ Давид бамбӕрста, Йегъовӕйы раз тӕригъӕд кӕй ракодта, уый (2 Сам. 12:1–7, 13).

14. Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй Йегъовӕйыл дӕр ӕмӕ дӕ хӕлар кӕнӕ дӕ хӕстӕгыл дӕр иузӕрдион уай?

14 Хӕларзӕрдӕ куы уай, уӕд дын уый дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, иузӕрдион фыццаджыдӕр кӕуыл хъуамӕ уай, уый равзарынӕн. Зӕгъӕм, базыдтай, кӕцыдӕр ӕфсымӕр уӕззау тӕригъӕд кӕй ракодта. Чи зоны йыл тынг ӕнувыд дӕ, уӕлдайдӕр та кӕд дӕ хорз ӕмбал кӕнӕ дӕ бинонтӕй у, уӕд. Фӕлӕ ма зоныс уый дӕр, ӕмӕ фыццаджыдӕр Йегъовӕйыл хъуамӕ уай иузӕрдион. Уӕдӕ Нафанау Йегъовӕмӕ хъус, фӕлӕ де ’фсымӕримӕ дӕр хӕларзӕрдӕ у. Зӕгъ ын, цӕмӕй ӕвӕстиатӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс бацагура. Ууыл куы фӕстӕ кӕна, уӕд хъуамӕ дӕхӕдӕг хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕнай. Афтӕмӕй равдисдзынӕ, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй дӕ. Стӕй ма равдисдзынӕ, де ’фсымӕрмӕ дӕр хӕлар зӕрдӕ кӕй дарыс, уымӕн ӕмӕ йын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй та Йегъовӕмӕ баввахс уа. Уыдон ын йӕ зондахаст фӕлмӕнӕй сраст кӕндзысты (Бакӕс Левит 5:1; Галатӕгтӕм 6:1.)

ЦӔМӔЙ ХУЫЦАУЫЛ ИУЗӔРДИОН УӔМ, УЫЙ ТЫХХӔЙ ХЪУАМӔ УӔМ ХЪӔБАТЫР

15, 16. Цӕмӕй Хуси Хуыцауыл иузӕрдион уыдаид, уый тыххӕй йӕ хъӕбатырдзинад цӕмӕн хъуыди?

15 Хуси дӕр уыди паддзах Давиды иузӕрдион ӕмбал. Адӕм Авессаломы паддзахӕй сӕвӕрынмӕ куы хъавыдысты, уӕд Хусийы хъуыди хъӕбатырдзинад, цӕмӕй Давидыл ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадаид. Уый зыдта, Авессалом Иерусалиммӕ йе ’фсӕдтимӕ кӕй бацыд ӕмӕ Давиды алидзын кӕй бахъуыд (2 Сам. 15:13; 16:15). Цымӕ Хуси куыд бакодта? Давиды ныууагъта ӕмӕ Авессаломы фарс рахӕцыд? Нӕ. Кӕд Давид ацӕргӕ уыд ӕмӕ йӕ бирӕтӕ марынвӕнд кодтой, уӕддӕр ыл Хуси иузӕрдион уыд, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы ӕвӕрд паддзах уыди. Уымӕ гӕсгӕ Хуси Давиды размӕ Оливӕбӕлӕсты къуылдыммӕ ацыд (2 Сам. 15:30, 32).

16 Давид Хусийӕн загъта, цӕмӕй Иерусалиммӕ аздӕхтаид ӕмӕ йӕхи афтӕ дардтаид, цыма Авессаломы ӕмбал у, цӕмӕй Авессалом Ахитофелы уынаффӕмӕ нӕ, фӕлӕ уый уынаффӕмӕ байхъуыстаид. Хуси уыди хъӕбатыр адӕймаг ӕмӕ цӕттӕ уыд йӕ цард тӕссаг уавӕры баппарынмӕ дӕр, цӕмӕй Давидмӕ байхъуыстаид ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаид. Давид Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй Хусийӕн баххуыс кодтаид, ӕмӕ йын уый дӕр йӕ куывд фехъуыста – Авессалом Ахитофелмӕ нӕ, фӕлӕ Хусимӕ байхъуыста (2 Сам. 15:31; 17:14).

17. Цӕмӕй иузӕрдион уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕбатырдзинад цӕмӕн хъӕуы?

17 Мах хъӕбатырдзинад фӕхъӕуы, цӕмӕй, нӕ бинонтӕ, не ’мкусджытӕ кӕнӕ хицауады цы фӕнды, уый ма аразӕм, фӕлӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсӕм. Зӕгъӕм, Японийӕ иу ӕфсымӕр, Таро, гыццыл лӕппу куы уыд, уӕд ын сӕйрагдӕр уыди, цӕмӕй йӕ ныййарджыты коммӕ кастаид ӕмӕ сыл иузӕрдион уыдаид. Ӕмӕ афтӕ кодта, уый йӕ хӕс кӕй уыд, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ сӕ уарзгӕ кӕй кодта, уый тыххӕй. Тынг ӕй фӕндыд, цӕмӕй йӕ ныййарджытӕ амондджын уыдаиккой. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд уый йӕ ныййарджыты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Таройӕн уый хъыг уыди, стӕй йын тынг зын уыди, цӕмӕй сын загътаид, ӕмбырдтӕм кӕй цӕудзӕн, уый. Таро загъта: «Афтӕ тынг мӕсты мӕм уыдысты, ӕмӕ мын цалдӕр азы уый бар нӕ уыди, цӕмӕй сӕм хӕдзармӕ цыдаин. Ӕз Хуыцауӕй куырдтон, цӕмӕй хъӕбатыр уыдаин ӕмӕ фидар фӕлӕууыдаин. Ныр мӕ ныййарджытӕ фӕфӕлмӕндӕр сты ӕмӕ сӕм мӕ бон у арӕх цӕуын». (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 29:25.)

18. Ацы статья дын куыд баххуыс кодта?

18 Цӕй ӕмӕ мах дӕр Давид, Ионафан, Нафан ӕмӕ Хусийау нӕхицӕй базонӕм, Йегъовӕйыл иузӕрдион уай, уый цы стыр циндзинад хӕссы, уый. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй, Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыцы Авенир ӕмӕ Авессаломы хуызӕн уӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ рӕдигӕ дӕр фӕкӕнӕм. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйӕн ӕвдисдзыстӕм, иузӕрдион ыл уӕм, царды нын уымӕй ахсджиагдӕр кӕй ницы ис.

^ 1 7 абзац: иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.