Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы хӕлӕртты фӕзмут

Йегъовӕйы хӕлӕртты фӕзмут

«Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ сты, чи дзы тӕрсы, уыдон» (ПС. 25:14).

ЗАРДЖЫТӔ: 106, 118

1–3. а) Фидарӕй цӕмӕн ис зӕгъӕн, алы адӕймагӕн дӕр йӕ бон кӕй у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар суа? б) Ацы статьяйы кӕй тыххӕй аныхас кӕндзыстӕм?

БИБЛИ Авраамы хоны Хуыцауы хӕлар (Ис. 41:8; Иак. 2:23). Ӕмӕ афтӕ ӕндӕр никӕцы адӕймаджы хоны. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕмӕй Йегъовӕйы хӕлар ӕндӕр никуы ничи уыд? Нӕ, Библийӕ бӕрӕг у, алы адӕймагӕн дӕр йӕ бон кӕй у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар суа.

2 Хуыцауы Ныхасы фыст ис, Йегъовӕйӕ чи тарст, чи йыл ӕууӕндыд ӕмӕ йӕ хӕлар чи сси, бирӕ ахӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты тыххӕй. (Бакӕс Псалом 25:14.) Уыдон хауынц, Павел кӕй тыххӕй фыста, уыцы бирӕ «ӕвдисӕнтӕм». Кӕд алыхуызон адӕймӕгтӕ уыдысты, уӕддӕр се ’ппӕт дӕр уыдысты Хуыцауы хӕлӕрттӕ (Дзут. 12:1).

3 Цӕй ӕмӕ бӕстондӕр аныхас кӕнӕм уыцы адӕймӕгтӕй ӕртӕйы тыххӕй. Уыдон сты: 1) йе ’фсиныл ӕнувыд чи уыд, уыцы моаваг идӕдз сылгоймаг, Руф; 2) Йегъовӕйыл иузӕрдион чи уыд, уыцы паддзах Езеки; 3) Йесойы мад чи сси, уыцы сӕрныллӕг сылгоймаг, Марийӕ. Уыцы ӕртӕ адӕймагӕй алчидӕр Хуыцауы хӕлар цӕй фӕрцы сси, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

УЫЙ УАРЗТА ӔНУВЫД УАРЗТӔЙ

4, 5. Руфы цавӕр уынаффӕ рахӕссын хъуыди ӕмӕ йын уый зын цӕмӕн уыди? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

4 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Моавы быдыртыл цы фӕндаг цӕуы, ууыл ӕртӕ идӕдз сылгоймаджы куыд фӕцӕуынц, уый. Уыцы сылгоймӕгтӕ сты Ноемин ӕмӕ йӕ дыууӕ чындзы, Руф ӕмӕ Орфӕ, цӕугӕ та кӕнынц Израилмӕ. Фӕлӕ фӕндагыл Орфӕ аскъуыддзаг кодта фӕстӕмӕ сӕхимӕ, Моавмӕ, аздӕхын. Ноемин та дарддӕр цӕуы йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ. Цымӕ Руф та куыд бакӕндзӕн? Цы уынаффӕ йӕ хъӕуы рахӕссын, уымӕй ахсджиагдӕр уынаффӕ рахӕссын ӕй, ӕвӕццӕгӕн, никуы бахъуыд. Хъуамӕ кӕнӕ фӕстӕмӕ Моавмӕ, йӕ хиуӕттӕм, аздӕха, кӕнӕ йе ’фсинимӕ баззайа ӕмӕ йемӕ Вифлееммӕ ацӕуа (Руф 1:1–8, 14).

5 Руфӕн йӕ бон уыди ахъуыды кӕнын: «Моавы мын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн, уым мыл мӕ мад ӕмӕ мӕ хӕстӕджытӕ батыхсдзысты». Моав уыди йӕ райгуырӕн бӕстӕ – цы адӕм дзы царди, цы ’взагыл дзырдтой ӕмӕ цы ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, уыдон хорз зыдта. Вифлеем та йын уыд ӕцӕгӕлон горӕт. Ноемин тарсти, йӕ бон кӕй нӕ бауыдзӕн Руфӕн, кӕмӕй смой кӕна ӕмӕ кӕм цӕра, уый ссарын. Гъемӕ йын загъта, цӕмӕй фӕстӕмӕ Моавмӕ аздӕха. Куыд базыдтам, афтӕмӕй Орфӕ «аздӕхт йӕ адӕммӕ ӕмӕ йӕ хуыцӕуттӕм» (Руф 1:9–15). Фӕлӕ Руфы нӕ бафӕндыд фӕстӕмӕ йӕ адӕммӕ ӕмӕ сӕ мӕнг хуыцӕуттӕм аздӕхын.

6. а) Руф цавӕр зондджын уынаффӕ рахаста? б) Вооз Руфӕй афтӕ кӕй загъта, дӕхи Йегъовӕйы базыры бын бакодтай, зӕгъгӕ, уый цӕуыл дзурӕг у?

6 Куыд зыны, афтӕмӕй Руф йӕ лӕгӕй кӕнӕ Ноеминӕй базыдта Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй. Уый базыдта, Йегъовӕ Моавы хуыцӕутты хуызӕн кӕй нӕу ӕмӕ уый аккаг кӕй у, цӕмӕй йӕ уарза ӕмӕ йын лӕггад кӕна. Фӕлӕ ӕрмӕст зонын фаг нӕ уыд. Руф хъуамӕ рахастаид зондджын уынаффӕ. Гъемӕ Ноеминӕн загъта: «Дӕ адӕм уыдзысты мӕ адӕм дӕр, ӕмӕ дӕ Хуыцау уыдзӕн мӕ Хуыцау дӕр» (Руф 1:16). Руф Ноемины куыд уарзта, уый нын нӕ зӕрдӕтӕ куыннӕ агайы, фӕлӕ уымӕй диссагдӕр у, Руф Йегъовӕйы куыд уарзта, уый. Фӕстӕдӕр ма дзы Вооз дӕр раппӕлыд, йӕхи Йегъовӕйы базыры бын кӕй бакодта, уый тыххӕй. (Бакӕс Руф 2:12.) Воозы ныхӕстӕ нын, чи зоны, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕной, гыццыл цъиу йӕ фыды базыры бын куыд бамбӕхсы, уый (Пс. 36:7; 91:1–4). Раст афтӕ Йегъовӕ Руфӕн сси ныййарӕджы хуызӕн ӕмӕ йӕ хъахъхъӕдта. Йегъовӕ йын йӕ уырнындзинады тыххӕй раарфӕ кодта, ӕмӕ Руф, цы уынаффӕ рахаста, ууыл никуы фӕфӕсмон кодта.

7. Йӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кӕныныл фӕстӕ чи кӕны, уыдонӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

7 Бирӕтӕ Йегъовӕйы тыххӕй базонынц, фӕлӕ, сӕхи йӕ дӕлбазыр бакӕной, уымӕ сӕ ныфс нӕ фӕхӕссынц. Сӕхи йын снывонд кӕной ӕмӕ донаргъуыд райсой, ууыл фӕстӕ фӕкӕнынц. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд ахъуыды кӕн, цы дӕ хъыгдары, ууыл. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр алы адӕймаг дӕр кӕнӕ иу хуыцауӕн лӕггад кӕны, кӕнӕ иннӕмӕн (Йес. Н. 24:15). Ӕмӕ уӕд хуыздӕр нӕу, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнай? Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай, уӕд равдисдзынӕ, дӕ зӕрдӕ йыл ӕгасӕй дӕр кӕй дарыс. Ӕмӕ дын Хуыцау ӕххуыс кӕндзӕн, цы дзырд ын раттай, уымӕ гӕсгӕ цӕрынӕн, цыфӕнды зындзинӕдтыл ма ’мбӕлай, уӕддӕр. Раст афтӕ Йегъовӕ ӕххуыс кодта Руфӕн дӕр.

«УЫЙ ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ӔНУВЫД УЫД»

8. Радзур, Езеки цы уавӕрты схъомыл, уый тыххӕй.

8 Руфӕй уӕлдай, Езеки райгуырди Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмы ’хсӕн. Фӕлӕ израилӕгтӕй алчи Йегъовӕйыл иузӕрдион нал уыди. Ӕмӕ уый хауд Езекийы фыдмӕ дӕр, паддзах Ахазмӕ. Уыцы фыдзӕрдӕ адӕймаг Йегъовӕйы кувӕндон фӕчъизи кодта, Иудӕйы адӕмы та мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл бафтыдта. Суанг ма йӕ фырттӕй дӕр кӕйдӕрты, ома Езекийӕн йе ’фсымӕрты, мӕнг хуыцауӕн нывондӕн ӕрхаста, удӕгасӕй сӕ арты басыгъта, афтӕмӕй. Ахӕм уавӕрты Езекийы сабибонтӕ амондджын кӕцӕй уыдаиккой! (2 Пад. 16:2–4, 10–17; 2 Аз. 28:1–3).

9, 10. а) Езекийӕн цӕй тыххӕй уыд йӕ бон Йегъовӕмӕ мӕсты кӕнын райдайын? б) Хуыцаумӕ цӕуылнӕ хъуамӕ мӕсты кӕнӕм? в) Афтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ, цы бинонты ’хсӕн схъомыл стӕм, уымӕй кӕнгӕ у, цавӕр адӕймӕгтӕ уыдзыстӕм, уый?

9 Ахазы фыдхъуыддӕгтӕ уынгӕйӕ Езекийӕн йӕ бон уыди, ӕмӕ Йегъовӕмӕ мӕсты кӕнын райдыдтаид ӕмӕ йӕ ныхмӕ суыдаид. Езеки цытӕ бавзӕрста, уыдӕттӕн сӕ дӕсӕм хай дӕр чи нӕ бавзӕрста, уыдонӕй чидӕртӕ Йегъовӕмӕ кӕнӕ йӕ организацимӕ цӕйдӕрты тыххӕй мӕсты кӕнынц ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ раст сты (Ӕмб. 19:3). Чидӕртӕ та афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, ӕвзӕр бинонты ’хсӕн кӕй схъомыл сты, уый тыххӕй сӕхи цард дӕр рӕстмӕ кӕй никуы уыдзӕн кӕнӕ сӕ ныййарджыты фӕндагыл кӕй ацӕудзысты (Йез. 18:2, 3). Фӕлӕ цымӕ раст хъуыды кӕнынц?

10 Езекийы цӕвиттонӕй бӕрӕг у, раст кӕй нӕ хъуыды кӕнынц. Адӕймагӕн уый ӕфсон никуы уыдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ мӕсты кӕна, уымӕн ӕмӕ, ацы фыддунейы адӕмыл цы бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдон Хуыцауӕй не сты (Иов 34:10). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттыл сӕ ныййарджыты цӕвиттон иуӕй-иу хатт тынг фӕзыны – йе хорзырдӕм, йе та ӕвзӕрырдӕм (Ӕмб. 22:6; Кол. 3:21). Фӕлӕ уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, цавӕр бинонты ’хсӕн схъомыл стӕм, уымӕй кӕнгӕ у, хорз адӕймӕгтӕ нӕ рауайдзӕн ӕви ӕвзӕр. Йегъовӕ нӕ алкӕй дӕр схайджын кодта диссаджы лӕварӕй – нӕхи бон у скъуыддзаг кӕнын, цавӕр фӕндагыл цӕудзыстӕм ӕмӕ цавӕр адӕймӕгтӕ уыдзыстӕм, уый (Дык. з. 30:19). Цымӕ Езеки уыцы лӕварӕй куыд спайда кодта?

Ӕрыгӕттӕй бирӕтӕн, цавӕрфӕнды бинонты ’хсӕн ма схъомыл уыдаиккой, уӕддӕр сӕ бон баци рӕстдзинады фӕндагыл слӕууын (кӕс 9, 10 абзацтӕ)

11. Езеки Иудӕйы ӕппӕты хуыздӕр паддзӕхтӕй сӕ иу цӕй фӕрцы сси?

11 Кӕд Езекийӕн йӕ фыд Иудӕйы ӕвзӕрдӕр паддзӕхтӕй сӕ иу уыди, уӕд йӕхӕдӕг та сси ӕппӕты хуыздӕр паддзӕхтӕй сӕ иу. (Бакӕс 2 Паддзӕхты 18:5, 6.) Езеки йӕ фыды нӕ бафӕзмыдта, фӕлӕ Йегъовӕйы пехуымпарты – Исайы, Михейы ӕмӕ Осийы. Сӕ уынаффӕтӕм ӕмӕ сын сӕ фӕдзӕхстытӕм лӕмбынӕг хъуыста ӕмӕ сӕ йӕ зӕрдӕйы арф ӕвӕрдта. Уый фӕрцы Езеки райдыдта, йӕ фыды аххосӕй бӕстӕ цы ӕвзӕр уавӕрмӕ ’рцыд, уый хуыздӕрырдӕм ивын. Кувӕндон ссыгъдӕг кодта, Хуыцаумӕ скуывта, цӕмӕй йӕ адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодтаид, ӕмӕ, ӕнӕхъӕн бӕстӕйы цыдӕриддӕр мӕнгхуыцӕуттӕ уыди, уыдон фесӕфта (2 Аз. 29:1–11, 18–24; 31:1). Фӕстӕдӕр, Ассирийы паддзах Сеннахирим Иерусалимы ныхмӕ рацӕуынмӕ куы хъавыд, уӕд Езеки равдыста диссаджы хъӕбатырдзинад ӕмӕ уырнындзинад. Уый фидарӕй ӕууӕндыд, Йегъовӕ сӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ йӕ адӕмы ныфс бауагъта (2 Аз. 32:7, 8). Иуафон Езеки ссӕрбӕрзонд, фӕлӕ йын Йегъовӕ куы бауайдзӕф кодта, уӕд йӕхи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта (2 Аз. 32:24–26). Уӕдӕ нын Езеки фӕзминаг куыннӕ у: уый нӕ бауагъта, цӕмӕй, цы уавӕрты схъомыл, уый йӕ цардыл ӕвзӕрырдӕм фӕзындаид. Езеки хъуыддагӕй ӕвдыста, Йегъовӕйы хӕлар кӕй уыд, уый.

12. Езекийау абон бирӕтӕ куыд ӕвдисынц, Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй сты, уый?

12 Ацы дуне у ӕгъатыр, уарзондзинад дзы нӕй, ӕмӕ диссаг нӕу, бирӕ сывӕллӕттӕ ныййарӕджы рӕвдыд кӕй нӕ зонынц (2 Тим. 3:1–5). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй дӕр бирӕтӕ хорз бинонты ’хсӕн не схъомыл сты, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы ӕввахс хӕлӕрттӕ систы. Езекийау уыдон дӕр хъуыддагӕй ӕвдисынц, адӕймагӕн йӕ фидӕн йӕ раздӕры цардӕй кӕнгӕ кӕй нӕу. Йегъовӕ нын радта уыцы сӕрибардзинад, цӕмӕй уынаффӕтӕ нӕхӕдӕг хӕссӕм, ӕмӕ Езекийау махӕн дӕр нӕ бон у уынаффӕ рахӕссын, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ йын кӕй кад кӕндзыстӕм.

«ӔЗ ДӔН ЙЕГЪОВӔЙЫ ЦАГЪАР»

13, 14. Хуыцау Марийӕйӕн цы бахӕс кодта, уый йӕм тынг зын цӕмӕн кастаид, фӕлӕ уӕддӕр Гавриилӕн цы загъта?

13 Езеки куы царди, уымӕй ӕнустӕ фӕстӕдӕр Назареты цард иу ӕрыгон дзуттаг сылгоймаг, Марийӕ, ӕмӕ уый дӕр сси Йегъовӕйы ӕввахс хӕлар. Хуыцау ацы сӕрныллӕг сылгоймагӕн цы хъуыддаг бахӕс кодта, ахӕм хъуыддаг ӕндӕр никуы никӕцы адӕймагӕн бахӕс кодта. Марийӕ хъуамӕ йӕ зӕрдӕйы бын хастаид ӕмӕ стӕй ныййардтаид ӕмӕ схъомыл кодтаид Хуыцауы Фырты! Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ Марийӕйы куыд тынг уарзтаид ӕмӕ йыл куыд тынг ӕууӕндыдаид, кӕд ын ахӕм кадджын хъуыддаг бабар кодта, уӕд! Фӕлӕ цымӕ Марийӕ хабар куы базыдта, уӕд цы ахъуыды кодтаид?

«Ӕз дӕн Йегъовӕйы цагъар» (кӕс 13, 14 абзацтӕ)

14 Марийӕйы кой куы фӕкӕнӕм, уӕд арӕхдӕр фӕдзурӕм, цӕй стыр кад ӕм ӕрхауд, ууыл. Фӕлӕ уыцы кадджын хъуыддаг цӕимӕ баст уыд ӕмӕ Марийӕ цӕуылты мӕт кодтаид, уый та нӕ, чи зоны, айрох вӕййы. Зӕгъӕм, зӕд Гавриил Марийӕйӕн загъта, зӕгъгӕ, нӕлгоймагимӕ ӕмуат не ’рцӕудзынӕ, афтӕмӕй басывӕрджын уыдзынӕ. Фӕлӕ, хабар йӕ бинонтӕн ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕн дӕр кӕй бамбарын кӕндзӕн, уымӕй Марийӕйӕн ницы ныфс бавӕрдта. Ӕмӕ уӕд уыдон цы ахъуыды кодтаиккой? Иосиф куыд хъуамӕ баууӕндыдаид, Марийӕ йыл гадзрахатӕй кӕй нӕ рацыд, ууыл? Стӕй, Хуыцауы Фырты хъомыл кӕнай ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнай, уый дӕр цӕй стыр хӕс уыди! Гавриилы ныхӕстӕм хъусгӕйӕ Марийӕйы сӕры цавӕр хъуыдытӕ зилдух кодтой, уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ зонӕм, уый фӕстӕ куыд бакодта, уый. Марийӕ зӕдӕн загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕйы цагъар. Мӕн тыххӕй куыддӕриддӕр загътай, афтӕ уӕд» (Лук. 1:26–38).

15. Марийӕйы уырнындзинад диссаг цӕмӕн у?

15 Марийӕйы уырнындзинад диссаг куыннӕ у! Цагъарау цӕттӕ уыд цыфӕнды хъуыддаг бакӕнынмӕ дӕр. Уый йӕ зӕрдӕ дардта Йегъовӕйыл, йӕ Хицауыл, ӕмӕ зыдта, уый йыл кӕй батыхсдзӕн ӕмӕ йӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн. Марийӕйы уырнындзинад афтӕ фидар цӕй фӕрцы уыд? Адӕймаг уырнындзинад йӕ мады гуыбынӕй нӕ рахӕссы. Уырнындзинад ӕм фӕзыны, йӕхӕдӕг ыл куы фӕархайы ӕмӕ йын Хуыцау арфӕ куы фӕкӕны, уӕд (Гал. 5:22). Марийӕ дӕр зӕрдиагӕй архайдта йӕ уырнындзинад фидар кӕныныл. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Ӕркӕсӕм-ма, куыд-иу хъуыста, стӕй-иу цӕуыл ныхас кодта, уымӕ.

16. Марийӕ хъусын кӕй зыдта, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

16 Марийӕ куыд хъуыста. Библи нын дзуры, цӕмӕй «рӕвдз уӕм байхъусынмӕ, дзурынмӕ... та тагъд ма кӕнӕм» (Иак. 1:19). Бӕрӕг у, Марийӕ хъусын кӕй зыдта. Библийӕ зыны, Йегъовӕимӕ баст хабӕрттӕм-иу лӕмбынӕг кӕй хъуыста ӕмӕ-иу сыл стӕй хъуыды дӕр кӕй кодта. Афтӕ уыд, зӕгъӕм, Йесо куы райгуырд ӕмӕ фыййӕуттӕ Марийӕйӕн, зӕд сын цы загъта, уый куы радзырдтой, уӕд. Стӕй ма йӕ хъуыдытыл бафтыдтой, фӕстӕдӕр 12-аздзыд Йесо цы ныхӕстӕ загъта, уыдон дӕр. Дыууӕ хатты дӕр-иу Марийӕ лӕмбынӕг байхъуыста, цы-иу фехъуыста, уый-иу бахъуыды кодта ӕмӕ-иу ыл арф ахъуыды кодта. (Бакӕс Лукайы 2:16–19, 49, 51.)

17. Марийӕйы тыххӕй йӕ ныхӕстӕй цы ис базонӕн?

17 Марийӕ цӕуыл дзырдта. Библийы Марийӕйы ныхӕстӕй бирӕ нӕй фыст. Йӕ ныхӕстӕ кӕм фыст сты, уыцы скъуыддзӕгтӕй ӕппӕты стырдӕр у Лукайы 1:46–55. Ацы скъуыддзагӕй бӕрӕг у, Марийӕ Фыстад хорз кӕй зыдта, уымӕн ӕмӕ уӕд цы ныхӕстӕ загъта, уыдон сты Самуилы мад Аннӕйы куывды ныхӕсты хуызӕн (1 Сам. 2:1–10). Куыд зыны, афтӕмӕй Марийӕ 20 хатты спайда кодта Хуыцауы Ныхасы фыст ныхӕстӕй. Бӕрӕг у, Марийӕйӕн йӕ зӕрдӕмӕ тынг кӕй цыди, йе ’ппӕты хуыздӕр Хӕлар Йегъовӕйӕ кӕй зыдта, уыцы диссаджы хабӕрттыл ныхас кӕнын.

18. Марийӕйы нӕ бон цӕмӕй у бафӕзмын?

18 Чи зоны, иуӕй-иу хатт махмӕ дӕр, Марийӕйау, тынг зын фӕкӕсы, Йегъовӕ нын цы бахӕс кӕны, уый сӕххӕст кӕнын. Фӕлӕ нӕ бон у, ӕмӕ-иу уыйау сӕрныллӕгӕй нӕхи Йегъовӕйы бар бакӕнӕм, ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл нӕ зӕрдӕ дарӕм. Марийӕйы ма бафӕзмдзыстӕм, Йегъовӕ нын цы дзуры, уымӕ лӕмбынӕг куы хъусӕм ӕмӕ, цы базонӕм, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уымӕй дӕр. Ӕмӕ стӕй уыйау иннӕтӕн дӕр цингӕнгӕйӕ дзурдзыстӕм, Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй цы зонӕм, уый (Пс. 77:11, 12; Лук. 8:18; Ром. 10:15).

19. Библийы цы иузӕрдион адӕмы кой ис, уыдоны куы фӕзмӕм, уӕд цавӕр хорзӕхӕй схайджын уыдзыстӕм?

19 Махӕй ничи дызӕрдыг кӕны, Руф, Езеки ӕмӕ Марийӕ дӕр Авраамау Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй уыдысты. Уыдонӕй фӕстӕмӕ ма ноджыдӕр тынг бирӕ адӕм схайджын сты уыцы кадӕй, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ уой. Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр уыцы иузӕрдион адӕймӕгты фӕзмӕм (Дзут. 6:11, 12). Ӕмӕ уӕд схайджын уыдзыстӕм диссаджы хорзӕхӕй – ӕнустӕм Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уыдзыстӕм!