Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дын дарддӕр дӕр цины хос уӕд

Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дын дарддӕр дӕр цины хос уӕд

АХЪУЫДЫ-МА КӔН дӕ царды ӕппӕты амондджындӕр боныл. Чи зоны, уый уыд дӕ чындзӕхсӕвы бон кӕнӕ, дӕ фыццаг сывӕллон куы райгуырд, уыцы бон. Йе та, чи зоны, уый уыд, донаргъуыд куы райстай, уыцы бон. Ӕмӕ дын, ӕвӕццӕгӕн, дӕ царды уымӕй ахсджиагдӕр ӕмӕ амондджындӕр бон нӕ уыд. Донаргъуыд куы райстай, уыцы бон равдыстай, Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ кӕй уарзыс, уый (Марк 12:30). Ӕмӕ дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕ ууыл куыннӕ цин кодтаиккой!

Донаргъуыды фӕстӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ циндзинад бавзӕрстаис. Фӕлӕ хъусынгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ фесӕфтой, раздӕр сӕ зӕрдӕты цы циндзинад уыди, уый. Цымӕ цӕй тыххӕй? Ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?

ИУӔЙ-ИУТӔ СӔ ЦИНДЗИНАД ЦӔМӔН ФЕСӔФТОЙ

Хуыцауы Паддзахады хабар нын у стыр цины хос. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, йӕ Паддзахад тагъд ацы фыддуне кӕй фесафдзӕн ӕмӕ зӕххыл ног дуне кӕй скӕндзӕн. Софонийы 1:14 фыст ис: «Йегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у. Хӕстӕг у ӕмӕ тынг тагъд кӕны». Фӕлӕ нӕ кӕд ног дунемӕ, ӕнхъӕл цас уыдыстӕм, уымӕй фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъуыд, уӕд, чи зоны, нӕ циндзинад фесӕфа ӕмӕ Хуыцауӕн раздӕрау зӕрдиагӕй мауал лӕггад кӕнӕм (Ӕмб. 13:12).

Нӕ рӕстӕг нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ куы фервитӕм, уӕд нӕ тынгдӕр бафӕнды Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын. Махӕй чидӕртӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айстой ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтой Йегъовӕйы адӕмы хӕрзӕгъдаудзинады фӕрцы (1 Пет. 2:12). Фӕлӕ хатгай чырыстӕттӕй чидӕртӕ Хуыцауы закъӕтты сӕрты ахизынц, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй бафхӕрынц. Ӕмӕ нӕ кӕмӕндӕрты ахӕм хабӕртты тыххӕй, чи зоны, йӕ ныфс асӕтта ӕмӕ йӕ циндзинад ӕрмынӕг уа.

Нӕ циндзинадӕн ма тӕссаг у, мулкмӕ бӕллын куы райдайӕм, уымӕй дӕр. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Хӕйрӕджы дуне нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй райдайӕм, ӕцӕгӕй нӕ чи нӕ хъӕуы, уыцы дзауматӕ самал кӕнынмӕ бӕллын. Уымӕ гӕсгӕ хорз уыдзӕн, нӕ зӕрдыл куы дарӕм Йесойы ныхӕстӕ: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа – сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕн, сӕ иуыл ӕнувыд уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр» (Матф. 6:24). Махӕн нӕ бон нӕу Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг ацы дунейӕ дӕр ӕххӕстӕй пайда кӕнын.

ЦИН КӔНӔМ НӔ ИРВӔЗЫНГӔНӔГ ХУЫЦАУЫЛ

Йегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнын уаргъ нӕу (1 Иоан. 5:3). Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, Йесо цы загъта: «Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы,– уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз удӕнцой ратдзынӕн. Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут ӕмӕ мӕнӕй сахуыр ут, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг, ӕмӕ удӕнцой ссардзыстут. Уымӕн ӕмӕ ме ’фсондз у ӕнцонхӕссӕн, мӕ уаргъ та – рог» (Матф. 11:28–30). Йӕхиуыл Чырыстийы ӕфсондз чи сӕвӕры, уыдон ссарынц удӕнцой ӕмӕ сын уый вӕййы стыр цины хос. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нын цины хос у бирӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Цӕй ӕмӕ дзы ӕртӕмӕ ӕркӕсӕм (Ав. 3:18).

Мах лӕггад кӕнӕм нӕ Царддӕттӕгӕн, амондджын Хуыцауӕн (Хъуыд. 17:28; 1 Тим. 1:11). Мах ӕмбарӕм, нӕ цард ӕгасӕй дӕр не Сфӕлдисӕджы стыр лӕвар кӕй у, уый. Уӕдӕ йын дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм, кӕд донаргъуыд бирӕ азты размӕ райстам, уӕддӕр.

Хекторӕн йӕ циндзинад нӕ мынӕг кӕны, уымӕн ӕмӕ зӕрдиагӕй лӕггад кӕны ӕмӕ дзы рох нӕу, Хуыцауы Паддзахад ын цы ныфс дӕтты, уый

Ӕркӕсӕм-ма, 40 азы районон цӕстдарӕгӕй чи фӕлӕггад кодта, иу ахӕм ӕфсымӕры, Хекторы, цӕвиттонмӕ. Кӕд ыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, уӕддӕр ын Хуыцауӕн лӕггад кӕнын у стыр цины хос (Пс. 92:12–14). Йӕ бинойнаг кӕй фӕрынчын, уый тыххӕй йӕ бон нал у Хуыцауӕн раздӕрау лӕггад кӕнын, фӕлӕ Хекторӕн йӕ циндзинад нӕ сӕфы. Уый загъта: «Мӕ бинойнаджы ӕнӕниздзинад сабыргай ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр куыд кӕны, уымӕ кӕсгӕйӕ мӕ зӕрдӕ фӕриссы, ӕмӕ йӕм зилын дӕр ӕнцон нӕу. Фӕлӕ уыдӕттӕн уый бар нӕ дӕттын, цӕмӕй мын мӕ циндзинад ӕрмынӕг кӕной. Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр, уыимӕ мӕнӕн дӕр, цард уый тыххӕй балӕвар кодта, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ уый кӕй зонын, уый тыххӕй йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ куыннӕ хъуамӕ уарзон ӕмӕ йын зынгзӕрдӕйӕ куыннӕ хъуамӕ лӕггад кӕнон! Ӕз архайын, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй архайон. Стӕй алкӕддӕр мӕ хъуыдыйы дарын, Йегъовӕ мын цы ныфс дӕтты, уый, цӕмӕй мӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа».

Йегъовӕ Чырыстийы мах тыххӕй нывондӕн радта, цӕмӕй амондджын цард кӕнӕм. Ӕцӕгдӕр, «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоан. 3:16). Нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕудзысты ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уыдзыстӕм, нӕ уарзӕгой Хуыцау мах тыххӕй цы нывонд радта, ууыл куы ӕууӕндӕм, уӕд. Уыцы стыр лӕвары тыххӕй дзы бузныг куыннӕ хъуамӕ уӕм! Ӕмӕ нӕ уый та разӕнгард кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм.

Хесус йӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодта ӕмӕ Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕны

Мексикӕйы чи цӕры, иу ахӕм ӕфсымӕр, Хесус, загъта: «Ӕз мӕ куыстӕн уыдтӕн цагъар, хатгай-иу ӕнӕулӕфгӕйӕ фӕндзгай сменӕтӕ бакуыстон, кӕд мӕ уый ничи домдта, уӕддӕр – фӕндыд мӕ фылдӕр ӕхца бакусын. Фӕлӕ фӕстӕдӕр базыдтон Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ, адӕмы тыххӕй йӕ зынаргъ Фырты кӕй радта, уый тыххӕй. Хуыцауӕн лӕггад кӕнын мӕ тынг бафӕндыд. Гъемӕ мӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодтон, 28 азы кӕм фӕфыдӕбон кодтон, уыцы куыст ныууагътон ӕмӕ райдыдтон ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Уӕдӕй фӕстӕмӕ бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын».

Хӕрзӕгъдау цард кӕй кӕнӕм, уый нын у стыр цины хос. Хъуыды-ма кӕныс, цалынмӕ Йегъовӕйы нӕ базыдтай, уӕдмӕ куыд цардтӕ, уый? Апостол Павел Ромы чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, кӕддӕр «тӕригъӕды цагъартӕ» кӕй уыдысты, фӕлӕ стӕй «рӕстдзинады цагъартӕ» кӕй систы. «Сыгъдӕг цард» кӕнын кӕй райдыдтой, уый фӕрцы сын фӕзынд ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Ром. 6:17–22). Мах дӕр Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый фӕрцы хызт стӕм, ӕнӕгъдаудзинад кӕнӕ тыхми цы хъуыддӕгтӕм ӕркӕнынц, уыдонӕй. Ӕмӕ уый цины хос куыннӕ у!

«Мӕ царды ӕппӕты амондджындӕр азтӕ сты, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ кӕй арвыстон, уыцы азтӕ» (Хайми)

Ӕркӕсӕм Хаймийы хабармӕ. Раздӕр Хуыцауыл не ’ууӕндыд, ӕууӕндыд эволюцийыл ӕмӕ боксӕй хӕцыд. Хайми ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, цы уарзондзинад дзы федта, уый. Йӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ ныууагъта ӕмӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс куырдта, цӕмӕй йыл баууӕндыдаид, уый тыххӕй. «Сабыргай-сабыргай бамбӕрстон, уарзӕгой Фыд ӕмӕ нын фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй ис,– загъта Хайми.– Йегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цардтӕн, уый мӕ хъахъхъӕдта. Мӕ цард куы нӕ фӕивтаин, уӕд мӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ амардтаиккой, раздӕр боксмӕ кӕимӕ цыдтӕн, уыдонӕй кӕйдӕрты куыд амардтой, афтӕ. Мӕ царды ӕппӕты амондджындӕр азтӕ сты, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ кӕй арвыстон, уыцы азтӕ».

ДӔ НЫФС МА АСӔТТӔД!

Ацы фыддунейы кӕронмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ цӕуыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм? Ма рох кӕнӕм, Хуыцауы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ нӕм разӕй ӕнусон цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. «Уӕдӕ, хорз цы у, уый аразгӕйӕ нӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕджы ӕркӕрддзыстӕм тыллӕг, кӕд нӕ бафӕллайӕм, уӕд» (Гал. 6:8, 9). Цӕй уӕдӕ Йегъовӕйы фӕрцы фидар лӕууӕм, нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм, «стыр бӕллӕхы» рӕстӕг нӕ чи хъӕудзӕн, уыцы миниуджытӕ ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм (Рарг. 7:9, 13, 14; Иак. 1:2–4).

Мах нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын нӕ фидардзинады тыххӕй кӕй раарфӕ кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ нын нӕ фыдӕбон уыны, стӕй зоны, йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ ном дӕр кӕй уарзӕм, уый. Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн псаломзарӕггӕнӕг Давидау зӕгъын: «Йегъовӕ ӕдзухдӕр ис мӕ цӕстыты раз. Ӕз никуы фӕцуддзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый ис мӕ рахиз фарс. Уый тыххӕй райы мӕ зӕрдӕ ӕмӕ уый тыххӕй цин кӕнын. Суанг мӕ буарӕн дӕр тӕссаг ницӕмӕй уыдзӕн» (Пс. 16:8, 9).