Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Йегъовӕ мын мӕ лӕггадӕн раарфӕ кодта

Йегъовӕ мын мӕ лӕггадӕн раарфӕ кодта

Офицерӕн загътон, уымӕй размӕ дӕр, хӕстмӕ кӕй нӕ цӕуын, уый тыххӕй ахӕстоны кӕй фӕбадтӕн. Ӕмӕ йӕ бафарстон: «Уыдӕттӕ та мын ногӕй хъуамӕ бавзарын кӕнат?» Уыцы ныхас рауад, Иугонд Штатты ӕфсадмӕ мӕм дыккаг хатт куы фӕсидтысты, уӕд.

ӔЗ РАЙГУЫРДТӔН 1926 азы иу хъӕуы, Круксвилл, зӕгъгӕ (штат Огайо, АИШ). Нӕ мад ӕмӕ нӕ фыдӕн уыдыстӕм астӕй. Кӕд нӕ ныййарджытӕ никӕцы диныл хӕст уыдысты, уӕддӕр мах разӕнгард кодтой, цӕмӕй аргъуанмӕ цыдаиккам. Ӕз цыдтӕн методистты аргъуанмӕ. 14 азы мыл куы цыди, уӕд мын аргъуаны лӕггадгӕнӕг хӕрзиуӕг радта, афӕдзы дӕргъы алы хуыцаубон дӕр аргъуанмӕ кӕй цыдтӕн, уый тыххӕй.

Рӕстдзинад базонынӕн мын баххуыс кодта Маргарет Уокер (дыккаг хо галиуырдыгӕй)

Уыцы рӕстӕг, ӕввахс нӕм чи цард, иу ахӕм сылгоймаг, Маргарет Уокер, зӕгъгӕ, райдыдта нӕ мадмӕ цӕуын ӕмӕ йемӕ Библийыл ныхас кӕнын. Маргарет уыди Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Иубон мӕн дӕр бафӕндыд сӕ ныхасмӕ байхъусын, фӕлӕ мӕ мӕ мад ӕддӕмӕ арвыста, уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ сӕ хъыгдардзынӕн. Фӕлӕ сӕм ӕз уӕддӕр сусӕгӕй хъуыстон. Маргарет ма нӕм иу-дыууӕ хатты куы ’рбацыди, уӕд мӕ бафарста: «Хуыцауы ном куыд у, уый зоныс?» Ӕз ын загътон: «Ӕмӕ йӕ чи нӕ зоны – Хуыцау». Уӕд мын уый афтӕ: «Дӕ Библи-ма райс ӕмӕ-ма Псалом 83:18 бакӕс». Ӕз дӕр ӕй мӕ Библийы ссардтон ӕмӕ дзы бакастӕн, Хуыцауӕн йӕ ном Йегъовӕ кӕй у. Уӕд ме ’мбӕлттӕм алыгътӕн ӕмӕ сын загътон: «Изӕры уӕхимӕ куы бацӕуат, уӕд-ма-иу Библийы Псалом 83:18 бакӕсут. Хуыцауы ном фыст дзы ис». Афтӕмӕй, зӕгъӕн ис, ӕмӕ райдыдтон хъусын кӕнын.

Ӕз дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдтон ӕмӕ 1941 азы донаргъуыд райстон. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мын бабар кодтой ӕмбырды чиныгахуыр уадзын. Мӕ мадӕн, стӕй мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртӕн загътон, цӕмӕй уыдон дӕр уыцы фембӕлдмӕ ӕрбацыдаиккой, ӕмӕ афтӕмӕй се ’ппӕт дӕр райдыдтой уыцы чиныгахуырмӕ цӕуын. Фӕлӕ мӕ фыды та уыдӕттӕ нӕ цымыдис кодтой.

ФӔЛВАРӔНТӔ ХӔДЗАРЫ

Ӕмбырды мын мӕ бар фылдӕр хӕстӕ бакодтой, ӕмӕ нӕ публикациты библиотекӕ ӕрӕмбырд кодтон. Фӕлӕ мын иубон мӕ фыд уыцы чингуытӕм бацамыдта ӕмӕ мын загъта: «Адонӕй ацы хӕдзары иу дӕр куыннӕуал фенон. Стӕй дӕ бон у, ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр сыстай ӕмӕ ацӕуай». Гъемӕ ӕз дӕр хӕдзарӕй ацыдтӕн ӕмӕ штат Огайойы, нӕ хъӕумӕ ӕввахс чи уыд, уыцы горӕт Зейнсвиллы иу къомнӕт баххуырстон. Фӕлӕ-иу уӕддӕр нӕхимӕ арӕх цыдтӕн, цӕмӕй-иу мӕ мады, мӕ хоты ӕмӕ ме ’фсымӕрты бафидар кодтаин.

Мӕ фыд архайдта, цӕмӕй мӕ мад ӕмбырдтӕм мауал цыдаид. Мамӕ-иу ӕмбырдмӕ куы цыд, уӕд-иу хатгай йӕ фӕдыл ралыгъд ӕмӕ-иу ӕй хӕдзармӕ тыхӕй акодта. Фӕлӕ-иу уый иннӕ дуарӕй ралыгъд ӕмӕ-иу уӕддӕр ӕмбырдмӕ ацыд. Ӕз-иу ын загътон: «Ма тыхс. Иубон дӕ фӕстӕ ралидз-балидз кӕнынӕй бафӕллайдзӕн». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, рӕстӕг куы рацыд, уӕд ӕй мӕ фыд нал хъыгдардта, ӕмӕ йӕ бон уыди сӕрибарӕй ӕмбырдтӕм цӕуын.

1943 азы не ’мбырды райдыдтам Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола уадзын, ӕмӕ-иу мын дзы бахӕс кодтой цыбыр раныхӕстӕ. Мӕ хӕслӕвӕрдты фӕстӕ-иу мын цы уынаффӕтӕ радтой, уыдон мын стыр ӕххуыс фесты, цӕмӕй дзырдарӕхстдӕр суыдаин.

ХӔСТМӔ НӔ АЦЫДТӔН

Уыцы рӕстӕг цыди Дыккаг дунеон хӕст. 1944 азы мӕм ӕфсадмӕ фӕсидтысты. Ӕз ӕрцыдтӕн «Форт-Хейз»-мӕ (Колумбус, штат Огайо), дохтырты къамис рацыдтӕн ӕмӕ анкетӕ байдзаг кодтон. Ӕз сын загътон, ӕфсадмӕ кӕй нӕ ацӕудзынӕн, гъемӕ мӕ уыдон дӕр ауагътой. Фӕлӕ мӕм иуцасдӕры фӕстӕ хӕдзармӕ офицер ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Корвин Робисон, хъуамӕ дӕ ахӕстонмӕ акӕнон».

Дыууӕ къуырийы фӕстӕ мын тӕрхондоны тӕрхонгӕнӕг загъта: «Мӕ бар куы уаид, уӕд дӕ цӕрӕнбонтӕм сбадын кӕнин. Мыййаг ма дӕ исты зӕгъын фӕнды?» Ӕз ын загътон: «Дӕ бӕрзонддзинад, мӕн хъӕуы дины кусӕгыл банымайын *. Алы дины кусӕгӕн дӕр, кӕцӕй фӕдзуры, ахӕм бынат куыд ис, афтӕ мӕнӕн дӕр ис ахӕм бынат – алы хӕдзары къӕсӕр, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар бирӕ адӕмӕн фехъусын кодтон». Тӕрхонгӕнӕг, тӕрхонгӕнджыты бынаты чи бадти, уыдонӕн * загъта: «Ацы лӕппу дины кусӕгыл нымад ӕрцӕуа ӕви нӕ, уый не скъуыддзаг кӕндзыстут. Хъуамӕ аскъуыддзаг кӕнат, ӕфсадӕй йӕхи сайы ӕви нӕ». Сахаты ӕрдӕг дӕр нӕ рацыд, афтӕ уыцы тӕрхонгӕнджытӕ рацыдысты ӕмӕ сӕ уынаффӕ фехъусын кодтой – аххосджын у. Тӕрхонгӕнӕг мын фондз азы радта, ӕмӕ мӕ хъуамӕ арвыстаиккой, горӕт Ашленды (штат Кентукки) цы ахӕстон уыд, уырдӕм.

АХӔСТОНЫ МӔ ЙЕГЪОВӔ ХЪАХЪХЪӔДТА

Фыццаг дыууӕ къуырийы фӕдӕн Колумбусы ахӕстоны (штат Огайо), ӕмӕ фыццаг бон мӕ камерӕйӕ ӕддӕмӕ дӕр нӕ рацыдтӕн. Ӕз Йегъовӕмӕ куывтон: «Фондз азы камерӕйы фӕбадын мӕ бон нӕ бауыдзӕн. Цы кӕнон, уый нӕ зонын».

Иннӕ бон мын ахӕстоны хъахъхъӕнджытӕ ӕддӕмӕ рацӕуыны бар радтой. Ӕз бацыдтӕн иу бӕрзонд, бӕзӕрхыг лӕппумӕ. Уый дӕр ахст уыд. Йӕ фарсмӕ слӕууыдтӕн ӕмӕ иумӕ рудзынгӕй кастыстӕм. Уый мӕ бафарста:

– Дӕлӕмӕдзыд, ам цӕй тыххӕй дӕ?

– Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕн,– загътон ын ӕз.

– Ӕцӕгдӕр? Ӕмӕ уӕд ам цӕмӕн дӕ?

– Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕстмӕ нӕ цӕуынц ӕмӕ адӕмы нӕ марынц.

– Дӕу сбадын кодтой, марын дӕ кӕй нӕ фӕнды, уый тыххӕй. Иннӕты сбадын кодтой, маргӕ кӕй акодтой, уый тыххӕй. Гъеныр уый раст у?

– Кӕцӕй! – загътон ын ӕз.

Стӕй мын загъта:

– 15 азы ӕндӕр ахӕстоны фӕбадтӕн, ӕмӕ уын уым уӕ литературӕйӕ цыдӕртӕ бакастӕн.

Ӕз мӕхинымӕр скуывтон: «Йегъовӕ, ацы лӕппуйы мӕ фарс скӕн». Ӕмӕ мын уыцы тӕккӕ Пол – йӕ ном афтӕ хуынди – загъта:

– Ацы лӕппутӕй дӕм исчи куы бавнала, уӕд-иу мын зӕгъ, стӕй сӕ мӕ бар уадз.

Гъемӕ уыцы ран цы 50 адӕймаджы бадти, уыдонӕй мӕ иу дӕр нӕ бахъыгдардта.

Ӕз дӕр уыдтӕн, Ашленды (штат Кентукки) йӕ дины тыххӕй ахӕстоны чи бадт, уыцы Ӕвдисӕнты ’хсӕн

Уый фӕстӕ мӕ уыцы ахӕстонӕй акодтой Ашлендмӕ. Уым базонгӕ дӕн цалдӕр фӕлтӕрдджын ӕфсымӕримӕ. Иумӕ-иу кӕй уыдыстӕм, уый мӕнӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кодта, цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма ’рлӕмӕгъ уыдаид. Уыцы ӕфсымӕртӕ-иу нын алы къуыри дӕр бахӕс кодтой Библийӕ кӕцыдӕр скъуыддзӕгтӕ бакӕсын ӕмӕ фембӕлдтӕм фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ бацӕттӕ кӕнын. Уыди нӕм, участоктӕн дзуапп чи лӕвӕрдта, ахӕм ӕфсымӕр дӕр. Кӕм фынӕй кодтам, уыцы къомнӕты сынтӕджытӕ къулрӕбынты дӕргъӕй-дӕргъмӕ лӕууыдысты. Уыцы ӕфсымӕр-иу загъта: «Робисон, дӕумӕ хаудзысты ацы ӕмӕ ацы сынтӕджытӕ. Чи сыл хуысса, уыдон уыдзысты дӕ участокы цӕрӕг адӕм. Архай, цӕмӕй-иу дзы алчидӕр ардыгӕй ацӕуыны размӕ хорз хабар фехъуса». Афтӕтӕ хъусын кодтам.

АХӔСТОНӔЙ РАЦЫДТӔН

1945 азы Дыккаг дунеон хӕст фӕци, фӕлӕ ма уый фӕстӕ дӕр цасдӕр рӕстӕг ахӕстоны фӕбадтӕн. Мӕ зӕрдӕ мӕ бинонтӕм ӕхсайдта, уымӕн ӕмӕ мӕ фыд афтӕ загъта: «Дӕуӕй куы фервӕзон, уӕд мын иннӕты басӕттын зын нӕ уыдзӕн». Ахӕстонӕй мӕ куы рауагътой, уӕд базыдтон тынг ӕхсызгон хабар: кӕд нӕ фыд нӕ ныхмӕ архайдта, уӕддӕр нӕ бинонтӕй авдӕй ӕмбырдтӕм цыдысты, мӕ хотӕй сӕ иу та донаргъуыд дӕр райста.

Уацамынды ӕфсымӕр Димитрий Пападжорджимӕ, Йегъовӕйӕн 1913 азы лӕггад кӕнын чи райдыдта, уыцы сӕрст ӕфсымӕримӕ

1950 азы Корейы хӕст райдыдта, ӕмӕ дзы Иугонд Штаттӕ дӕр архайдтой. Ӕмӕ та мӕм ногӕй «Форт-Хейз»-ӕй ӕрдзырдтой. Дохтыртӕ та мӕ куы федтой, уӕд мын иу офицер загъта: «Ацы къорды фидардӕр лӕппутӕй ды сӕ иу дӕ». Ӕз ын дзуапп радтон: «Уый хорз у, фӕлӕ ӕз ӕфсадмӕ нӕ цӕуын». 2 Тимофеймӕ 2:3 цы фыст ис, уый йын загътон ӕмӕ ма мӕ ныхӕстӕм бафтыдтон: «Ӕз Чырыстийы ӕфсӕддон дӕн». Иуцасдӕр ницы дзырдта, стӕй мын загъта: «Ацу, сӕрибар дӕ».

Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Цинциннатийы (штат Огайо) конгрессы бацыдтӕн, Вефилы лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕн цы фембӕлд уыд, уырдӕм. Ӕфсымӕр Милтон Хеншель нын загъта, зӕгъгӕ, кӕд ӕфсымӕры фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ фыдӕбон кӕна, уӕд йӕ бон у, ӕмӕ Вефилы лӕггад кӕнын райдайа. Гъемӕ ӕз дӕр анкетӕ байдзаг кодтон, ӕмӕ мӕ 1954 азы августы Бруклины Вефилмӕ фӕхуыдтой. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уым лӕггад кӕнын.

Вефилы ӕнӕ куыстӕй никуы бадтӕн. Цалдӕр азы дӕргъы мӕ хъус дардтон, типографимӕ ӕмӕ офистӕм хъарм дон кӕцӕй цыди, уыцы котелтӕм. Куыстон ма механикӕй, стӕй цалцӕг кодтон дуары ӕхгӕнӕнтӕ. Ноджыдӕр ма куыстон Нью-Йорчы конгрессты залты.

Мӕ хъус дардтон, Бруклины Вефилы цы котелтӕ уыд, уыдонмӕ

Вефилы уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы фембӕлдтӕ ис, уыдон тынг бауарзтон, зӕгъӕм, райсомӕй иумӕ алы боны стихыл кӕй фӕныхас кӕнӕм ӕмӕ Вефилы бинонтӕ иумӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» кӕй фӕахуыр кӕнынц, уый. Стӕй мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы ме ’мбырдимӕ иумӕ хъусын кӕнын. Ӕмӕ адӕймаг куы ахъуыды кӕна, уӕд афтӕ хъуамӕ уа Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бинонтӕй алкӕцыйы дӕр. Ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ алы боны стихыл иумӕ куы ныхас кӕной, алы къуыри дӕр сын бинонты ахуыр куы уа, стӕй уацамынды ӕмӕ ӕмбырды хъуыддӕгты зӕрдиагӕй куы архайой, уӕд бинонтӕй алкӕмӕн дӕр йӕ уырнындзинад фидар уыдзӕн.

Вефилы ӕмӕ мын ӕмбырды фӕзынд бирӕ хорз ӕмбӕлттӕ. Уыдонӕй чидӕртӕ уыдысты сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕмӕ сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райстой. Кӕмӕндӕрты та сӕ ис зӕххыл цӕрыны ныфс. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ се ’ппӕт дӕр – уыимӕ вефилӕгтӕ дӕр – сты ӕнӕххӕст адӕм. Ӕфсымӕртӕй искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд фӕархайын, цӕмӕй бафидауӕм. Ахӕм рӕстӕг фӕхъуыды кӕнын, Матфейы 5:23, 24 цы фыст ис, ууыл ӕмӕ, уыцы уавӕры куыд хъуамӕ архайон, ууыл. Хатыр ракурын ӕнцон нӕ вӕййы, фӕлӕ арӕхдӕр уый фаг вӕййы, цӕмӕй де ’фсымӕримӕ бафидауай.

ХУЫЦАУ МЫН МӔ ЛӔГГАДӔН РААРФӔ КОДТА

Азтӕ мыл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, уый тыххӕй мын хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цӕуын зын у, фӕлӕ уӕддӕр мӕ къухтӕ нӕ уадзын. Иу гыццыл сахуыр кодтон китайаг мандаринаг ӕвзаг ӕмӕ уынджы китайӕгтӕн фӕхъусын кӕнын. Райсомӕй куы фӕхъусын кӕнын, уӕд иуӕй-иу хатт апарахат кӕнын 30–40 журналы.

Хъусын кӕнын китайӕгтӕн (Бруклин, Нью-Йорк)

Иухатт ма Китаймӕ дыккаг бацыд дӕр скодтон. Иубон мӕм бацыд иу дзӕбӕх ӕрыгон чызг, йӕ мидбылты мӕм бахудт ӕмӕ мын радта хуынды гӕххӕтт, дыргътӕ кӕм уӕй кодтой, иу ахӕм гыццыл дуканимӕ. Ӕз дӕр ӕм бахудтӕн ӕмӕ йын радтон «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!» китайаг ӕвзагыл. Уый сӕ райста ӕмӕ мын йӕ ном загъта, Кети, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ-иу мӕ кӕдфӕнды ма федтаид – бацыд-иу мӕм, цӕмӕй аныхас кодтаиккам. Ӕз-иу ын амыдтон, дыргътӕ ӕмӕ халсарты нӕмттӕ англисагау куыд сты, уый, ӕмӕ-иу сӕ уый дӕр мӕ фӕстӕ дзырдта. Ноджыдӕр ма-иу ын Библийӕ кӕцыдӕр стихтӕ ӕмбарын кодтон ӕмӕ ма йын радтон, адӕмимӕ Библи кӕй фӕрцы ахуыр кӕнӕм, уыцы чиныг дӕр. Фӕлӕ цалдӕр къуырийы фӕстӕ Кети нал фӕзынд.

Цалдӕр мӕйы куы рацыд, уӕд журналтӕ радтон, дуканимӕ хуынды гӕххӕттытӕ чи парахат кодта, ӕндӕр ахӕм чызгӕн. Иннӕ къуыри мӕм уыцы чызг бацыд, йӕ телефон мӕм бадардта ӕмӕ мын афтӕ: «Китайӕ дӕм дзурынц». Ӕз ын загътон: «Ӕмӕ Китайы куы никӕй зонын». Фӕлӕ мын уый йӕ телефон мӕ къухы фӕсагъта, ӕмӕ ӕз дӕр загътон: «Алло, Робисон дӕн». Телефонӕй кӕимӕ дзырдтон, уый мын загъта: «Робби, Кети дӕн. Фӕстӕмӕ Китаймӕ аздӕхтӕн». Ӕз ӕй бафарстон: «Китаймӕ?» Кети мын дзуапп радта: «О. Робби, телефон дын чи радта, уыцы чызг мӕ хо у. Ды мын бирӕ хорз цыдӕртӕ бацамыдтай. Дӕ хорзӕхӕй, уымӕн дӕр-ма сӕ бацамон». Ӕз ын загътон: «Кети, мӕ бон цы уа, уый сараздзынӕн. Бузныг дын, кӕм дӕ, уый мын кӕй загътай». Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ма Кетийы хоимӕ фӕстаг хатт аныхас кодтон. Ныртӕккӕ уыцы чызджытӕ кӕм сты, уый нӕ зонын, фӕлӕ мӕ ныфс ис, Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр кӕй базондзысты.

Ныр Йегъовӕйӕн 73 азы бӕрц лӕггад кӕнын. Ӕз тынг амондджын дӕн, ахӕстоны куы уыдтӕн, уӕд мын кӕй ӕххуыс кодта, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззадаин. Мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ куыд фӕзӕгъынц, афтӕмӕй сӕ стыр ныфс уагъта, нӕ фыд нӕ ныхмӕ куы цыди, уӕд фидар кӕй лӕууыдтӕн, уый. Ӕппынфӕстаг мӕ мад, стӕй мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ ӕхсӕзӕй донаргъуыд райстой. Мӕ фыд дӕр фӕфӕлмӕндӕр, ӕмӕ, цалынмӕ нӕ фӕзиан, уӕдмӕ ма цалдӕр хатты ӕмбырды дӕр уыди.

Кӕд Хуыцауы фӕндон уа, уӕд, мӕ бинонтӕй ӕмӕ ме ’мбӕлттӕй чи фӕзиан, уыдон ног дунейы райгас уыдзысты. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕнут, куыд тынг цин кӕндзыстӕм, кӕй уарзӕм, уыдонимӕ иумӕ Йегъовӕйӕн ӕнустӕм куы лӕггад кӕнӕм, уӕд! *

^ 14 абз. Иугонд Штатты дины кусджыты ӕфсадмӕ нӕ кодтой.

^ 14 абз. Иуӕй-иу бӕстӕты тӕрхондонмӕ фӕхонынц, тӕрхон куыд цӕуы, уымӕ йӕ хъус чи фӕдары ӕмӕ, адӕймаг аххосджын у ӕви нӕ, уый фӕдыл уынаффӕ чи рахӕссы, ахӕм адӕмы.

^ 42 абз. Ацы статья мыхуырмӕ куы цӕттӕ кодтам, уӕд Корвин Робисон амард, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад, афтӕмӕй.